Сценарий музыкально-литературной композиции Разбитая чаша

Раздел Другое
Класс 10 класс
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Саст дзæнгæрæг.

Ирыстоны адæмон поэт - ахуыргонд Джыккайты Ш. мысынæн

Литературон - музыкалон композиции.

(Мæ Иры фæсивæд)

Рагон нæртон лæгæу зарын куы зонин,

Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт,

Дунеты се 'ппæт мæхимæ æрхонин,

Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст.

Фæлæ дунетæм дзурын нæ бахъуыд- дунетыл фæдисы хъæрау айхъуыст Шамил - Къостайы фæдон, æцæг поэт, национ культурæйы хъуыстгонд архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты декан Джыккайты Федыры фырт Шамил æвирхъауæй фæмард.

Муз. Георги Абайты - Хъисын фæндыр

Осетия вновь вздрогнула, всплакнула,

Ведь осень в сердце и не мил весь мир.

Судьба тебя к могиле подтолкнула,

И вороны свой продолжают пир.

Как мог случиться этот миг кровавый?

На что поддонок руку поднимал:

На нашу гордость и на нашу славу.

Безумец, что он в жизни понимал?

Как Бог мог допустить такое,

Зачем Всевышний Шамиля забрал?

И почему бандитскою рукою

На растерзание старика отдал?

Или Господь вновь лучших забирает?

И пред Вами распахнулся Рай.

Душа отчаянно журавликом взлетает,

Прости, Шамиль прости нас, и прощай.

Запомнят люди ваш характер стойкий,

И в памяти Шамиль останется живой.

В сердцах друзей - на веки раной горькой,

Красивый, смелый, мудрый и простой.

Къоста дæ загътаид æфсымæр,

Дæ ныфсæн курдиат - æнцой.

Кæныс нæ рæстæджы цъысымæй,

Лæмарыс дойнаг дурæй сой.

Дзæбидыры зырнæйзылд хъултай

Дæ дзырдтæ бадынц алкæд сах.

Тæрсынц дæ аллонау фыдгултæ,

Æфсымæрау дæ уарзæм мах.

Вæййы дæм хаттæй-хатт рæдыд дæр,

Зæйау куы рафсæры дæ маст,

Фæлæ ма хатт æрвон æрттывд 'дæр

Куы 'рцæвы кувæндон балæс!

Ирыстон батыхтай дæ цармы,

Æнæдон ранæй уадзыс дон,

Цымæ тавд цæкуытæ дæ армы

Мæнг ныхас дзурын нæу дæ бон!

Ацы æмдзæвгæйæн йæ сайрæг хатдзæг у - Шамил - Къостайы фæдон, æцæг поэт.

Поэты сæйрæг хæс у рæстдзинад дзурын, йæ адæмы сæрхъуызой уæвын. Æмæ Джыккайты Шамил кад æмæ радæй æххæст кодта уыцы хæс. Йæ нæргæ дзырд адæмы кодта бæрнондæр,сыгъдæгдæр, растдæр.

Шамил - иу Ирыстоны цинæй фестад хурты хурзæрин, йæ адæмы рис æмæ мастæй та-иу фестад фæдисы дзæнгæрæг.

(Дзæнгæрæджы цагъд)

Уыдтæн æргъæу мæсыг кæддæр,

Уыдтон мæ Иры дуне тигъæй.

Зындис мæ фисынтæй цæхæр,

Мæ рухс нæ мынæг кодта мигъæй.

Мæ ныхыл рухс цырагъ сыгъдис,

Мæ риуы зæлыдис дзæнгæрæг,

Йæ дзингæй талынгмæ лыгъдис

Хуыснæг, хæйрæг æмæ æрвнæрæг.

Æхсыст мæ фæлгæсæнты цард,

Нартон хур рухсы бын хуыздæр зад

Уæд хъуыст мæгуыр къæсы дæр зард,

Фæрнæй нæ цух кодта йæ сæрзæд.

Ныппырх дæн хины дурæй ныр,

Ныссаст мæ дзæнгæрæг - мæ зæрдæ.

Фыдгул мын байтыдта мæ хуыр.

Цæуынц лæгбирæгътæ мæ сæрты.

