Урок осетинского языка в 4 классе на тему: Мивдисӕджы растфыссынад

Раздел Другое
Класс 4 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урочы темӕ . Мивдисӕджы растфыссынад.

Урочы нысан. Скъоладзаутœ мивдисœджы тыххœй цы œрмœг базыдтой,

уый бафидар кœнын.

Ахуыр кœнын хъуыдытœ раст дзурын, хатдзœгтœ кœнын,

сœ дзырдуат сын хъœздыгдœр кœнын.

Скъоладзаутæн æмбарын кæнын, адæмы, хицæн

адæймаджы царды вазыгджын удварнон æмбарынадæн,

хӕлардзинадӕн стыр бынат кæй ис царды, уый.

Урочы цыд.

I . Организацион хай.

II. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

III. Ног ӕрмӕг .

  1. Ахуыргӕнӕг (стъолыл къопп ӕвӕрд):

- мӕнӕ ай-та цы у? Сымахӕй йӕ исчи ӕрбӕхаста? Фенӕм-ма, цы ис йӕ хуылфы. ( сисын дурын ӕмӕ кусыфтӕг, фыстӕг).

- Чи сты ацы хæлæрттæ? Цавæр аргъауæй сты? (куысыфтæг æмæ дурын)

- Хъуыды-ма кӕнут, цӕй тыххӕй у ацы аргъау? (хӕлардзинады тыххӕй, хӕларӕн хъӕуы ӕххуысс кӕнын)

- Мӕнӕ-ма фыстӕгмӕ дӕр ӕркӕсӕм. Ӕрбарвыстой нӕм ӕй 4Б къласы ахуырдзаутӕ.

Хӕслӕвӕрд. Тексты нӕ фаг кӕны дзырдтӕ. Сӕвӕрӕм ма сӕ. (Райуарын скъоладзаутӕн). Сӕвӕрын цухгонд дзырдтӕ.

Ахуыргӕнӕг. - Цы дзырдтӕ дзы бавӕрдтат, уыдонмӕ иумӕйагӕй цы ис?( сты мивдисджытӕ).

Ахуыргӕнӕг. - Уӕдӕ абон нӕ урочы темӕ дӕр у мивдисӕг. Нӕ урочы хӕс у, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, мивдисӕгӕй цы базыдтам, уый.

  1. Ахуыргӕнӕг. - Байгом кӕнут уӕ тетрӕдтӕ ӕмӕ ныффыссут абоны нымӕц.

  1. Мм- ныффысын иу рӕнхъ.

  2. Мивдисӕг -ныффысын иу рӕнхъ

Ахуыргӕнӕг. Цымæ цы нысан кæны ацы дзырд йæхæдæг? Куыд арæзт у? Адих-ма йæ кæнæм. Равзарæм-ма йæ дзырды хæйттæм гæсгæ: Ми- вдис-ӕг (ӕвдисы ми , архайд).

Фарст - Цы зонут мивдисӕджы тыххӕй?

- Мивдисӕг у ахӕм ныхасы хай, кӕцы ӕвдисы предметы архайд.

- Мивдисӕгӕн ис 2 нымӕцы ( иууон, бирӕуон)

- Мивдисӕгӕн ис 3 цӕсгомы (1-аг, 2-аг, 3-аг)

- Мивдисӕгӕн ис 3 афоны ( нырыккон, ивгъуыд. суинаг)

2. Ахуыргӕнӕг. - Теори хорз зонут. Уæдæ уæ бафæлварон куысты мидæг.

Хӕс. Иухат-ма ӕркӕсӕм, нӕ хӕслӕвӕрдмӕ. Цуцухгонд мивдисджытӕ дзы бавӕрдтат, уыдонӕн сбӕрӕг кӕнӕм сӕ нымӕц, цӕсгом, афон. Сӕ растфыссынадыл ӕрдзурын.

Фӕйнӕгыл: Цардысты, бацыди, загъта, аласа, тæрсын ,æххуыс кæндзынæн, араст сты.

Фарст. Иухатт-ма ӕрлӕууын кӕнын нӕ зӕрдыл аргъауы мидис, сымахӕй искуы искӕмӕн баххуыс кодта? Радзурут-ма афтид мивдисджытӕй.

  1. Физминуткӕ.

  2. Хибарӕй куыст. Ныр та бакусдзыстӕм къӕйттӕй. Бӕрӕггӕнӕнтӕ дӕр райсдзыстут къӕйттӕй.

- райуарын карточкӕтӕ, бацамонын хӕслӕвӕрд.

- равзарын карточкӕты дзуӕппытӕ.

Фарст. Зӕгъут-ма, карточкӕтыл кусгӕйӕ уӕ кӕрӕдзийӕн куыд ӕххуыс кодтат?

  1. Фарст. Хайыгтӕ нӕ ӕмӕ нал мивдисджытимӕ куыд фыссӕм?(хицӕнӕй : нал цӕуын, нӕ хъазын)

  2. Чиныгимӕ куыст. 262-ӕм фӕлтӕрӕн.

IV. Кӕронбӕттӕн.

  1. - цӕуыл дзырдтам абон нӕ урочы? ( фӕйнӕгыл таблицӕтӕм гӕсгӕ)

Ахуыргӕнӕг- - Сывæллæттæ, мах абон урочы дзырдтам мивдисæджы тыххæй, сфæлхат кодтам æппæт рацыд æрмæг.

Мæн фæнды, цӕмӕй уӕ кӕрӕдзиимӕ цӕрат хӕларӕй, уӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнат.

2. Урочы кӕрон ма мӕ фӕнды , цӕмӕй уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнат, цавӕр бӕрӕгбон уыд знон?

- цавӕр мивдисджытӕй спада кӕнынц, сӕ ӕнкъарӕнтӕ ӕвдисгӕйӕ? Ныффысӕм-ма сӕ мӕнӕ ацы зӕрдӕтыл.

3. Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын. (Фӕйнӕгыл ауындзынц сиайликтӕ)

V. Хӕдзармӕ куыст . 263 фӕлтӕрӕн.



© 2010-2022