Урок по теме Сложные слова ( 6 класс) на осетинском языке

Раздел Другое
Класс 6 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Темæ: « Вазыгджын дзырдтæ »

Урочы нысан: 1.Ныффидар кӕнын вазыгджын дзырдтæ.

2.Сбӕрӕг кӕнын вазыгджын дзырдтæ хуымæтæг дзырдтæй иртасын

6 къласы скъоладзаутимӕ.

3.Ныхасы рæзтыл бакусын

4. Царды фидауц -æгъдау.

Урочы цыд: 1. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.

Ахуыргӕнӕг:

-Иу дзæбæх цыбыр ирон дзырд базыдтам æрæджы …

-О, о!Æз мæ нанайæ арæх фехъусын: «йæ чемы нæу», зæгъгæ.

-Æмæ цы у цы чем?

-Уырыссагау - настроение

-Зæгъут-ма, сабитæ, абоны урочы нæ хорз чем нæ бахъæудзæн ?

-О,о. Уæдæ, сабитæ, нæ урок райдайæм нæ чемыл куыд уæм, афтæмæй. Цæмæй нæ чемыл уæм, уый тыххæй та нын ис æххуысгæнæг. Йæ ном у Хихи. (слайд 1)

Урок по теме Сложные слова ( 6 класс) на осетинском языкеХихи уарзы рæстæг æрмæст хъазгæ-худгæйæ æрвитын. Мах та ма кусгæ дæр кæндзыстæм. Бахудæм Хихимæ дæр æмæ кæрæдзимæ дæр.

  1. Блиц-æрфарст:

  • Цал хатты хъæуы абарын, цæмæй иу хатт алыг кæнай? (7)

  • Дунетыл нæй мæнæй фылдæр

Цæрын æмбæлттимæ æнгом

Ныхасы хæйттæн дæн сæ сæр

Хæссын æз предмет йæ ном. (номдар)

  • Нарты Уæрхæгæн 12 фырты æмæ 4 чызджы? (афæдз, афæдзы афонтæ)

  • Цавæр маргъæн йæ бон у уæвын постхæссæг? (бæлон)

  • Цы ис арсæн йæ кæрон ,сагæн йæ разæй? (с)

  • Йæ адæмы сæраппонд йæхи залиаг калмы дзыхы чи баппæрста? Куыд хуыйны таурæгъ? (Мады хох.Зæринæ)

3.Ног æрмæг.

Ахуыргӕнӕг:

Мады хохимæ ма баст у æндæр таурæгъ дæр.(Интерактивон фӕйнӕгыл

текст-2 слайд ). Бакæсæм ма сценкӕмӕ дӕр.

Сценкæ:

Аргъæутты бæстæйы Мады хохрæбын Дæллаг дзырдты хъæуæй Уæллаг дзырдты хъæуы астæу калдис абухгæ дон. Хъæуты цæрджытæ кæрæдзимæ уазæгуаты цыдысты нарæг хиды сæрты. Хидыл ахизæн уыдис æрмæст иу цæрæгæн. Иуахæмы Дæллаг хиды цæрæг Цард фæцæйцыд Уæллаг хъæумæ. Хиды раз амбæлд Уæллаг хъæуы цæрæг Фæндагыл. Алкæй дæр сæ фæндыд фыццаг ахизын:

- Ауадз мæн, Фæндаг, тагъд кæнын, нæ мæ 'вдæлы!

- Æмæ æз ардæм тезгъо кæнынмæ æрбауадтæн, æнахуыр цыдæр.

- Æз цард дæн! Кæд хуымæтæг дæн, уæддæр æнæ мæн зæхх фесæфдзæн!

-Æз та фæндаг дæн! Кæд вазыгджын нæ дæн, уæддæр æнæ мæн кæдæм фæцæудзынæ?!

