ИРОНАУ ЦÆРЫН У ЗÆХХЫЛ НÆ ХÆС…»

Раздел Другое
Класс 11 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:





Темæ: «ИРОНАУ ЦÆРЫН У ЗÆХХЫЛ НÆ ХÆС…»





( Гуыцмæзты Алешы радзырд- мæ гæсгæ ).










1.Гуыцмæзты Алешы рухс ном ссарын, йæ цард æмæ сфæлдыстадыл афæлгæсын.

2.Радзырд «Урс фынтæ» - йæн анализ скæнын, фæлгонцтæ равзарын.

3.Ахуырдзауты ахуыр кæнын ирон æгъдау æмæ кадыл, сæ зæрдæты сын гуырын кæнын стыр уарзондзинад фыдæлты уæзæгмæ, рæсугъд æгъдæттæм, Райгуырæн бæстæмæ.

Фыссæджы портрет, йæ бинонты нывтæ, къулы газет, сюжетон нывтæ, æнкъард музыкæ, судзгæ цырагъ, дидинджытæ.

…Иугæр лæг цæры, уæд хъуамæ лæгæй цæра,

Цæмæй йын алырæтты йе' взæры кой нæ, фæлæ йæ

хорзы кой кæной…



I. Орг. хай.

(Ахуыргæнæг зонгæ кæны ахуырдзауты урочы темæ æмæ хæстимæ, аив хъæлæсы уагæй дзуры эпиграф).

II. Ахуыргæнæджы разныхас:

Адæймаг куыд цæра,

Ахæм у йæ кад, -

Стъалы фест, æндæра

Арвыл ис бынат…

(Къадзаты Станислав)

- О, цард æмæ кад æмбæлццæттæ сты. Адæймаг райгуыры зæххыл цæрынæн, цæмæй кæна фæллой æмæ йæ фæллой, йæ хорздзинæдтæй нæ дуне кæна рæсугъдæй - рæсугъддæр…

Чи дæ - диссаг уый нæу, адæмæн цы фæдæ - диссаг уый у…

Цыбыр у цард - ыскаст æмæ ныккаст!

Цыбыр у цард! Фæлæ йæ бонтæй ма бар, -

Уый бонтæй баргæ нæу, фæлæ фæллойæ.

- Адæймаджы цард барын хъæуы йæ хорз хъуыддæгтæй, йæ кадæй, йæ номæй. Æрхъуыды - ма кæнæм, сывæллæттæ, цы куырдтой Нарт Хуыцауæй : « Нæ нæ хъæуы æнусон цард, ратт нын æнусон кад…»

Æнусон кады аккаг сси Ирыстоны ахсджиагдæр хъæбултæй иу - курдиатджын фыссæг Гуыцмæзты Алеш, кæцы 40 - аздзыдæй йæ сæр нывондæн æрхаста йæ Райгуырæн Ирыстоны сæрвæлтау… Æмæ абоны урокæй арæм Алешы рухс ном… ( Ахуырдзаутæ сыстынц… Ахуыргæнæг ссудзы цырагъ, æмæ иууылдæр æдзæмæй лæууынц…Сбадынц сывæллæттæ).


  1. Ахуыргæнæг: - Алешы царды хабæрттæй уæ чидæртæ æрмæг бацæттæ кодта, æмæ сæм байхъусæм, уæ хорзæхæй. Табуафси !.. (Скъоладзаутæ радыгай дзурынц фыссæджы царды хабæрттæ).

1-аг скъоладзау: - Курдиатджын фыссæг æмæ æхсæнадон кусæг Гуыцмæзты Алыксийы фырт Алеш райгуырд 1951 азы, Цхинвалы районы рæсугъддæр хъæутæй иуы - Ортъеуы хъæуы.