Уæ мæсыг фестади æндæрг,

Йæ дуне - тар æмæ æдзæрæг,

Æрмæст мæ дурдзæндты ныр дæр

Хъæрзы цъæл фæндырау дзæнгæрæг.

(Лермонтов)

Хуыцæу куы сныв кодта мæнæн

Зæххыл æппæт зонын фæдзæхстæй,

Уынын уæдæй ардæм лæгæн

Хæрам йæ цæстыты æмбæхстæй.

Дзыллæтæн амыдтой хæрзтæй

Цæрын растдзинад æмæ уарзтæй,-

Æхстой мыл сау дуртæ мæстæй,

Мæ дзырд мын хионтæ нæ барстой.

Мæ сæрыл байзæрстон фæнык,

Ныууагътон сахартæ æрхуымæй:

Сынтау æдзард рæтты гæвзыкк

Цæры, Хуыцау цы ратты, уымæй.

Нæ Фыды барвæндæй кæсынц

Мæ коммæ мæргътæ æмæ сырдтæ;

Мæ сæрмæ стъалытæ цæфсынц,

Æмбарынц уыдон дæр мæ дзырдтæ.

Вæййы: хъæуыл тындзын,

Кæсынц бæгуы - лæгтæ мæ фæстæ,

Кæд дзы кæстæртæ уа, уæд сын

Кæнынц хъуыддаг хуызæй ныхастæ:

«Кæсут, гъей уый та уын дæнцæг!

Сæлхæр! Зындзæрин уыд. Къæйныхæй

Фæлывтæ мах, цыма æцæг

Зæххыл Хуыцæу дзуры йæ дзыхæй.

Уынут ын, кæстæртæ, йæ цард:

Бæгънæг у, стонг æмæ æрхæндæг,

Ныххус и йе 'стджытыл йæхæдæг,

Тæрут æй дурадзагъдæй дард!»

Адæймæг - иу дисы бафты, ахæм хъуыды дæр æм фæзыны: «Кæд Джыккайты Шамил иу нæу, кæд Джыккайты Шамилтæ цалдæр сты? Гъе афтæ бирæ йын æнтыст поэзийы дæр, литературон критикæйы дæр, зонадон куысты дæр, фæссивæды хъомылады дæр, айвадон тæлмацы дæр, драматургийы дыр, æхсæнадон архайды дæр.

Йæ тынтæ хур сæуæхсидмæ æрвыста,

Сæууон æртæх зæлдæг сыфтыл æрхауд.

Æнæнхъæл, арвæй урс - урсид фæлысты

Хæххон Дзомагъмæ Хъодыгонд зæд 'ртахт.

Йæ ирд цæстытæй барухс кодта бæстæ,

Æнкъард зæрдæйæ бацагайдта ком,

Сыгъзæрин цæссыг базмæлыд фыррызтæй

Æмæ дзы равзæрд уардийы цæсгом.

Уæд, уыцы рæстæг къæдзæхæн йæ рæзты.

Фæцæйцыд заргæ хохаг лæппу цырд.

Æвзонг фыййау æргуыбыр кодта фæзмæ.

Æртыдта уарди - уарди артау ссыгъд.

Уæд базыдта æвзонг фыййау рæстдзинад,

Уæлдæфы бæсты равзæрстæ æфсарм.

Уый уарзт скодта зæрдæйæн йæ цинад

Поэты курдиат - дунейæн йæ фарн.

Скъуыдздзаг Джыгкайты Шамилы пьесæмæ гæсгæ спектакль «Хъодыгонд зæд»-æй.

Джыккайты мыггаджы лæгау - лæгтæ ис

Бахъуыды рæстæджы нæ хъæуы фæдис

Сахъгуырд лæппутæ нæм тынг бирæ ис

Нæ разагъды чызджытæм ирон æгъдау ис.

Нæхимæ - Профессор, нæ Поэт - Шамил.

Нæй цыргъзонддæр йæхицæй - Дунейыл фæзил.

Мыггагæн йæ ныфс у, бинонтæн - цæджын

Цæстфæлдæхт демократтæн - сæ цæстыты сындз.