Дардæй сæм касти Ныхасы хистæр Æгъдау æмæ сæм дзуры:

- Афтæ фыдуындæй хи'вдисын уæ иуы дæр аив нæ кæны, мæ хæлæрттæ. Тыхæй зонд хуыздæр у! Хыл æмæ загъд царды фæндаг нæ аразынц. Цард- мæгуыр кæнынц, фæндаг та - афтид. Фæлтау равзарут иудзинад, хæлардзинад æмæ уын нарæг хид алкæддæр уæрæх фæндаг уыдзæн.

Фефсæрмы сты хистæры уайдзæфæй Цард æмæ Фæндаг. Сæ къухтæ кæрæдзимæ радтой æмæ баиу сты. Афтæ дыууæ хуымæтæг дзырдæй фæзындис ног дзырд - Цардвæндаг.(слайд 3)

Дзырдуат:

кæрдæгхуызцъæх

Мады хохрæбын

зæрдæхъæлдзæгæй

цардвæндаг

хуымæтæг- простое

вазыгджын-сложное

Ахуыргӕнӕг:

1.Куыд дардтой сæхи Цард æмæ Фæндаг хиды раз?

(Кæрæдзийæн фæндаг нæ лæвæрдтой. Æнæгъдауæй сæхи равдыстой.)

2.Æмæ цæмæн афтæ дардтой сæхи?

(Хид нарæг уыдис. Дыууæйæн дзы ацæуæн нæ уыдис). (слайд 4)

-Сабитæ, зонут, хидæн адæмон сфæлдыстады ис йæхи аив фæлгонц «æрдуйæ нарæгдæр хид», зæгъгæ. Æмæ уый канд ирон адæмон сфæлдыстады нæй. Хиды фæлгонц æвдыст цæуы адæймаджы нырыккон царды дæр. Бакæсут ма дунейы диссагдæр хидтæм.

Презентаци «Дунейы рæсугъддæр хидтæ».(слайд 5-8)

-Нæ геройтæ ахæм хидыл нæ цыдысты, фæлæ нарæг хæххон хидыл.

3.Чи бауайдзæф кодта Цард æмæ Фæндагæн? Куыд сын загъта? Цавæр зонд сын бацамыдта?

Тыхæй зонд хуыздæр у.(æмбисонд)

4.Сымах та цавæр æмбисæндтæ зонут, зонд æмæ хæлардзинады тыххæй ?

Æмбисæндтæ:

  • Дæ рæдыдыл куы нæ сæттай, уæд дыууæ рæдыды кæныс.

  • Хорз æмгар зын сахат сбæрæг вæййы.

  • Зонды тæлмац æвзаг у.

  • Хистæры зонд бирæ ахсы, йæ цæст та дардмæ уыны.

-Æз та ма сам бафтаудзынæн æндæр æмбисонд « Зонд тыхы абырста»

Ахуыргӕнӕг:

-Цæмæй арæзт у нæ текст?

(Хъуыдыйæдтæй)

-Хъуыдыйæдтæ та цæмæй арæзт сты?

(Дзырдбæстытæй)

-Дзырдбаст та? (Дзырдтæй)

-Дзырдтæ та?

(Уæнгтæй)

-Цал уæнджы ис ацы дзырды?

-Куыд ис схонæн ацы дзырд ЦАРДВÆНДАГ хуымæтæг æви вазыгджын? Цæмæн? (Вазыгджын, уымæн æмæ арæзт у дыууæ дзырдæй) (слайд 9)

Ахуыргӕнӕг:

-Уæдæ куыд хъуыды кæнут, абон цæуыл дзурдзыстæм.?

- Куыд схондзыстæм нæ абоны урочы темæ. (Вазыгджын дзырдтæ)

-Куыд хъуыды кæнут, цы сты вазыгджын дзырдтæ? (Дыууæ кæнæ фылдæр дзырдтæй арæзт дзырд) ( слайд 10)

4.Чиныгимæ куыст

А) Ныффыссын нымæц, къуырийы бон,къласы куыст.

