ПРЕЗЕНТАЦИЯ НА ТЕМУ ГОСТЕПРИИМСТВО

Раздел Другое
Класс -
Тип Презентации
Автор
Дата
Формат zip
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Уазӕг

(СЛ.№2) Ирыстоны хӕхты кӕддӕриддӕр уазӕджы фарн бирӕ уыд. Хистӕртӕ- иу кувгӕйӕ,куырдтой "О Хуыцау ,нӕ уазӕджы хай нын макуы айс.!" Йӕхи - иу Уастырдийыл чи фӕдзӕхста, уыцы фысым ӕмӕ уазӕджы ахастдзинӕдта арӕзт уыдысты сӕрмагонд ӕгъдауыл.

Историйы ӕрмӕджытӕ куыд дзурынц ,афтӕмӕй уазӕг уарзондзинады ӕгъдау фӕзынд мингай ӕзты размӕ,йӕ нысан та уыд бӕлццӕтты бартӕ ӕмӕ мулк бахъахъхъӕнын.

Бӕрӕг куыд у афтӕмӕй нӕ фыдӕлтӕ рагӕй-ӕрӕгмӕ уыдысты уазӕг уарзон адӕм. (СЛ.№3) Абайты Васо фыссы, зӕгъгӕ,зӕронд ирон ӕвзаджы дзырд "уазӕг" нысан кодта "бӕлццон",дзырд "фысым"та- "фосджын","фосы хицау". Этимологон бӕрӕгӕнӕнта дзурынц ууыл, ӕмӕ нӕ рагфыдӕлтӕ фӕндаггоны суазӕг кӕныны ӕгъдау зыдтой суанг ма сӕ фосы дзугтимӕ цӕугӕцард куы кодтой ӕмӕ биноныг хӕдзӕртты куы нӕма цардысты,уӕд, ома,тынг раджы.

Ӕцӕгдӕр,скифаг-сӕрмӕтаг дуг чи ӕвдисы,уыцы Нарты эпос сфидар кӕны лингвистикӕйы факттӕ. Ӕрхӕсдзынӕн дзы данцӕг. Уазӕгджыныл нымад у Нарты Ӕхсӕртӕггаты зӕронд хӕдзар .Ам фысым кӕны ,Сослан цыуаны кӕимӕ базонгӕ ис,уыцы, Гуымаг лӕг, (СЛ.№4) Нӕртон ӕфсин Сатана та дзы йӕхӕдӕг рацӕуы Бедзӕнӕджы фырт Арӕхдзауы размӕ: "Уазӕг , ӕгас цу! Мидӕмӕ нӕм рацу,фысым дын уыдзыстӕм."

Ирон эпосы дзырдбаст "ӕз де уазӕг" нысан кӕны, "нӕ" зӕгъӕн курдиат. "Мӕ аудӕг,мӕ хъахъхъӕнӕг фӕу!".

Ацы цау ӕрцыд Дзауы районы, радзырдта йа сӕдӕ аздыд зӕронд лӕг Джиоты Сандро. (СЛ.№5- ФИЛЬМ)

Ацы хабар ууыл дзуры ӕмӕ ирон адӕймагмӕ уазӕгуаты кӕд йа туджджын бацыд,уӕддӕрфысым йӕ хицӕн стыр хӕсыл нымадта уазӕджы бахъахъхъӕнын цалынма йӕ хӕдзары уыд уадма. Стӕй дзы йӕ бон уыд йӕ маст сисын дар.

Ацы дзыхӕйдзургӕ традици ома "ӕз де уазӕг" ,нӕ фыдӕлтӕ цӕсты гагуыйау хъахъхъӕдтой. (СЛ.№6) Мах де уазӕг ,зӕгъгӕ Хуыцауыл сӕхи фӕдзӕхстой мӕгуыртӕ, Уастырджийыл - бӕлццӕттӕ ӕмӕ барджытӕ,Мады-Майрӕмыл - сылгоймӕгтӕ. Хуымгӕнджытӕ-иу сӕ къутутӕ бакодтой Хоры Уациллайы уазӕг,фыййӕуттӕ сӕ фосы дзугтӕ - Фӕлвӕрайы уазӕг.