Суанг гыццыл сабийæ фæстæмæ йæ диссаджы дзырдарæхст фæлмæнзæрдæ зæронд мады таурæгътæ æмæ æмбисæндтæм хъусгæйæ, Алешы зæрдæйы, йæ туджы ахъардта ирон дзырды стыр тых æмæ дзы ивылд донау абухгæйæ фæйлауæнтæ кодта суанг йæ царды фæстаг боны онг. Астæуккаг скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын, фæлæ йе сфæлдыстадон хъару прозæйырдæм тынгдæр тасыд, æмæ йæ курдиаты тых уыцырдæм сарæзта, фæлæ æмдзæвгæтæ фыссын дæр нæ ныууагъта…

2-аг скъоладзау: - 1971 азы журнал «Фидиуæджы» куы фæзындысты Алешы прозаикон уацмыстæ, уæд журналкæсджытæ дæр æмæ лит-йы куырыхон архайджытæ дæр федтой, нæ лит-мæ кæй æрбацыд нырмæ цух цæмæй уыд, ахæм курдиат. Алешæн йæ зæрдæ æхсайдта ахуырмæ, æмæ бацыд Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институтмæ. Æнæкъуылымпыйæ фæлварæнтæ радта, фæлæ йæм уыцы ахуыр фаг мидисджын нæ фæкаст, йæ рæстæг цыма дзæгъæлы сафы, афтæ йæм фæкаст. Ныууагъта йæ ахуыр æмæ иузæрдионæй æрæвнæлдта лит-он куыстмæ, аивадон уацмыстæ фыссынмæ…

3-аг скъоладзау: - Бирæ саразын бантыст Алешæн йæ цыбыр царды. Йæ удыгасæй цалдæр чиныджы мыхуыры рауадзын йæ къухы бафтыд. Уыдон сты радзырдтæ æмæ уацауты æмбырдгонд «Урс фынтæ», роман «Дæ уды фарн», сывæллæттæн фыст уацмыстæ «Чипа йæ хъуг куыд уæй кодта» æмæ æндæртæ. 1993 - æм азы мыхуыры рацыд Алешы уацмысты æмбырдгонд «Азарут иронау, лæппутæ…»

Фыссæджы уацмыстæ иууылдæр ахæм уагыл фыст сты, æмæ сæ кæсгæйæ, адæймаджы цæстытыл фæуайынц Ирыстоны цардæгас нывтæ, ирдæй сæ фæзыны адæймаджы удыхъæд…

4-æм скъоладзау: - Алеш… Ирон фыссæг… Ирыстоны хæстон… Цыбыр уыд йæ цардвæндаг… æрмæстдæр дыууиссæдз азы. Хуыцау ын, æввæццæгæн, æндæр цæрæнбон нæ радта, фæлæ Алеш йæ уарзон адæмæн йæхи бауарзын кодта фыссæгæй, райгуырæн зæххы сæрвæлтау йæ уд нывондæн æрхаста хъæбатыр хæстонау…

Алещы уацмыстæ тынг бауарзта чиныгкæсæг, йæхи та йын Хуыцæуттæ бауарзтой. Уый адæмы рæнхъмæ рахаста йæ сыгъдæг тæгтæй нывæст фæлгонцтæ. Хуыцау та йын йæ рухс фæлгонц фæхаста йæхимæ. «Бирæ цардæй - бирæ кад хуыздæр у», - фæзæгъынц. Ирон фыссæг æмæ нæртон лæджы цард азтæй нæ фæбарынц, фæлæ цы ныффыста æмæ цы сарæзта хорзæй адæмæн, уымæй…

Алеш цы ныффыста æмæ цы сарæзта хорзæй, уыдон æнусмæ цæргæйæ баззайдзысты ирон адæмы æхсæн, ирон лæджы зæрдæйы…

5-æм скъоладзау: - Хуссар Ирыл утæхсæн бонтæ куы скодта, уæд Алеш æрлæууыд йæ хъахъхъæнджыты æмрæнхъ. Кæйдæртау худинаг йæ сæрмæ не'рхаста æмæ йæ сæр нæ бафснайдта, фæлæ йæ къухмæ фыссæн сисы бæсты райста хæцæнгарз. Райгуырæны сæрвæлтау Алеш йæ къух систа йе'стыр курдиатыл. Афтæмæй та йæм зæгъинæгтæ цас уыд ?! Алеш ирон адæмæн уыд стыр ныфс. Хъуамæ басгуыхтаид нæ лит-йы фарнæн, уыдаид ын цæугæ мæсыг, лæугæ хох…

