• Преподавателю
  • Другое
  • Урок осетинского языка на тему: Ӕрхӕцӕн нысантӕ хъуыдыйады комкоммӕ ныхас ӕмӕ фӕрссаг ныхӕстимӕ

Урок осетинского языка на тему: Ӕрхӕцӕн нысантӕ хъуыдыйады комкоммӕ ныхас ӕмӕ фӕрссаг ныхӕстимӕ

Раздел Другое
Класс 5 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урочы темӕ. Ӕрхӕцӕн нысантӕ хъуыдыйады комкоммӕ ныхас ӕмӕ

фӕрссаг ныхӕстимӕ.

Урочы нысан. Бацамонын ахуырдзаутӕн ӕрхӕцӕн нысантӕ ӕвӕрын

комкоммӕ ӕмӕ фӕрссаг ныхӕстимӕ.

Рӕзгӕ фӕлтӕры удыхъӕды рӕзтыл бакусын .

Урочы цыд.

I. Организацион хай.

II. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

III. Ног ӕрмӕг.

1. Хъусгӕ куыст.

Адӕмы тых, дам, ӕгӕрон у , зӕгъгӕ, фӕдзуры, алкӕд нӕ сыхы хистӕр. Фылдӕр адӕм куыд цӕрой, афтӕ цӕр ӕмӕ нӕ фӕрӕдидзынӕ.

Ӕвӕдза, хистӕрты фарн ӕгӕрон у. Мӕгуыры къуымӕл , дам, уынгты хъуыр- хъуыргӕнгӕ цӕуы.

Фарст. Цавӕр лексикон ахадындзинд ис бавӕргӕ дзырдтӕн? Цы у бӕттӕгӕн сӕ синтаксисон нысан?

2. Бакӕсын ӕмӕ равзарын раиртӕст.

3. Практикон куыст.

1) Хӕс. Чиныг « Нарты кадджытӕ»-йы бакӕсут кадӕг « Сырдоны тохъылы ӕргӕвст». Равзарут дзы комкоммӕ ныхӕстӕ, сбӕрӕг сын кӕнут сӕ ӕрхӕцӕн нысантӕ.

Фарст . Чи уыдис Нартӕн Сырдон?

Цал хайӕ арӕзт вӕййы , комкоммӕныхас кӕм февзӕры, ахӕм хъуыдыйад?

2) Дзырд-бабӕллыдысты- йӕн саразут уӕнгон схемӕ.

4. Сфӕлдыстадон куыст.

Хӕс. Ирон ӕвзагӕй уырысаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кӕнут лӕвӕрд хъуыдыйад. Сӕвӕрут дзы ӕрхӕцӕн нысантӕ , ӕрдзурут пунктуацион иудзинӕдтыл.

Ӕмбӕлттӕ ныртӕккӕ уын ӕз радзурдзынӕн ирон поэт-салдат Елехъоты Мураты тыххӕй , трибунӕмӕ схизгӕйӕ фехъусын кодта ӕнӕзонгӕ хӕстон.

Фарст. Комкомммӕ ныхас уын исты баххуыс кодта Мураты сурӕт уӕ цӕстытыл ауайынӕн?

Цавӕр ӕрхӕцӕн нысантӕ хъӕуы хъуыдыйады комкоммӕ ныхасимӕ?

Цавӕр хъуыдыйады уӕнг у- трибунӕмӕ схизгӕйӕ?

IV. Кӕронбӕттӕн.

V. Хӕдзармӕ куыст .



© 2010-2022