Нæ цæугæ хох, нæ лæугæ мæсыг

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Нæ цæугæ хох, нæ лæугæ мæсыг

СЦЕНАРИ ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТАЙЫ РАЙГУЫРДЫ

150 АЗЫ БОНМÆ

Хъуысы Къостайы уацмысмæ гæсгæ фыст мелоди.

Амонæг: Къоста… Æрмæстдæр номæй хонынц ирон адæм Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы. Ирон лæгæн уыцы ном йæ чысылæй йæ амæлæты бонмæ вæййы тырысайау. Æрмæстдæр иунæг ном, æмæ цæстыты раз сысты адæмты сæрхъуызой, йæ цард æгасæй дæр йæ дзыллæйæн чи радта, уыцы арфæйаг Къостайы цардæгас сурæт.

1-аг архайæг:

Æз дзыллæйæ

къаддæр куы дарин,

Куы бафидин искуы мæ хæс,

Уæд афтæ æнкъардæй

нæ зарин,

Нæ хъуысид

мæ кæуын хъæлæс…

(«Ныстуан»)

Амонæг: Дзыллæтæ, хурыскастау, йæ фенынмæ кæмæн бæллыдысты, цардыл, фидæныл сæ чи æууæндын кодта, тыхст сахат йæ адæмæн ныфс æмæ хъаруйы мæсыг чи уыди, уыцы Къостайы райгуырдыл æххæст кæны 150 азы.

Кафджыты къорд кафынц къахфындзтыл.

Амонæг: Ирон адæмы ахсджиаг хъæбул Къостайæн йæ диссаджы зарджытæ, йæ зæрдæбын сагъæстæ айзæлынц зæххы къорийыл.

Зарæггæнджыты къорд зары «Хъуыбады».

Амонæг: Къостамæ уарзондзинадæй райгуырд рæсугъд æгъдау: æппæтадæмон бæрæгбон поэты кадæн. Ахæм стыр амонд æрмæстдæр уымæ кæсы, йæ адæмы хуыздæр миниуджытæй хайджын чи вæййы, æрдзæй ахæм стыр курдиат чи рахæссы, йæ цард æппæтæй дæр адæмы хъысмæтыл фидар чи бабæтты, уымæ. Къостайы рухс номимæ баст бынæттæ ирон адæмæн сты кувæндонау, бирæтæ дзы фæстæмæ ногæй арæзт æрцыдысты.

Бæрæгбоны адæм агуылф кæндзысты Уæлладжыры коммæ, зæронд Нарыхъæуæй райхъуысдзысты поэты диссаджы зарджытæ. Бæрæгбон, фурды донау, анхъæвздзæн суанг Пятигорскмæ, Стъараполмæ, Украинæмæ, Мæскуымæ, Петербургмæ. Йæ райдайæн та - нæхи горæты.

Музыкæ:

2-аг амонæг: Адæм зæрондæй-ногæй, стырæй-чысылæй æмбырд кæндзысты Къостайы номимæ баст бынæтты: Нары, Дзæуджыхъæуы, Лабæйы, цæудзысты йæ музейтæм, хæсдзысты рæсугъд дидинджытæ йæ цыртдзæвæнтæм.

Музыкæ:

Амонæг: Абон та скъоладзаутæ æрбацыдысты Мамсыраты Дæбейы номыл сывæллæтты республикон библиотекæмæ. Семæ æрбахастой сæхи конд нывтæ, уацмыстæ. Зæгъæн ис, сабитæй алкæмæн дæр ис йæхи Къоста. Зæгъут-ма (дзуры сабитæм), кæд базонгæ стут Къостайы цард æмæ сфæлдыстадимæ? Цавæр æнкъарæнтæ уæм равзæрын кæнынц йæ уацмыстæ?

