ОБОБЩЕНИЕ ПЕДАГОГИЧЕСКОГО ОПЫТА. Къоста

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Темӕ: Хетӕгкаты Къоста.Биографи.

Нысан: Скъоладзауты зонындзинӕдтӕ фӕпӕрахатдӕр кӕнын.

Хъомыладон куыст бакӕнын.

Ныхасы рæзтыл бакусын.





Урочы цыд:


  1. Организацион хай:

- Уӕ бон хорз, сывӕллӕттӕ!

- Ӕгас цу!

- Абон нӕм уазӕгуаты ӕрбацыдысты нӕ зынаргъ уазджытӕ ӕмӕ уыдонӕн дӕр салам раттӕм!


  1. Ног ӕрмӕг.

-Цӕмӕй нӕ урочы темӕ сбӕрӕг кӕнӕм, уый тыххӕй ма байхъусӕм мӕнӕ ацы рӕсугъд рӕнхъытӕм.

Табуафси! (дзуры скъоладзау) .

Нӕ федтон амонд ӕз, фӕлӕ мӕ уды бартӕ,

Кӕд мын зынаргъ сты амондау, уӕддӕр

Мӕ мӕгуыр адӕмӕн рӕсугъд сӕрибар цардмӕ,

Ӕз иу къахдзӕфыл дӕн раттынмӕ цӕттӕ!

Уыцы рӕстӕджы ӕвдыст цӕуы 1 слайд- ӕмдзӕвгӕ.

- Стыр бузныг!

- Сывӕллӕттӕ, сымахмӕ гӕсгӕ чи уыди уыцы адӕймаг Ирыстоны, кӕцы йӕ уарзон ирон адӕмы хорздзинадмӕ бӕлгӕйӕ царди йӕ амӕлӕты онг?

- Хетӕгкаты Къоста!

- Иттӕг раст! Уыцы ӕрдхӕрӕны адӕймаг уыди - Хетӕгкаты Къоста!

ӕвдыст цӕуы 2 слайд - Къостайы къамтӕ- дыууӕ.

-Уӕдӕ нӕ урок абон уыдзӕн Къостайӕн номарӕн.

- Нӕ хӕс у

- Цымӕ цавӕр адӕймаг уыди Къоста?

Байхъусӕм ма. Табуафси.

1 скъоладзау дзуры:

Ирыстоны номдзыд поэт, рӕстдзинадыл зарӕггӕнӕг - Къостайы ном скадджын йӕ адӕмы сӕрыл тохы цӕхӕры. Уый йӕ фӕстаг улӕфты онг дӕр уыд адӕмы хуыздӕр хӕлар.

Къоста сидти адӕммӕ, цӕмӕй ӕдӕрсгӕ тох кӕной цагъаргӕнджыты ныхмӕ. Ӕмӕ йӕхицӕн стыр хӕсыл нымадта адӕмӕн лӕггад кӕнын, сӕ бартыл тох кӕнын.

-Стыр бузныг! Чи ма бафтаудзӕн?

-Табуафси!

2 скъоладзау дзуры:

Къоста тынг ӕнувыд уыди хуымӕтӕг фӕллойгӕнӕг адӕмыл. Никуы бафӕлмӕцыд урсзачъе зӕронд лӕгтимӕ бадынӕй, семӕ ныхас кӕнынӕй.Фарста сӕ - иу сӕ зынвадат уавӕртӕй, амыдта сын раст фӕндаг йӕ зондджын уынаффӕтӕй.Уыдон дӕр ӕм дардтой хорз зӕрдӕ ӕмӕ йыл кодтой сӕ зарджытӕ.

Равдисын 3 слайд- Къоста адӕмимӕ.

- Куыд федтам афтӕмӕй Къоста тынг ӕнувыд уыд йӕ адӕмыл ӕмӕ йӕ уыдон дӕр ӕгӕрон уарзондзинадӕй уарзтой.Уый бӕрӕг у мӕнӕ ацы рӕнхъытӕй:

3 скъоладзау дзуры:

4 слайды равдыст- ацы ныхӕстӕ

О, цъититӕ - йӕ урс гауыз нӕ хурӕн:

Йӕ тынтӕ йыл сӕумӕрайсомӕй кафынц.

Ирыстонӕн йӕ уарзондӕр хъӕбулӕн,

Йӕ гуырӕн бон сӕ зӕрин тынтӕ уафынц.

-Тынг рӕсугъд ныхӕстӕ!

-Уӕдӕ ныр та хӕстӕгдӕр базонгӕ уӕм Къостайӕн йӕ царды хабӕрттимӕ.

