• Преподавателю
  • Другое
  • Иумæйаг методикон амындтытæ Хæтæгкаты Къостайы сфæлдыстад ахуыргæнгæйæ астæуккаг скъолайы (5-9 кълæсты)

Иумæйаг методикон амындтытæ Хæтæгкаты Къостайы сфæлдыстад ахуыргæнгæйæ астæуккаг скъолайы (5-9 кълæсты)

Раздел Другое
Класс 5 класс
Тип Рабочие программы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Иумæйаг методикон амындтытæ Хæтæгкаты Къостайы сфæлдыстад ахуыргæнгæйæ астæуккаг скъолайы (5-9 кълæсты).




Куыст бацæтта кодта Дзæуджыхъæуы 40-æм

скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы

ахуыргæнæг Таймæзты И.С.



Дзæуджыхъæу

2015аз.




ИУМÆЙАГ АМЫНДТЫТÆ КЪОСТАЙЫ СФÆЛДЫСТАД АХУЫР КÆНЫНЫ ТЫХХÆЙ АСТÆУККАГ СКЪОЛАЙЫ.


Къоста кæд æндæр дуджы фыссæг уыди, уæддæр йе сфæлдыстады ахадындзинад æнæкæрон бирæ у мах заманы дæр æмæ мах фæстæ дæр. Къостайы поэтикон æмæ аивадон скъолатæ сæ куыст кæнынц æмæ кæндзысты.

Къоста йе хсæнадон æмæ литературон куыст кодта, Уæрæсейы жандарм кæй хуыдтой, уыцы паддзах Александр Ш рæстæджы. Уæрæсейы историйы уый уыд ахæм фыдрæстæг, æмæ адæмы хуыздæртæ, адæмы сæрыл хæцæг æмæ прогрессивон зондыл хæст ахуыргонд лæгтæ хъизæмарæй мардысты талынг ахæстæтты æмæ дард Сыбыры. Уæлдай зын уавæрты уыдысты Уæрæсейы кæрæтты цæрæг къаннæг адæмтæ; паддзах сæ æфхæрдта алы хуызы, барæй сæ дардта талынджы. Уымæй уæлдай ма Х1Х æнусы дыккаг æмбисы стыхджын бынæттон буржуази дæр, афтæмæй ирон фæллойгæнæг адæм бахаудтой дывæр æфхæрд уавæры.

Ахæм рæстæджы царди æмæ кодта йе хсæнадон æмæ литературон куыст Къоста.

Къоста уыдис уырыссаг раззагдæр æмæ прогрессивон ахуыргонд адæймæгты фæдон, йæ зондахаст фидар кодта уырыссаг номдзыд революцион демократтæ - Чернышевский, Белинский, Некрасовы идеятæ(идейæтæ нæ) æмæ зондахастыл, схъомыл ис уырыссаг прогрессивон культурæйыл, йæ поэтикон дæсныйады скъола уыдысты уырыссаг раззагдæр поэзи æмæ ирон адæмон сфæлдыстад.

Къоста фыста иронау æмæ уырыссагау. Æмхуызон аив, хъæздыг æмæ курдиатджын сты йæ уацмыстæ иууылдæр.

Уырыссаг æвзагæй иронмæ куы тæлмац кæнай, уæд æй хъæуы зæгъын иронау, æмбæрстгонд куыд цæуа, æфтæ.

Мæн фæнды рæгъмæ цалдæр амынды рахæссын.

  1. Къостайы уацмыстæ ахуыргæнгæйæ, æнæмæнг ахуыргæнинæгтæн бамбарын кæнын хъæуы уацмысы мидис, уый тыххæй та бакæнын хъæуы стыр куыст дзырдты растфыссынад æмæ сæ лексикон нысаниуæгыл. Иуæй-иу хатт сывæллæтты куы афæрсын, æнхъæл цы дзырдæй вæййын, зæгъгæ, йæ нысаниуæг ын æнæ зонгæ нæ уыдзысты, уæд тынг фæдис кæнын, бынтон æндæр нысаниуæгтæ мын куы фæзæгъынц, уæд. Уымæ гæсгæ стыр куыст бакæнын фæхъæуы алы урочы дæр, цыбыр рæстæгмæ дзырдты нысаниуæг раст цæмæй бамбарой, ууыл. Уымæн æмæ дзырдты нысаниуæг раст куы мбарой, уæд, æмткæй райсгæйæ, уацмысы мидис, йæ хъомыладон, эстетикон хъуыдыйæн дæр раст аргъ скæндзысты уæд.

