Обобщение педагогического опыта Антонимта

Раздел Другое
Класс 5 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:















Ирон ӕвзаджы гом урок 5-ӕм къласы

Темӕ «Антонимтӕ»















Бацӕттӕ йӕ кодта

25-ӕм скъолайы ахуыргӕнӕг:

Туаты Фатимӕ



Урочы темæ: «Антонимтæ»

Урочы нысан: 1. Антонимтимæ базонгæ кæнын скъоладзауты.

2. Хæстæг æмæ ныхмæвæрд дзырдтæй ныхасы пайда кæныныл ахуыр кæнын.

3. Синонимтæ æмæ антонимтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ абарын.

Хъомыладон хæс: Рæзгæ фæлтæрæн Райгуырæн зæхх æмæ мадæлон æвзаг бауарзын кæнын, фыдæлты æгъдæуттимæ сæ бæттын, раст зондахаст сæм гуырын кæнын.

Цæстуынгæ æрмæг: 5-æм къласы ирон æвзаджы чиныг, нывтæ, карточкæтæ, æмбисæндтæ.

Урочы цыд.

I. Орг. хай.

Фæйнæгыл фыст:

«Сты зондӕн уацхӕссӕг ӕппӕт дунейы `взӕгтӕ.

Нӕ дзы `арын хӕстӕг ӕмӕ дӕрддаг.

Фӕлӕ ныххойыс зӕрдӕйы къӕсӕртӕ.

Ӕрмӕстдӕр ды,мӕ мадӕлон ӕвзаг!»

Астемыраты Изетӕ

II. Сбæрæг кæнын хæдзармæ куыст.

«Синонимтæ». (Цалдæр ахуырдзауы сæ фысгæ куыст кæсынц). Уый фæстæ æрмæг фидар кæнын фæрстытæй.

Фыццаг слайдыл цы хъуыдыйӕдтӕ ис,уыдон кӕсынц. Бавӕрын стъӕлфыты бӕсты дзырд.

Фарст: Тексты темӕ цӕимӕ баст у?

Дзуапп :Ирыстонимӕ

Фарст: Цы у Ирыстон?

Дзуапп: Нӕ Райгуырӕн бӕстӕ

Фарст: Ӕндӕр хуызӕй фыст дзырдты тыххӕй уӕ бон зӕгъын цы у?

Дзуапп :Сты синонимтӕ

Фарст: Цавæр дзырдтæ хонæм синонимтæ?

Дзуапп. Иухуызон нысаниуæгджын дзырдтæ хуыйныц синонимтæ.

Фарст: Зæгъут -ма мын синонимты сæйраг миниуджытæ?

Дзуапп: а) хъуысынц алыхуызон

б) ис сын æмхуызон нысаниуæг

в) синонимтæ арæхдæр загъд вæййынц уыцы иу ныхасы хайæ.

г) синонимты нысаниуæг бынтон æмхуызон нæ вæййы, алкæмæн дæр дзы вæййы йæхи уæлæмхасæн нысаниуæг.

Фарст: Цы æххуыс сты синонимтæ æвзаджы?

Дзуапп: Синонимты руаджы бæлвырддæр загъд цæуынц адæймаджы хъуыдытæ

Фарст: Уæдæ кæд æрмæг бамбæрстат, уæд мын лæвæрд дзырдтæн зæгъут сæ синонимтæ:

Сис - къул зæронд - ацæргæ

стъол - фынг дымгæ - уддзæф

лидзын - згъорын, тæхын стыр - егъау, дынджыр

Абырæг - къæрных ницæййаг - æгуыдзæг, æвзæр, æдзæллаг

Фарст: куыд фыссæм дзырд «егъау».

Цæмæн?

III. Дзырдуатон диктант:

Адджын, бæрзонд, ныллæг, разæвæрд, æбæлвырд, стыр, æххормаг, æдзæхх, æнкъард, уæм, хистæр.

IV. Ног æрмæг амонын. «Антонимтæ»

(Фæйнæгыл нывтæ конд, фыст ыл ис уыцы - уыци)

Зиллаккыл дыууæ бæлццоны,

Зон, цæуынц æхсæвæй - бонæй,

Иу - цыбырдæр, иннæ - даргъдæр,

Иу - сындæгдæр, иннæ - тагъддæр

Уыдон фæрцы зоны лæг

Куыстæн, улæфтæн рæстæг

(сахат)

Ныр та мӕнӕ ацы дзырдбыды ссарӕм ӕмбӕхст дзырд.

  1. Дон их кӕнын (Сӕлын)

  2. Митын лӕджы сӕрыл ӕй ӕркӕнынц (ведра)

  3. Сырдтӕ зымӕджы уазалӕй кӕм бамбӕхсынц(хуыкком)

  4. Боны райдайӕн (райсом)

  5. Митын бӕстӕйы сылгоймаг паддзах (ӕхсин)

  6. Зымӕгон хъарм уӕлӕдарӕс (кӕрц)

  7. Бирӕ миты рӕдзагъд (хъӕпӕн)

с

ӕ

л

ы

н


в

е

д

р

а


х

у

ы

к

к

о

м


р

а

й

с

о

м


ӕ

х

с

и

н


к

ӕ

р

ц


хъ

ӕ

п

ӕ

н


Фарст: Сывæллæттæ, грамматикæйы кæцы хай ахуыр кæнæм?

Дзуапп: Лексикæ.

Фарст: Цы хонæм лексикæ?

