С Ы Л Г О Й М А Д Ж Ы Х Ъ Ы С М Æ Т Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæ «Дыууæ хойы»- мæ гæсгæ

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:







Г О М У Р О К И Р О Н Л И Т Е Р А Т У Р Æ Й Æ


Темæ : С Ы Л Г О Й М А Д Ж Ы

Х Ъ Ы С М Æ Т



Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæ

«Дыууæ хойы»- мæ гæсгæ.


38 -æм скъолайы ахуыргæнæг

Ч Е Х О Й Т Ы З Æ Л И Н Æ


Урочы нысан.

-Равдисын сылгоймаджы цардвæндаг.

-Равзарын драмæйы сæйраг мидис.

- Дунейы фидауц-сылгоймагæн аккаг аргъ кæнын.

Цæстуынгæ æрмæг:

- ахуыргæнæн чиныг

- фæйнæг

- видеоæвдыстытæ

- стендтæ

- чингуыты равдыст

- æмбисæндтæ

- цыбыр равдыст (сценкæ)

Хицæн плакатыл

-Темæ

-Разныхас.Сылгоймаджы равзæрд.

-Таурæгъ «Кæлмæрзæн»

-Брытъиаты Е. Драмæ»Дыууæ хойы» анализ.

-Равдыстытæ -«Осетинская легенда»

- «Чермен'' -«Фатимæ»-

Кæронбæттæн.

Урочы цыд.

Зæлы «Ханты цагъд»-ы мелоди.

Таурæгъ»Сылгоймаджы равзæрд»

Ахуыргæнæг:

«Хуыцау æрбайста худгæ хуры тынтæй цалдæр,æрттиваг мæйы сонт æнкъарддзинад,мæлхъы сæрыстыр уæздандзинад æмæ уарди дидинæджы æмбисонды тæфаг.Цæмæй æгæр æлутон ма фæуа,уый тыххæй ма йæм бафтыдта ноджы уад дымгæйы æнæсæрфат зилдухæнтæ, рувасы хиндзинад,тæрхъусы тæппуддзинад, мигъты цæссыгкалындзинад уарыны агъоммæ æмæ гæркъæраджы талф-тулфдзинад дзургæйæ.Чысыл ахъуыдыйы фæстæ ма йæм бафтыдта ноджы хъаймæты æппæт бæллæхтæ, арт, зæй,æрвæрттывд, тымыгъ, тæрккъæвда. Æмæ æппæт уыдонæй сарæзта сылгоймаг.Радта йæ сæумæйæ нæлгоймагæн æмæ заъта:

«Ауд ыл,уымæн æмæ дыккаг ахæм скæнæн нал ис…Стæй йæ дзæгъæлы æндæр хуызы рацаразын дæр ма архай- сылгоймаг у.»

Ахуыргæнæг:

Сылгоймаг…цас миниуджытæ йын балæвар кодта сфæлдисæг,куыд ирдæй йæ сфæлыста,цас ахорæнтæй йыл бакуыста, цы кад ын скодта. Гъай-гъайдæр,сылгоймаг у кады аккаг. Æмæ куыннæ? Чи,кæцы адæмыхатт нæ раппæлдзæн йæхи

-Амагæ - сарматаг фæтæгæй

- Зæринæ - сакты ус паддзахæй

- Сатана - нарты нæрæмонæй.

Сылгоймагмæ бирæ миниуджытæ æмæ йын стыр ахадындзинад ис: ( фæйнæгыл цы æмбисæндтæ ис, уыдонимæ куыст,ома сæ бакæсын)

Ахуыргæнæг:

-Сылгоймаг йе фсармæй фидауы.(дарддæр скъоладзаутæ)

-Сылгоймаг лæгæн йæ хъаруйыл æфтауы.

- Сылгоймаг зæд у.

- Сылгоймаг Сатана дæр уыд æмæ Нарт йæ зондæй цардысты.

Таурæгъ «Кæлмæрзæн»

(скъоладзау кæсы таурæгъ)

«Бадынц Нарты урсзачъе зæрæдтæ ныхасы,тæрхон кæнынц.Ивгъуыд бонтæ знонау аивгъуыдтой,нæй сын фæстæмæ раздахæн.Нæ фидæныл ахъуыды кæнæм.

Хъуыды ма кæнут,иу хатт ныл æххормаг аз куы скодта,уæд нæ Сатана куыд фервæзын кодта, уый? Сатанамæ та равитæм ныр дæр.

