«Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон» Бацæттæ йæ кодта Остъаты Татьянæ

Раздел Другое
Класс 5 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

«Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон»

Бацæттæ йæ кодта Остъаты Татьянæ

(фæйнæгыл фыст)

«Ирон дзырды азæлд»

(цæгъды ирон музыкæ, уазджытæ сæ бынæтты сбадтысты…)

Амонæг. Алы бон æгас нæм цæут, нæ зынаргъ уазджытæ! Ирон æвзаджы бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Нæ республикæйы 2 мин 3 азы Дзасохты Алыксандры Указмæ гæсгæ алы аз дæр 15 майы бæрæг кæнынц æппæт скъолаты, институты, рæвдауæндæтты ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Сымахæй æвæццæгæн зонут 15 май цæмæн равзæрстой, уый? Чи зæгъдзæн?

- Мæнæ ацы газет рацыд мыхуыры раст Указ куы рацыд, уæд. Указ бафыстой 7 феврвлы, бæрæгбонæн та равзæрстой 15 май, мæнæ ацы æнæмæлгæ чингыг мыхуыргонд куы æрцыд, уæд.

Æвæдза, ирон адæм тынг амондджын сты, уымæн æмæ нæм ис æмбисонды тырыса - Къоста. Къоста скадджын кодта ирон адæмы ном æмæ махæй æгаддæр уæд нæ уыдзæн, æмæ искуы уыцы тырыса дæлæмæ куы руадзæм.

«Сценæмæ» разгъордта гыццыл лæппу ирон дарæсы, йæ къухы Къостайы чиныг «Ирон фæндыр» æмæ хъæрæй дзуры адæммæ:

- Байхъусут, хорз адæм! Абон 1899 азы 15 майы, Ирыстоныл æрцыд стыр хорздзинад - мыхуыры рацыд нæ уарзон поэт Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ чиныг «Ирон фæндыр».

(æвдисы чиныг æмæ алидзы)

ШМЫ РСО-Алании.

Дианæ. Ирон æвзаг! Алайнæгты рæсугъд, дзырд.

Дæ ратæдзæн цæй рагон у, цæй дард!

Кæй - иу хуыдтой æцæг ирон лæджы фырт,

Гъе уый, дам - иу, æгъдауы сæрыл мард.

Ирон æвзаг! Ды дугæмдзу бæлццон дæ

Ирон царды цыкурайы фæрдыг.

Ирон адæм сæ фидæны фæдонтæн

Дæу рахондзысты се стырдæр мæсыг.

Луизæ. Цæудзысты азтæ, ивдзысты фæлтæртæ,

Æнусты сæрты хиздзæнис æнус,

Фæлæ уæддæр, алайнаг дзырды зæлтæ,

Ирон зæххыл сымах уыдзыстут буц.

Алинæ. О, мæдæлон æвзаг, дæуæн та цы зæгъон

Дæу аккаг хæзна дзырд зæххы цъарыл нæй.

Мæ уды быцъынæг куы хауид мæ хъуырæй,

Уæддæр дæ æвдадзыл нæ акæнин уæй.

Хуб. Сæрм. Куыд нæ ис дунейыл æвзæгтæ та бирæ,

Къуымыхдæр дзы се 'хсæн иу иннæмæй нæу.

Мæ мадæлон æвзаг, хæрын дын стыр ард

Æз се 'ппæтыл иумæ нæ баивин дæу.

Ацæ. Æнæ дæу æз уаин куысыфтæгау афтид,

Цæрдудæй дын мардау æз уаин фынæй.

Мæн сусæны хур дæр æнæ дæу нæ тавид,

О, мадæлон æвзаг, цæй диссаг дæ, цæй!

Батрадз. Ирон дзырды рæсугъд азæлд,

Куыд уарзон дæ, куыд адджын!

Ныййарæджы фæлмæн узæлд,

Ирон æвзаг - дæ зарджытæ.

Эльбрус. Ирон ныхас - цæугæ кадæг,

Нæ фæндагыл æрвхуыз суадон.

Ирон æвзаг, ирон зарæг -

Нæ фарны сæр, нæ хæзнадон!

Камилæ. Дзур, мæ къона, дзур иронау

Азтæ атæхдзысты бонау.

Хорз лæг уыдзынæ кæддæр,

Бахъæудзæн дæ гъеуæд сæр.

Амина. Базон кафын æмæ зарын

Зон дæ адæмы нымайын.

Ма у не 'гъдæуттæн ызнаг

Уарз дæ мадæлон æвзаг.

Снеж. Не 'взаг - ирон лæджы царды бындур.

Миша. Не 'взагимæ ныл ыскæсы нæ хур.

Яна. Не 'взаг нæ цардæн фидар гæнах!

Алана. Не 'взаг нæ къонайы судзгæ цырагъ.

Сослан. Не 'взаг - нæртон лæджы рагон бæллиц.

Амина. Не 'взаг у не 'гъдау, нæ амонды сæр.

София. Мадæлон ывзаг! Йæ ном йæ уæлæ ис - мæ мады æвзаг. Мæ мад, мæ фыд, мæ нана, мæ дада райгуырдысты Ирыстоны зæххыл. Мах хæдзары дзурæм иронау. Мæн иууылдæр ахуыр кæнынц ирон æгъдæуттыл. Æз дæн ирон чызг.

зарæг «Æз ирон чызг дæн»

Расул Гамзатов мадæлон æвзаджы тыххæй загъдта:

Светæ. Ис ахæмтæ, сæ низы хай сын райсы

Кæйдæр æвзаг, - ды уыдонæй нæ дæ.

Æмæ кæд ме 'взаг фесæфдзæни райсом,

Уæд абон æз мæлæтмæ дæн цæттæ.