  2. Уацмысты хуызтæ æмæ жанрты дих алы урочы дæр, гæнæн куыд уа, уымæ гæсгæ хъæуы фæлхат кæнын, уымæн æмæ сæ æппынæдзух дæр кæнынц рох. Уый ууыл дзурæг у æмæ сæ уырыссаг литературæйы теорийæ дæр нæ зонынц.

  3. Стыр хъусдард аздахын хъæуы архайджыты (персонажты) æддаг бакаст (сурæт, портрет), сæ миниуджытæ, сæ удыкондмæ æмæ уыдонимæ баст аивадон мадзæлттæм (пейзаж, аллегори, антитезæ, эпитет, абарст, метафорæ, комкоммæ æмæ фæсномыг ныхас, символ, метоними, ассоциацитæ æмæ афтæ дарддæр иннæ мадзæлттæм дæр.

  4. Къостайæн йæ лирикæ ахуыр кæнæм 5 къласæй 9 къласмæ æмæ æнæмæнгæй стихарæзты хуызтæ хъуамæ зоной ахуыргæнинæгтæ, уæлдайдæр та уыдон фæахуыр кæнынц 9 къласы размæ дæр. Æмæ ног домæнтæм гæсгæ Иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæтгæйæ, уыдон хорз хъуамæ зоной.

  5. Æппæт наукæтæй æрмæст литературæ ахуыр кæны адæмы раст цæрын, æрмæст уый æвæры нæ фæсивæды раст фæндагыл, æмæ литературæ чи уарзы æмæ ахуыр кæны, уыдон схъомыл вæййынц сæ

Райгуырæн бæстæйы аккаг æмбæстæгтæй, аккаг хъæбултæй. Уымæ гæсгæ ахуыргæнæджы иууыл стырдæр хæс у йæ ахуыргæнинæгтæн литературæ бауарзын кæнын.

  1. Нæ литературæйæн дæр, стæй уырыссаг литератрæйæн дæр йæ фидардæр цæджындз у - патриотизм. Абон уымæ лæмбынæгдæр æмæ биноныгдæр каст хъуамæ цæуа, канд литературæйы урокты нæ, фæлæ æвзаджы урокты дæр. Патриотизмы тыххæй нæ фысджытæн, стæй Къостайæн йæхи цардæй хæссын хъæуы цæвиттонтæ (дæнцæгтæ). Къостайы цард иууылдæр баст у патриотизмимæ. Уымæн æвдисæн сты йæ уацмыстæ иууылдæр.

«…Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,

Куы бафидин искуы мæ хæс,

Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,

Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс…»

Ацы рæнхъытæ хуымæтæг дзырдтæ не сты, фæлæ зæрдæйы тæгтæй

фыст ныхæстæ.

  1. «Весь мир - мой храм, любовь - моя святыня,

Вселенная - Отечество моё». Ацы ныхæстæ канд патриотизмыл дзурæг не сты, фæлæ ма æвдисынц сæ автор стыр интернационалист кæй уыдис, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, сывæллæтты литературæйы урокты дæр æмæ æвзаджы урокты дæр ахуыр кæнын хъæуы интернационализмыл.

  1. Къоста раст, æгъдауджын, рæстдзинадыл дзураг, мæгуыр адæмы сæрхъызой кæй уыд, уый тыххæй-иу баййæфта æфхæрд хицауады рдыгæй. Сывæллæттæн дзурын хъæуы рæстдзинад царды бындур кæй у, æмæ уыдон дæр хъуамæ уарзой рæстдзинад. Бæгуыдæр, рæстæй цæрын зын у, фæлæ кадджын хъуыддаг у уый.