(СЛ.№7) Кӕй зӕгъынӕй хъӕуы, уазӕг цы хӕдзармӕ не фтыди, уый ирон адӕм хуыдтой ӕлгъыстаг ӕмӕ йӕ нымадтой удӕгасӕй мардыл.. Худинаджы гакк - иу ыл сбадт. Адӕмӕн ӕнӕуынон уыдысты,сӕ уазӕджы ӕфхӕргӕ кӕнӕ маргӕ чи кодта. Уыдоныл -иу бакодтой хъоды, ӕмӕ куыдзӕмгадӕй цардысты.

(СЛ.№8) Ӕцӕг ирон бинонтӕ -иу сӕ уазӕгыл узӕлдысты зӕрдиагӕй, цин-ыл кодтой. Цалынмӕ иу уазӕгӕн кӕрдзын бахӕрын кодтой, уалынмӕ йӕ нӕдӕр номӕй,нӕдӕр хабарӕй нӕ фарстой. (СЛ.№9) Бӕлццоны -иу хорз федтой, йӕ къух кӕмӕн куыд амыдта афта. Бонджын фысымтӕ -иу акусарт кодтой сӕгъ,нӕл фыс кӕнӕ та гал,фынгыл ӕвӕрдтой фых кӕрчытӕ,цыхт,нуазинӕгтӕ,чъиритӕ,Уазӕг кӕмӕ ӕрбынат кодта, уыцы ӕфсинӕн сыхаг устытӕ сӕ чызджыты ӕрвыстой хӕбизджынтимӕ,фых ӕйчытимӕ,бӕгӕныйы дурынимӕ.

Уазӕджы кой -иу куы айхъуыст уӕд иу сыхаг лӕгтӕ дӕр ӕрбацыдысты. Сӕ зӕрды уыд ӕрцӕуӕгӕн салам радтын,хабӕрттӕ базонын.. (СЛ.№10)Фынгыл-иу рабадтысты кармӕ гӕсгӕ,фӕлӕ -иу фылдӕр хатт уазӕджы сбадын кодтой кадджын бынаты,фысымы фарсмӕ.бадын кӕмӕн нембӕлд уыцы лӕппутӕ та дуаргӕрон къулӕнцой лӕууыдысты.Сылгоймӕгтӕй уазӕгимӕ ныхас кӕнӕн уыд ӕрмӕстдӕр ӕфсинӕн. Бӕлццонӕн хӕдзармӕ йӕ бацыд афтӕмӕй-иу йӕ размӕ уад:" Де рбацыд амондимӕ".Чызджытӕ ӕмӕ чындзытӕ дзургӕ ницы кодтой ӕмӕ уазӕгмӕ нӕ кастысты, фӕлӕ бӕрӕг уыд, ӕфсӕрмы дзы кӕй кодтой ,уый.

(СЛ.№11) Арӕхдӕр фӕндаггоны комкоммӕ нӕ фарстой чи у, кӕцӕй у. Уаздан арӕхстгай ныхасы-иу ын йӕ ном куы базыдтой, уӕд ӕй фарстой хионты,къабӕзты ӕмӕ зонгӕты тыххӕй. Уазӕгӕй-иу исты ӕхсызгон хабар куы фехъуыстой, уӕд ын лӕвар кодтой зӕрдыл даринаг дзаума-хӕрзӕггурӕггаг. Кӕнӕ та-иу зӕрдӕ ӕвӕрдтой, дӕ лӕвар мӕнмӕ,зӕгъгӕ.

Уазӕгӕн лӕггад кӕнын нымад уыд кадджын хӕсыл.Кӕстӕртӕ -иу ын йӕ нымӕт ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтӕ бафснайдтой,йӕ къухтыл -иу ын дурынӕй дон ӕртагътой,лӕппуты ӕвджид кӕй бакодта уыцы бӕхыта йын ныссыгъдӕг кодтой ӕмӕ йӕ бафсӕстой хорӕй.