1-аг архайæг: Æз райсын ахорæнтæ æмæ фæныв кæнын хæхтæ, айнæджытæ, урс цагъд къуымбилау мигътæ…

2-аг архайæг: Æз та аныгъуылын хъуыдыты, куыд мæгуыр цард кодтой нæ фыдæлтæ… Куыд баууæндын кодта Къоста мæгуыр ирон адæмы фидæны рухс цардыл.

3-аг архайæг: Мæнæн Къоста мæ царды ныфс у.

4-æм архайæг: (Кæсы йæ сочинении «Нæхи Къоста»-йæ скъуыддзаг).

5-æм архайæг: (Кæсы скъуыддзаг поэмæ «Фатимæ»-йæ иронау.) Цы у ай, музыкæ, ныв, æмдзæвгæ - фæфæрсын мæхи.

6-æм архайæг: Мæн фæфæнды хъæрæй кæсын «Скъолайы лæппу» (кæсы æмдзæвгæ).

7-æм архайæг: Къостайы размæ ирон дзырд, æнæрцæф æфсургъау, уыдис. Къоста уыцы æфсургъæн разынд æппæты аккагдæр барæг æмæ йыл стахти дзырдаивады тæккæ бæрзонддæр цъупмæ.

8-æм архайæг: «Ирон фæндыр»-ы зæлтæ мын мæ удыхъæд, мæ хъуыдытæ кæнынц хъæздыгдæр, рæсугъддæр, базырджындæр, æрфæнды мæ адæмы фарнæн цæрын.

9-æм архайæг: Къостайы цард æмæ поэзийыл хъуыды кæнгæйæ, цæмæдæр зæрдыл æрлæууынц нæртон гуыппырсартæ.

10-æм архайæг: Цалдæр фондзыссæдз азы дæргъы æхсæн къæйты астæу цæрдудæй ныгæды хуызæн чи уыд, уыцы æнамонд адæмы зæрдæхалæн фæдис-хъæр Къоста скодта йæ зарæджы сæр, æмæ уымæн у мæнæн Къоста зынаргъ.

11-æм архайæг: Къоста æмтъерыйы дзæмбытæй ратыдта «арфæйы дзырд», ирон ныхасæн скодта уаг æмæ фæтк. Уый у йе сгуыхт.

Амонæг: Цавæр цаутæ радзурын у уæ бон Къостайы цардæй?

1-аг архайæг: 1859 азы 15 октябры йæ райгуырæн Ирыстоны хæхбæсты астæу зæронд Нары хъæуы Хетæгкаты Леуанæн райгуырди лæппу.

2-аг архайæг: Нары хистæртæ йыл сæвæрдтой ном Къоста.

3-аг архайæг: Йæ мад уыди Гуыбатæй - амарди. Сæ хæстæг ус Чендзе райста сидзæры хæссынмæ. Сыгъзæрин зæрдæ уыди уыцы сылгоймагæн. Мады ад уымæй базыдта Къоста.

4-æм архайæг: Кæсы Фæрниаты Дзибусы «Къоста».

5-æм архайæг: Кæсы рæнхъытæ «Чи дæ?»-йæ скъуыддзаг.

(Райдиан)

Æз райгуырдтæн хохы…

Нæ хъæд къул æскъæт, -

Ныр дæр мæ нæу рохы, -

Æвгъæддон уыд уæд.

(Уый онг)

…Мæн иу ус фæхаста…

Сывæллон ахуыр,

Йæ дзидзи нæ ласта

Мæ дзыхæй, мæгуыр…

Кафджыты къорд: Кафынц «Симд».

1-аг архайæг: Къоста дамгъæтæ базыдта йæ райгуырæн Нары.

2-аг архайæг: 1868 азы Леуаны бинонтæ Дзæуджыхъæумæ куы ралыгъдысты, уæд уым бацыд ахуыр кæнынмæ прогимназмæ.

3-аг архайæг: 1870 азы Ирæй 170 хæдзары ралыгъдысты Кубаны былмæ æмæ сарæзтой Лабæйы хъæу. Къоста Лабæмæ хæстæг станицæтæй иуы ахуыр кодта райдиан скъолайы, 1871 азы та бацыди Стъараполы гимназмæ.

