Конспект на тему: Нигеры цард ама сфалдыстад

Раздел Другое
Класс 7 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:



НИГЕРЫ ЦАРД

ÆМÆ СФÆЛДЫСТАД

7 кълас.





2015

ТЕМÆ: Нигеры (Дзанайты Иваны) цард æмæ сфæлдыстад. (1896 - 1947)

НЫСАН: Базонгæ кæнын скъоладзауты Нигеры царды хабæрттимæ.

Йе сфæлдыстадыл цыбыр афæлгæст саразын.

ХЪОМЫЛАДОН ХÆС: Райгуырæн бæстæйы патриот,сæрибары зарæггæнæг

кæй уыд, уымæ скъоладзауты æргом аздахын.

ЦÆСТУЫНГÆ ÆРМÆГ: Нигер «Уацмыстæ», «Цыкурайы фæрдгуытæ»,

презентаци.

УРОЧЫ ЦЫД:

«Æз хъусын нæ Иры сагъæстæ,

Æз зонын нæ царды æгъдау…»

/Нигер/

  1. Орг.хай.

  2. Ацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

  3. Ног æрмæг.

АХУЫРГÆНÆДЖЫ РАНЫХАС ПРЕЗЕНТАЦИИМÆ.

Нигер (Дзанайты Иван) райгуырд 1896 азы Нары зылды Сындзысæры.

Сывæллонæй тынг тырныдта зонындзинæдтæм. 1908 азы каст фæци Нары райдайæн скъола. Уый фæстæ фæци Дзæуджыхъæуы дины скъола (1913 азы). 1913 - 1917 азты ахуыр кодта Æрыдоны семинары. Ам райдыдта йе сфæлдыстадон куыст. Цы къухфыст журнал дзы уагъта йе 'мбæлттимæ, «Фидиуæг», уый фыццаг номыры цъарыл фыст уыдысты йæ ныхæстæ:

«Таут хорз мыггаг, Ирыстон уæ бузныг уыдзæн!». Йæ уацмыстæ дзы фыста ахæм фæсномыгтимæ: «Сау лæппу», «Ололи», «Нигер».

Нигер, семинары ахуыргæнгæйæ тынг мæт кодта ирон адæмы хъысмæтыл. Уый хорз æмбæрста, ирон æвзаг скъолаты программæты куы нæ уа, уæд йæ хъуыддаг хорз кæй нæ уыдзæн.Æмæ домдта уæды ахуырады разамонджытæй уыцы хъуыддаг.

Тынг цыдысты йæ зæрдæмæ Къостайы зарджытæ, бирæ каст уырыссаг æмæ фæсарæйнаг литературæ. Фæлæ поэт агуры йæхи фæндаг.

«Мæнæн нæй искæйты фæзмæн», - афтæ зæгъдзæн фæстæдæр.

1917 аз. Февралы революци. Æфхæрд,ссæст адæм сыстадысты сæрибарыл тохмæ. Нигер йе 'мдзæвгæ «Размæ»-йы сиды тохмæ.

Уыцы аз бацæуы Саратовы университетмæ. 1 курс дзы сахуыр кодта иттæг хорз, фæлæ йын каникулты фæстæ ацæуын нал бантысти, мидхæст стынг.

Райдыдта кусын Нары райдайæн скъолайы. Деникины æфсæдтæ Ирыстон куы бацахстой, уæд 1919 азы Нигермæ фæсидтысты урс æфсадмæ службæмæ.

Поэт тыхсти æнæбары службæйæ æмæ фыста, зæгъгæ, «мæ тæккæ хъуырмæ сау туджы цады тыхстæй куы бадын».

Нигер дæр Къостайау йæ мæгуыр, æфхæрд адæмы царды хъизæмæрттæ, урс æфсады фыдмитæ равдыста йе 'мдзæвгæ «Додой»-ы, кæцыйы фæдисхъæр кæны, сиды тохмæ:

Алчи дæр исы йæ сæрибар радæй,

Махæн нæ хæлы нæ цагъайраг дуг.