Ирыстоны уарзы, йæ тыхстыл тыхсы,

Йæ кад æмæ намыс - бæрзæндты хæссы.

Æнтысæд ын бирæ, æнæниз нын уæд,

Бинонты фæндиаг, æнустæм цæрæд.

* Мæ Ир, цы маст зоныс мæнæй,

Мæ уд цæй охыл дарыс артмæ?

Кæд мын цæрæн дæ риуыл нæй,

Уæд дзы кæдæм фæлидзон дардмæ?

Дæ дзыхъхъ къуындæг куы у уæрмау,

Уæд дзы куыд бирæ ис цагъартæ!

Кæнынц дæ фыдгултæн козбау,

Сæ ныхтæй сау зæхх хойынц нартæ.

Куы фенынц калмы комы сом,

Уæд ын кæнынц æхцонæй пъатæ.

Æгадæй нал хизынц сæ ном,

Хæссынц зæрин худау сыкъатæ.

Мæ фæдыл гамхудты хъуызынц,

Цæвынц мæ аууонæй æмбæлттæ.

Цæгъдын дæ фарны хуымы сындз,

Уæддæр кæм ихсийынц хæмпæлтæ!

Уæдæ кæдæм сафон мæ сæр,

Лæгау кæм цæрдзынæн дæ фæстæ?

Кæд мыл уæлæхох дæ, уæддæр

Ды дæ мæ удлæууæн, мæ бæстæ.

Тох уыдис Шамилæн йæ цæрд æнæхъæнæй - тох уды сæрибарыл, Ирыстоны хæрзæбоныл! Уый зыдта йæ фæндæг æмæ фыстæ:

Барастырмæ балцы цæуын,

Мæ фæллад ысуаддзынæг нæууыл.

Нæ хъæуы мæ цардыл кæуын,

Кæуинаг мæ цард уыд уæлæуыл.

Мæ хъæрæй нæ райхъал æфсарм,

Нæ уæм хъуыст фыдохы мæ фæдис.

Ыстыгътой мæ Ирæн йæ царм,

Мæ разы нызгъæлæн нæ цæдис.

Æрцыд уыл ыстыр хорз, ыстыр,-

Мæрдты дуарыл аскъуыд мæ хъарæг.

Цæрут - иу æнæмæтæй ныр,

Мæ фæстæ уæ нал и хъыгдарæг.

(песня эмигранта Дж Гаспарян)

Нывыл нæ рацыди мæ цард,

Фæрв къуыдырау фæсыгъдтæн.

Нæ хъуыст мæ тохы зарæг дард,

Нæ уыд мадзал æвзыгъдæн.

Уæддæр хуырхы бынтæ нæ дæн,

Фæныкгуыз дæр нæ уыдтæн.

Æвзæр нæ ракодтон лæгæн,

Хæрам нæ барстон гуыттæн.

Уыдис мын дзуар æмæ æмгар,

Нæ хастон худ æгадæй.

Кæлмытæ амардтон дзæвгар,

Нæ лыгъдтæн дард дзынгатæй.

Хъазуаты сидтæн æз фæдис,

Фæткъуы бæлас ныссагътон.

Мæнæн, цы зæгъон, уый уыдис,

Зæгъын цы хъуыд, уый загътон.

Шамил нын йæ хъысмæтæй ирдæй равдыстæ:

«Поэт - йæ адæмы сæрыл тохæй,

Поэт йæ растдзинадæй - хохау.»

Лæгсырдтæ йын мæнгардæй, æвирхъау хуызы аскъуыдтой йæ цард. Фæлæ « Поэты ис амарæн, фæлæ йын басæттæн нæй». Шамил ноджы фæкадджындæр адæмы цæсты, йæ цард та райдыдта æндæр хъуызы.

Зарæг «Цы мын радта ирон æвзаг»

(дудук)

Гас Иры цæмæн уынын æнкъардæй?

Ракалдис Джыккайты стыр мæсыг-

Уарзон хъæбул ахицæн йæ цардæй

Згъæлы рустыл судзгæ цæстысыг.

Оххай, Шамил, сау мæрæн æвгъау дæ.

Аныгуылд дыл 'нафоны дæ хур.

Скодтой дыл дæ буц хотæ сæ саутæ.