Амонæг: «Нарон уæлыгæсæн» йæ зæрдæ ссыгъди ног царды зынгæй. Уарзæгой, рæузæрдæйæн бирæ æнтысы, - зыдты тигъмитæ, фыдуаг ныхас, уайтагъд чысыл æмбæлттæн сси балхон алы хорз хъуыддæгтæм: рæвдз ныхасæй таурæгътæ, æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ фыссын хорз райдыдта уырыссагау. 1880-1881 азты скъоладзауты уацмысты æмбырдгонды мыхуыргонд æрцыдысты Къостайы дыууæ æмдзæвгæйы: «Новый год», «Муж и жена» æмæ радзырд «Зима» уырыссаг æвзагыл. Къоста æвдисы диссаджы курдиат ныв кæнынмæ. Бæллиццаг уыдысты йæ цæргæбонты уыцы азтæ…»

Зарæггæнджыты къорд зарынц…

1-аг архайæг: 1881 азы Къоста араст Бетъырбухмæ Нывкæнынады академимæ, æнтыстджынæй радта фæлварæнтæ æмæ ахуыр кæнын райдыдта. Фæлæ академии кæронмæ каст нæ фæци, йæ стипендии йын кæй баурæдтой, уый тыххæй. «Æртæ азы уым фæтухитæ кодта. Æцæг федта стыр тохы цард. Дæрдтыл афæлгæсыд йæ зондæй. 1883 азы рацыди академийæ. Йе 'фсæн риуы йæ ирон зæрдæ агурын райдыдта йæ ныййарæджы зæронд Ирыстон» (Гаппо).

2-аг архайæг:

… Фæхæссон ма, -

загътон уæддæр, -

Фæстæмæ мæ иунæджы сæр

Нæ Ирмæ, нæ райгуырæн

бæстæм!

3-аг архайæг: Бетъырбухы Къоста базонгæ Репин, Маковский, Суриков æмæ æндæр стыр уырыссаг нывгæнджыты сфæлдыстадимæ. Ахуыр та кодта Врубель, Серов, Самохинимæ иу рæстæджы.

4-æм архайæг: Бетъырбухы Къоста лæмбынæг сахуыр кодта уырыссаг литературæйы классиктæ Грибоедов, Лермонтов, Некрасов, Пушкин, Кольцов, Крылов, Островский, Гоголь æмæ Гончаровы сфæлдыстад. Зыдта Шекспиры, Шиллеры, Гетейы уацмыстæ.

Амонæг: 1885 азы Къоста Бетъырбухæй æрыздæхт Лабæмæ, ссыди Дзæуджыхъæумæ æмæ дзы фæцард суанг 1891 азмæ.

1-аг архайæг:

… Æрцыдтæн… мæхицæй

фыддæр

Мæгуырæй куы ссардтон дæу

дæр,

Мæ уарзон, мæ иубæстон

адæм…

Нæ хæхтæй, нæ тыгъд

быдыртæй

Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй, -

Кæм кусæм, кæм цæрæм,

Кæм бадæм!

Амонæг: Къостайы тынг бирæ бауарзтой адæм. Алкæй хæдзар дæр уыди йæ хæдзар. Зынгзæрдæ поэт йе 'ппæт хъарутæ æмæ зонд дæр радта æхсæнадон æмæ литературон куыстæн. Ам, Ирыстоны, парахатæй райхæлди йæ æрдзон стыр курдиат. Арвы нæрынау айхъуыст æгас Ирыл - Мæздæгæй Гудзаретмæ уыцы рæстæджы йæ тохы зарæг «Додой!».

Зарæггæнджыты къорд зарынц «Додой!» (2 строфайы).