Фæлæ, хъыгагæн, абон Чъребайы 5-æм скъолайы кæрты йæ тохвæллад æмгæртты астæу ис йæ лæугæ цырт…

Мæ ныхасы кæрон ма мæ фæнды Хостыхъоты Зинæйы ныхæстæ зæгъын:

Алеш йæ дзыллæйы цæрайæн

Фæцыд нæмыгдзæфтæй мæрдтæм,

Ир, де'знаг йе'нгуылдзтыл нымайæд,

Дæуау, йæ хæстифтонг фыртты!

IV. Æмдзæвгæ "Лæг райгуыры лæгау цæрынæн…" (Касаты Батрадз).

(кæсынц 2 ахуырдзауы).

1-æг ахуырдзау:

Лæг райгуыры лæгау цæрынæн,

Лæг райгуыры лæгау мæлынæн.

Æмæ нæ бакуымдтой æмбæхсын.

Ныккалд дæ туг - ирон мæсыг ныхасæн.

Æвæццæгæн, дæ бафæндыд

Æндадзæн фестын…

Ирон мæсыгы мургай хаугæ дуртæн…

Æвæццæгæн, дæ бафæндыд нывондæн

Дæ цардхъуаг уд æрхæссын

Æмæ йæ бавæрын бындурæн,

Ирон уæзæгыл

Фидар мæсыг фестын…

2 - аг ахуырдзау :

Нæ разынд тых,

Дæ хивæнд ми - уæлахиз…

Цы ма вæййы егъаудæр нывонд уымæй,

Цæмæй кæрæдзи мауал хæрой адæм,

Цæмæй сæ мæсыг дурæнгом ныззилой,

Цæмæй сæ цинтæ арвгæрæтты зилой.

Æмæ кæрæдзи хæрынæй

Бæрзонд уарзтмæ схизой!

Цы ма вæййы?!

Æви æгæр сты йæ домæнтæ Хуыцауæн,

Æмæ дæ хуызæтты нымайы

Зæххы цардæн æвгъауæн?!

( Хъуысы зарæг «Реквием» - Сагкаты Валерий.)

V. Ахуыргæнæджы ныхас :

- Хъыгагæн, Алеш не' хсæн нал ис, фæлæ Хуыцауæн табу, баззад ын бинонтæ: уарзон цардæмбал Кокойты Эльзæ, дыууæ дидинæджы хуызæн рæсугъд чызджы - Зæринæ æмæ Рохсанæ, хотæ æмæ æфсымæртæ… Алешæн цы нæ бантыст хорздзинадæй ацы царды, уый йæ бинонтæн, йæ хиуæттæн бантысæд…Алешы мæлæты фæстæ йæ бинойнаг йæ зæрдæйы судзгæ маст равдыста йе'мдзæвгæты.

Байхъусæм- ма дзы иумæ…

VI . ( Ахуырдзау - чызг аив кæсы æмдзæвгæ « Мæ рыст уды хъарæг».)

Мæ рыст уды хъарæг.

О, мæ зынаргъ, мæ удлæууæн,

О, мæ зæрдæйы цавд!

Ныр мæхицæн куыд ныббарон, -

Дæ мард?

Æз сау зын, дæ сау рысты

Не сдæн демæ æмуд.

Ныр фæсмойнаджы сау арты

Уадз, ныссудзæд мæ уд.

Кæд дæ фарсмæ стыр ныфсау

Не стылд царды фæрдыг,

Кæд дæ уазал, афтид хæдзар

Æз нæ кодтон фæрныг.

Ныр…дæ рæзгæ чысыл хурты

О, куыд хъæуы дæ уарзт.

Дæу кæй ныууагътон иунæгæй,

Уый мын макуы уæд барст.

