Ирон литературæйы урочъы пълан «Дыууæ дидинæджы»

Раздел Другое
Класс 7 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Ирон литературæйы урочъы пълан

Урок бацæттæ кодта Остъаты Татьянæ.

Урочы темæ: Царды бæрзонддæр нысан Гæдиаты Цомахъы аргъау

«Дыууæ дидинæджы»-мæ гæсгæ.

Урочы хуыз: урок - дискусси.

Спайдагонд ахуырадон технологитæ: литературæ амоныны системæ - адæймаг рæзын кæныны фæрæз;

ахуырадон дискуссийы технологи.

Урочы нысан: рæзын кæнын сывæллæтты логикон æмæ

критикон хъуыдыкæнынад литературон уацмысы мидисыл æнцойгæнгæйæ.

Урочы xæcтæ: 1.Уацмысы мидис райхалын, сбæрæг кæнын йæ сæйраг хъуыды.

2.Фæлтæрын скъоладзауты, архайджыты фæлгонцтæ æвзаргæйæ текстæй пайда кæныныл.

3.Хъомыладон хæс - адæймаджы зондахасты - амонды æмбарынад,

Урочы фæлгонц: Фыссæджы портрет уацмысты æмбырдгæндтæ, иллюстрацитæ уацмысмæ, скъоладзауты нывтæ уацмысы мидисмæ гæсгæ, техником фæрæзтæ, цитатагтæ уырыссаг æвзагыл.

Фæйнæджы фæлыст; Темæ: Царды бæрзонддæр нысан Гæдиаты Цомахъы аргъау «Дыууæ дидинæджы»-мæ гæсгæ. Эпиграф: Нæ цæрын æз мæхи тыххæй æрмæстдæр,

Æз хъуамæ кусон адæмæн, нæ бæстæн.

Æз уаллонау зæххыл куырмæй нæ хилын,

Æхсæвыгæтты бирæгъау нæ зилын...

Æз - адæймаг., Сæрыстыр дæн мæ номæй,

Тохты Иван.

Æмбисæндтæ. Бæлас дæp иунæгæй хъæдбыны нæ фидауы.

Иуы цæстæй cæдæйы цæст уынагдæр у.

Адæм кæрæдзи фæрцы цæрынц.

Урочы цыд.

Бацæттæгæнæн рæстæг.

Абон мaхмæ ис уазджытæ, æмæ сыл нæ арфæйаг салам æмбæлæд. Hæ абоны урочы темае раргом кæнгæйæ, сæйрагдæр цы фехъусой, уыцы xъyыддaгæй cæ алкæцыдæр хайджын yæд.

Hæ урочы темæ у «Царды бæрзонддæр нысан Гæдиаты Цомахъы аргъау «Дыууæ дидинæджы»-мæ. Равзардзыстæм уацмысы мидис, cбæpæг ын кæндзыстæм йæ сæйраг хъуыды. Цавæр фæлгoнцтæ сараезта автор, cæ саразынæн цавæр мaдзæлттæй спайда кодта, ууыл æрдзурдзыстæм.

2.Хæдзармæ куыст cбæpæг кæнын.

Хæдзармæ xæc: Барахъты Гино. «Бæcтыpæcyгъд».

Тексты мидис æвзæрст цæуы фарстытæм гæcгæ:

- Цæмæй хъуыстгонд уыд Бæcтыpæcyгъд?

- Цавæр ycгypтæ фæзынд иу бон Бæстырæсугъдмæ?

- Ссарут æмæ бакæсут, цавæр цæcтæй ракастысты фысымтæ Канаты Aфæxъoмæ?

Баххæст кæнын сывæллæтты дзуаппытæ.

- Кæд ыл зæpдæйæ тынг нæ бацин кодтой, yæддæp ирон адæмæн се 'гъдау куыд амоны, уый равдыстой.

Æвæндонæй кæд уыд, уæддæр ын «æгac цæуай» загътой, йæ бæх ын бабиноныг кодтой.

- Куыд суазæг кодтой кæсгон æлдары та?

- Cæ дыyyæйæ чи басаста Бæстырæсугъды заердае? Цæй руаджы?

- Цæмæн равзæрста Канаты Афæхъойы?

- Цавæр миниyджытæн кæны стыр аргъ Бæстырæсугьд?

- Цæмæ гæcгæ равзæрста Афæхъойы?

Баххæст кæнын сывæллæтты дзуаппытæ.

- Бæстырæсугьд æй йæхицæн саккаг кодта амондæн йæ миниуджытæ хынцгæйæ- Сымахмæ гæcгæ, цы нымайы амондыл?

