Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты растфыссынады тыххæй

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты растфыссынады тыххæй.

Алы æвзаджы дæр ис æрбайсгæ дзырдтæ. Уыдонæй æвзаг кæны хъæздыгдæр. Кæй зæгъын æй хъæуы ирон æвзаджы дæр ис æрбайсгæ дзырдтæ. Уыдонæн сæ фылдæр ист æрцыдысты уырыссаг æвзагæй. Сæ растфыссынад та у алыхуызон. Зæгъæм: афицер, салдат, закъон, стъол, горæт, кълас, класс, Стъарапол, Дагъистан, Бетъырбух, Мæскуы, Кæсæг-Балхъар, тилифон, афтек, къæлиндар, идея, бедра, кърандас, пъартфел, тетрад, роль, скъапп, скъола, пълан, январь, февраль, мартъи, апрель, май, июнь, июль, август, сентябрь, октябрь, ноябрь, декабрь, ручкæ, машинæ, транспорт, пец, цай æмæ бирæ æндæр дзырдтæ. Ацы дзырдтæн сæ растфыссынад ныффидар не ,взаджы, сахуыр сыл стæм æмæ сæ æндæрхуызон ныффыссын къух нал тасы. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, ацы дзырдтæй иуæй-иуты растфыссынадыл ахъуыды кæнын хъæуы æмæ сыл бакусын хъæуы, цæмæй уой аивдæр. Раджы ирон адæм дзырдтæ куыд хъуыстысты, афтæ сæ нæ дзырдтой, фæлæ-иу ивд æрцыдысты сæхирдыгонау, уымæн æмæ нæм ахуыргонд адæм бирæ нæ уыд, æмæ дзырдтæ уыцы хуызы дзурын байдыдтой æнахуыргондтæ дæр æмæ ахуырнгондтæ дæр. Фæлæ абоны онг ацы хъуыддагмæ ничи æркаст, æркæсын та йæм æмбæлы. Цæвиттон, абон Стъарапол, Бетъырбух, Дагъистан, тилифон, афтек, къæлиндар, кърандас, цай æмæ æндæрты дзурын хъæуы уырыссаг æвзаджы куыд сты, афтæ: Ставрополь, Петербург, Дагестан, телефон, аптекæ, календарь, карандаш, чай æмæ афтæ дарддæр. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæй иуты фыссæм фæлмæны нысанимæ, уырыссаг æвзаджы куыд сты, афтæ, иннæты та æнæ фæлмæны нысанæй. Мæнмæ гæсгæ, уыдон хъуамæ иууылдæр фыст цæуой, уырыссаг æвзаджы сæ куыд фыссæм, афтæ: тетрадь, календарь, роль. Мах, ахуыргæнджытæ, фæфыссæм къæлиндарон-тематикон пълæнттæ календарон-тематикон планты бæсты. Мæйты нæмттæ фыссæм уырыссаг æвзаджы куыд сты, афтæ мартъийы мæйæ фæстæмæ. Март цæуылнæ хъуамæ фыссæм? Идея фæфыссынц идейæ. Уый дæр раст нæу. Абон ахуыргæнинæгты фыссын кæнынц нымæцтæ дыууын фæндзæм апрель - ы бæсты хуымгæнæны мæйы дыууын фæндзæм бон. Мæйты ирон нæмттæ нымад сты архаизмтыл. Адæм иууылдæр пайда кæнынц римаг календары нæмттæй, æмæ уый рох кæнын нæ хъæуы. Пайда сæ кæнынц ирон адæм дæр. Цæмæй сæ сывæллæттæ зоной, уый тыххæй æз ныффыссын нымæц афтæ: фыццæгæм февраль æмæ йæ бынмæ къæлæтты та ныффыссын æртхъирæны мæй, цæмæй ахуыргæнинæгтæ бахъуыды кæной, нæ фыдæлтæ йæ куыд хуыдтой, уый. Къласы куыст - ы бæсты фыссын хъæуы классон куыст. Мах та фыссæм къласон куыст, фæлæ классон тох та афтæ. Цæмæн, уый бæрæг нæу. Стæй хæдзармæ куыст - ы бæсты та фыссын хъæуы хæдзарон куыст. Ацы миногонтæ арæзт æрцыдысты номдартæй фæсæфтуан он - ы руаджы æмæ сæ фыссын хъæуы афтæ.

Зæгъын ма мæ фæнды цалдæр ирон дзырды растфыссынады тыххæй. Фарст (фарста нæ), бонæг (боныг нæ), фæранк (фыранк нæ), бæрæгбонтæ (бæрæгбæттæ нæ).

Таймæзты Иринæ.

© 2010-2022