-Табуафси.

4 скъоладзау дзуры:

5 слайды равдыст -Къостайы къам, райгуырды аз(15 октябрь 1859 аз), Нары хъӕу.

Хетӕгкаты Леуаны фырт Къоста райгуырд 1859 азы 15 октябры Нары хъӕуы , Уӕлладжыры комы.

6 слайд- Къостайы фыд Леуаны къам, йӕфарсмӕ ныхӕстӕ.

Йӕ фыд Леуан уыди зондджын , ӕууӕнкджын адӕймаг. Уый бирӕ уарзта йӕ фырты ӕмӕ архайдта ууыл, цӕмӕй Къоста суа ахуыргонд лӕг.

Къоста йӕ фыды бирӕ кӕй уарзта уый бӕрӕг у мӕнӕ ацы ныхӕстӕй:

« Мӕ фыды ӕз канд уарзгӕ нӕ кодтон, фӕлӕ мӕм зӕды хуызӕн касти. Ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ ӕмӕ хӕрзӕгъдау адӕймагыл ӕз никуыуал ӕмӕ никӕм фембӕлдтӕн. Мӕ фыдимӕ ӕдзухдӕр уыдыстӕм ӕмзонд, сывӕллонау дзы никуы зонын над нӕ фӕлӕ, карз уайдзӕф дӕр».

5 скъоладзау дзуры:

Йӕ мад та- Гуыбаты Габрелы чызг Маро- уыди фӕлмӕнзӕрдӕ, хӕдӕфсарм, рӕсугъд сылгоймаг. Къоста ма хӕрзчысыл уыд, афтӕ йӕ мад амард.

Кӕд мады рӕвдыд нӕ федта Къоста, уӕддӕр йӕ сабийы бонтӕй йӕ амӕлӕты онг йӕ цӕстытыл уад уарзон ныййарӕджы сурат ӕмӕ йӕ аив ахорӕнтӕй иу ӕмӕ дыууӕ хаты не сныв кодта йӕ уацмысты.

7 слайды равдыст- Къостайы мады къам, йӕ фарсмӕ ныхӕстӕ.

«Нӕй, ничи мӕ уарздзӕн дӕ хуызӕн,

Мӕ уарзон, мӕ ныййарӕг мад.

Дӕ фырты куы ницыуал уырны,-

Ыстыхсын ӕй кодта йӕ цард.

Ды куы уаис- куыд бирӕ йӕ уарзис,

Ӕмбарис дӕ фырты зӕрдӕ.

Тыхмитӕ, фыдӕй йӕ цӕргӕсау,

Ды хъахъхъӕнис царды бӕргӕ.

Йӕ рӕдыдтӕ уымӕн ныббарис,

Дӕдтис ын дӕ фӕлмӕн хъӕбыс.

Циу цардӕн йӕ амонд? -зӕгъис ын,

Фӕндагыл -иу уаис йӕ ныфс».

6 скъоладзау дзуры:

8 слайды равдыст-Леуаны хӕдзар Лабӕйы, Стъараполы гимназ.

Къоста ахуыр кодта Нары хъӕуы скъолайы. Уый фӕстӕ йӕ йӕ фыд Леуан ахуыр кӕнынмӕ радта Дзӕуджыхъӕуы прогимназмӕ. Ахуыр кодта хорз, уымӕй уӕлдай ма архайдта нывтӕ кӕныныл дӕр.

1870 азы Леуан алыгъд Лабӕмӕ. 1871 азы Къоста бацыд Стъараполы гимназмӕ. Уым ахуыргӕнгӕйӕ чингуытӕ бирӕ касти, базонгӕ уырыссаг аив литературӕимӕ, бауарзта йӕ.Уӕлдай зӕрдиагдӕрӕй архайдта нывтӕ кӕныл. Йӕ конд нывтӕ тынг цыдысты йе * мбӕлтты зӕрдӕмӕ, стыр аргъ сын кодта ахуыргӕнӕг Смирнов дӕр.

Гимназы ахуыры азтимӕ баст йӕ поэтикон курдиаты равзӕрд. Ничи йӕ ӕмбылдта къласы ӕмдзӕвгӕ, радзырд, кӕнӕ уацхъуыд ныффыссынмӕ.

Къоста гимназ ӕххӕст каст нӕ фӕцис, уымӕн ӕм йын стипенди нӕ лӕвӕрдтой, йӕ фыды бон та йын ӕххуыс кӕнын нӕ уыди. Ӕххормаг ӕмӕ тыхстытӕ кӕй баййӕфта, уымӕ гӕсгӕ йын ахуыр кӕнын тынг зын ссис ӕмӕ йӕ ныууагъта.

