Статья по осетинскому языку на тему Фалгонц

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

СТАТЬЯ

Чермены фæлгонц Плиты Грисы трагеди «Чермен»-ы

Плиты Грисы трагеди «Чермен» у историон уацмыс, кæцыйы æвдыст цæуы мæгуыр фæллойгæнæг адæмы хъизæмар цард 19 æнусы Хъобангомы. Трагедийы сæйраг герой у Тлаттаты Бестолы кæвдæсард фырт Чермен. Нана уыд Бестолы номыл ус. (Нæлгоймагæн-иу йæ фыццаг бинойнагæй цот куынæ цыд, уæд ын-иу æрхастой дыккаг бинойнаг, -номыл ус, кæцы -иу цард йæ лæгæй хицæнæй. Аргæ та-иу кодта кæвдæсы).

Кæвдæсард фыртыл-иу мыггаг кодтой былысчъилтæ, кодта сау лæджы куыст. Чермен æмæ Нана цардысты ныккæнды, æмæ-иу Тæгиаты уæздæттæ æлгъ кодтой Чермены хæдзармæ уазæгуаты бацæуынмæ. Йæ чысылæй фæстæмæ Чермен никуы бавзæрста фыды рæвдыд, æлдæрттæ-иу æй куы æфхæрдтой, уæд-иу йæ сæрыл чи рахæцыдаид, уый нæ уыд. Æрвыстой фыййау чысыл Чермены æххормагæй æмæ цæссыг калгæ. Афтæмæй æрвыста йæ царды бонтæ. Фæндыд -иу æй йæ сау зынтæ фæхъаст кæнын дадайæн! Фæлæ кæм уыд, кæм уыди фыд Черменæн! « Бæргæ мын фыд куы радтаид Хуыцау! Цы диссаджы æвзыгъд кæстæр ын уаин!» Чермен зæгъы, алы куыст дæр ын кæй кодтаид, уымæн æмæ уыд тынг хъаруджын, адæм æй «фæйнæгфарс» Чермен хуыдтой. Тынг бæллыд уымæ, цæмæй-иу искуы йе ' мгæртты ' хсæн зæрдæрухсæй ралæууыдаид æнцой бон. Нæ йын уыд уæлæдарæс дæр æмæ къахыдарæс дæр.

«Цы хуызæн дæн: нырма

Сæрак дзабыр нæма скодтон мæ къахыл,

Куырæт æнæ ' мпъызт ме ' рагъыл нæ уыд,

Мæ худ - сæгъдзармæй, цухъхъа циу - нæ зонын,-

Мæ боны дарæс, ме' хсæвхуыссæн - иу…

Æлдæрттæ тынг бæрзондæй кастысты Черменмæ, кодтой фидис номыл усы фырт кæй у, уый. Æгады бынаты йæ æвæрдтой, тыдтой йæ гомзæвæтæй, Тлаттаты дæлдæйрагæй. Мæнæ куыд дзуры Хъасай, Даккойы фырт:

«Кæм басгуыхти Чермен? Цæмæн ын ис фылдæр кад?»

«Æлгътæ кæнынц, æлгътæ кæнынц мæныл.

Сæ хъуыддаг та сын бакодтон, сæ лæггад,

Фæкуыстон сын дæллаг галау, уæддæр

Кæсынц мæнмæ сæрбæрзондæй»…

«Æгæр арф у дæ ныккæнд, мæгуыр дæ ды, гæвзыкк… Еууы кæфой дын дæ бызгъуыртыл куы бакалой, уæд дзы дæ къæхты бынмæ не ' рхаудзæн гага дæр», - дзурынц Черменæн Тлаттаты уæздæттæ.