Бафæрсæм æй зондæй.Цу,лæппу,фæдзур æм…Афтæ æмæ,зæгъ,афтæ,нæ хистæрты размæ фæзын.Сатана æрбацыд, æмæ сын загъта:

« Ме 'нæныййаргæ фырт Сосланмæ ис æнæкæрон хъару æмæ ныфс…Уый уæларвæй дæлæмæ нал цæуы.Тæккæ аизæр Уæларв Сафа куывд кæны зæдтæ æмæ дауджытæн. Баддзысты дауджытæ Сафайы хæдзары, сау бæгæны нуаздзысты дзæбидырæй.Уырдыгыстæг та сын уыдзæн Сафайы буц хъан - Нарты Сослан. Уæ туг, Æхсæртæккаты туг хъазы йе уæнгты.Абон æй фæндараст кæнынц ардæм.Уый номыл у куывд дæр.Æз ын йæ хъусы бацæгъддзынæн, цæмæй уый ракура:

Уастырджийæ-фæринк кард,тыхгæнæг уын тых куыд нæ ара. Æфсатийæ-бирæ фос, Уациллайæ-хоры нæмгуытæ…Хоры нæмгуытæн афтид къухæй тонæн нæй.Сослан Курдагæлонæй ракурдзæн æфсæн дзывыр.Уæдæ Галæгон дæр Сосланы æнæ лæвар кæм уадздзæн.Нæ хоры кæритæ сыгъдæг кæнынмæ-иу нын рог дымгæ рарвитдзæн.Æппынфæстаг ын номдзыд Донбеттыр зæгъдзæн: мæ цæугæдæттыл-иу куырæй- ттæ саразут.Уый йæ чызджытæн бафæдзæхс- дзæн,цæмæй куыройы фыдтæ рæвдз зилой…

Гъе утæппæт хорздзинæдтæ нæм æрхæсдзæн уæ буц кæстæр Сослан.Мæ раныхасы сæр - фæллой…

Нартæ сыстадысты.Хистæр Сатанайы размæ бацыд.Систа йæ худ æмæ загъта:» Амæй фæстæмæ худ æмæ кæлмæрзæн æмуæзтæ уæнт.Æмзонд æмæ æмвæнд…»

(худ æвæры тæрхæгыл кæлмæрзæны раз).

Ах-г: Худ æмæ кæлмæрзæн æмуæз систы.Фæлæ рæстæг цæуы æмæ цард ивы. Нæ фæтæригъæд кодта рæстæг сылгоймагæн дæр, æгъатыр æм разынд.

(Видеоравдыст«Осетинскаялегенда»-йæ скъуыддзаг

(Залиханыл кæм фидауынц,уыцы ныв)

Ах-г:Цавæр фыдæлтыккон æгъдау æвдыст æрцыд нывы?

- Скъуыддзаджы æвдыст æрцыд сылгоймагыл ирæд фидыны æгъдау,сылгоймаг уæй кæныны æвирхъау æгъдау. Аргъыл нал фидауынц, чызгæн,дам, йæ аргъ æрхауд адæмы дам-думты фæдыл.Сæ карзы бацыдысты,фæлæ сæ иуы зæрдæйы дæр не рæфтыд чызджы бафæрсын,цы зæгъы уый та.Цард, кæй зæгъын æй хъæуы,хъазæн нæу.Иу боны цæстæй йæм нæ хъæуы кæсын.Бонтæ куы адвргъ вæййынц,уæд йæ хæссинаг уæз кæнын райдайы.

Ахуыргæнæг: Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрд ацы ныв фенгæйæ?

(скъоладзауты хъуыдытæ)

Ахуыргæнæг:Хъыг уæм фæкаст сылгоймаджы хъысмæт, йæ уавæр?

Афтæ хъыг æмæ æнæзæрдæмæдзæугæйæ ракаст Брытъиаты Елбыз-

дыхъо дæр сылгоймаджы цардмæ.

(сценкæ-равдыст Хансиаты монолог.Бадынц

Хансиат æмæ Асиат).

Хансиат:

Цы цард у ай? Кæннод хорз цард кæй хонынц,

Уый дæр циу?Кæрдæг дæр кæрдæг,æмæ мах дæр.Кæрдæг зайы,срæзы,ацæры,йæхи хуызæнтæ ныууадзы,уыйфæс-тæ йыл уазал зымæг куы æрбаулæфы,уæд амæлы.Амæлдзстæм мах дæр,æмæ цы баззайдзæн нæ фæстæ,не намонд æмæ нæ уæгъуыры кой йедтæмæ?…

Æдзух мæт,сагъæс,фыдæбон.Дæ цæрынæй хæрынмæ цæджындзау хъæддых арæзт у искæйы ныфсæй.Дæ буар фаг ма аиваз. Уæлдай дзырд,уæлдай къахдзæф ма акæн,ма фæхуд.Дæ фæндон баххæст кæнын еæ.фæлæ йæ æрмæст радзурын дæр ма суæнд.Уый цард у?Уымæн равзæрдтæн дунемæ?Уый цард нæу.Кæд царды мидæг æндæр ницы и,уæд мыл мæ мад дзæгъæлы фæфыдæбон кодта.Куыд уыдзысты дзæгъæлы утæппæт фыдæбæттæ…Нæ зонын…Ис. Æвæццæгæн.исты æцæгдзинад,æмæ йæ æз не мбарын,мæ зонд æй нæ ахсы…Мæхи цард?Ницы у,мæнг у!

