Презентация по осетинскому языку на тему Развитие речи

Раздел Другое
Класс 4 класс
Тип Презентации
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Презентация по осетинскому языку на тему Развитие речи` Ныхасы рæзтыл куысты урок

Темæ: «Мæнæ зымæг дæр фæци, æмæ ралæууыди уалдзæг».

Урочы хæстæ: 1. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. 2. Сывæллæтты сахуыр кæнын текст-æрфыст фыссын.

3. Бамбарын кæнын аивадон æрфысты нысаниуæг.

4. Классикон музыкæмæ байхъусын æмæ ныффыссын музыкæйы мидис дзырдтæй.

5.Сывæллæтты бацæттæ кæнын хибарæй куыстмæ, нывæцæн-миниатюрæ ныффыссынмæ.

Урочы æрмæг: И. Левитаны нывтæ «Мартъи», «Уалдзæг.Стыр дон», П. И. Чайковскийы пьесæ «Афæдзы афонтæ.Апрель».

Къухмæдæтгæ æрмæг, æмбисæндтæ æмæ æмдзæвгæты тексттæ уалдзæджы тыххæй.

Урочы цыд.

1. Организацион хай.

2.Хæдзармæ куыст сбæлвырд кæнын. (2-3 скъоладзауы дзуапп дæттынц, дзурынц æмбисæндтæ).

3. Абон нæ урок иннæ урокты хуызæн нæ уыдзæн. Мах хъуамæ бацархайæм ууыл, цæмæй йæ саразæм аргъæутты куыд вæййы , ахæм алæмæттаг урок. Уый тыххæй та хъуамæ базонæм ацы дзырдты нысаниуæг:

1.Слайд. (Дзырдуатон дзырдтæ). Сатæг - свежий

Æрфыст - описание

Алæмæттаг - волшебный, чудесный Кæлæнгæнæг - волшебник Ехс - плеть, кнут Комулæфт - дыхание Рухсдзыд - прозрачный Миниатюрæ - небольшое произведение (Скъоладзаутæ сæ фыссынц тетрæдты).

4. Сымахæй алчидæр зоны, аргъæутты кæй вæййы кæлæнгæнджытæ, уый. Зæгъæм, ирон адæмон аргъæутты арæх вæййы афтæ, æмæ æрцæвынц ехсæй мард адæймаджы æмæ райгас вæййы, кæнæ авд ахæмы хуыздæр фесты.

-Сывæллæттæ, сымах нæ фæнды, цæмæй уæ бон ахæм диссæгтæ аразын бауа?

(Скъоладзауты дзуæппытæ: Махмæ нæй къулбадæг усы ехс! Нæй нæм кæлæнгæнæджы къæцæл!)

Уæдæ - ма уæ ручкæтæ сисут иууылдæр! Абон сымахæн уæ ручкæтæ уыдзысты кæлæнгæнæджы къæцæлтœ, кæнæ аргъæутты цы ехсы кой фæкæнынц, ахæмтæ. Чизоны сымах никуы ахъуыды кодтат ууыл, фæлæ уæ ручкæтæй ныффыссæн ис тынг бирæ диссæгтæ. Уый тыххæй та хъæуы тынг бирæ кусын æмæ ахуыр кæнын.

- Зæгъут - ма, сывæллæттæ, цавæр афæдзы афон у ныр?

- Уарзут уалдзæг? Цæмæн?

- Адæм цæмæн фæцин кæнынц уалдзæджы æрцыдыл?

Уæдæ абон дзурдзыстæм уалдзæджы тыххæй.

2.Слайд. (Урочы темæ, йæ хæстæ). (Ахуыргæнæг сæ кæсы хъæрæй).

5. Мах фæстаг хатт дзырдтам мивдисджыты тыххæй. Нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм, мивдисæджы тыххæй цы базыдтам, уый.

- Цы нысан кæны мивдисæг?

- Цал афоны йын ис?

- Нымæцтæ та йын цал ис?

3.Слайд. (Бæласыл ауындзынц мивдисджытæ).

- Зæгъут-ма, уалдзæджы тыххæй куы фыссæм, уæд нæ мивдисджытæй пайда кæнын хъæудзæн?

