Сочинение на тему Мæ фыццаг урок скъолайы

  «Мæ фыццаг урок скъолайы».                                                   «Ахуыргæнаджы царды фæлгонц у йæ                                                   профессион хæцæнгарзы иу хай» (Филлипс).         Скъоламæ куы бацыдтæн, мæхи æмбарынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ мæ зæрдæйы сæвзæрд стыр белиц: ахуыргæнæг суæвын.       Къласмæ бацæуын, сывæллæтты цæстæнгæс дæхимæ раздвхын æмæ сын бацамонын царды фыццаг къæпхæнтыл схизын. Уыдонæн бацамонын æрмæст кæсын æмæ фыссын нæ, фæлæ раргом кæнын с...
Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

«Мæ фыццаг урок скъолайы».



«Ахуыргæнаджы царды фæлгонц у йæ

профессион хæцæнгарзы иу хай» (Филлипс).

Скъоламæ куы бацыдтæн, мæхи æмбарынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ мæ зæрдæйы сæвзæрд стыр белиц: ахуыргæнæг суæвын.

Къласмæ бацæуын, сывæллæтты цæстæнгæс дæхимæ раздвхын æмæ сын бацамонын царды фыццаг къæпхæнтыл схизын. Уыдонæн бацамонын æрмæст кæсын æмæ фыссын нæ, фæлæ раргом кæнын сæ миддуне у ахуыргæнæджы хæс.

Æмæ мæнæ ме стыр бæллиц сæххæст. Райсом хъуамæ бакъахдзæф кæнон мæ фыццаг урокмæ. Æхсæв мыл хуыссæг нал хæцыд. Мæ цæстытыл уадис урок куыд дæтдзынæн, уый. Куыд бахиздзынæн къласмæ. Уыцы цыппор цæсты мæм куыд кæсдзысты, цæмæ мæм æнхъæлмæ кæсдзысты? Цы бацамондзынæн уыцы скъоладзаутæн? Куыд мæ бамбардзысты? Ацы фæрстытæ мæ сæры æвзæрдысты.

Мæ урочы темæ уыд Хетæгкаты Къостайыл. Базонгæ дæн сывæллæттимæ. Мæ ном сын загътон. Базыдтон уыдоны нæмттæ дæр. Стæй райдыдта мæ урочы сæйраг хай.

Сывæллæтты бафарстон, зæгъгæ, кæд æмæ цавæр хъæуы райгуырд Къоста. Бафарстон сæ, цал азы йыл сæххæст уыдзæн 15 октябры. Кæй зæгъын æй хъæуы, цыдæртæ зыдтой поэты цардæй. Раппæлыдтæн, дзуапп чи радта, уыдонæй. Дарддæр рахызтæн Къостайы биогрфи бæстон- биноныг дзурынмæ. Радзырдтон сын, Къоста цавæр уавæрты райгуырд æмæ сидзæрæй, æнæ мадæй йæ цард куыд æрвыста, куыд райдыдта фыссын æмдзæвгæтæ, мыхуыры куыд рацыд Къостайы чиныг «Ирон фæндыр». Стæй сын радзырдтон, Хетæгкаты Къоста йæ зын царды уавæртæй цы низæй фæрынчын, æмæ кæм амард, уый. Сывæллæттæ мæм афтæ лæмбæныг хъуыстой æмæ мæ фæндыдис, Къостайы тыххæй мæхæдæг цы нæ зыдтон, уыцы уысм куы базыдтаин. Дарддæр бакастыстæм Къостайы фыст æмдзæвгæтæ.

Мæ фыццаг урок мæм сæвзæрын кодта ахæм хъуыдытæ: ахуыргæнæджы куыст дæр зын у. Йæ зон, йе стыр ныфс, хъару табуафсийæ хъуамæ дета алы бон дæр йæ ахуыргæнинæгтæн, алы сывæллоны зæрдæмæ дæр хъæуы, мадау хицæн фæндаг ссарын.



© 2010-2022