Æз мæ сабиты адæргæй

Нал æртæфстæн дæуыл.

Ныр мæ адзалмæ зилдзынæн

Æз дæ тæлфгæ фæдтыл.

О, мæ зынаргъ, мæ удлæууæн,

О, мæ зæрдæйы цавд!

Раттæг Иры фылдæр уарзтай,

Уымæн радтай дæ цард.

Баззадысты дæ бæллицтæ,

Аскъуыд хъуыдыты хал.

Ныр нæ тохы уæлахизыл

Цинн нæ кæндзынæ, нал…

VII. Ахуыргæнæг : - Хъыгагæн, Алешы фæндтæ йæ хъуыры фæбадтысты… Алеш рухсаг уæд, фæлæ йæ уацмыстæ нæ литературон арвыл стъалытау æрттивдзысты æнусмæ. Æмæ абон мах равзардзыстæм йæ диссаджы уацмыстæй иу - радзырд

«Урс фынтæ». Уацмыс бакастыстут хибарæй кæронмæ, æмæ йæ ныр лæмбынæгдæр хъуамæ равзарæм.

- Радзырды мидис нын цыбыртæй чи æрлæууын кæндзæн нæ зæрдыл?

( 1 ахуырдзау дзуры сюжетон нывтæм гæсгæ.)

Ахургæнæг : - Цæмæй нæ куыст рæвдздæр æмæ мидисжындæр ацæуа, уый тыххæй коллективон куысты формæйæ спайда кæнæм.

( 3 къордыл адих кæнын ахуырдзауты, раттын сын карточкæтыл фыст фарстытæ, цал адæймаджы ис командæты, уалгай фарсты. Лæвæрд сын цæуы рæстæг 5 - 10 минуты бæрц. Цæттæ кæнынц сæ фæрстытæ, алы ахуырдзау дæр хъуамæ дзуапп радта 1 фарстæн. 2 тыхджындæр ахуырдзауы та сты эксперттæ. Уыдон дæр цæттæ кæнынц исты уæлдай фæрстытæ, цæмæй бафæрсой фæстæдæр командæты. Сындæг, уæздан ирон музыкæ хъуысы, сывæллæттæ кусынц.)

Фарстытæ карточкæтыл:

1 къорд. Местъайы фæлгонц.

1. Местъайы æддаг бакаст, йе'взаг, йæ ныхас ( уацмысæй дæнцæгтæ).

2. Цавæр миниуджытæй хайджын у Местъа? ( 2 - 3 миниуæг ирддæрæй кæм рабæрæг, ахæм цаутæ æрхæссут.)

3. Местъайы ахастытæ йе'мкъаимæ? (дæнцæгтæ.)

4. Местъайы ныхас Уаскъаимæ. Цы базыдтам зæронд лæджы царды

хабæрттæй, йæ зæрдæйы рыстытæ, йæ хъуыдытæ царды тыххæй?

( 1 - 2 дæнцæджы уацмысæй.)

2 къорд. Матейы фæлгонц.

1. Матейы æддаг бакаст, йæ миниуджытæ? ( 2 - 3 дæнцæджы.)

2. Мате æмæ Местъайы ахастытæ? ( уацмысæй дæнцæгтæ.)

3. Матейы цæстæнгас, йе'рвадæлтæм, зымæджы йæ хæдзар дзæгъæл чи

ныууадзы, уыдонмæ?( текстæй скъуыддзаг.)

4. Радзырдæй скъуыддзагмæ бакæсут æмæ зæгъут, цавæр хъуыды дзы ис

зæххы тыххæй? Уæхæдæг та куыд хъуыды кæнут?

( Сценкæ: Мате æмæ Местъа фынджы уæлхъус зæххы тыххæй дзурынц.

Райдайæн: - Местъа, нæ цæрæнбон бирæ уæд…433 фарс.

Кæрон: - Абе уыдонæй иу у…434 фарс. Гæбысаты А. Ирон лит-рæ.11къл.)

3 къорд. Хъæууон цард æмæ æгъдæуттæ.