Дзуапп: Æвзаджы æппæт дзырдтæ иумæ хуыйнынц æвзаджы дзырдуатон сконд, кæнæ та лексикæ.

Дзырд цы амоны, цы 'вдисы, уый у йæ лексикон нысаниуæг.

Фарст: а). Уæдæ цы нысан кæны дзырд «сахат» (предмет, кæцы нын амоны рæстæг)

б) æрхъуыды кæнут «сахатимæ» дзырдбаст (сызгъæрин сахат).

в) Дзырд «сызгъæрин» йæ комкоммæ нысаниуæджы лæвæрд цæуы æви йæ ахæсгæ?

Æрхъуыды кæнут, сызгъæрин ахæсгæ нысаниуæджы кæм уа, ахæм дзырдбаст. (сызгъæрин лæппу).

Ахуыргæнæджы ныхас. Абон, сывæллæттæ, базонгæ уыдзыстæм антонимтимæ. Куыд бирæнысæнон дзырдтæ æмæ синонимтæ, афтæ антонимтæ дæр сты не 'взаджы хъæздыгдзинад бæрæгæнæг дзырдтæ.

Дзырд «антоним» у грекъаг дзырд, нысан кæны «анти» -ныхма, «оним»-дзырд, ома ныхмæвæрд дзырдтæ. Уæдæ сæ нысаниуджытæ ныхмæвæрд цы дзырдтæн вæййынц, уыдон хуыйнынц «антонимтæ». (чингуытимæ куыст, кæсæм раиртæст)

Хæс: 1). Бæкæсæм-ма фæйнæгыл фыст уыци - уыци иу хатт æмæ дзы ссарæм антонимтæ.

2). Æркæсæм ма, фæйнæгыл цы нывтæ ис, уыдонмæ. Цы зæгъдзыстæм? Цавæр антонимон парæ дзы ис?

Фарст: Уырыссагау мын зæгъут, цавæр дзырдтæ хонæм антонимтæ?

(Æрхæссут дæнцæгтæ)

  • Уæдæ ныр та æркæсæм нæ диктантмæ. Лæвæрд дзырдтæм æрхъуыды кæнæм антонимтæ (дзургæйæ).

Уый фæстæ тетрæдтæм фыссæм, фæйнæгыл цы фыст ис, уый.

(Уыцы рæстæджы цалдæр скъоладзауы кусынц карточкæтимæ).

(Сындæг хъуысы музыкæ. Зарæг «Мæ Ирыстон» - Галуанты Л. æмдзæвгæмæ гæсгæ, зары Саккаты Валерæ).

Куыст куы фæуой, уæд хъæрæй кæсын урочы эпиграф. Ссардзыстæм дзы антонимтæ. (Бакæндзынæн хъомыладон куыст).

Уый фæстæ зынæмбарæн дзырдты нысаниуæг бамбарын кæндзынæн.

- Слайдыл дзырдтӕ фыст.

Хӕс: Бавӕрын цухгонд дамгъӕтӕ дзырдты. Ӕрхъуыды кӕнын семӕ дзырдбӕстытӕ. Иуимӕ хъуыдыйад.

V. Скъоладзаутæ фыст куы фæуой, эпиграфыл куы бакусæм, уæд дзургæйæ æххæст кæнæм фæлтæрæн куыст (лæвæрд мивдисджытæн æрхъуыды кæнут се 'муидаг антонимтæ)

æртæхын - атæхын

баулæфын - раулæфын

рахизын - бахизын

сбырын - ныббырын

авналын - æрбавналын

æрæппарын - сæппарын

скæсын - ныккæсын

Разæфтуан «ны» - йы растфыссынадмæ мæ хъус æрдардзынæн

Дзырд «ныккæсын» дзырды хæйттæм гæсгæ равзардзыстæм.

VI. Æрмæг ныффидар кæнын. Сывæллæттæ, мах 5-æм къласы ахуыр кодтам диссаджы æмдзæвгæ, æвдыст дзы цæуы сæрæй кæронмæ ныхмæвæрд архайд. Чи мын æй æрхъуыды кæндзæн (кæй фыст у, куыд хуыйны æмдзæвгæ) æмæ мын æй найзусть чи бакæсдзæн. (Бацамонут, ныхмæвæрд нысаниуæг цы рæнхъыты ис, уыдон).

  • Уæдæ ма мын нæ лит-йы уацмыстæй дæр уæ зæрдыл æрлæууын кæнут ныхмæвæрд хъайтарты (Нигеры аргъауы, «Хъæндил»-ы).

  • Аргъау «Антонимты дуне»

VII. Хатдзæгтæ: Уæдæ мах базонгæ стæм антонимтимæ.

-Цавæр дзырдтæ хонæм антонимтæ?

-Цы æххуыс нын сты антонимтæ?

Сывæллæттæ, мæнмæ гæсгæ, темæ бамбæрстат, антонимтæй пайда кæнын сарæхсдзыстут дзургæ ныхасы, бахъуыды кæндзыстут, куыд хъæздыг сты антонимтæ, куыд нын рæсугъд кæнынц нæ уарзон мадæлон æвзаг.

IX. Хæдзармæ куыст: 37, Фæлтæрæн 161, . Антонимтæй хъæздыг у нæ адæмон дзургæ сфæлдыстад. Тынг арæх антонимтæ æмбæлынц уыци - уыциты, аргъæутты, æмбисæндты:

Æрхъуыды кæнут фæйнæ 2 æмбисонды ӕмӕ уыци-уыцийы антонимтимæ.


© 2010-2022