Плиты Грис «Авд цухъхъайы»

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

4

  1. Урочы темæ: Плиты Грис «Авд цухъхъайы».


  1. Урочы нысантæ:

    1. Балладæйы фæрцы ахуыргæнинæгтæм Райгуырæн бæстæмæ æхсидгæ уарзт æвзæрын кæнын.

    2. Хъæбатыр хæстонтæн, хистæртæн, ныййарджытæн аргъ кæныныл ахуыркæнын.

    3. Ахуыргæнинæгтæн аивады æмæ царды бастдзинад æмбарын кæнын.

    4. Ныхасы рæзтыл бакусын.


  1. Урочы эпиграф:

Хæст лæгмар у, цард та дзы-æнуд,

Тугæмхæццæ уæнгты уайы сурхид…

Адæм цæнгтæ бафистæг кæнут,

Æмæ хæстæн бахæцæм йæ хурхыл!

Плиты Грис.


  1. Урочы цыд:

Ахуыргæнæджы разныхас: Хæст… хæрз цыбыр, фæлæ уæззау дзырд. Зæрдæ ныккæрзы, уæнгтæ баризынц, сæрыхъуын арц сбады æрмæст йæ койæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон адæм дæр, иннæ адæмтау, сæ тых, сæ хъару сарæзтой знаджы ныхмæ æмæ кæд хæст банцад, кæд Уæлахизы бон æрцыд, уæддæр абон дæр хæсты хъæдгæмттæ нæма байгас сты . Бирæ уацмыстæ ис фыст хæсты темæйыл ирон литературæйы. Уыдоны хсæн зынгæ бынат ахсы Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъайы».

Ахуыргæнæджы фарст.

Цы хонæм балладæ?

Дзуапп:

Бальяре - италиаг æвзагæй æрбайсгæ дзырд, амоны кафын. Чысыл сюжетон æмдзæвгæ, кæцыйы поэт æвдисы æрмæст, йе нкъарæнтæ æмæ хъынцъым нæ, фæлæ ма йæм уыдон чи æвзæрын кæны, уыцы цаутæ.

Ахуыргæнæджы фарст.

Цы равдыста Грис балладæ «Авд цухъхъа»-йы?

Дзуапп:

Грис «Авд цухъхъайы» равдыста Гæздæнты авд æфсымæры хъæбатырдзинад, сæ кадджын мæлæт æмæ сæ ныййарæг мады æвирхъау уавæр хæсты рæстæг.

Фарст: Цы цæстæй кæсы поэт йæ уацмысы хъайтартæм?

Дзуапп:

Поэтæн йæ зæрдæ тынг фæрыст Гæздæнты авд æфсымæрыл, сæ ныййарæг мадыл.

Ахуыргæнæджы хатдзæг:

Грис ма арæхстджынæй спайда кодта балладæйы миниуджытæй Гæздæнты авд æфсымæры æмæ сæ ныййарæг мады уæззау уавæр равдисынæн Грисмæ уыд диссаджы поэтикон миниуæг - раздæр фæхъынцъым кæны, цæуыл фысдзæн, уый æцæгдзинадыл. Фæстагмæ равзæры уацмыс дæр. (могнитофоны лентæйыл байхъусын Грисы цардæмбал Дзугкойты Афассæйы ныхæсмæ).

Фарст: Цавæр уавæрты фæмард сты æфсымæртæ?

Дзуапп: Алчидæр сæ фæмард хъæбатырæй. Райгуырæн бæстæ знагæй бахъахъхъæнын банымадтой сæ сæйрагдæр хæсыл. Æгаддзинад сæ иу дæр йæ сæрмæ не рхаста. Алчидæр сæ йæ царды фæстаг минут, мæлæты дзыхмæ кæсгæйæ, архайдта лæгдзинад равдисын, хъæбатырæй амæлын.

Бакæсын чиныджы, куыд фæмард сты æфсымæртæ, уыцы бынæттæ.

Фарст: Куыдæй бантыст поэтæн ныййарæг мад авд зынгхуыст хъæбулы æвирхъау хъысмæт равдисын?

Дзуапп: Поэт спайда кодта балладæйы миниуджытæй тынг дæсныйæ, ома, фæлхатгонд рæнхъытæй:

Мад ын ныр йæ цухъхъа дауы

Æмæ хус цæстæй лæууы…

Айнæг сау фæрчытæй хауы,

Арв цыхуырджытæй кæуы.

Фарст: Цавæр аивадон мадзæлттæй пайда кæны поэт?

Дуапп: Эпитеттæй: «сау рыг», «уынгæг бон», «ныллæг хæдзары», «фыдбоны балцы».

Олицетворенитæй: «Бонгай хæст куы фæци давд», «Арв цыхцырджытæй кæуы» æмæ а.д.

Барæнтæй: «ингæнау ныссабыр къæс», «фатау смидæг дæн».

Фарст: Цы цæстæй кæсы Грис хæстмæ?

Дзуапп: Хæст у Грисæн æнæуынон. Уымæн æмæ хæст лæгмар у. Знаджы хоны «сырд», «фыдгул», «знæгтæн у æгъатыр».

Фарст: Цæмæн схуыдта поэт йæ уацмыс «Авд цухъхъайы»?

Дзуапп: Гæздæнты æфсымæртæ авдæй дæр бацарæфтыд сты Фыдыбæсты Стыр хæсты азарæй. Ницыуал баззад йæ фырттæй ныййарæгæн сæ цухъхъаты йедтæмæ.

Фарст: Цавæр фæлгонц у мад балладæйы, реалон æви символикон?

Дзуапп: Балладæйы мад у символикон фæлгонц. Мады фæлгонцæй Грис равдыста æппæт хæстæфхæрд ныййарæг мадæлты уæззау хъысмæт.

Фарст: Цы цæстæй кæсынц æфсымæртæ сæ мадмæ?

Дзуапп: Уыдон сæ ныййарæгыл сты æнувыд. Сæ ныхас мадимæ у фæлмæн. Алчидæр йæхи хъахъхъæны мады зæрдæхудтæй. Ныййарæг мад сын у зынаргъ, райгуырæн бæстæ - адджын.

Магнитофоны лентойыл Черчесты Георгийы радзырдмæ байхъусын.

Урочы хатдзæгтæ:

Ахуыргæнинæгтæ дзурынц æмбисæндтæ Райгуырæн бæстæ, адæймаджы кад, намыс, сæрыстырдзинады тыххæй:

Æнусон цардæй æнусон кад - хуыздæр.

Райгуырæн бæстæ адджын у.

Кадæн агурæн нæй, йæ фæдыл цыфæнды згъорд та у æнæпайда.

Кæронбæттæны бакæсын скъуыддзаг Гаджиты Геры æмдзæвгæ «Мад» - æй.

…Банцад хæст, ныссабыр и йæ хъæр…

Ферох ысты хъæубæстæй сæ ристæ…

Уарзон чызджы рахуыдта æндæр,

Буц хотæ ызнон сæ саутæ систой.

Фæлæ мад ныййарæг мад, уæддæр

Не ууæнды йæ хъæбулы мæлæтыл…

… А дунейыл раджы банцад хæст,

Фæлæ мадæн хæст нырма нæ фæци…

Хæдзармæ куст: Сахуыр кæнут наизусть скъуыддзаг.


© 2010-2022