Иухатт та Чермен æрбаздæхт балцæй æмæ йæ мады æнкъардæй æрбаййæфта. Иннæ адæм та йын цин кодтой хъæлдзæгæй йе ' рбацыдыл. Æмæ йын уæд адæм радзырдтой, æлдæрттæ зæххытæ сæхиуыл кæй байуæрстой, уый. Ныхасы бадгæйæ сæм Чермен балæбурдта:

«Цы фау мæм арут: магуса дæн, уæнгцух, къуылых, йе -сохъхъыр?.. Не ' ппæт дæр зæххыл куы райгуырдыстæм, ау, улæфгæ куы кæнæм, цæугæ, хæргæ… Сымах хуызæн мæн дæр цæрын куы фæнды, дарæс дарын, худын, кæуын-хъыджы бон, цины бон та -цин! Нæ миты уæд цæуылнæ ис рæстдзинад? Лæг, дам, нæу уый! Цæмæй нæ дæн уæд лæг? Цæмæ гæсгæ мæ равзæрстат æвзæрæн?»

Дыккаг бон Чермен йе ' мбæлттимæ ацыд æмæ зæххытæн се ' взаргæтыл гутон рауагъта. Æлдæрттæ йæм тынг мæсты кодтой, фæлæ чи уæндыд «фæйнæгфарс» Черменмæ?!»

Адæм тынг бирæ уарзынц Чермены стырæй-чысылæй, кæнынц ын стыр кад хистæртæ, æмæ уый нæ цæуы Дакко æмæ йæ фырт Хъасайы зæрдæмæ. Йæ растзæрдæ, йæ ныфс, йе ' хсардзинады тыххæй уыди стыр ныфс æппæт кæмтты адæмæн дæр. Уымæн æвдисæн у, алы комы хъæуты адæм ын цы диссаджы лæвæрттæ æрбаластой йе ' ссыдмæ, балцы куы уыдис, уæд.

«Куырæт æмæ цухъхъа - адæмæн сæ фидыц кæй дæ, уый тыххæй,

Местæ æмæ зæнгæйттæ - адæмы хъуыддæгтыл æнæ зивæгæй кæй зилыс, уый тыххæй,

Худ æмæ басылыхъ - адæм дæ сæрыстыр кæй сты дæ хъæбатырдзинадæй, уый тыххæй, - дзырдта йын Хадзы, куы йæм сæ лæвæрдта, уæд.

Стыр ныфс æмæ хъаруйы хицау уыд Чермен. Тыхгæнæг ын зынтæй ардта тых, зын рæстæг дæр-иу адæмы уый рамбырд кодта знæгты ныхмæ. Дайраны ком уæздæттæ хуыдтой «хæзнадон», æмæ арæх æрвыстой Чермены йе' мбæлттимæ уырдæм хъалон æмбырд кæнынмæ». Бирæ хæзнатæ сын-иу æрластой уырдыгæй, æмæ сæ-иу æлдæрттæ сæхиуыл байуæрстой.Уæды рæстæджы Дайраны комыл уыд бирæ бæлцæттæ, æмæ фæндагыл кæй цыдысты, уый тыххæй фыстой стыр хъалон.

Чермен йæхицæн никуы бацагуырдта хай уыцы «хъалонæй», æрмæст-иу загъта: «Уыдон тугæй амæзт исбон сты»- æмæ йæ ахæм исбонæй хай нæ хъуыди. Чермены хъуыд афтиддæр зæххы хай, уый куырдта æлдæрттæй дæр, цæмæй фæллой кæна йæхи зæххыл. Фæлæ уыдон тарстысты уымæй, æмæ Черменæн хай лæвæрд куы ' рцæуа, уæд иннæ кæвдæсæрдтæ дæр хæйттæ кæй агурдзысты, уымæй.

Бестол куыннæ уарзта йæ иунæг фырты, куыннæ йын рауæлдай кодтаид хай, фæлæ йæ Тæгиатæ сызмæлын дæр нæ уагътой.

Мæнæ куыд зæгъы Бестол:

«Æз ницы зонын иннæтæн, Дакко,

Фæлæ Чермен куы никæй сæрмæ хизы,

Куы никæй зæрдæхудты уæ цæуы,

Сæрæнгуырд у, æхсар хъуаг нæу, йе - зондцух;

Сымах ын хай куы не ' скæнат, уæддæр

Йæ хай йæхæдæг агурдзæн, -æфхæрдæй.