Тохы рухс зарæг иронау ныззарæм…

Уастырджи - не 'мбал. Цом размæ, æмгар!..

Баиу вæййы партизантимæ, карз тохы бацæуы знагимæ. Уыцы рæстæг йæ поэзийы сæйраг мотивтæ уыдысты адæмы фыдбонтæ æмæ сæ тох, намыс æмæ сæрибар. Поэт фæдзæхсы фæсивæдæн:

Царды рохтæ 'лдары къухмæ

Макуы - иу раттут.

Адджындæр сæрибарæй уæм

Ма кæсæд уæ уд.

Нигер адæймаджы стырдæр хæсыл нымадта сæрибар æмæ рухсмæ тырнын.

1920 азы Цæгат Ирыстоны ногæй æрфидар Советон хицауад. Нигер æвзæрст æрцыд Уæлладжыры комы ревкомы бæрнон секретарæй. Лæуд уыдис æхсæнадон хъуыддæгты, архайдта адæмон ахуырады оргæнты куысты. Фæлæ йæ сæйграгдæр куыст уыд литературон сфæлдыстад, йæ бæллиц - ахуыр.

1927 азы (31 аздзыдæй) йын фадат фæци Дзæуджыхъæуы Хæххон педагогон институты ирон æвзаг æмæ культурæйы хайадмæ бацæуын. Курдиатджын студенты бафиппайдтой йæ ахуыргæнджытæ, фыццаджыдæр профессор Æлборты Барысби, æмæ уый фæндонмæ гæсгæ, 1930 азы, институты фæстæ йæ райстой аспирантурæмæ. 1933 азы йæ каст фæци. Куыста педагогон институты. 1938 азы ссис доцент. Уыцы иу рæстæджы куыста Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæн институты дæр литературон хайады сæргълæууæгæй. Разамынд лæвæрдта аспирантты ахуырæн. Хайады кусджытимæ зылд Ирыстоны хъæутыл, æмбырд кодтой адæмон сфæлдыстад, арæзта институтæн æмæ скъолатæн ирон литературæйы программæтæ, хрестоматитæ.

Афтæ Нигер кодта ахъаззаг куыст, фæлæ йæ 1937-38 азты хъаймæт дæр бахъыгдардта. Фыдгойтæ йыл кодтой, фыстой йыл хахуыртæ, хуыдтой йæ советон æхсæнады знаг. Уыдæттæй саст йæ хъару.

Поэт хъыг кæны, йæ бирæ хорз фæндтæ кæй не сæххæст сты, ууыл. Фæлæ йæ уæддæр фæндыд йæ адæмæн лæггад кæнын, æмæ куыста. Бирæ тых радта 1939 азы Къостайы уацмысты фыццаг академион рауагъд цæттæ кæнынæн. Уыд Нарты Кадджыты комитеты уæнг æмæ стыр куыст бакодта эпосы иугонд текст аразыныл, æмдзæвгæтæй рацарæзта Хæмыц æмæ Батрадзы кадджытæ. Тæлмац кодта æндæр адæмты фысджыты уацмыстæ ирон æвзагмæ.

Райдыдта Фыдыбæстæйыстыр хæст. 1942 азы фашисттæ Ирыстонмæ куы лæбурдтой, уæд Нигер уыд кусæг батальоны командир. Фæлæ йæ сæйраг хæцæнгарз уыд поэзи. Сидти Иры фæсивæдмæ æхсар æмæ сгуыхтытæм.

Йæ фыдæбонæн хорз аргъгонд æрцыд хицауады 'рдыгæй, фæлæ фыдцард æмæ уæззау куыстæй, мæстытæ æмæ сфæлдыстадон сагъæстæй тадысты йæ тыхтæ, æмæ Иры номдзыд фырт цардæй ахицæн 1947 азы 51-аздзыдæй.

  1. Хæдзармæ куыст. Нигеры царды хабæрттæ конспект скæнын, зонын.



© 2010-2022