Конспект открытого мероприятия ко дню рождения Коста Хетагурова

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Использование национально-регионального компонента на уроках осетинского языка и литературы.



Темæ:

«Ирон фæндыр».

(Хетæгкаты Къостайы райгуырды 156 азы бонмæ).











Ирон æвзаг æмæ литературæйы

ахуыргæнæг Æлборты Дзерассæ

2015-2016 аз

Хъуысы ирон музыкæ. Залмæ æрбацæуынц архайджытæ, сæ къухты цырæгътæ.Залы цы ахуыргæнинæгтæ бадынц, уыдон сыстадысты. Архайджытæ сценæмæ схызтысты, сæ цырæгътæ Къостайы бюсты алыварс æрæвæрдтой, стæй алчи йæ бынаты арбадт.

Конспект открытого мероприятия ко дню рождения Коста Хетагурова.

1-аг архайæг кæсы амдзæвгæ «Ныстуан». (кæсы йæДжыгкайты Георгий, 11-æм къласы ахуыргæнинаг).

Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг

Кæуæгау фæкæса, мыййаг, --

Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,

Уый зарæд йæхи фæндиаг!..

Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,

Куы бафидин искуы мæ хæс
Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,

Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс…

2-аг архайæг дзуры:

« Алы аз дæр , кæфты мæйы, фынддæсæм бон, ирон адæм фæбæрæг кæнынц Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон».

1-аг архайæг: 15-го октября исполнилось 156 лет со дня рождения великого сына Осетии - Коста Левановича Хетагурова.

2-аг архайæг:

Дзыллæты амондыл тохы чи бафæллад, ахам адæймагæн мæлæт нæй. И сын æрмæст райгуырæн бон. Уый вæййы адæмон бæрæгбон. Ахæм кадджын бон сси Ирыстоны 15-æм октябрь.

1-аг архайæг:

Сегодняшний день не запоздалая дань памяти поэту, увы, давно и безвозвратно ушедшему от нас, а скорее - блистательный триумф его бессмертия.

2-аг архайæг:

Хæххон адæммæ ис ахæм таурæгъ. Цардис иу мæгуыр лæппу. Хъæздыгдзинадæй йын Хуыцау балæвар кодта æрмæст æхсарджын зæрдæ. Нæ бауарзтой лæппуйы фыдгултæ, фæсаууонæй йæ багæрах кодтой, йæ риуæй йын стыдтой йæ зæрдæ, фехстой йæ зæхмæ æмæ йыл стыр дур ныффæлдæхтой. Дыккаг бон хъæуы цæрджытæ кæсынц æмæ дур - нал. Йæ бынаты дымгæ диссаджы рæсугъд дидинджыты фæйлауы. Æхсæвы та фыдгултæ дидинджыты сæ бындзарæй срæмыгътой æмæ сæ сæ къæхты бын ныккодтой. О, фæлæ диссаг! Райсомæй та дидинджытæ цы уыдысты, уымæй авд ахæмы фестадысты, се 'хсæн та хуры тынтæ æмбæхстытæй хъазыдысты. Адæм дидинджыты рахуыдтой «æхсарджын зæрдæ».

Балцы-иу чи цыд, уый-иу дидинджытæй иу æртыдта, ард-иу бахордта æмæ-иу æй йæ уарзон чызгæн балæвар кодта. Ахæм ардæй карздæр нæ уыдис хæххон адæммæ.

1-аг архайæг:

Ацы таурæгъ у Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайыл. Цал æмæ цал ирон лæппуйы балæвар кодта йæ уарзон чызгæн Къостайы æмдзæвгæты чиныг.

2-аг архайæг.

Æхсарджын зæрдæйæ рæзынц æхсарджын рæнхъытæ:

Мæ аргъуан - зæхх,

Мæ дзуар у уарзондзинад,

У Дун-дуне Фыдыбæстæ мæнæн!

1-аг архайæг:

Къоста фыста: «Æз дан нывгæнæг æмæ адæмон поэт».

Уæвгæйæ та уыд стыр адæмон поэт, прозаик, драматург, критик æмæ публицист, тæлмацгæнæг, нывгæнæг, этнограф æмæ зарæггæнæг. Уый йæ размæ æвæрдта егъау хæстæ. Нæ бон у фидарæй афтæ зæгъын: Къоста уыд нæ рæстæджы Амыран, ирон Прометей. Уыдон адæмæн арвæй æрхастой зынг, Къоста махæн радта рухс хъуыдытæ æмæ рæсугъд аивад. Нартæ сæ хæзнаты хуыздæрыл нымадтой фæндыр. Къоста махæн радта «Ирон фæндыр». Уымæн йе сгуыхт æмæ йæ ныхас сты æнусон, нæй сын рохуат, нæй сын мæлæт.

2-аг архайæг зæгъы: -- Кæсы æмдзæвгæ Огойты Дзамбулат, 8б къласы скъоладзау

«Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин,

Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, --

Дунеты се 'ппæтмæхимæ æрхонин,

Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст».