Вика. Мæнæн та мæ зæрдæмæ цæуынц Цæрукъаты Алыксандры ныхæстæ:

Ирон зыланг ныхас, дæу айс мæнæй,

Уæд баззаин къуырма æмæ куырмæй.

Мария. Мæнæн та мæ зæрдæмæ арф хъарынц Чеджемты Æхсары ныхæстæ мадæлон æвзаджы тыххæй:

«Къостайы тугæй фыст ныхæсты

Æз федтон ивгъуыд дуджы уаг,

Куыд хорз, куыд кадджын дæ мæ цæсты

Нæ ирон мадæлон æвзаг!»

Ахуырг. Нæй фесафæн ирон æвзагæн, нæй,

Ирон адæм уæд фесæфдзысты демæ,

Ирон æвзаг мæ зæрдæ у мæнæн,

Куы мæла уый, уæд амæлдзынæн йемæ.

ТАЙСАЕВ «ИРЫ ЗАР»

Сослан. Мæ Ирыстон! Куы бафсæдин

Æз зарынæй дæуыл!

Æз райгуырдтæн дæ зæрдæйæ,

Дæ цæрайæ цæрын!

Снеж. Ды хоныс мæн дæ дидинæг

Мæ удæн уый у æнцон

Куы бахъæуон дæ хорзæхæн,

Æртон иу мæ, æртон.

Ахмед. Нæ уарзон Ир!

Хурау дæ ирд.

Стъалыйау худ æмæ 'рттив.

Дæ уарзтæй Ир

Дзаг у мæ риу.

Мæ амонд дæ хонын, мæ цин!

Сарм.Баг. Дæуæн нæ бавгъау кæндзынæн цард дæр,

Мæ хъару ратдзынæн, мæ сæр.

Æрмæст цæмæй æнхъæвза дарддæр

Дæ тагъд цæугæдæтты уынæр.

Аланæ. Мæ Иры зæхх, мæ уды стъалы,

Æз дын кæддæриддæр куывтон

Æрмæст мын дидинæг ды калай,

Цæрай æнусмæ, Ирыстон!

Ахуыргæнæг. Нæ фыдæлтæй нын хорзæй цы баззад, уыдон сты ирон æвзаг æмæ ирон æгъдæуттæ. Æнæмæнгæй дæр сæ хъуамæ алы бинонтæ дæр æххæст кæной, сæ кæстæрты сыл æфтауой. Фæлæ хъыгагæн, бирæ ирæттæ сæ сæрмæ нал хæссынц сæ ирон æвзаг, нал зонынц ирон æгъдæуттæ, иу ныхасæй сæхи худинаг кæнынц. Ныртæккæ уын цалдæр цыбыр нывы фенын кæндзыстæм, сымах та - иу сыл ахъуыды кæнут.

1). Къола æмæ Къостайы фембæлд.

Автор. Къоста æмæ Къола цыдысты иу трамвайы. Трамвай æрлæууыди. Зæронд лæгтæй иу раззаг дуарæй рахызтис, иннæ та - фæстаг дуарæй. Кæрæдзийы ауыдтой.

- Дæ райсом хорз Къола!

- Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд.

- Ацы трамвайæ рахызтæ?

- О.

- Уæдæ дæ æз куыннæ федтон, кæд ацы трамвайы бадтæ, уæд?

- Нæ бадтæн.

- Афтæ нæ зæгъыс ацы трамвайæ рахызтæн?

- О.

- Уæдæ дзы куыд нæ бадтæ?

- Бадгæ кæстæртæ кодтой, мах та лæугæ.

Чъынды æфсинæн:

Саби хъазы. Йæ цурты фæцæуы зæронд лæг. Саби йæм скаст æмæ йæ фæрсы: Къола æмæ дæ куыдз кæм ис?

Зæронд лæг: - Æмæ мæнмæ куыдз куы нæ ис, Асланбег.

Лæппу: - Ау уæдæ знон мæ мад рудзынгæй куы ракаст, уæд афтæ куы загъдта «Уæртæ та Къолайы куыдз æрбацæуы».

Зæронд лæг йæ сæр ныттилы.

Хорз фысым.

Дуар «бахоста» уæд. Ракаст æфсин æмæ хоны уазæджы.

Уазæг: - Дæ бон хорз, æфсин.

Æфсин: - Уазæг хуыцауы уаæг, фысым нæм бакæ. Хæдзары цы рбайæфтай, уымæй дæ суазæг кæндзыстæм.

Уазæг фынгыл æрбаддзæн, æфсин фынг æрæвæрдта.

Арфæ. Стыр бузныг. Уæ къæбиц дзагæй дзагдæр кæнæд.

Ирон æвзаджы хъысмæт аразгæ у не ппæтæй дæр æмæ иумæ мах кусдзыстæм.

Ахуыргæнæг. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ абон ам сабитæ цы федтат, фехъуыстат уыдонæн уæ зæрдыл бадардзыстут, ирон æвзагыл дзурдзыстæм рæсугъд, фысдзыстæм раст, æмæ Къостайы загъдау: «Зондамонæгмæ хъус. Цы зæгъа, уый кæн. Зæрдæхъæлдзæгæй кус æмæ бæззай лæгæн».

ХÆРЗБОН

Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ абон ам цы фехъуыстат, уыдон уæ зæрдыл бадардзыстут, архайдзыстæм ирон æвзаг цæмæй хъуыса æнустæм.

Бæрæгбон у хъæлдзæг бон æмæ йыл æнæмæнгæй дæр мах абон ацин кандзыстæм, мæнæ ацы хуынтæй акувын хъæуы.

Кувы хистæр, кæстæртæ омен кæнынц.

Ерыстæ: армхæстæй, бæттæн ивазынæй.



© 2010-2022