Амонæг: 1889 азы Пятигорскы М.Ю. Лермонтовы цырт гом кæнгæйæ ирон интеллигенцийы номæй Къоста бакаст æмдзæвгæ «Перед памятником». «Ирон цъæх цухъхъа нæ амбылдта!» - дзырдтой уырыссæгтæ.

Æмдзæвгæ «Перед памятником» радыгай кæсынц 5 архайæджы.

Амонæг: 1890 азы инæлар Кахановы фæндонæй хъуамæ æхгæд æрцыдаид Дзæуджыхъæуы ирон чызджыты скъола. Къоста уый фæдыл стыр тохы бацыд хицауадимæ æмæ скъола йæ бынаты баззад. Инæлар Каханов уыцы ныхкъуырд йæ сæрмæ не 'рхаста, «змæнтæджы» бафхæрдта - Къоста æрвыст æрцыд Ирыстонæй. Æрмæст 1895 азы байгом йæ фæндаг Ирыстонмæ. Каханов та ногæй æфсон агурын райдыдта æмæ Къоста дыккаг хатт æрвыст æрцыд Херсонмæ.

Зарæггæнджыты къорд зарынц «Æнæ хай».

Амонæг: Къоста æнхъæл нæ уыди, искуы йæ уацмыстæ чиныгæй фендзæни, уый. Уымæн æмæ йын Пушкинау уыдис йæхи Бенкендорф - инæлар С.Каханов. Уый фæндиагæй Къоста ахæстонæй æддæмæ нæ рацыдаид. «Ирон фæндыр»-ы ныхмæ Каханов фыста уæлдæр хицауадмæ: «Тифлисы цензурæ бар радта, Кавказæй хъуамæ æрвыст чи æрцæуа, уыцы Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ ирон æвзагыл ныммыхуыр кæнынæн. Уыцы æмдзæвгæтæ сты бынтон змæнтæг æмæ хицауады ныхмæ арæзт…»

1-аг архайæг фæндыры цагъдмæ кæсы æмдзæвгæ «Хæххон чызджы марды уæлхъус»-æй скъуыддзаг.

Амонæг: Фæлæ «иу бон… пилон зынгау… йæ цæстытæ ссыгъдысты! Бабуц йæ бæгъатыр уынгæг зæрдæ… Хурзæрины тын йæ уарзон Ирыстонæй æрбакаст… Йæ разы лæууыд, цæхæртæ калгæ, йæ Кады тырыса, ирон чиныг - Къостайы «Ирон фæндыр» - йæ уды куысты æнæмæлгæ мысайнаг - ирон кувæндоны».

2-аг архайæг: Чиныг мыхуыргонд уыдис 1899 азы З.Шуваловы типографийы, А.С. Пушкины 100 азы юбилей кадджын уавæры куы бæрæг кодтой, уæд.

3-аг архайæг:

Минуты сочтены, повсюду

бьют тревогу…

Уж брезжит луч зари, играя

на штыках,

И обновленный мир отдастся

вечно миру,

С презреньем бросит нож,

запекшийся в крови…

Инсценировкæ: «Сидзæргæс».

Гимн Къостайæн.

1-аг архайæг: «Хетæгкаты Къоста у ирон адæмы Леонардо да Винчи» (А.Фадеев).

2-аг архайæг: «Азтæ цæудзысты, цæудзысты æнустæ, фæлæ ирон адæмы цытджын хъæбулы ном не 'рмынæг уыдзæн, раздæрау æрттивдзæн Кавказы урссæр бæрзæндтау æмæ адæм хайджын уыдзысты Хетæгкаты Къостайы зондджын, куырыхон, æнусон сфæлдыстадæй» (С.Михалков).

3-аг архайæг: «Мы - русские писатели, - все друзья великого народного поэта Осетии и все его потомки в искусстве». (Н.Тихонов).

4-æм архайæг: «…Нæ тарсти Къоста нæдæр ахæстонæй, нæдæр рæхыстæй. Суанг мæлæтæй дæр нæ тарсти. Уый бæрзæндты хаста уырыссаг революцион демократийы тырыса. Йæ цард æмæ йе сфæлдыстад æппæтæй дæр снывонд кодта йæ уарзон адæмы сæрибарæн» (Д.Чарквиани).