Ахуыргæнæ:. Цавæр фыдæбæтты кой кæны хъайтар, чи

у æмæ кæцæй?

  • Нæ хъайтар у Хансиат 22 аздзыд чызг

Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæ «Дыууæ хойæ»Йæ фыдæбонтæ йæ æбар цард,йæ социалон уавæр.

Ахуыргæнæг:Æмæ уыйас цы' рцыд уагæры уыцы æвзонг

удыл? Цы æфхæрд баййæфта?

- Драмæйы æвдыст цæуынц сидзæр дыууæ хойы,кæцытæ цæрынц сæ фыдыфсымæр Тæтæрхъанмæ.

Тæтæрхъан фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ чызджытæй мулк скæнынмæ хъавы,ома сæ ауæй кæнын.Лакаты Саламджери æмæ Касалы-фырты фыццаг фæкæнын Асиат æмæ Хансиаты. Чызджыты нæ фæнды. Тæтæрхъан, йæ ус Мусон,сæ фырт Буцæ(йæ ном йæ уæлæ)архайынц хъуыддаг саразыныл.Рауад сæм быцæу,ома конфликт.

Ахуыргæнæг: Конфликты фæархайынц дыууæ къорды.Цавæр къордтæ

сты ацы драмæйы æмæ чи сты сæ архайджытæ?

-Архайджытæ фесты 2 къордыл дих. Иутæ сты чызджыты фарс:

Хъамболат- мады фсымæр,зондджын æмæ раст лæг. Мæгуыр кусæг

лæг.

Сидахъон - Хъамболаты ус уæздан, сæрибар адæймаг

Хъылцыхъо - сæ фырт,ис æм æгъдау,æцæг æфсарм, зоны аргъ

кæнын æцæг фарнæн.

Пупæ - Асиаты уарзон,ног æгъдауыл лæуд адæймаг,сыгъдæгзæрдæ.

Иннæ къорд рацыдысты чызджыты ныхмæ.

Тæтæрхъан -фыдыфсымæр,хин æмæ дзырдарæхст дзургæ кæны иу,

аразгæ та бынтон æндæр хъуыддаг.

Мусон - йæ ус,йæ лæджы дзæмбы бын цагъарæй цæрын чи сахуыр,

ахæм.Бауырныдта йæ сылгоймаг нæлгоймаджы цур кæй

ницы у.

Буцæ - сæ фырт.Нæй йæм лæгдзинад, нæй йæм агъдау.

Касалы-фырт, Лакаты Саламджери

- Усгуртæ,æлхæнынц сæхицæн устытæ.Уарзондзинады

моралон бындур сæм фыст нæу.

Ахуыгргæнæг: Цавæр иумæйаг хатдзæг храктеристеристикæ

раттæн ис ацы къотæн?

- Ирон сылгоймаджы цагъар суæгъд кæныныл

тохгæнджытæ,ног зондахаст хæсджытæ.

- Фыдæлты мæлинаг,зæронд фæстæзад æгъдæуттыл

ма чи хæцы,уыдон.

Ахуыргæнæг: Уæд Хансиат æмæ Асиат та кæцы къодмæ хауынц?

Хансиат æмæ Асиат сты ирон сылгоймаджы ног

типтæ. Адæмы хъæр чи бамбæрста,ног дуджы

комулæфт кæмæ ба-

хæццæ,ахæм æрыгон дыууæ чызджы.Хан-

сиат æмæ Асиат ног идеалтыл хæст кæй

сты,уыдон ног миниуджытæ кæй до-

мынц адæймагæй, се'хсæнадæй бæрзонд-

дæр кæй сты,уый у сæ быцæуы аххос дæр.

Ахуыргæнæг: Цæмæ сæ хонæм ног типтæ?

Цавæр миниуджытæ нымайы Хансиат

сæйрагдæрыл?

Хансиат аргъ кæны лæгдзинад,æгъдау æмæ

уæздандзинадæн.Лæгæн хъуамæ йæ рацыд

дæр, йе'сдзырд дæр,йæ митæ дæр лæджы

хуызæн уый.

Ахуыргæнæг: Æмæ Касалы-фырт цавæр у?

Ссарут ма тексты Касалы-фырт æмæ

Хансиаты фембæлд.(13-14æм фарс чин)

Ахуыргæнæг: Цавæр хатдзæг скæнæн ис ацы скъуыддзаг

бакæсгæйæ?