Æгады ран нæ ныууадздзæн йæхи».

Бестол хорз æмбæрста йæ фырты миддуне, -йæ сæрмæ æгады цард кæй нæ хаста, зæххыл «лæджы бынат» кæй агуырдта æрмæстдæр, уый. Чермен уыцы курдиат тынг хорз æмбарын кодта Бестолæн кæрты ныхасгæнгæйæ:

«Мæн уый бæрц бирæтæ нæ хъæуы:

Дыууæ галлы, зæхх, уыгæрдæн, аг, бæндæн æм фæрæт!» Фæлæ Бестол, æлдæрттæй тæрсгæйæ, не ' сразы Черменимæ.

«Ацу æмæ цæр дæ кæрты», - зæгъы Бестол.

Чермен бамбарын кодта йæ фыдæн, дарддæр кæвдæсарды гаккимæ йæ бон цæрын кæй нæ у, кæй йæ хъæуы «лæджы бынат» зæххыл. «Дæ бынат зон æмæ сыбыртт дæр ма кæн», - ахæм уыд Бестолы фæстаг дзуапп йæ фыртæн.

Черменмæ тынг арф уарзондзинады æнкъарæнтæ уыд Хадзыйы чызг Азаумæ. Азау дæр бирæ уарзта Чермены. Фæлæ Азауы ныхæстæ «Дæ номимæ нын амонд арæн нæй».. Ома, кæвдæсарды номимæ, тынг асастой Чермены зæрдæ. Уыдон уыдысты, Чермен стыр уаргъæн кæй райста йæ зæрдæмæ, ахæм уæззау ныхæстæ. Фæлæ уарзæгой зæрдæйы хицау Чермен йæ цард баиу кодта Хадзыйы чызгимæ, кæд ын Хъасай ацы хъуыддаджы карз ныхмæлæууæг уыди, уæддæр. Хадзы ирæд дæр нæ бацагуырдта Черменæй.

Æлдæрттæн Чермен уыд сæ цæсты сындз, фæлæ йæм-иу зын сахат та цыдысты лæгъстæмæ. Иу афон хъæубæсты фос куы фæцæйтардтой кæсгон знæгтæ, уæд æлдæрттæ Чермены цур сæ уæрджытыл æрхауыны онг уыдысты. Ацы ран дæр та Чермен равдыста стыр лæгдзинад. Фæдис ныууасыд йæ хæстон сыкъайæ, æмæ хъæуы фос раздæхта фæстæмæ хъæумæ. Тæгиаты уæздæттæ тынг хорз бамбæрстой, тыхы руаджы Черменæн сæ бон кæй ницы бауыдзæн, уый. Сфæнд ыл кодтой хинæй рацæуын йæ фыд Бестолы æххуысæй, цæмæй дзы фервæзой, уый тыххæй. Æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта.

Бестол бамбарын кодта Черменæн, Кæсæгмæ йæ цыдæр хъуыддагæн цæуын кæй хъæуы, фæлæ кæй кæны зивæг, уый. Чермен дыууæ нал загъта, хæрзæхсæв загъта Азауæн æмæ Дзандаримæ араст йæ фæндагыл.

Тар хъæды астæу Дзандар æмæ йе ' мбæлттæ фæцæф кодтой Чермены. Чермен сæ йæхæдæг дæр кæфты цагъд ныккодта бæргæ, фæлæ туг кæй фесæфта, уымæ гæсгæ нал фервæзт. Инал æмæ ма Садул бæргæ йæ уæлхъус алæууыдысты, фæлæ…

Чермен сывæллонау сыгъдæг æмæ фæлмæн зæрдæйы хицау кæй уыд, алкæуыл æууæндаг, уый тыххæй йæ 30 аздзыдæй баййæфта карз мæлæт.



Гуытьиаты Индирæ







© 2010-2022