5-æм архайæг:

Мæ фыццаг чиныг уыдис «Абеты чиныг». Дыккаг - «Ирон фæндыр». Æрмæст уыцы диссаджы чиныг бакæсыны тыххæй дæр хъуыдис кæсын базонын.(Абайты Васо).

Равдысты архайджытæ зарынц «Балцы зарæг».



Нысан æмæ хæстæ:

1. Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ æвзæрын кæнын цымыдис æмæ уарзондзинад.

2. Райгуырæн бæстæ уарзын, адæмыл аудын, царды æппæт фæзилæнты дæр уæздан уæвын-алы адæймагæн дæр царды сæйраг хæстæ.

3. Къостайы тыххæй нæ фысджытæ цы уацмыстæ ныффыстой, уыдонимæ ахуырдзауты зонгæ кæнын.

3. Ахуыргæнинæгты зæрдæты æвзæрын кæнын уарзондзинад ирон аив дзырдмæ,ирон аивадмæ.

Сценæйы фæлгонц:

1. Къостайы портрет.

2. Рагон стъол, фыссæн сис, бандон.

3. «Ирон фæндыр»-ы макет.

4. Къулы газеттæ, плакаттæ.

5. Магнитофон, компьютерон проектор.



Хъисын фæндыры цагъд хъуысы.

1 кæсæг: Сыгъзæрин фест, бæркадхæссæг фæззæг,

Æз дæу æппындæр ницæимæ барын…

Ды Ирæн радтай зæдыхуызæн лæг-

Нæртон хъæбул-ирон гени-Къостайы!

Æрттив, ыстъалы, зонды суадон-уаз!

Нæ удты ' ртауы уæд æдзух дæ сагъæс,

Ирон хъуыддæгты, рухс фæндты-ахъаз.

Къостайы Кад, тъымы-тъыматæм аххæсс!!!

1 амонæг: Уæ бон хорз! Абон мах бæрæг кæнæм ирон аив литературæ æмæ литературон æвзагæн бындур чи сæвæрдта, хæххон мæгуыр фæллойгæнæг адæмы сæрвæлтау сау айнæджы рындзыл мыдадзы цырагъау чи басыгъд, уыцы сæрибаруарзæг Къостайы райгуырæн бон. (Хъуысы хъисын фæндыры цагъд.)

2 амонæг: Нары хъæуы диссаджы æрдзы нывтæ, бæрзонд æмæ айнæг къæдзæхтæ, дидинæгджын уыгæрдæнтæ æмæ армы тъæпæныйас хуымы гæппæлтæ, зæлланггæнаг æхсæрдзæнтæ æмæ фыцгæ дæтты хæл-хæл, даргъ зымæгон æхсæвтæ æмæ зæйты зæрдæхалæн къуыззитт, сидзæрты æнæбон хъарæг æмæ сабиты кæуын… Къоста ма саби уыди, афтæ сæ арф бавæрдта йе'взонг зæрдæйы.

(Хъуысы зарæг «Ныййарæгай амонд»-ы мелоди)

3 амонæг: Мады рæвдыд, мады фæлмæн ныхас… Чи сæ кæд бафсæст? Чи сæ ферох кодта йæ амæлæты бонмæ? Фæлæ йæ мады иу хатт дæр чи нæ федта, мад иу хатт дæр авдæны кæй нæ ауызта, уыдон та? Æвæццæгæн, уыдоны зæрдæты баззайынц, цæргæ-цæрæнбонты чи нæ байгас вæййы, ахæм хъæдгæмттæ. Уыдонæй уыд Къоста дæр.