Фенæм ма уæд æххæст Асиат æмæ Пупæйы

кæрæдзиимæ ахастдзинад дæр.Ссарут тек-

сты сæ фембæлд. ( 17-æм фарс чин.)

Ахуыргæнæг: Цавæр ныв уынæм ацы фембæлды та,цавæр

æнкъарæнтæ.

- Сыгъд,æгцæг уарзондзинад. Æнæ уæлдай

ми æмæ уæзданæй. Фæлæ сæ размæ ис цæлх-

дур,Пупæ мæгуыр у æмæ ницы пайда у Тæ-

тæрхъанæн,уымæ гæсгæ сын иумæ уæвæн

нæй.Адæймаджы цард у æхцатæй аразгæ.

Уæййаг æмæ æлхæнгæ цард.Æбар æмæ æф-

хæрд уавæр.Æнкъарæнтæн нæдæр сæ кой,

нæдæр сын аргъ.

Драмæйы темæ,идейæ,проблемæ.

Темæ: Сылгоймаджы хъысмæтыл сагъæс.

Идейæ: Брытъиаты Елб. Фæндыд равдисын

Проблемæ: Драмæ ''Дыууæ хойы'' æвдыст æрцыд

революцийы агъоммæйы рæстæг. Ца-

лынмæ революци не'рцыд.уæдмæ фы-

дæлтыккон æгъдæуттæ:

ирæд исын

туг исын

хъоды кæнын

æххæст кодтой карзæй.

Уыцы æгъдæуттæ æвæрдтой цæлхдур-

тæ мæгуыр адæмы размæ.Гъе уый у ацы

драмæйы проблемæ дæр- ирæд фидын.

Ахуыргæнæг: Нæ уацмыс драмæ хонæм.Æмæ уæд драмæ

цы у?

-Драмæ- грекъаг дзырд,амоны архайд,цард

æвдисы архайды хуызы.Драмæйы нæ вæй-

йы авторæн йæхи ныхас,архайд арæзт

вæййы уацмысы геройты æхсæн ныхасыл-

диалогыл.

Ахуыргæнæг: Цавæр хъуыдыиæ уæм сæвзæрд ацы драмæ

бакæсгæйæ?

( скъоладзауты хъуыдытæ)

Ахуыргæнæг: Раст зæгъут,ахæм уавæрты цæрынæн хъæ-

уы стыр тых æмæ быхсыны хъару.Адæймаг

уыцы миниуджытæй хайджын куы нæ уа,

уæд зын у кадимæ фервæзынæн уыцы зындо-

нæй. ( скъуыддзаг ''Фатимæ''-йæ . Фатимæ

æмæ Джамбулаты диалог лидзынмæ йæ кæм

разы кæны,уыцы бынат.Фатимæйы дзуапп.)

Ахуыргæнæг:Фатимæйы дзуаппæн аргъ скæнын.Скъола-

дзауты хъуыдытæ.

- Фатимæ йе 'стыр уарзондзинад нæ ферох

кодта,фæлæ йæ ныййарæджы хæс, йæ цар-

ды сæйраг нысан нæ баивта зæрдæйы фæн-

дон,цыбырфæд æмæ æнæрфат лæмæгъдзи-

надыл.Бафæрæзта сæрыстырæй ныййарæ-

джы ном кадимæ рахæссын.

Ахуыргæнæг:Худ æмæ кæлмæрзæн - æмвæнд.æмзонд,æм-

уæз.

(скъуыддзаг ''Чермен''-æй . Чермен Хъа-

сайимæ хæцынмæ кæм хъавы æмæ сæ

кæлæмæрзæнæй кæм ахицæн кодтой.

Сылгоймагæн кад кæнын.Кæлмæрзæны

нысан)

Ахуыргæнæг: Цы нын равдыста ацы ныв?

- Ацы нывы æвдыст æрцыд сылгоймаджы

кæлмæрзæны стыр нысаниуæг.Дыууæ зна-

гæн-иу кæлмæрзæн куы сæ астау æрæп

пæрстой,уæд хæст ахицæн.Ахæм стыр

аргъ кодтой сылгоймагæн.

Тæхуды æмæ уыцы æгъдау куы уаид абон

дæр йæ тыхы,уæд мадæлтæ бамбæрзиккой

сæ кæлмæрзæнтæй зæххы къори æмæ хæс-

тæн сыскъуыниккой йæ таг.

Сылгоймаг кæд ивгъуыд рæстæджы

æбар æмæ зын уавæрты цард(нывты рав-

дыст: ахуыргæндтæ,фысджытæ…)

уæд абон та у -- ахуыргонд

-- фыссæг

-- аивады кусæг

-- тæхæг…

Абон сылгоймаг йе'ххуысы хай хæссы куыд хо,чызг,сыл-

гоймаг.ныййарæг.

Æмдзæвгæ ''Ма бафхæр мады''. /Кучиты А.









© 2010-2022