1. Цы базыдтат хъæуы цардæй? Цавæр афон æвдыст цæуы радзырды?

2. Чи тынгдæр фæцыд уæ зæрдæмæ радзырды архайджытæй æмæ цæмæн?

3. Абейы службæйы тыххæй цы зæгъдзыстут? Куыд хъуыды кæнут абоны

службæйы тыххæй та?

4. Цæмæн хуыйны радзырд «Урс фынтæ»? Цы нысан кæны, дæумæ гæсгæ?

(текстæй цитатæ æрхæссут.)

VIII. Байхъусын сывæллæтты дзуæппытæм. ( Экспертæ лæмбынæг хъусынц æмæ сынаргъ кæнынц комментаритимæ.Гæнæн ис, æмæ ма сæм сæхæдæг дæр радтой фæйнæ иу фарст.)

:

Зæгъæм:

  1. Уацмысы æвзаг, юмор радзырды.

  2. Абарут хъæуы цард æмæ горæты цард.

  3. Уацмысы темæ æмæ идейæ?

  4. Цавæр литературон уацмысмæ у æввахс ацы радзырд? Цæмæн?

Сæ къæбæрдæттон æмæ уазæгуарзонæй кæимæ абарæн ис Местъа, Козиан æмæ

Матейы? (Дзесты К. «Фæндагсар Уастырджи» - Дзаххо æмæ Дзиттаимæ.)

Фиппаинаг: Ацы фæрстытæй ахуыргæнæгæн дæр йæ бон у 1- 2 раттын сывæллæттæм.

IХ. Хæдзармæ куыст : ныффыссын нывæцæн « Кадджын лæг æнусмæ цæры.»

Х. Ахуыргæнæджы кæронбæттæн ныхас:

- Сывæллæттæ, мæн фидарæй уырны, абоны урочы фæстæ уæ удыхъæд, уæ зæрдæтæ кæй фæхъæздыгдæр уыдзысты, алчидæр уæ кæй архайдзæн, цæмæй хайджын уа ирон лæджы хуыздæр миниуджытæй, уæ Райгуырæн Ирыстон фылдæр кæй уарздзыстут æмæ, Алешау, худинаг уæ сæрмæ кæй никуы æрхæсдзыстут. Уæ фыдæлты кад æмæ æгъдау бæрзонддæр цы кæнат, æцæг иронау куыд цæрат а зæххыл æнæниз æмæ амондджынæй, ахæм арфæ уæ уæд!

Стыр бузныг уе'ппæтæн дæр!

( Хъуысы музыкæ. Сывæллæттæ ацæуынц.)


Урок - викторинæ

( 5 - æм къласы)



ИРОНАУ ЦÆРЫН У ЗÆХХЫЛ НÆ ХÆС…»


15 - æм асæуккаг скъолайы

ирон æвзаг æмæ лит - йы

ахуыргæнæг Гæззаты Т. С.





Дзæуджыхъæу, 2006 аз.

Урочы хæстæ:

  1. Ахуырдзаутæ цы аргъæуттæ рацыдысты, уыдоныл афæлгæсын,

сæ мидис, сæйраг хъуыды сын зæрдыл æрлæууын кæнын;

  1. Сывæллæтты ахуыр кæнын хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ

кæнын, аргъæутты персонажтæн характеристикæтæ дæттын;

3) Сабиты зæрдæты гуырын кæнын хæлардзинад, лæгдзинад,

хъæбатырдзинад, уарзондзинад, фæцалх сæ кæнын аргъæуттæ,

чингуытæ кæсынмæ.

Урочы æрмæг: ахуырдзауты конд иллюстрацитæ, чингуыты равдыст, тухгæ

чингуытæ, фонохрестоматитæ, разæнгардгæнæн стъалытæ,

рагон ирон музыкæ, лæвæрттæ.

Эпиграф урокмæ: « Цæй диссаг сты ацы аргъæуттæ, цæй!»

А.С. Пушкин

Урочы цыд.


  1. Орг. хай.