Зæрдæтæ æрхæндæг æмæ дур.

Дзыллæ дыл уæззау цæссыг ызгъалынц

Зæрдæтæ æрхæндæг æмæ сау.

Охх, сæхицæн удынцæй нæ арынц.

Сау тæрхон дын рахаста Хуыцау.

Схъулон ис дæ хъарм туджы æртæхтæй

Сихорафон хъæды 'рдузы зæхх.

Дард, фæсхохы Дзомагъы къæдзæхтæ

Сау цæссыг цæуыл ызгъалынц, зæгъ?!

Уæлæ рухс хур, цъус фæлæуу дæ цыдæй,

Удты рыст æвдадзы хосæй ныхс!

Хоты зæрдæ ма ныууадз рæсыдæй

Ма асæтта сау мæстæй сæ ныфс.

Сау хабар нын судзæггаг цæссыгтæ

Рацъырдта нæ зæрдæты бынæй.

Оххай гъе кæуылты сты нæ хъыгтæ

Зæрдæйы рыст уромæм зынæй.

Де 'взонг бонтæ арвыстай рæсугъдæй

Адæмæй дæ ничи зыдта маст.

Адæмы фылдæр уарзтæй дæ удæй,

Адæммæ æгæрон уыд дæ уарзт!

Рухс дзæнæты бад! Шамил æнусты.

Хъæубæстæ дын ардзысты дæ ном.

Судзгæ цæссыг уадздзысты сæ рустыл

Уæлмæрдты дæ ингæныл æргом.

Кæд йæ 70 азы юбилеймæ сæрыстырæй нæ равдыст райдыдтам Шамилæн йæхи ныхæстæй:

Æртæ урс дуры Дзомагъæй æрхастон,

О ме скæнæг, цæй амондджын дæн æз!

Нæ зæххæй мæм æртæ хорзы æрхауди:

Йæ рыст, йæ маст æмæ йæ уарзт.

Уæд нæ абоны равдыст та фæуыдзыстæм ахæм ныхæстæй:

«Цы фыртæй бавдæлон Ирыстон!

Йæ нæртон удæй уагъта арт.

Йæ цард нын кадæгау ныффыстæ.

Æнустæм зæлдзæнис йæ зард.

Мах та поэты фæндиаг хъуама уæм сыгъдæг, æнгомдæр, бæрнондæр нæ дзыллæйы раз.

О, Ирыстон фæхъахъæнынц йæ хуыздæр хъæбултæ. Фæлæ Ирыстон дæр йæ фыртты хъахъхъæнынæн цæмæй суа, уый сæраппонд мах не 'ппæты дæр хъæуы зиудыхæй архайын.

Нæй фыды уæзæг мæнæн,

Нæй мæнæн æхсæнад.

Амондæн лымæн нæ дæн,

Уарзт мын цардау сæнад.

Рацыд арф лæгæтæй сырд,

Рахылд нæм кæфхъуындар.

Сæфæм раууаты - нæ дзырд

Нал зоны нæ бындар.

Ныр кæмæ кæнон фæдис,

Чи хойдзæн хъæсдарæг?

Систа мæм зыстæй мæцъис

Ардыдæй мæ марæг.

Фыдхабар нæм фæхаста халон-

Æз æй зæрдæбынæй æлгъыстон.

Хуыцæу, цæрæнбонты Ирыстон

Йæ хуыздæртæй куы фиды хъалон.

Хатыр: нæ зыдтам аргъ дæ кадæн,

Цæргæйæ нæ рæвдыд нæ зыдтай,

Ныр дыл зæрдæбынæй æркуыдтой

Нæ Ир, дæ табугæнæг адæм.

Дæ риуы ахастай нæ сагъæс,

Уæлæуыл дæр дзы цух нæ уыдтæ.

Ныр - ма дæ мæрддзыгой мæ акæс,

Мæ фен, Ирыстоны куыд хъуыдтæ.

Не 'хсæнæй фæхъуыд нæ интеллигенцийы хуыздæр минæвæрдтæй сæ иу - номдзыд, дзырддзæугæ поэт æмæ ахуыргæнæг, æппæт рæстаг дзыллæйады хæлар Джыккайты Шамил Федыры фырты.