(Чызджыты къорд зарынц «Ныййарæгай амонд»)

Амонæг: Чендзе равдыста стыр хъару æмæ ныфс, æнахъом сабийы йæхимæ куы райста, уæд. Йæхи сывæллонау барæвдыдта сидзæр сабийы. Ирон адæмы астæу йæ ном кадджынæй цæры абон дæр.

Кæсæг: Æмдзæвгæ «Чи дæ» - йæ скъуыддзаг:

1 амонæг: Къостайы зæрдæ рыст йе фхæрд адæмыл,йæ уарзон Ирыстоныл.Йæ мæт,йæ сагъæс уыд æрмæст йæ адæмы фидæн.Йæ райгуырæн зæххимæ зæрдæйы тæгтæй баст кæй у,уымæй цæуынц йе сфæлдыстады адæмон уидæгтæ,уымæн вæййы куы мады къухау фæлмæн æмæ рæвдауаг,куы тар æхсæвау æрхуым æмæ æнкъард,фæдисау зæлланггæнаг.

Чызджыты къорд зарынц «Додой»

Къоста бады стъолы уæлхъус,фыссæн сисæй фыссы æмæ дзуры:

Æз мæ дзырдтæй сæудæджер никуы кодтон,мæ фыстытæй иу рæнхъæн дæр æхца никуы никæмæй райстон æмæ фысгæ дæр,фыссон æмæ мыхуыр кæнон,зæгъгæ,ахæм зондæй нæ кæнын,бирæтæ куыд кæнынц,афтæНæ!Ахæм фыстæн мæ йæ кад дæр нæ хъæуы æмæ йæ пайда дæр. Æз фыссын,мæ зæрдæйы уромын цы нал фæфæразын,уый.

Кæсæг: æмдзæвгæ «Катай»

2 амонæг: Къоста уыди парахат зæрдæйы хицау.æрмæст ирон адæмы сагъæс нæ кодта.Йæ царды фæндæгтæ йæ акодтой бирæ адæмы хæттытæм, æмæ-иу кæддæриддæр сæмбæлд мæгуыр æмæ хъæздыг адæмыл,раст æмæ зылыныл æмæ сси интернационалист.Уый уыд адæмы æхсæн хæлардзинад уадфидиуæг,адæмы сæрыл æгъатыр æмæ æвæллайгæ тохгæнæг,мæгуырты сæрхъуызой….

Кæсæг: æмдзæвгæ «Я не пророк»

1 амонæг: Къостайæн,хъыгагæн,нæ уыдис бинонтæ.Кæд ын зонгæ чызджытæ уыдис,уæддæр йæ цард арвыста иунæгæй.Къостайы уарзон чызг Цæлыккаты Аннæ нæ бамбæрста поэты уарзондзинад.Кæд Къоста æмбæрста,Аннæ йæм хæлары цæстæй кæсы,уæддæр æм йæ писмоты æдзух фыста йе стыр уарзондзинады тыххæй.

Къоста:

Æз уарзгæ кæнын æмæ мæ уымæ гæсгæ фæнды, уымæ гæсгæ æз домын, цæмæй уыцы уарзон адæймаг æппынæдзух мемæ уа, алы сахат,алы минут йæ уындæй мæхи рæвдауон.

Ард хæрын,дæ хъуыдытæ мын æргомæй куы зæгъай, уæд цыфæнды зын бауромæн куы уой, уæддæр дæ бузныгæй уæлдай хъаст нæ ракæндзынæн.

Баууæнд мыл, æз мæхæдæг цы дæн,уый хорз зонын. Ницы мын бахай кодта хъысмæт: нæдæр æрыгондзинад,нæдæр бæллиццаг карьерæ. Мæгуыр ирон кусæг лæг уæвгæйæ,æз ахæм къахдзæф акæнынмæ мæ ныфс æрмæстдæр уымæн хæссын, æмæ æнæкæрон бирæ уарзын дæу,-мæхи хуызæн мæгуыр,фæллойгæнæг ирон сылгоймаджы.

Æмдзæвгæтæ «Благодарю тебя за искреннее слово», «Ты вправе смеяться».