( Ахуыргæнæг зæгъы, абоны урочы куыст цы хуызы цæудзæн, сывæллæтты размæ цы хæстæ æвæрд ис, викторинæйы домæнтимæ сæ зонгæ кæны. 2 командæйы ахуырдзаутæ сæ бынæтты сбадынц,æвзарынц капитантæ.)

( Хъуысы рагон музыкæ.)


  1. Ахуыргæнæджы цыбыр разныхас рацыд æрмæджы тыххæй, ома адæмон æмæ литературон аргъæутты тыххæй.

- Сывæллæттæ, викторинæ конд у цæлхдуртæй. Цæмæй урочы кæрон

лæвар уæ къухы бафта, уый тыххæй уæ хъæуы тынг зæрдиагæй æмæ лæмбынæгæй бакусын. Хъуамæ цæлхдурты сæрты ахизат, ома сæ раст сæххæст кæнат.

I цæлхдур - фæрстытæн дзуапп раттын.

  1. Цавæр аргъæуттæ зонут? (Адæмон æмæ литературон)

  2. Цæмæй хицæн кæнæм адæмон аргъау литературон аргъауæй?

  3. Цавæр уацмыс хонæм аргъау? Йæ миниуджытæ?

  4. Цæуыл нæ ахуыр кæнынц аргъæуттæ?

  5. Цавæр адæмон аргъæуттæ базыдтам? ( («Фаззæттæ», «Диссаджы рон»,

«Раст лæг æмæ Зылын лæг».)

  1. Цавæр литературон аргъæуттимæ базонгæ стут? Чи сты сæ автортæ?

( «Лæскъдзæрæн» - Къоста, «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» - Нигер, «Гæмæт» - Дарчиты Дауыт.)

  1. Уырыссаг кæнæ фæсарæйнаг литературæйæ цавæр литературон

аргъæуттæ зонут? Чи сты сæ автортæ? (Пушкин «Сказка о рыбаке и

рыбке», «О мёртвой царевне и о семи богатырях», Ш.Перро

«Золушка», Андерсен «Снежная королева» æмæ æнд.)

(Раст дзуаппæн - сырх стъалы, æнæххæст дзуаппæн - цъæх стъалы.)

II цæлхдур - Байхъусын фонохрестоматимæ æмæ базонын, кæцæй сты скъуыдддзæгтæ? Сæ автортæ чи сты, кæд лит - он аргъау у, уæд.

( байхъусын 2 скъуыддзагмæ.)

III цæлхдур - Базонут, кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ:

1) « Цас ын баххуыс кодтаид уыцы къæбæр. Уайтагъд та сæххормаг.»

( «Раст лæг æмæ Зылын лæг»)

2) « Алырдæм дæр æй куы барай,

Ай нæ хуыздæр хос:

Кæд ды дзырд мæ дзырдмæ сарай, -

Дæу фæуæд мæ фос».

( Къоста «Лæскъдзæрæн»)

3) «Хъæдгæронæй бахызтысты æмæ иу тæрхъус сæ размæ фæци.»

( «Фаззæттæ»)

4) « Фырцинæй цы ракодтаид,

Уымæн ницыуал æмбæрста

Зыд æмæ кæрæф лæг.»

( Нигер «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»)

5) «Бирæ фæцыд,чысыл фæцыд, чи йæ зоны, фæлæ лæппу нал баурæдта йæхи,

ракаст фæстæмæ, æмæ йæ развæндаг ахгæдта, йæ разы тархъæд фæци.»

( «Диссаджы рон»)

6) « Хурсыгъд бæстæм лæппу бафтыд,

Доны былтæй иу хъæу разынд.»

(Дарчиты Д. «Гæмæт»)

IV цæлхдур - кроссворд.

