Доклад на тему Куадзан

Раздел Другое
Класс 5 класс
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

ДОКЛАД

КУАДЗÆН

Доклад на тему Куадзан

5 «б» къласы ахуыргæнинаг

Борæты Елизаветæйы куыст.

Куадзæн у куыд ирон, афтæ æндæр адæмты бæрæгбон дæр - Чырыстийы райгасы бон. Комбæттæны авд къуырийы адæм Чырыстийы ком дардтой. «Куадзæн æрхæцæ хъæуы кæронмæ, ис ма йын иу къах хæрд», - айрохæн дзырдтой æххормаг сывæллæттæн. «Куадзæн уын æрхæсдзæн хæдæттæ, хæлæфтæ, къабатæ, дзабыртæ», - зæрдæтæ æвæрдтой сывæллæттæн.

Бæрæгбонмæ фыхтой бæгæны, уагътой арахъ, æмбырд кодтой æйчытæ. Æфснайдтой хæдзæрттæ. Кæстæртæн хуыдтой ног дарæс. Фæсивæд æмæ дзы хистæртæ дæр уыдысты хайджын. Æрхæццæ - иу куадзæн. Алчидæр - иу скодта ног дарæс. Куадзæны æрхаст лæвæрттыл - иу сывæллæттæ тынг цин кодтой. Боны срухсмæ алчи уагъта йæ ком. Цин кодта бæрæгбоныл.

Куадзæны фынгтæм хастой алыхуызон хæринæгтæ, нуазинæгтæ æмæ ахуырст æйчытæ. Къуыримæ йæ фынг ничи иста. Адæм стырæй - чысылæй, сæ кармæ гæсгæ къордтæ - къордтæй цыдысты алы хæдзармæ дæр арфæтæ кæнынмæ. Кодтой Чырыстийы зарæг. Кæрæдзийæн дзырдтой: «Чырысти райгас» - «Æцæг райгас». Ас адæм - иу скуытой, азарыдысты. Фæйнæ арахъы сыкъайæ кæнæ бæгæныйы нуазæнæй - иу сахуыстой æмæ - иу инннæтæн бар радтой. Æртыккаг бон, дыццæджы, сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ æмбырд кодтой икмæйаг куывдмæ. Чындзытæ, чызджытæ æмæ лæппутæ хæдзæрттæй хастой æртыгай уæливыхтæ, арахъы æвгтæ æмæ бæгæны. Кусæрттаг æлхæдтой иумæйаг мвсайнæгтæй. Авд къуырийы мæгуыр цард æмæ мæрдты мысæн бонтæй фæлмæст адæм не 'фсæстысты кафт, хъæбысхæст æмæ æндæр алыхуызон хъæзтытæй. Чындзыты, чызджыты æмæ лæппуты ног дарæсыл æвзист рæттæ æмæ риуыгънæджытæ, æвзист хъаматæ æмæ бæрцытæ хурмæ тæмæнтæ калдтой. Къаддæр нæ уыди ацæргæ устытæ æмæ лæгты дарæсы æрттывд дæр.

Чырыстийы райгуырд,йæ амард, райгас æмæ уæларвмæ ацыды тыххæй Евангелийы загъд ис: «Йесо чырысти 2000 азы размæ царди Израилы. Йæ мад хæрзконд, хæргъæд чызг Мариам (Мады -Майрæм) æмæ йæ мойаг Иосифмæ æрцыд Хуыцауы минæвар æмæ сын загъта Хуыцау æмæ йе сконд зæдты уынаффæйæ Мады - Майрæмæн кæй райгуырдзæн лæппу - Хуыцауы фырт. Ном ыл сæвæрдзысты - Иисус (Йесо Чырысти). Уый фервæзын кæндзæн адæмы сæ тæригъæдтæй, Мады - Майрæм та уыдзæн зæнæджы бардуаг. Йесо Чырысти райгуырд горæт Вифлеемы. Фæстæдæр тæссаг уавæры бахаудысты æмæ алыгъдысты Назаретмæ. Ацы горæты байрæзт Чырысти, æххуыс кодта йæ ныййарджытæн. Дыууадæсаздзыдæй ныхас кодта Израилы аргъуаны зындгонд ахуыргæнджытимæ æмæ сæ стыр дисы æфтыдта. Æртын азы куы сæххæст ис Чырыстийыл, уæд зилын райдыдта бæстæйыл. Йæхицæн равзæрста дыууадæс ахуыргæнинаджы (апостолы) æмæ уыдонимæ адæмы æууæндын кодта Хуыцауыл.

© 2010-2022