2-аг архайæг:

Къостайы сфæлдыстады ахсджиаг бынат ахсынц баснитæ, сывæллæттæн фыст æмдзæвгæтæ. Бакæсут ныр та сценкæ «Халон æмæ рувас»-мæ.

Æххæст æй кæнынц 6а къласы скъоладзаутæ Хъæцмæзты Миленæ, Хъæцмæзты Георгий æмæ Хуыбылты Артур.

1-аг архайæг: Ирон аив литературæйæн Къоста ссис фидар бындурæвæрæг, цæугæ хох, йæ лæугæ мæсыг, йæ сæууон стъалы, æмæ йын «Ирон фæндыр баззади цырагъдарæй», -- фыста номдзыд ахуыргонд Абайты Васо.

2-аг архайæг:

Къостайы сфæлдыстады ис æмдзæвгæтæ, поэмæтæ, æмбисæндтæ, таурæгътæ æмæ зарджытæй уæлдай йæхæдæг цы жанр сарæзта, «зæрдæйы сагъæстæ», зæгъгæ, уый. Уыцы жанры бындурыл фыст у поэты сæйраг чиныг «Ирон фæндыр».

Æмдзæвгæ «Мæ Иры фæсивæд». Кæсы йæ 6 «б» къласы скъоладзау Оганнесян Гор.

1-аг архайæг:

Йæхæдæг та афтæ фыста: «Æз мæ дзырд уæй никуы кодтон, мæ иунæг рæнхъы тыххæй дæр æгæр-мæгуыриунæг суари дæр никæмæй райстон… Мæ рыст зæрдæйæ æддæмæ цы рæдувы, уымæй дарддæр никуы ницы фыссын».

Æмдзæвгæ «Катай».

2-аг архайæг:

Къоста йæ уацмыстæ фыста иронау дæр æмæ уырыссагау дæр. Уырыссаг æвзаг Къостайæн ссис йæ дыккаг мадæлон æвзаг. Стыр уарзондзинады уæлтæмæн æвдисæг сты, уырыссаг æвзагыл цы лирикон æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон.

Стихотворения «Расстаться не трудно…», «Исповедь». Кæсынц сæ 9 «б»-æм къласы скъоладзаутæ Лалыты Давид æмæ Пухаты Владимир.

1-аг архайæг:

Кавказы адæмтæ бирæ таурæгътæ, бирæ æнкъард зарджытæ сарæзтой сæ уæззау цардыл. Сæрыхъуын арц сбады, зæрдæ ныккæрзы уыдонмæ хъусгæйæ. Фæлæ дзы Къостайы хуызæн йæ зарджытæй хæхтæй бæрзонддæр ничи схызт. Æмæ уыцы бæрзондæй ничи федта адæмы хъыгтæ æмæ цæссыгтæ.

Æмдзæвгæ «Ракæс». Кæсы йæ Танделаты Дианæ 9а къласы скъоладзау.

2-аг архайæг.

Къостайы поэмæ «Фатимæ» - мæ гæсгæ киноныв сæвæрдта Гуырдзыстоны киноматографийы зындгонд режиссер Сикъо Долидзе. Цал æмæ цал зæрдæйы ныххаудысты Къостайы æнæмæлгæ, æнæферохгæнгæ ирд сурæттæ. Бирæ фæлтæртæн ма уыдзысты фæзминаг, бирæ фæлтæртæ ма хъомыл кæндзысты уыцы æрдхæрæны хъайтартыл.

Поэмæ «Фатимæ»- йæ скъуыддзаг. Хъуысы ирон музыкæ. Æххæст æй кæнынц 9б къласы скъоладзаутæ Хъайсынты Дианæ æмæ Пухаты Владимир.

Конспект открытого мероприятия ко дню рождения Коста Хетагурова.

1-аг архайæг:

Къостайы литературон сфæлдыстады æмрæнхъ лæууынц йæ конд нывтæ дæр: «Дондзау», «Хъыггæнæг зæд», «Ирон хæдзары», «Дурсæтджытæ», «Автопортрет» æмæ æнд. Цыма йын фыссын цынæ бантыст, уый нывты хуызы ныууагъта…

Презентаци «Къоста - нывгæнæг».

2-аг архайæг:

«Алы адæмтæ дæр æхсызгонæн æмæ сæрыстырæй фæзæгъынц, дзыллæты цæсты сæ кадджын чи скодта, сæ национ гени, уалдзыгон дидинæгау,кæй фæрцы райхæлд, сæ уыцы ахсджиаг хъæбулты нæмттæ. Англисаг сæрыстырæй фæзæгъы Шекспиры ном, шотландиаг - Бернсы, немыцаг - Гётейы, италиаг - Дантейы, уырыссаг - Пушкины. Мах та, ирæттæ, фæзæгъæм - Къоста. Æмæ нын уыцы ном нæ зæрдæтæ байдзаг кæны сæрыстырдзинад æмæ хъæбулы уарзондзинадæй», -- фыссы Абайты Васо.

8


© 2010-2022