1) Кæфхъуындар цы чызджы хъуамæ бахордтаид, уый ном? (Аминæт)

2) «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» - ы автор? (Нигер)

3) Цавæр аргъауы ис æппæты фылдæр сырдтæ? ( «Фаззæттæ»)

4) Цы балæвар кодта фыййау Гæмæтæн? (Уадындз)

5) Цавæр маргъы адзæбæх кодта мæгуыр лæг? (Зæрватыкк)

6) Чи мардта удхарæй лæскъдзæрæджы? (Уæйыг)

7) Гæмæты уарзон чызг цы хуынд? ( Зæлинæ)

8) Цы æрзад, зæрватыкк цы мыггаг æрхаста, уымæй? (Нас)

9) Мæгуыр лæгæн йæ цæстытæ цæмæй адзæбæх сты? (Мыд)

10) Къулбадæг усыл чи фæуæлахиз зондæй? (Будзи)


5

10

3

2

9

1

6

8

4

7


( Дыууæ командæ дæр бæрæг рæстæгмæ аразынц кроссворд хицæн гæххæттытыл. Цалынмæ уыдон кусынц, уæдмæ фарсхæцджытæм ис раттæн иу - цалдæр фарсты. Раст дзуапп чи радта, уый уæлдай стъалы бахæсдзæн йæ командæйæн. Жюри лæмбынæг хъусынц дзуæппытæм.)

Фæрстытæ:

1. Цавæр кæрдзынтæ уыд Зылын лæгмæ? Раст лæгмæ та?

( Æнтыдджынтæ æмæ мыдамæстытæ)

2. Цæмæй базыдтаГæмæты мад, йæ фырт тæссаг ран кæй ис, уый?

( Кæсæныл халас сбадти, æмæ уымæй.)

3. Аргъау «Фаззæттæ» - йæн йæ автор чи у?

( Нæй йын автор, адæмон аргъау у.)

( Жюрийы уæнгтæ бæрæг кæнынц кроссвордтæ æмæ командæтæн дæттынц хъæугæ стъалытæ.)

V цæлхдур - Базонут, кæцæй сты ацы иллюстрацитæ?

( Ахуыргæнæг æвдисы иллюстрацитæ, командæтæ радыгай хъуамæ

зæгъой, цавæр аргъауæй у, уый.)

VI цæлхдур - « Мах - сымахæн, сымах - махæн»

( Командæтæ кæрæдзимæ фæйнæ иу фарст дæттынц. Гæнæн ис рагацау бацæттæ кæнын уыцы фарст.)

VI цæлхдур - «Бамбарут нæ æнæ ныхасæй».

( Алы командæ дæр, иу ныхас дæр ма скæнæд, афтæмæй хъуамæ равдиса

искæцы аргъауæй чысыл скъуыддзаг, цæмæй йæ иннæ командæ базона, цавæр аргъауæй у, уый. Рæстæг лæвæрд цæуы 2 - 3 минуты бæрц.Цалынмæ уыдон

кусынц, уæдмæ та ис бафæрсæн фарсхæцджыты.)

- Цал дамгъæйы ис ирон алфавиты? ( 43 дамгъæйы)

- Чи радзурдзæн æмдзæвгæ иронау?

( Уæлдай стъалытæ та раттын командæтæн.)

(Бакæсын командæты гомыг сценкæтæм.Жюри сын аргъ кæны.)

Кæронбæттæн:

1) Ныхасы бар жюрийы уæнгтæн.( Сæ хъуыдытæ абоны хъазты тыххæй,

сывæллæттæ куыд куыстой, уый тыххæй. Стъалытæ банымайын æмæ

хатдзæгтæ скæнын : кæцы командæ фæуæлахиз, абоны хъазты чи уыди

æппæты активондæр æмæ зондджындæр.)

2) Ахуыргæнæг дæр кæны хатдзæгтæ, арфæйы ныхæстæ зæгъы

сывæллæттæн, жюрийæн.

3) Лæвæрттæ раттын.

Хæдзармæ куыст : бакæсын хибарæй исты аргъау æмæ йæ иннæ урочы

радзурын. Скæнын æм иллюстраци дæр.)

( Хъуысы рагон ирон музыкæ. Сывæллæттæ ацæуынц.)


ИРОНАУ ЦÆРЫН У ЗÆХХЫЛ НÆ ХÆС…»

© 2010-2022