Сымах ма æмбисæндтæй фæстæмæ хъуамæ хæдзары сахуыр кодтаиккад æмдзæвгæтæ уалдзæджы тыххæй .

6. Цæмæй хуыздæр бамбарæм уалдзæджы æрцыд, уый тыххæй байхъусæм аив литературæйы дæсныты уацмыстæм.(Скъоладзаутæ дзурынц æмдзæвгæтæ ). Ныр та, сывæллæттæ, лæмбынæг байхъусæм стыр уырыссаг композитор П. И. Чайковскийы музыкалон пьесæмæ «Афæдзы афонтæ.Уалдзæг». ( Экраныл Чайковскийы ныв).

4.Слайд.Чайковскийы музыкæ (3 мин.)

(Музыкæйы фоныл скъоладзау дзуры А. С. Пушкины æмдзæвгæ «Уалдзæг»).

- Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодтой ацы музыкæ æмæ Пушкины лирикон рæнхъытæ?

7. Ныр та бакæсут, уалдзæджы тыххæй цыдæриддæр фæдзырдтам, уый куыд равдыста йæ нывты стыр зындгонд нывгæнæг И. Левитан.

5.Слайд. (Левитаны нывтæ «Март», «Уалдзæг. Стыр дон».

-Ацы нывтæ та уæм цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрын кодтой? Уæ зæрдæмæ цæуынц ацы пейзажтæ? Цæмæн?

Нывтæм кæсгæйæ фæхатыдыстут уалдзæджы комулæфт?

Куыд уæм кæсы, нывгæнæджы къухы бафтыд уалдзæг кæй æрцыд, уый равдисын?

- Ранымайут - ма, цы уынут ацы нывты?

(Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ).

5.Слайд. (Нывты бынмæ дзырдтæ).

Цæугæдон (змæст, ивылд, æрвгъуыз,сау).

Арв (ирд, æрттивы, цъæх-цъæхид).

Мит (фæстаг, сау, зымæгон тар æхсæвау).

Хъæд (рухсдзыд, аууæттæ æмбæхсынц бæлæсты фæстæ). (Скъоладзаутæ аразынц дзырдбастытæ).

8. Физ. минуткæ. Иу, дыууæ, æртæ, Мах сывæллæттæ! Абон уалдзæджы тыххæй, Мах куы дзурдзыстæм хъæрæй! Аулæфут цæй, нæ къæхтæ, Аулæфут цæй, нæ къухтæ! Æмæ райдайæм фыссын, Дзырдтæ иннæрдæм хæссын!

9. Уæдæ, сывæллæттæ, мах абон байхъуыстам Чайковскийы музыкалон уацмысмæ,Пушкин, Тютчев, Къоста æмæ Гæдиаты Секъайы æмдзæвгæтæм уалдзæджы тыххæй, базонгæ стæм Левитаны нывтимæ.

Æппæт уыдон уыдысты стыр зындгонд адæм. Сымах,æвæццæгæн, афтæ æнхъæлут, æмæ уыдон ахæм стыр дæснытæй райгуырдысты? Уыдон дæр уыдысты сымах хуызæн сывæллæттæ, фæлæ тынг бирæ куыстой сæхиуыл æмæ сæ къухы бафтыд ахæм стыр æнтыстдзинæдтæ.

Цæй, æмæ мах дæр бафæлварæм рæсугъд нывæцæн ныффыссыныл. Уый тыххæй та мах хъæуы тынг бацархайын.

- Зæгъут - ма, цы фысдзыстут?

(Предметты нæмттæ, æрдзы фæзындтытæ, мивдисджытæй пайда кæндзыстæм…).

10. Сымах абон банкъардтат, куыд рæсугъд у уалдзæджы æрцыд, уый. Ныр та хъуамæ ныффыссæм нæ хъуыдытæ.

Нæ нывæцæны фыццаг хъуыдыйад гæнæн ис уа ахæм:

Æрдз райхъал йæ зымæгон тарф фынæйæ…

Дарддæр мах куыддæриддæр бафæнда, афтæ ныффысдзыстæм. Куы нæ бафæнда, уæд бон уыдзæн хъæлдзæг æмæ ирд. Кæд нæ бафæнда, уæд мит тайын райдайдзæн æмæ афтæ дарддæр. Æппæт уыцы æрдзон фæзындтытæ ныффыссут уæ тетрæдты.