Зарæг «Мæ хуры хай»

2 амонæг: Къоста йæхи хуызæн æмтохгæнæг сылгоймагыл нæ сæмбæлд,кæд æмæ сæйрагдæр аххосаг йæхæдæг уыдта йæ материалон уавæры.

Къоста:Главная причина,конечно,моя материальная необеспеченность. «Найти охотницу делить со мною такую участь, нелегко».

Æмдзæвгæ «Расстаться не трудно»

1 амонæг: Къоста царды тæккæ бæрзонддæр æвæрдта адæмы уарзын,кусын,рæстдзинад агурын.

Къоста: Ехх, Аннæ Александровна! Дæуæн циу? Ды нырма æрыгон дæ,цардбæллон, дæ тæккæ тыхыл. Ды нырма нæма зоныс, адæймаджы цæсгом æмæ царды æцæгдзинаад куыд фæныхæвæрд вæййынц, уый. Æз дæм хæлæг кæнын. Додойаг дæ сæр, миййаг, уыцы хæларзæрдæ æмæ курдиатыл царды мæнгарддзинæдтæ куы фæуæлахиз уой, уæд.æнæкæрон уарзтæй уарз адæмы æмæ кусын.Сахуыр кæн ууыл дæхи, æмæ уæд дæуæй амондджындæр ничи уыдзæн зæххыл. (Къоста ацыд)

Поэмæ «Фатимæ»- йæ скъуыддзаг.

2 амонæг: Адæмы уарзын Къостайæн уыд йæ царды нысан æмæ йæм цыд йæ царды фæстаг бонтæм.Уымæн нæу рох Къоста Иры дзыллæйæ,йæ цард кæмæн не вгъау кодта, уыцы адæмæй.

Зарæггæнджытæ зарынц «Æнæ хай»

1 амонæг: Диссаг рауайы иуæй - иу адæймаджы хъысмæт! Нæ бауагъта Къостайы йæ мæсыг самайын, йæ уарзон чызджы æрхæссын, йе скъола райгом кæнын.æгæр цыбыр уыд йæ цард,æгæр тагъд ахуыссыд йæ цæсты рухс.

2 амонæг: Фæлæ йæ зæрдæйы цы рухс сыгъд, уый,цалынмæ зæххыл ирон адæймаг цæра, уæдмæ рухс кæндзæн амонд æмæ фæрнæйдзаг бæстæмæ фæндаг.

3 амонæг: Йæ уд чи суæлдай кодта мæгуыр адæмы сæрибардзинадæн,уымæн нæй мæлæт,зæгъгæ,фæзæгъынц. Уымæн вæййы æрмæстдæр райгуырæн бон.Ахæм кадджын бон ссис Къостайы райгуырæн бон-15октябрь!

Кæсæг:Къоста,Къоста,Ирыстоны кад,

Ирон æвзаджы цæстуынгæ бæркад,

Дæ зарæг ногæй нæ хъустыл ауад,

Дæ ныфс фæлтæртæн дæнцæгæн баззад.

Къоста,Къоста,нæ Иры стъалы,

Мæйдар æхсæв дæр цæхæртæ калы.

Дæ ирон фæндыр-не стырдæр хæзна,

Дзыллæты фарнæн бонногдæр кæна.

Къоста,Къоста,нæ Иры намыс,. Адæмты ныр дæр дисы æфтауыс,

Дæ зарæг кæмтты æдзух нæрдзæни,

Дæ ном æнустæм немæ цæрдзæни!

Æппæт архайджытæ дæр сценæмæ рацыдысты,астæуæй-Къоста.

Кæсæг:Къоста-нæ кад æмæ нæ зарæг,-

Нæ цинтæй никуы уыдзæн цух!

Цæрдзæн Ирыстоны зынаргъ лæг

Зæххыл йæ зарæгау æдзух!

Архайджытæ иумæ дзурынц «Балцы зарæг»

15


© 2010-2022