Ахуыргæнæджы бацæттæгæнæн ныхас.

- Алы aдæймaг дæp бæллы амонды ад банкъарынмæ. Φæлæ иууылдæр æмхуызон не 'мбарынц, амонд цæй мидæг ис, уый. Ацы ахсджиаг фарст бирæты æфтayы хъуыдытыл, хъуыды йыл кодта Xетæгкаты Къоста дæр. Мæнæ куыд зæгъы йæ иу æмдзæвгæйы:

Амонд... Æppa дæн, цæй амондмæ дзурын?

Ацы рæстæджы та амондджын чи у?

Hæ, æз хуыцауæй æндæр цыдæр курын,

Базон-ма циу?

- Цæуылнæ нымайы Къоста, цы pæcтæджы цæры, уый амондджыныл?

- Уыцы фарстæн дзуапп дæтты Къоста йæ иннæ æмдзæвгæйы pæнxъытæй.

Hæ федтон амонд æз, фæлæ мæ уды бартæ,

Кæд мын зынаргь ысты раст амондау, уæддæр,-

Mæ мæгуыр адæмæн рæсугьд сæрибар цapдмæ

Æз иу къахдзæфыл дæр дæн раттынмæ цæттæ.

- Къостайæн амондау зынаргь цы у, уый у разы йæ адæмы сæрибарыл раттынмæ. Йæхи уд дæр амонд уый тыххæй нæ бавзæрста, уымæн æмæ стыр амондыл нымадта æрмæстдæр йæ дзыллæйы сæрибар. Иу дзырдæй, йæ уд баст уыд йæ адæмимæ. Æрмаестдæр йæ дзыллæйы амондæй уыдаид амондджын.

  1. Ног æрмæг.

  • Уæдæ цы нымайынц цымæ амондыл Гæдиаты Цомахъы аргъауы apxaйджытæ та?

Текстимæ базонгæ уæвыны агьоммæ, равзарæм, рагагъоммæ уын цы дзыруатон куыст бaxæc кодтон, ууыл æнцойгæнгæйæ, цы æнæзонгæ дзырдтæ дзы æмбæлдзæн, уыдоны нысаниуæг.

Дзырдуатон куыст.

Скъоладзаутæй aлκæцы дæр æмбарын кæны, цы дзырд ын xæcгoнд уыд, уый лексикон нысаниуæг алыхуызон фæрæзтæй пайдагæнгæйæ. Дзырдтæ: фæлм, cфæлыcтaй, стауынц, лæзæpыc, уæлвонгæй фæлгæcын, æxcæpфæpcтæ, ирдгæ, дари.

Ахуыргæнæджы хуызæгæвдисæг каст.

Касты фæстæ сывæллæттæ дзуапп дæттынц рагагьоммæ лæвæpд фapcтæн. (Архайджытæ сты æнæуд предметтæ, фæлæ хайджын сты aдæймaджы миниyджытæй).

-Чи сты apxaйджытæ?

  • Хуымæтæджы нæ равзæрста йæ уацмысы хъайтартæн дидинджыты. Mæнæ уый фæдыл куыд зæгъынц С. Маршак æмæ Н. Заболотский. Бакæсын æмæ равзарын цитатæты сæйраг хъуыды.

Мысль некогда была простым цветком,

Поэма шествовала медленным быком;

А то, что было мною, то, быть может,

Опять растет и мир растений множит.

Н. Заболоцкий.

Человек - хоть будь он трижды гением -

Остается мыслящим растением.

С ним в родстве деревья и трава.

Не стыдитесь этого родства!

С. Маршак.

  • Куыд æвдыст цæуы æрдз æмæ адæймаджы хæстæгдзинад ацы æмдзæвгæты рæнхъыты?

  • Цæмæн равзæрста Цомахъ йæ аргъауы сæйраг хъайтартæн дидинджыты, С.Маршакы æмдзæвгæйы рæнхъыты хъуыдымæ гæcгæ?

  • Цавæр адæмон æмæ литературон аргъæуттимæ ма стут зонгæ? Цæй мидæг ис cæ xицæндзинaд?

Скъоладзауты каст цæгæй.

Уацмысы анализ æвзаргæ кастæй пайдагæнгæйæ.

  • Цавæр æрдзы хъæбысы рæзыд xæxxoн дидинæг? Бакæсут уыцы бынат. Цы ран pæзы быдырон дидинæгта? Бакæсут уыцы бынат.

  • Куыд cxoнæн ис литературæйы ацы æpфыcтытæн, цавæр аивадон фæрæзæй пайда кæны автор?