Иннæ ирон фысджытæ дæр уарзтой рæстдзинад, тох кодтой рæстдзинады сæрыл, кæд сын æнцон нæ уыд, уæддæр. Хъаныхъуаты Инал дæр, йæ райгуырæн Ирыстонау, бирæ уарзта ноджы иу хъуыддаг - рæстдзинад. Фыссæджы ахсджиагдæр миниуæгыл Инал нымадта рæстдзинад уынын æмæ уарзын, стæй рæстдзинад адæмы раз зæгъын фæразын, мæлæт дæм куы кæса уыцы дзырдæй, уæддæр. Инал фыста уый тыххæй: «Хъуамæ дæ уарзон идеалтыл рыг абадын ма уадзай, афтæмæй цæуай раст фæндагыл æмæ дæм хъуамæ кæддæриддæр уа уыйбæрц намыс æмæ æхсæнадон лæгдзинад, цæмæй рæстдзинад сдзурын фæразай: ома хæрамы - хæрам рахонын, хæрзиуæджы - хæрзиуæг, давæджы - давæг, налат лæджы - налат».

Къоста раст æмæ æнæ хин уыд кæддæриддæр. Уый цардис йæ адæмы фарнæн. Уый афтæ фыста йæ уарзон чызг Цæлыккаты Аннæмæ, ома йæ царды сæйрагдæр нысаныл адæмы цард фæхуыздæр кæнын чи нымайа, æрмæст ахæм адæймагимæ ссардзæн йæ амонд. Аннæйæн йæ фыдмæ дæр афтæ фыста, ома кæд дæ чызджы хорз, хъæздыг цард æнхъæл дæттынмæ хъавыс, уæд æй бакъуылымпы кæн, цæмæй мæнæн ма сразы уа.

  1. Нæ дзырдты орфографимæ æркæсын хъæуы æмæ иуæй-иу дзырдты орфографийæн раст хатдзæгтæ куы скæниккам, уый мæ фæнды. Къостайы цардыл дзургæйæ, мæнмæ раст нæ кæсы Стъарапол дзурын Ставрополы бæсты. Раджы заманы æнахуыргонд адæмæн афтæ дзурын фидыдта, фæлæ абон мах чингуыты дæр фыссæм æмæ дзургæ дæр афтæ кæнæм чингуытæм гæсгæ. Стъарапол аив нæу эстетикон æмæ орфографион æгъдауæй дæр. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæ канд Къостайы сфæлдыстады нæ, фæлæ æндæр фысджыты уацмысты дæр фыссынц алыхуызон. Зæгъæм: полкъ, ам къ фыссынц, дзырд корпус та к - имæ. Уæд сæ цы уæлдай ис? Ома не взаджы афтæ ныффидар сты, уый ахæм дзырдтæм нæ хауы.

  2. Къоста ныхасы тыхæн стыр аргъ кодта. Рæсугъд ныхасæн хъуамæ йæ хъуыды , йæ апп дæр уой рæсугъд æмæ раст, уый нæй, уæд афтид мæлгъæвзаг афтидæй баззайы. Къостайы рæстæджы цы æмдзæвгæты æмбырдгонд рацыд «Гæлæбу», зæгъгæ, уыцы чиныджы сыфтыл Къоста йæхи къухæй сраст кодта рæдыдтæ: «д æмбæлттæ», «де мбæлттæ» - йæ, «дæ знаг» - «де знаг» - æй. Къоста амыдта, æмдзæвгæты хъуамæ уа рифмæ дæр æмæ ритм дæр, æнæ уыдон нæй æмдзæвгæ, кæд сæйраг нæдæр рифмæ у, нæдæр ритм, уæддæр. Ацы хъуыддæгтæ хъуамæ ахуыргæнинæгтæ дæр зоной, цæмæй сын аккаг аргъ кæной. Хуымæтæджы йæ нæ хонæм ирон литературæ æмæ ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг.

  3. Æнæмæнгæй ахуыргæнинæгтæ хъуамæ ныффидар кæной Къостайы цард æмæ амæлæты датæтæ (бонтæ, мæйтæ æмæ азтæ). Æппынæдзух сæ хъæуы фæлхат кæнын, цæмæй сæ бахъуыды кæной.

