Гом урок Роман «Теркæй Туркмæ» (11 класс)

УРОЧЫ ТЕМÆ: Булкъаты Михал                                 Роман «Теркæй Туркмæ» Урочы нысан: 1. Туркмæ лидзыны истори 1965 азы,        УРОЧЫ ТЕМÆ: Булкъаты Михал                                 Роман «Теркæй Туркмæ» Урочы нысан: 1. Туркмæ лидзыны истори 1965 азы,                                  Хъомыладон куыст «Райгуырæн бæстæисторион бындурыл æрдзурын 2.Романы мидис бамбарын кæнын 1.      Хъомыладон куыст «Райгуырæн бæстæ – дæуæй зынаргъдæр нæй». Не ' взаг – иу, нæхæдæг дихтæ…               ...
Раздел Другое
Класс 11 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Гом урочы пълан

Ахуыргæнæг Гуытъиаты Индирæ

УРОЧЫ ТЕМÆ: Булкъаты Михал

Роман «Теркæй Туркмæ»

Урочы нысан: 1. Туркмæ лидзыны истори 1965 азы, Хъомыладон куыст «Райгуырæн бæстæисторион бындурыл æрдзурын

2.Романы мидис бамбарын кæнын

  1. Хъомыладон куыст «Райгуырæн бæстæ - дæуæй зынаргъдæр нæй».

Не ' взаг - иу, нæхæдæг дихтæ…

Мамсыраты Мурат

Урочы цыд:

  1. Организацион хай

  2. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын фæрстыты фæрцы.

Ног æрмæг.

  1. Булкъаты Михалы биографийыл æрдзурын.

Разныхас: Мамсыраты Темырболат «Сагъæстæ» (зæрдыл æрлæууын кæнын 1864-65 азтæ, Туркмæ лидзæг адæмы).

Кавказ Уæрæсейимæ куы баиу, уæд дæр пайда уыд культурон æмæ экономикон æгъдауæй. Фæлæ Уæрæсейы хицауад йæ колониалон режим куы æрæвæрдта, уæд уый æппæты зæрдæмæ нæ цыд. Адæмæй иутæ фесты уырысы ныхмæ, уæлдайдæр пысылмон динылхæст адæм. Уыйадыл сфæнд кодтой се' мдин адæммæ фæлидзын.

(Цæмæн бахъуыдысты Турчы кавказаг адæм?)

Туркæн пайда уыд ацы хабар - уыцы адæм кæддæриддæр цæттæ уыдаиккой Уæрæсейы ныхмæ хæцынмæ. Афтæмæй дыууæрдыгæй дæр кодтой ардауæн куыст. Уыдонæй иу уыд Куындыхаты Муссæ - инæлар.

  1. Цæуынц Туркмæ тынг бирæ адæм, Темырболат æмæ Муссæ дæр. Иутæ растадысты паддзахы 'фсады ныхмæ, сæ хотыхтæ сын байстой æмæ сæ Дзæуджыхъæумæ акодтой. Уыдонимæ уыд Муссæ æмæ Садуллæ дæр. Иухатт хицау Муссæмæ фæдзырдта, æмæ уæд зæронд лæгтæ фæдызæрдыг сты . Муссæйы сусæгæй арвыстой Стамбулмæ. Уым уый фембæлд Турчы Министрадимæ æмæ баныхас кодта, цæмæй Мæхъхъæл, Ир æмæ Кæсæгæй кæй æркæндзæн фондз мин адæймаджы æмæ йæхæдæг дæр семæ кæй уыдзæн.

Ничи базыдта, Муссæ Стамбулы уыд, уый. Æрцыд æмæ та ногæй сбадт ахæстоны. Ахст адæмы уырныдта, Муссæ дæр уыдон хуызæн кæй у æфхæрд. Муссæ йæ сусæг куысты тыххæй цфдæриддæр æрдомдта, уыдон иууылдæр райста, 9047 -сомы, 2050-æвзист сомы.

Цæуынц адæд размæ, фыдæбон кæнынц, бафæлладысты, дыууæ къуыримæ Сау денджызмæ бахæццæ сты, Темырболат дæр семæ. Муссæ та сусæг тел арвыста Турчы хицаумæ æмæ фæдзæхста, мæ бинонты мын уæ цытджын хъусдардæй цух ма ныууадзут, зæгъгæ.

Иутæ науыл ацыдысты, Иннæтæ æнхъæлмæ кастысты дыккаг Наумæ, фæлæ нау нæй æмæ нæй. Сæ фосæн хæринаг нал уыд æмæ сæ уæй кæнын райдыдтой уынгты, денджызгæрæтты. Сарæх сты къæрныхтæ, лæгмартæ, низ æмæ нозт. Темырболат ахæм нывтæ уынгæйæ тынг тыхстис.

Иу ахæмы сæм фæзындис иу зæронд бæлæгъ нау. Темырболат науы чъизи фæрстыл равзæрста фыст «Баязид». Адæс сæхи бакалдтой уырдæм. Хицæуттæ гæххæтт никæмæй агуырдтой, фæлæ сæ нымадтой. Иу усы æд сывæллон скъуырдтой æмæ ус æд сывæллон донмæ ахауд. Темырболат уыцы хицауы мукъутæ фæцæф кодта, йæхæдæг донмæ йæ фæстæ агæпп кодта æмæ йæ сласта. Науыл æгæр бирæ адæм сæвæрдтой æмæ йæм дон кæлын байдыдта, адæм старстысты. Иу саби амард доннизæй, йæ мады йыл кæуын дæр нæ бауагътой, фæлæ йын æй донмæ фехстой.

Донæй цы саби систой, уый дæр омын райдыдта, йæ уд исы. Стыр фыдæбæтты фæстæ сæ нау бахæццæ кæронмæ, фæлæ низæй тæрсгæйæ, нау лæууæнмæ нæ бауагътой. Адæм рахызтысты, сæ мæрдты баныгæдтой, Турчы зæххыл азæлыд ирон хъарæг.

Фæйнæрдыгæй курынц дон, уæлдайдæр та - сывæллæттæ. Темырболат тыхсы тыхст адæмыл. Адæм æлгъитынц Муссæйы, фæлæ сæ уый ницæмæ дары, уый та Турчы хицæуттимæ хъарм ныхæстæ кодта.

Бамбæрстой адæм, сайды кæй фесты, кæй сæм ничи æнхъæлмæ кæсы Анталийы тæвд змис быдырты.Темырболат æмбары йæ мады зæрдæйы уаг.

-Туркмæ лидзыны аххосæгтæ.

-Кæд æмæ цæмæн алыгъд кавказаг адæм Туркмæ?

-Чи у Мамсыраты Темырболат?

-Куындыхаты Муссæйы фæлитой митæ.

-Хъуыбадыйы зарæг æмæ Темырболаты «Сагъæстæ»- йы абарст.

Ныффыссын нывæцæн «Лыгъд адæмы хъысмæт».



© 2010-2022