Урок по осетинской литературе Гино Бараков КРАСА НЕНАГЛЯДНАЯ (БАСТЫРАСУГЪД)

Раздел Другое
Класс 6 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урочы темæ: Барахъты Г. радзырд «Бæстырæсугъд»

Урочы нысан: 1 . Уацмысæн анализ скæнын.

2. Адæймаджы хорз миниуджытыл ахуыр кæнын

Урочы эпиграф. Адæймаджы хорз йæ цард æмæ йе 'гъдауыл баст у (Æмбисонд).


Урочы цыд

Ахуыргæнæг. Абон скъоламæ цæугæйæ мæ размæ фæци тынг бирæ рæсугъ адæм. Ирыстон цух никуы уыд рæсугъд адæмтæй, уæлдайдæр та сылгоймæгтæй. Уымæн æвдисæн 20-æм æнусы 1910 азы Европæйы мисс кæй ссис ирон сылгоймаг Æлдаттаты Лейлæ. Зæгъут-ма, сымах та куыд хъуыды кæнут, кæй схонæн ис рæсугъд адæймаг?

Скъоладзауты дзуаппыттæ.

Ахуыргæнæг. Ахæм рæсугъд адæймаг уынæм Барахъты Гинойы радзырд «Бæстырæсугъд»-ы дæр. Нæ урочы темæ дæр адæймаджы уды хъаруйæн аргъ кæнын у. Сымахмæ гæсгæ цæмæн схуыдта фыссæг йæ радзырд «Бæстырæсугъд»?

Скъоладзауты дзуаппыттæ.

Интерактивон фæйнæгыл куыст.

Æвдыст цæуынц сылгоймæгтæ алыхуызон дарæсты. Се 'хсæнæй

скъоладзаутæ æвзарынц Бæстырæсугъды.

Ахуыргæнæг. - Цæмæ гæсгæ равзæрстат ацы чызджы?

-Йæхæдæг та куыд хъуыды кæны?

ИА-фæйнæгыл Бæстырæсугъды ныхæстæ:

Æз нæ хъуыды кæнын уæздан, кæвдæсард, фæрссаг.

Æз зонын адæймагæн йæ уды хъару, æмæ мæ фæнды цардæмбалæн æрмæст ахæм æххæст лæппу бацагурын.

Ахуыргæнæг. Никæмæн комы Бæстырæсугъд, йæхицæн аккаг нæ ары.

Фæлæ мæнæ иу уалдзыгон бон æрхызт йæ хъал бæхæй кæрты дуармæ Канаты Афæхъо.

Интерактивон фæйнæгыл ныр та æвдыст цæуынц усгуртæ.

Скъоладзаутæ æвзарынц се 'хсæн Афæхъойы.

Ахуыргæнæг. Цæмæ гæсгæ равзæрстат ацы ныв? Цы дзы зæгъы автор?

Фæйнæгыл нывы фарсмæ фыст: фыдконд, фыдцъылыз

Дзырдуатон куыст:

Фыдцъылыз - невзрачный, некрасивый, непривлекательный.

Ахуыргæнæг. Уæдæ ма зæгъут, кæд ахæм фыдконд уыд, усгур уæд æй куыд суазæг кодтой фысымтæ?

-Цавæр æнцойгæнæн дзырдты руаджы ис раргом кæнæн Канаты Афæхъойы фæлгонц?

Æнцойгæнæн дзырдтæ:

уæздан,

æгъдауджын,

хъаруджын,

кусаг,

æрдзуарзаг,

фæндырдзæгъдаг,

зараг.

Скъоладзаутæ иугай æвзарынц Канаты Афæхъойы миниуджытæ, текстыл æнцойгæнгæйæ.


Æгъдауыл дзургæйæ скъоладзаутæ радзырдтой, ирон адæм уазæгæн цы кад кодтой, уый тыххæй дæр.

Ахуыргæнæг. Чи уыд дыккаг усгур та?

æвдыст цæуы кæсгон æлдары фырт:

«Йæ уынд æмæ йæ конд, куыд æмбæлы, афтæ»


Ахуыргæнæг. -Цы зæгъы автор ацы усгурæй?

-Фысымтæ сæхи куыд дарынц? Цæмæн?

-Цæмæй батыхстысты фысымтæ?

-Уыцы рæстæг цы баци Уæлладжырон усгур?

-Цы рбалæууыд йæ зæрдыл?

Скъоладзаутæ дæттынц бæстон дзуаппытæ, текстыл æнцойгæнгæйæ

Ахуыргæнæг. Цагъд æмæ зард куы баиу сты, уæд Афæхъойæн цавæр миниуджытæ рабæрæг сты?

Скъоладзауты дзуаппытæ.

Ахуыргæнæг. Раст бакодта Бæстырæсугъд, Афæхъойы кæй равзæрста, уымæй?

Скъоладзауты хатдзæгтæ.

  1. Разы стут Бæстырæсугъды равзæрстимæ?

  2. Таурæгъ «Томайты Созырхъо»

  3. Радзырд æмæ таурæгъ цæмæй сты æмхуызон?

  4. Хатдзæгтæ


© 2010-2022