  4. Стыр аргъ кæнын хъæуы хибарæй куыстытæн . Ахуыргæнинæгтæ уыцы куыстытæ хъуамæ кæной урочы дæр æмæ хæдзары дæр. Цæмæй уыцы куыст сæххæст кæной, уый тыххæй сын раттын хъæудзæн хæслæвæрд ныры ног технологийы домæнтæм гæсгæ. Зæгъæм, радзырдæн, кæнæ æмдзæвгæйæн сæрмагонд хæслæвæрдмæ гæсгæ скæнын анализ. Ацы куыстæн бакæнæн ис варианттæм гæсгæ, цæмæй сæ кæрæдзийæ ма сфыссой. Кæнæ равзарын ныхмæвæрд фæлгонцтæ, ныхмæвæрд уавæртæ, ныхмæвæрд цаутæ æмæ афтæ дарддæр. Раттæн ис схемæтæ саразын дæр, стæй - арæх чысыл сочиненитæ къласы ныффыссынæн дæр,хæдзармæ дæр уацмысты исты прблемон ситуацийыл. Раттæн ис цæттæ темæтæ. Стæй та бафæлварæн ис уыцы хæс дæр ахуыргæнинæгтæн сæхи бар бакæнын. Уыцы чысыл сочинениты (мини-сочинениты) бацархайын хъæуы ууыл, цæмæй ахуыргæнинæгтæ сæхи цæстæнгас равдисой, зæгъой сæхи хъуыдытæ, скæной раст хатдзæгтæ. Сахуыр сæ кæнын хъæуы хъомыладон нысаниуæгæн аргъ кæнын, сæхи хъомыладæн дзы пайда кæнын.

  5. Къостайы уацмыстæ ахуыргæнгæйæ пайда кæнын хъæуы предметты хсæн бастдзинадæй. Бабæттын, абарын хæстæг сюжеттæ кæмæн ис, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг фысджыты ахæм уацмыстæй. Ахуыргæнинæгтæ сæхæдæг хъуамæ рцæуой ахæм хатдзæгмæ: адæм алы ран дæр иухуызон хъуыды кæнынц, иухуызон бæллицтæм тырнынц, сæ хорз æмæ æвзæр миниуджытæ дæр иухуызон сты. Ацы хъуыдытæ æххуыс уыдзысты интернационализмон хъомыладæн. Зæгъæм: Къостайы баснятæ ахуыргæнгæйæ, бабæттын хъæуы ацы æрмæг канд Гæдиаты Секъайы нæ, фæлæ уырыссаг баснятæ фыссæг Иван Крыловы баснятимæ дæр. Зæгъын хъæудзæн уый дæр æмæ уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырд «басня» иронау хонæм «æмбисонд» дæр. Уый та уымæн афтæ у, æмæ йæ бындуры вæййы исты æмбисонд. Къостайы тохмæ сидæг æмдзæвгæты абарын хъæуы канд Гæдиаты Цомахъы революцион æмдзæвгæтимæ нæ, фæлæ Александр Пушкины, Михаил Лермонтовы, фæсарæйнаг литературæйæ Джордж Ноэл Гордон Байроны, стæй Иоганн Вольфганг Гётейы, ирон адæмы мæгуыр уавæр æвдисæг уацмыстæ «Сидзæргæс», «Мæгуыры зæрдæ», «Хъуыбады», «Мæгуыры зарæг», «Дзæбидырдзуаны» абарæн ис уырыссаг фысджытæ Максим Горькийы уацмыстæ «Дед Архип и Лёнька», «Старуха Изергиль», стæй Николай Некрасовы, Антон Чеховы бирæвазыг уацмыстимæ, французаг фыссæг Виктор Гюгойы радзырдтæ «Мæгуыртæ», «Гаврош»- имæ.

Къостайы поэмæ «Фатимæ» ахуыргæнгæйæ, спайда кæнын æмбæлы Александр Пушкины æмдзæвгæтæй фыст роман «Евгений Онегин»- æй. Ацы дыууæ уацмысы хъайтартæм ссарын æввахс æнгæс миниуджытæ, абарын сæ кæрæдзийыл. Дыууæ хъайтары дæр сты рæсугъд се ддаг бакастæй дæр æмæ сæ миддунейæ дæр. Пушкины Татьянæ зæгъы Евгений Онегинæн, зæгъгæ, «…Я другому отдана,

И буду век ему верна».

Къостайы Фатимæ та зæгъы Дзамболатæн, зæгъгæ, æз дæн мад æмæ мады кадджын ном нæ фæхудинаг кæндзынæн. Æмæ не сразы Дзамболатимæ алидзыныл.