7 скъоладзау дзуры:

9 слайды равдыст- 1881 - 1885 азтӕ.

Йӕ ахуыргӕнӕг Смирновы амындмӕ гӕсгӕ, Къоста 1881 азы ахуыр кӕнынмӕ бацыд Бетъырбухы Аивӕдты академимӕ. Фӕлӕ та йын уым дӕр ахуыры фадӕттӕ нӕ уыди, ӕппындӕр ӕм ӕххуыс никӕцӕй цыд. Уымӕ гӕсгӕ йӕ къухы нӕ бафтыд академии каст фӕуын ӕмӕ 1885 азы сыздӕхт Ирыстонмӕ.

8 скъоладзау дзуры:

10 слайды равдыст - йӕ чиныг «Ирон фӕндыр.

Уыцы рӕстӕг Къостайы ном айхъуысти Ирыстоны ӕппӕт къуымты.Йе* мдзӕвгӕтӕ «Додой»,»Азар», «Катай», «Салдат» ӕмӕ иннӕтӕ адӕмы ӕхсӕн къухӕй къухмӕ цыдысты, систы зарджытӕ.

Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ ирон адӕмы зӕрдӕйы ӕхсидын кодтой ӕнӕуынондзинад уӕды заманы цардӕвӕрдмӕ, сидтысты адӕмы ӕфхӕрджыты ныхмӕ тохы.

Уыцы ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд Къоста схуыдта «Ирон фӕндыр».Куыннӕ мӕсты кодтаид хицауад Къостамӕ ӕмӕ куыннӕ зылдаид йӕ фӕстӕ.Агуырдтой ӕрмӕст исты ӕфсон Къостайы йӕ уарзон адӕмӕй фӕхицӕн кӕнынӕн.Ӕмӕ уый сӕ къухы бафтыд.Дыууӕ хатты йӕ ахастой йӕ Райгуырӕн бӕстӕйӕ.

11 слайды равдыст касты фӕстӕ - Къоста Херсоны.

9 скъоладзау дзуры:

Уымӕй уӕлдай ма Къоста уыди курдиатджын нывгӕнӕг дӕр.Мӕнӕ куыд загъта зындгонд советон фыссӕг Фадеев Къостайӕ:

12 слайд - Фадеевы ныхӕстӕ.

« Осетинский народ может гордиться тем, что в сокровищнице многоцветной культуры будут играть краски и цвета, вызванные к жизни такого художника, как Коста Хетагуров».

(дарддӕр дзуры).

Ныртӕккӕ уын ӕвдыстгонд ӕрцӕудзысты Къостайы тыххӕй иллюстрацитӕ ӕмӕ йӕ зындгонд нывтӕ, уымӕй уӕлдай ма байхъусдзыстут ирон фӕндыры рӕсугъд зӕлтӕм! Уӕ хорзӕхӕй, бакӕсут ӕмӕ байхъусут!!!!

Иннӕ цалдӕр слайды йӕ нывтӕ, сӕ фарсмӕ сӕ сӕргондтӕ.

10 скъоладзау дзуры:

Хасты рӕстӕджы бирӕ фӕрахау - бахау кодта Къоста, бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста, ӕмӕ йе* нӕниздзинад фӕцудыдта.Куыдфӕстӕмӕ йыл низ тыхджын кӕнын байдыдта, ӕмӕ 1900 азы сыздӕхт Херсонӕй.

1903 азы Къостайы уӕззау рынчынӕй аластой Лабӕмӕ. Уым ӕртарф ӕмӕ 1906 азы, 1 апрелы амарди.

Иннӕ слайд - Къостайы ныгӕнӕн боны къам.

(дарддӕр дзуры).

Нал федта, зӕрдӕбынӕй кӕуыл зарыди, йӕхи кӕмӕн снывонд кодта, уыцы дзыллӕтӕ амондджын цард куыд аразынц, уый.

Йӕ мард ын сластой Дзӕуджыхъӕумӕ ӕмӕ йӕ стыр кадимӕ баныгӕдтой Ирыхъӕуы аргъуаны кӕрты.

Фӕстаг слайд - Къостайы цыртдзӕвӕн ирон аргъуаны.


  1. Хатдзӕг скӕнын.


  1. Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

5.Хӕдзармӕ куыст.

- Стыр бузныг уе ппӕтӕн дӕр!!!!!!!!

© 2010-2022