Кæд уæ нæ ферох, уæд уæ къухы цавæр ручкæтæ ис? (Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц).

6.Слайд. (Æнцойгæнæн дзырдтæ).

Арв Бон Зæхх Хур Мит Уæлдæф Хъæд Цæугæдон Дымгæ Бæлæстæ Æрдз Цъыф Уазал Тар Хъæлдзæг Рухсдзыд Узæлы Цин кæнынц Райхъал

Ныр та райдайæм фыссын нæ нывæцæн. (5 мин.)

- Чи бакæсдзæн йæ хъуыдыйæдтæ?

( 2-3 скъоладзауы кæсынц сæ хъуыдыйæдтæ).

Тынг хорз хъуыдыйæдтæ ныффыстат!

11. Х/к. Хæдзары адарддæр кæндзыстут уæ нывæцæн кæронмæ.(5-6 хъуыдыйады).

Цæмæй хъуыдыйæдтæ раст ныффыссат, уый тыххæй сфæлхат кæнут цы орфограммæтæ рацыдыстæм, уыдон.

12. Рефлекси.

Абон уе `ппæт дæр хорз бакуыстат!

Презентация по осетинскому языку на тему Развитие речи

(Бæрæггæнæнтæ нывæрын).

Кæрон.



1.Слайд. Алæмæттаг-волшебный, чудесный Кæлæнгæнæг-волшебник

Кæлæнгæнæджы къæцæл-волшебная палочка

Ехс - плеть, кнут Комулæфт - дыхание Рухсдзыд - прозрачный

2.Слайд. Ныхасы рæзтыл куысты урок. Темæ: «Мæнæ зымæг дæр фæци, æмæ ралæууыди уалдзæг.» Ныв(зымæг). Ныв (уалдзæг) 3.Слайд. Урочы хæстæ: 1.Сывæллæтты сахуыр кæнын текст-æрфыст фыссын.

2. Бамбарын кæнын аивадон æрфысты нысыниуæг.

3.Классикон музыкæмæ байхъусын æмæ ныффыссын музыкæйы мидис дзырдтæй.

4.Сывæллæтты бацæттæ кæнын хибарæй куыстмæ, нывæцæн - миниатюрæ ныф -

ныффыссынмæ.

Урочы æрмæг: И. Левитаны нывтæ «Март», «Уалдзæг.Стыр дон.» П. И. Чайковскийы пьесæ «Афæдзы афонтæ. Апрель.» Къухмæдæтгæ æрмæг, æмдзæвгæтæ уалдзæджы тыххæй.

4.Слайд. (Бæлас æнæ сыфтæртæй, йæ быны сыфтæртыл дзырдтæ фыст. Сывæллæттæ агурынц мивдисджытæ æмæ сæ ауындзынц бæласыл. )

5.Слайд. П. И. Чайковский портрет. (Хъуысы йæ музыкæ.) 3 мин 6. Слайд. Левитаны нывтæ «Март.» «Весна. Большая вода.»

7.Слайд. (Сверху картины, снизу слова). Цæугæдон ( сау, цъæх - цъæхид, æрвгъуыз) Арв (ирд, æрттивы, цъæх) Мит (фæстаг, сау, урс -урсид) ХЪæд (рухсдзыд, аууæттæ æмбæхсынц бæлæсты фæстæ). 8.Слайд. Æнцойгæнæн дзырдтæ: Арв, хур, цæугæдон, бæлæстæ, æрдз, бон, мит, хъæд, зæхх, уæлдæф, тынтæ, цъыф.

Уазал, райхъал, хъæлдзæг, тавы, змæст, сатæг, раивылдысты, рухсдзыд, ирд, узæлы, цъæх - цъæхид, хъазынц, цин кæнынц.

9.Слайд. Стыр бузныг уе ΄ппæтæн дæр!

Кæрон. (оформить красочно).

© 2010-2022