Литературæ æмæ æвзаг ахуыргæнгæйæ, стыр хъусдард здахын хъæуы, гæнæн æмæ амал куыд уа, уымæ гæсгæ ирон нæмттæ æмæ мыггæгты равзæрдмæ дæр. Къостайы мыггаджы равзæрды тыххæй дзурын хъæуы канд ирон адæмон традицион культурæйы урокты нæ, фæлæ литературæйы урокты дæр, уымæн æмæ мыггæгты равзæрды таурæгътæ хауынц адæмон сфæлдыстадмæ, адæмон сфæлдыстад та - литературæмæ. Стæй ахуыргæнинæгтæ хъуамæ зоной сæхи мыггæгты æмæ сæ мадæлты мыггæгты æрвадæлты дæр.

Кæронбæттæны мæ фæнды зæгъын уый, æмæ абон нæ фæсивæд, хъыгагæн, бæрзонд не вæрынц сæрибары, рæстдзинады, гуманизмы æмæ патриотизмы идеалтæ. Нæ фидæн та аразгæ у нæ фæсивæдæй æмæ уæлдæр ранымад миниуджытыл фидар куы нæ хæцой, куыдфæндыйы цæстæй сæм куы кæсой, уæд уый махæн нæ райсомы цард былмæ тæры. Не гъдау, нæ фыдæлты хæзнатæ сæфтмæ цæуынц уæд. Фæнды мæ, нæ хицауад карздæр хатдзæгтæ куы скæнид, исты нормативон уагæвæрд куы саразид, цæмæй Ирыстоны алы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм æмæ астæуккаг профессионалон ахуыргæнæндæттæм дæр фыццаг фæлварæн лæвæрд цæуа ирон æвзаг æмæ литературæйæ. Уæд æй скъолаты дæр

куыд æмбæлы, афтæ ахуыр кæндзысты. Алчидæр хъуамæ дæтта Иумæйаг паддзахадон фæлварæн.

Къоста у Ирыстоны ном æмæ кад, йæ зонд æмæ уд, йе хсар æмæ уæздандзинад. Къоста цæры æмæ цæрдзæн йæ адæмы зæрдæты, зонды æмæ хъуыдыты. Ахæм адæймагæн мæлæт нæй. Къостайы райгуырæн бон 15 - æм октябрь - Ирыстонæн сси кадджын бæрæгбон. Фæлтæрты æмдугон Хеттæгкаты Леуаны фырт Къостайы ном цæрдзæн æнусты. Рæстдзинады тырысайы бын нæ хондзæн размæ, Ирыстонæн лæггад кæнынмæ.

Ирон литературæ æмæ ирон æвзаджы уроктæ ахуыргæнджытæй алчидæр йæхирдыгонау араздзæн ног технологион домæнтæм гæсгæ дæр æмæ традицион домæнтæм гæсгæ дæр. Пайда кæндзысты алыхуызон методтæй, сæхимæ куыд растдæр кæса, афтæ.

Ацы амындтытæй пайда кæнын хъæуы, кæй зæгъын æй хъæуы, иннæ фысджыты сфæлдыстад ахуыргæнгæйæ дæр, фæлæ бæстондæрæй æмæ биноныгдæрæй ахуыр кæнын хъæуы нæ цырагъдар, нæ генион поэт, на адæмы удварн, нæ Леонардо да Винчи, не стыр профессионалон нывгæнæг, æхсæнадон архайæг, патриот, рæстдзинад æмæ гуманизмыл тохгæнæг - Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы сфæлдыстад. Раттын нæ хъæуы абон кæрæдзимæ нæ къухтæ, цæмæй фидар лæууæм нæ къæхтыл, цæмæй макуыуал фæцудæм. Мах, ахуыргæнджытæ, нæ Райгуырæн бæстæйы, нæ адæмы хуыздæр миниуджытæй хайджын куы нæ уæм, нæхæдæг рæстдзинадыл дзурын куы нæ уæндæм, æгъдæуттæ куы нæ æххæст кæнæм, уæд афтæмæй нæ къухы хорзæй ницы бафтдзæн. Æмæ уый кæддæриддæр зæрдыл даргæйæ хъуамæ кæнæм нæ кадджын æмæ фæрнджын куыст. Æмæ нын Стыр Хуыцау æмæ Уастырджи æххуысгæнæг уæд не стыр хæс æххæст кæнынæн.

Дзæуджыхъæуы 40-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Таймæзты И.С.

.






© 2010-2022