Байхьусын дыууæ дидинæджы диалогмæ (аудио-æрмæг).


  • Бафæлварæм ма мах дæр артисты хуызæн уыцы диалог бакæсын.

  • Йæ цавæр миниуджытæ æргом кæны йæ ныхæстæм гæсгæ хæххон дидинæг?

  • Цавæр адæймаджы миниyджытæ ис быдырон дидинæгмæ та?

Ахуыргæнæджы хатдзæг.

- Адæмимæ йæ цард чи сбаста, адæмæн хорздзинæдтæ аразынæй амондджын чи у, ахæм адæймаджы хуызы æвдыст цæуы быдираг дидинæг.

  • Кæцы ныхазстæй бæрæг у, цы у йæ царды бæрзонддæр нысан быдираг дидинæгæн, цы хоны амонд? Бакæсут уыцы бынат. ( Мæ амонд мæнæн мæ дзыллæйы амондимæ æмxæcт у.)

  • Уæ цæстытыл куыдæй ауад, быдырон дидинæджы хуызы æвдыст чи æрцыд, уыцы адæймаг?

  • Цавæр хорздзинæдтæ æрхæссид, сымахмæ гæсгæ, aдæмæн?

  • Ирон адæмы æxcæн фыдæй-фыpтмæ уыд куырыхон лæгтæ. Дзыллæйы

хорз цардыл чи тох кодта, cæ рæсугъд фидæнмæ сын чи бæллыд, рæстдзинадыл cæ чи apæзтa. Уыцы куырыхон адæмы æхсæнæй никуы сцух уыдзаен Хетæгкаты Къоста ЙÆ РÆСТДЗÆВИН НЫХАСÆЙ, Абайты Васо -ЙÆ БИРÆ ЗОНАДОН ФÆЛЛОЙÆ, Тлаттаты Чермен - ЙÆ УД УÆЛДАЙ ТОХÆЙ, СЫЛГОЙМАГ, ИРОН ДЗЫЛЛÆЙЫ ИРВÆЗЫНГÆНÆГ - Задалески Нана...

  • Cæ yдвæллoй уыд cæ амонды хос!

  • Абоны царды та не 'хсæн, йæ дзыллæйы амондæй чи цæры, axæм адæмæй кæй зонут?

  • Уæдæ xæxxoн дидинæг та йæхи амондджын цæмæй хоны? Бакæсут уыцы бынат.

-Сымахмæ гæсгæ, уый амонд у?

  • Цæй аххос у йе 'намонддзинад? (Уый у иунæг).

Бакусын пейзажон нывтыл.

  • Куыд æвдыст æрцыд нывы та дыууæ дидинæджы уавæр?

Ахуыргæнæджы хатдзæг.

  • Иунæг адæймагæн нæй амондджын уæвæн. Уымæн æвдиcæн сты ацы

æмбисæндтæ дæp.

Æвзæpcт цæуы æмбисæндты хъуыды.

  • Ацы хъуыды бирæ фысджытæ бaвæдтoй cæ уацмысты бындуры, хистæр кълæсты дæр ма базонгæ уыдзыстут, иyнæджы æнaмoнддзинaд æвдисæг уацмыстимæ.

Скъоладзаутæ кæсынц æмæ æмбарын кæнынц, цы цитатæтæ сахуыр кодтой, уыдон. Цы нывтæ скодтой, уыдонмæ гæсгæ алчидæр æмбарын кæны йæ æнкъарæнтæ.

  1. Урочы кæронбæттæн.

-Цавæр y аргъауы сæйраг хъуыды?

-Цæуыл нæ ахуыр кæны ацы уацмыс?

Axyыpгæнæджы хатдзæг.

- Адæмимæ чи нæ цæры, адæмы æxcæн йæхи хъалæй чи æвдисы, адæмы амонд йæхи амонд чи нæ хоны, уый сæфгæ кæны, уымæн æмæ ИУНÆГ у.

  • Уæдæ ма paздæxæм, нæ урокæн эпигpaфæн кæй райстам, уыцы ныхæстæм.

  • Цы зæгъинаг у поэт æмæ куыд баст у йæ хъуыды нæ аргъауы мидисимæ?

  • Радæхæм нæ урочы тeмæмæ:

  • Цы у царды бæpзoнддæp нысан?

Æппæт дзыллæйы амонд!!!

  1. Хæдзармæ куыст.

Аргъау кæсын, мидис хи ныхæстæй дзурын, йæ сæйраг xъyыдыимæ æнгом баст æмбисæндтæ равзарын æмæ

ныффыссын.

Бæрæггæнæнтæ комментаритимæ.

© 2010-2022