Открытый урок по учебной дисциплине Осетинская литература

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Открытый урок по учебной дисциплине Осетинская литература

Урочы темæ: Къоста - дунейы адæмты поэт

Урочы нысан: Къостайы поэзийы адæмондзинад, патриотизм æмæ интернационализмы æууæлтыл æрдзурын.

Урочы хæстæ:

  1. базонгæ кæнын студентты поэты хæлар ахаст Кавказы адæмтæм;

  2. студентты Къостайы литературон цæстæнгасыл, йæ зондахастыл æмæ уды скондыл сахуыр кæнын;

  3. сфæлдыстадон куыстмæ сæ разæнгард кæнын;

Техникон фæрæзтæ: компьютер, интерактивон фæйнæг.

Урочы фæлгонц: презентаци

Урочы эпигрæф:

  1. «Къоста йæхи радта цардæн, æмæ йын цард дæр радта адæмы хорзæх, æнусон кад æмæ цыт»

/Нигер/

  1. «Англисаг адæмæн сæ сомыгæнæн у Шекспир, Шотландийæн-Бернс, немыцæн-Гете, итайлæгтæн-Данте, уырыссагæн-Пушкин. Мах, ирæттæ, та ард хæрæм Къостайы номæй. Æмæ нын уыцы ном нæ зæрдæтæ иттæг срухс кæны, нæ сæр дзы хæссæм бæрзæндты».

/Абайты Васо/

Урочы хуыз: Урок-фæлхатæн, викторинæ.

Урочы цыд:



  1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын викторинæйы руаджы

«Цавæр æмдзæвгæтæй ист сты ацы рæнхъытæ?»

а) Нæ дзыллæйы зæрдæ -

Мæ хуымгæды хай.

(«Ныфс»)

б) Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ кустæн,

Йæ сихор, йе'хсæвæр - йæ мæт.

(«Мæгуыры зæрдæ»)

в) Мæ цæсты сыг донау мызти,

Мæ зæрдæ фыр цинæй рызти,-

Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм.

(«Ракæс»)

г) Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ

Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?

(«Æнæ хай»)

д) О, мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд,-

Цухъхъатæ дарæн мын нæй!»

(«Салдат»)

е) Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой,

Рухс кувæндæттæй хынджылæг кæнынц.

(«Додой»)

ж) Уазал æмæ стонгæй

Бирæгъ дæр тæрсы...

(«Сидзæргæс»)

з) Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы,- куы бамбæхсай барæй,

Уæд усы кæрдæны мыггагмæ фæхæт!..

(«Катай»)

и) Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы,-

Лæджы æмбæрц æруары мит;

Æфцæгæй коммæ уад дзыназы;

Их доныл саразы йæ хид.

(«Мæгуыры зæрдæ»)

к) «Удæнцой ма фена, махæн нæ цардывæнд

Чи халы барынвæндæй!..»

(«Салдат»)

л) «Лæджы, дам, бас куы басудзы,

Уæд фу кæны йæ доныл дæр...»

(«Æхсины лæг»)

м) Артдзæсты кæрæтты,

Фæныкмæ æнгом

Бадынц сывæллæттæ,-

Чи бæгънæг, чи гом...

(«Сидзæргæс»)



  1. Ног æрмæг.

Ахуыргæнæджы раныхас:

ХетæгкатыКъостайы хъысмæт уыдис трагикон æмæ уыцы иурæстæг - амодджын. Йæ удыгасæй уый базыдта адæмы уарзт, фехъуыста дзыллæты арфæйы ныхас, йе сфæлдыстад сси адæмон. Къостайы поэзи ирон адæймагæн куыд зынаргъ у ууыл дзуры зындгонд фыссæг Дзесты Куыдзæг йæ мысинæгты.

Ахуырдзау:

Аив кæсы текст Дзесты Куыдзæг «Ирон фæндыр»

Уый уыд революцийы агъоммæ. Мах цардыстæм Хуссар Ирыстоны, Едысы. Райдайæн скъола нæ хъæуы рагæй уыд. Æниу цалынмæ скъоламæ цæуын райдыдтон, уæдмæ дæр арæх хъуыстон Къостайы кой. Цыма канд фыссæг нæ, фæлæ ма Къоста уыд адæмы сæрыл дзурæг, сæ сæрхъуызой паддзахы хицæутты раз(...)

Мах, скъоладзаутæ, дамгъæтæ куы базыдтам, уæд фыццагдæр цы æмдзæвгæ сахуыр кодтам, уый уыдис «Ирон фæндыр»-æй ист «Фыдуаг». Ахуыр кодтам Мамытты Стефаны чиныгæй, 1908 азы горæт Батумы кæй ныммыхуыр кодта, уымæй. Чиныджы уыд Къостайы æмдзæвгæтæй иу-æртындæсы бæрц(...) Се'ппæты дæр зыдтам æнæкæсгæйæ дзурын.

Нæ ахуыргæнæн чиныджы цы æмдзæвгæтæ уыди, уыдонæй дарддæр ма сахуыр кодтам «Ирон фæндыр»-æй цалдæр æмдзæвгæйы, заргæ дæр кæй кодтам, ахæмтæ: «Сидзæргæс», «Фесæф», «Марды уæлхъус», «Ныфс» æмæ æндæртæ.

Зыдтам æнæкæсгæйæ дзурын æмæ ма зарын дæр æмдзæвгæтæ «Додой» æмæ «Салдат». Уыдон нæ ахуыргæнæн чингуыты дæр нæ уыдысты æмæ «Ирон фæндыр»- дæр фæлæ сæ адæм кæрæдзийы дзыхæй истой, æмæ сæ мах дæр афтæмæй базыдтам.