(СЛ.№12)Уазӕджы номыл- иу фӕсивӕд скодтой хъазт ,уагътой дугъ сӕ бӕхты,цагътой фандырай,кодтой зарджыта.

Ирон ӕгъдау бар нӕ лӕвӕрдта уазӕгӕй исты курын ,стӕй хӕдзары дӕр иунӕгӕй хъуамӕ макуы баззадаид. Бынтондар нӕфӕтчиагыл нымад уыд уазӕджы барасыг кӕнын. Ахӕм худинаджы цау -иу цыфӕнды хорз ӕфсонӕй куы ӕрцыд, уӕд-иу фысым чызджытӕн фӕндырты цӕгъдинаг фӕцис.

Ирон ӕгъдау бӕрӕг кодта уазӕджы хӕстӕ дӕр. Салам раттыны фӕстӕ хъуамӕ бинонтӕн раарфӕ кодтаит.Чи у ӕмӕ хӕдзармӕ цы хъуыддаджы фӕдыл сымбӕлд уый хъуамӕ тагъд ма ралӕхурдтаид, фынджы уӕлхъус та йа ахаст хъуамӕ уыдаид бонзонгӕ, хӕдӕфсарм,нӕ фыдӕлты заманы уазӕг цыфӕнды ӕххормаг куы уыдаид уӕддар нӕ цыд йӕ гуыбыны фӕдыл, ӕмӕ бирӕ никуы банызта.

Не 'мбӕлд хӕдзары хицау бынаты кӕм нӕ уыд, уым бахсӕвиуат кӕнын. Уазӕг фысымы бар кӕй вӕййы уый дӕр ӕй рох кӕнын нӕ хъуыд.

Ӕгъдау куыд амоны ,афтӕмӕй уазӕгӕн йе'рбацыд йӕхи бар у, йӕ ацыд-та фысымы бар. Кӕрон бӕттӕны ӕрхӕсдзынӕн хохӕгты цардӕй хӕрзбон зӕгъыны цыбыр ныв. Кӕрты лӕугӕй ӕ фысым уазӕджы Фӕндагсӕр Уастырджийыл бафӕдзӕхста ӕмӕ йӕм йӕ (СЛ.№13)бӕх дыууӕ лӕппуйы ӕрбакодтой сӕ иу хӕцыд хайуаны рохтыл,иннӕ та ӕгъдынцойыл.Уазӕг саргъы базыл йӕхи куы ӕруагъта, уӕд бӕхы ных хӕдзары дуармӕ сарӕзта ӕмӕ афтӕмӕй исдуг алӕууыд.Стӕй бӕхы разылдта,ехсы дыдагъӕй йӕ чысыл фӕцагайдта ӕмӕ нарӕг уынгыл араст ис стыр фӕндагмӕ."Хӕрзбон ут,Хуыцауы салам уыл сымбӕлӕд. (СЛ.№14)Фӕссивӕдӕй суанг хъӕуы кӕронмӕ ахӕццӕ кодтой.Дӕргъвӕтин рӕстӕгмӕ ма йа хъустыл уадысты фысымты арфӕтӕ:"Фӕндараст, хӕрзӕмбӕлд у!"

СЛ.№15 КӔРОН

Уазӕгуарзондзинады агъдау фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ цӕуы.Ацы ӕгъдау тынг ныффидар нӕ царды, ӕмӕ йӕ бирӕтӕ афтӕ ӕнкъарынц куыд ӕнӕбайсгӕ культурӕйы хай .

Ныр кӕд зын заманта сты , уӕддӕр цӕут уазӕгуаты кӕрадзимӕ ,уарзут уӕ кӕрӕдзи. Уазӕгуаты сӕйраг дар фынгӕвӕрд нау,сӕйраг дар у нӕ зынаргъ адӕмыл бацин кӕнын,кӕрӕдзи ӕмбарын ӕмӕ нӕ ӕмхицдзинад.



© 2010-2022