Риссы зæрдæ, цæссыг лæсæнтæ кæны. Зæрдæйæн уæлдай зындæр та уымæн у, æмæ йæ мæсыг амад нæмæ фæцис. Шамил бирæ хорз хъуыддæгтæ сарæзта, фæлæ ма йын бирæ баззад саразинæг дæр. Дæ бирæ хорз уацмыстæ æмæ æмдзæвгæтæй фæцух уыдзысты ирон чиныгкæсджытæ. Фæлæ хъысмæт æгъатыр у.

Рæстдзинад, Сæрибардзинад - уыдонæн кæддæриддæр йæхи нывонд кодта Шамил.

Адæм, Æмбардзинад - уыдоны сæрвæлтæу тох кодта Шамил.

Сабырдзинæд, Уарзондзинæд, Цард - уыдоныл зарыдис поэт.

ДЫУУАДÆС ДЗЫРДЫ

Ирон дзырдтæ мын хуртæ сты... Уæддæр
Дыууадæс дзырды - се 'ппæтæй хуыздæр.
Лæууы сæ сæргъы фарны дзырдтæн ЦАРД,
Йæ фидауц уымæн - арвы стъæлфæн - АРТ.
Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД,
Цæуы йæ армæй адæмыл БÆРКАД.
Нæ дзыллæйæн йæ рухсдæр бæллиц - ФАРН,
Уæздан лæгæн йæ уæлдæр цин - ÆФСАРМ.
Сыгъдæг удæн йæ мæты сæр - ХÆЛАР,
Ыскæны мах Хуыцауы 'мсæр ÆХСАР.
Лæджы нысан - СÆРИБАР æмæ КАД.
Сæ сæрвæлтау хъæуы хæцынæн КАРД.
Æппæт хæрзтæн ИРЫСТОН у бындур, -
Æнæ уый мæн нæ тавдзæни сæ хур. 1981 азы 20 ноябрь

Ныммæл мын, Ирыстон, ныммæл мын фæсмонæй,-

Дæ тохы хъæбулты куы кæнай ды уæй!!!

Куынæ - иу сæ хизай фыдгул æмæ сонæй,-

Дæхи азарæй дын æнæ сæфгæ нæй!

Фæразон дæ, ды, Ирыстон, сæрыстыр, фæлæ быхсаг, æнæрцæф, фæлæ куырыхон.

Бирæ фыдæбæттæ æмæ тæригъæдтæ федта дæ уд. Фæлæ дæ абоны рис риссагдæр у уымæн, æмæ дæ фырт бабын тугмондаг лæгсырдты къухæй.

Сабыр æмæ рæдау зæххыл цæрын сахуыр ис æмæ тырныдта æрмæстдæр адæмы иудзинадмæ. Фæлæ хъыгагæн ис ахæмтæ, Ирыстоны байгомыг кæнынмæ чи хъавы. Фæлæ никуы ныддихтæ уыдзæн Ирыстон.

Шамил Ирыстоны мидæг уыд номдзыд, кадджын лæг. Шамилы хуызæн лæгтæн амарæн нæй. Шамилы амардтой æрмæстдæр физикон тыхæй спайда кæнгæйæ, йæ зонд, йæ уд та баззадысты уæлæуыл. Уыдон цæрæнбонтæм цæрдзысты йæ уацмысты. Æмæ цас фылдæр азтæ цæуой, уыйас Шамилæн Ирыстоны мидæг йæ ном кæндзæн бæрзонддæр æмæ æрттивагдæр

Æдзухдæр фидауцджын, дзырдхъом, хъæлдзæгзæрдæ, æртхуыз, адæмæн уарзон - афтæмæй йæ зыдтой дзыллæтæ æмæ йæ сæ зæрдыл дæр дардзысты ахæм хæларзæрдæ æмæ уарзæгой адæймагæй.

Кæд базондзыстæм царды бонтæн аргъ,

Адзал - хъызт зымæг - къæсæргæрон ниуы...

Нæхи йеддæмæ никæй хъæуæм мах,

Нæхæдæг та нæ ауæрдæм нæхиуыл...

(дзæнгæрæг).

8

© 2010-2022