Б) 17 ф. №37( тетрæдты куыст)

Сау, нæмыг-саунæмыг

Фос, гæс-фосгæс

Гал, бындз- галбындз

5.Интерактивон фæйнæгимæ куыст

-Ацы хуымæтæг дзырдтæй саразут вазыгджын дзырдтæ æмæ сæ ныффыссут тетрæдты:

Къух уарзаг

Хи базыр

Хъулон сæрфæн

Бæрæг мæрзæн

Куыст бон

6. Дзырдуатон диктант .( слайд 11)

Кæсагахсæг,саунæмыг,къухмæрзæн, хæдтæхæг, Дзæуджыхъæу,хъæдхой, къамисæг. 7.Релаксаци (музыкæимæ)

Кæмдæр, бæрзонд хæхты хъæбысы (къухтæ хæрдмæ сивазын æмæ хæхтæ равдисын) райгуырд рæсугъд, зæрдæхæлар дидинæг. Уый кодта диссаджы хæрздæф тæф (арф сулæфын-раулæфын). Хуры тынтæ йæ алыварс кафыдысты Нæртон Симдæй (æркæсын хиалфамблай). Сивæзта дидинæг хурмæ йæ иу сыф (сивазын иу къух), сивæзта иннæ сыф (сивазын иннæ къух) æмæ арвыста хурæн æмæ æппæт дунейæн хæлардзинад, циндзинад . Арвитæм мах дæр нæ алыварс адæмæн хæлардзинад æмæ циндзинад (къухтыл ныффу кæнын) .

Диалогмæ байхъусын :

Æнкъардæй бады Алинæ.

-Цы кæныс, дæ фындз цы руагътай?

-Мæ уарзон бæрæгбон мæ зæрдыл æрбалæууыд…æмæ…

- Цæй кой кæныс цæ?!

-Мæ гуырæнбоны. Ехх, æвæдза…алы бон дæр мæ гуырæнбон куы уаид!

-…æмæ абон кæй гуырæнбон у уый зоныс?

-Куыд нæ йæ зонын…?

-Сымах та йæ зонут … ? (Х.Къ)

(Сывæллæттæ дзуапп дæттынц)

-Æмæ чи у Къоста? ( фыссæг, поэт, нывгæнæг)

8.Къайгай куыст

А).Зæгъут , Къостайы æмдзæвгæтæй кæцытæй ист сты ацы рæнхъытæ. Ссарут дзы вазыгджын дзырдтæ:

О, уасæг, уасæг,
Сызгъæрин къоппа!
О, уасæг, уасæг,
Сырхзæлдаг боцъо! (Уасæг)

Зæрватыкк - æнæхъыг,
Æнæмаст цæрæг!
Дæ зарæг - нæ дарæг,
Нæ уалдзæггæнæг! (Зæрватыкк)

Алчи зыдгæнæджы
Бирæгъ фæхоны.
Бирæгъ зыд кæй кæны, -
Чидæрид зоны…(Бирæгъ æмæ хърихъупп)

Б).Ссар вазыгджын дзырдтæ (карточкæтæ лæмæгъдæр ахуырдзаутæн):

1.Къамисæг, зонд, саунæмыг, сырх,хæдзар, къухмæрзæн.

2.Хæдтæхæг, ахуыргæнæг, хох, æгъдау, хæдзаргæнæг.

3.Цард, Дзæуджыхъæу, куыстуарзаг, æмбал, фыссæг.

4.Хъæдхой, зарæг, хæдзаргæнæг,уæнг, хæларзæрдæ

5.Бæрæгбон, зарæггæнæг, дзырд, цæсгом.

9.Хатдзæгтæ:

Ахуыргӕнӕг:

-Цæй тыххæй дзырдтам абон? (слайд 12)

-Цы базыдтам ногæй?

10.Хæдзармæ куыст: 1. ф.17, №38

2. Дзырдуатæй рафыссын 10 вазыгджын дзырды

11.Рефлекси.



© 2010-2022