Бирæ бинонтæ уыдыстæм хохы, нæ хæдзар дæр стыр уыд. Зымæгон бонты-иу нæ сыхы устытæ се'лвисинæгтæ æмæ æндæр митимæ æрæмбырд сты махмæ æмæ-иу æрхатыдысты мæнмæ, Къостайы фыстытæ нын бакæс, зæгъгæ. Цал æмæ цал хатты! Раст зæгъын хъæуы, мæхимæ дæр хорз касти, ас адæймæгтæ мæм кæй хатынц æмæ мæм кæй хъусынц, уый æмæ зивæг нæ кодтон.

(...) «Ирон фæндыр»-ы хуызæн никæцы чиныг бахъардта адæмы зæрдæмæ, уый хуызæн никæцы чиныг сæнкъуысын кодта адæмы зондахаст æмæ хъуыдытæ. Мæнмæ афтæ кæсы, цыма ирон фæллойгæнæг лæг, афтæ кæмæй дзырдтой-Хуыцауæй дæр æмæ паддзахæй дæр рох баззад, зæгъгæ, Къоста йæхæдæг дæр афтæ кæмæй загъта: «Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн, йæ сихор, йе'хсæвæр - йæ мæт,йæ уат - ыскъæт, зыгуым - йæ лыстæн, хъæбæр - йæ цъæх хуссæн нымæт» - гъе уыцы мæгуыр лæг йæхи цæсты æвиппайды сбæрзонд ис, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд: «Кæсут- ма! Лæг дæн æз дæр! Мæ дзырд, мæ хъæр æмæ мæ сагъæс хъуысын байдыдтой дун-дунемæ. Æмæ мын уыцы æнусон бæллиц ралæвар кодта кодта Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста йæ «Ирон фæндыр»-æй!

Дзырдуатон куыст текстмæ гæсгæ:

æлвисинæгтæ - къуымбил пирæныл цагъдæй;

зыгуым - банай кæныны фæстæ нæмгуытæй цы цъæрттæ

баззайы, уыдон;

лыстæн - хъæмпæй, хосæй, цармæй хуыссæн.

Æрмæг бафидар кæныны фæрстытæ æмæ бакусинæгтæ:



  • Паддзахы рæстæджы æмдзæвгæтæ «Додой» æмæ «Салдат» цæмæ гæсгæ нæ уыдысты чиныг «Ирон фæндыр»-ы?

  • Куыд хъуыстой сыхы устытæ Къостайы уацмыстæм?

  • Радзурут уæхи ныхæстæй, «Ирон фæндыр» адæммæ цы æнкъарæнтæ, цы хъуыдытæ æвзæрынг кодта, уый тыххæй?

Ахуыргæнæджы раныхас:

Хетæгкаты Къоста йæ поэзийы æрмæст Ирыстоны фидæныл нæ тыхстис. Уый æмхуызон рыстис кавказаг æфхæрд адæмты хъысмæтыл. Ирон поэты зæрдæ мæт кодта æппæт дзыллæтыл дæр, хæлардзинад æмæ æфсымæрдзинадмæ сæм сидтис. Æрмæст æцæг интернационалисты зæрдæйы райгуырдзæн ахæм рæнхъытæ:

Весь мир - мой храм, любовь - моя святыня,

Вселенная - отечество мое

Поэты уацмыстæ фæндаг ссардтой нæ бæстæйы æппæт адæмты зæрдæтæм. Уый дзурæг у ууыл, йæ поэзи æппæтадæмон кæй у. Дард фæсарæнты зæлынц йе'мдзæвгæтæ англисаг, францаг, немыцаг, польшæйаг, болгайраг æмæ бирæ æндæр æвзæгтыл.

1906 азы 1 апрелы поэт йæ цардæй æнафоны ахицæн. Бавæрдтой йæ Лабæйы, йæ фыды ингæны фарсмæ, аргъуаны кæрты. Фæлæ цалдæр боны фæстæ, Ирыстоны адæмы домæнмæ гæсгæ, марды чырын Дзæуджыхъæумæ сластой, цæмæй йæ уд æнусмæ æрæнцайа йæ уарзон фыдызæххыл, Ирыхъæуы аргъуаны кæрты. Поэтæн фæстаг хæрзбон зæгъынмæ æрцыдысты дзыллæтæ стырæй, чысылæй.

Стыр поэт цæры мыггагмæ, йæ хъæлæс æнусты сæрты нæрдзæнис алы ироны зæрдæйы, разæнгард æй кæндзæнис рæстудæй цæрынмæ.

Æрмæг бафидар кæныны фæрстытæ æмæ бакусинæгтæ:

  • Цы амоны Къостайы чиныджы ном «Ирон Фæндырæр»?

  • Цавæр уыдис æмæ у «Ирон Фæндырæр»-ы нысаниуæг адæмы царды?

  • Къостайы поэзийы сæйраг мотивтæ.

  • Цæмæ хонынц адæм сæ поэты æрмæст йæ номæй - Къоста? Цæуыл дзуры уый?


  1. Урочы кæронбæттæн хайы ныффыссын нывæцæн

«Къоста - нæ рæстæджы поэт»

Бакæсын сфæлдыстадон куыстытæ, кæрæдзийы куыстытæн аргъ скæнын.


  1. Хæдзармæ куыст:

  1. Нывæцæныл кæронмæ бакусын.

  2. Бацæттæ кæнын презентаци «Къоста - нывгæнæг»





© 2010-2022