Поэтикон изар-фембалд Иры чызджыта!

Раздел Другое
Класс 10 класс
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Поэтикон изæр-фембæлд «Иры чызджытæ»

(уазджытæ-поэтессæтæ Сотиты Римма æмæ Дауыраты Зоя).

Амонæг:Уæ бон хорз,нæ зынаргъ уазджытæ,ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ!

Мах зæрдиагæй æрбамбырд стæм поэтикон изæр-фембæлдмæ,кæцыйы схуыдтам «Иры чызджытæ»

Зарæг»Иры чызджытæ».6 чызгæй кафынц «Чызджыты кафт»

Адæймаг авдæнæй куы рахизы,уæдæй фæстæмæ свæййы йæ райгуырæн зæххыл бæлццон,йæ Фыдыбæстæ æмæ йæ уд баст æрцæуынц табугонд урс хæцъилы æмæ йын табуйаг свæййы йæ Райгуырæн зæхх.

Йæ райгуырæн зæхх мадау зынаргъ кæмæн у, йæ мадæлон æвзаджы зæлтæ зæрдæйы арфæй кæмæн цæуынц æмæ адæмы зæрдæтæ сыгъзæрин дæгъæлтæй чи гом кæны,уыцы сылгоймæгтæ сты абон нæ уазджытæ-Сотиты Риммæ æмæ Дауыраты Зоя.

Риммæ! Зоя!Сымах æрлæууыдыстут Иры кадджын чызджыты æмрæнхъ,дарддæр хæццæ кæнут Кочысаты Розæйы,Хуыбецты Райяйы,Хостыхъоты Зинæйы сфæлдыстадон фæндаг æмæ дзы уæхицæн зынгæ бынат скодтат,Æрфæны фæдау бæрæг дары уæ ауæдз æмæ нæ бафæндыд мах дæр дзы иу цалдæр нæмыджы куы баппариккам,афтæ.

Абон уемæ уыдзысты уæ чиныгкæсджытæ,11-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ,куыд хистæр кары скъоладзаутæ,афтæ кæстæртæ дæр.

Сотиты Риммæйы тыххæй презентацимæ бакæсут.

Риммæйы сфæлдыстады сæйраг темæтæ сты æрдэы рæсугъддзинад,адæймаджы бæрэонд æмæ счгъдæг удыхъæд,ирон æвзаг,фыдæлты фарн,æнæкæрон уарзтæй кæй уарзы,уыцы Фыдыбæстæ,фыдæлты уæзæг.

Ныхасы бар сывæллæттæн.

Æмдзæвгæтæ:»Фыдыбæстæн»,»Фын», «О,куы раздæхид рæстæг», «Хæхты фарн», «Ныр уалдзæг у», «Рагуалдзæг», «Хуыцауимæ ныхас», «Хæрзбон», «Хур», «Сабийы хъуыды».

Ныхасы бар Риммæйæн.

Риммæйы кадæн музыкалон номыртæ:

1.Ирон вальс.

2.Мамæ-зарæг.

Зоя! Ды фыссыс:Ма райдай мæ фыстытæ кæсын

Бафтдзæнис дæхи зыныл мæ зын

Гъе та кæс!Дæ сæриæ мæ æрхæсс!

Иумæйаг нæ уаддугæн йæ уæз!

Мæнæ презентацийыл афæлгæст Зояйы тыххæй,кæцыйы зыны ацы хъуыды.

Зояйы поэзийы сæйраг темæтæ сты:

1.уарзондзинады

2.æрдзы рæсугъддэинад

3.поэт æмæ поэзии

4.хæсты темæ

5.æгъдау æмæ æфсарм

6.мадæлон æввзаджы темæ.

Ныхасы бар сывæллæттæн.

Æмдзæвгæтæ: «Лæджы бындзæфхад», «Рахиз æмæ галиу, «Куыдзыл кæрц æрæмбæрзта»,»Зонд,цæсгом,æфсарм,æгъдау», «Хъæуккаг ус æмæ горæтаг чызг», « Ныгуылы ныл хур», «Дæхæдæг дæр цæмæй дæ цæ Ирон»

Кæронбæттæн.

Риммæ æмæ Зоя!Уæ уынд æмæ уæ удыхъæдæй куыд рæсæгъ стут,уæ поэзии дæр афтæ рæсугъд у.Мах зæрдæмæ тынг цæуы.Абон та дзы уыцы сыгъдæг суадонæй фæхъæстæ стæм.

Бирæ цæрут,Ирыстоны хæрзуд фæзминаг сылгоймæгтæ!







































































© 2010-2022