Тесты по теме Граматики

Раздел Другое
Класс -
Тип Тесты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Викторинæ «Куыд зонæм Ирыстон?»



  1. Цæмæй хъæздыг сты Ирыстоны хæхтæ?

  2. Ирыстон хонынц хæххон бæстæ, уымæн æмæ æрбынат кодта Кавказы цæгат фарсыл. Ирыстоны хæхтæй кæцы у бæрзонддæр æмæ цас у йæ бæрзæнд?

  3. Цавæр нæмттæ сæвæрдтой Хъазыбеджы хохыл?

  4. Нæ дуканиты уæй кæнынц алыхуызон суартæ. Нæхимæ чи гуыры, ахæм суартæй се хсæн цавæртæ ис?

  5. Ирон адæмæй чи ссардта фыццаг Хъæрмæдоны суар?

  6. Чи бацамыдта ирон адæмæн Зæрæмæджы суар?

  7. Цал горæты ис Цæгат Ирыстоны? Ранымайут сæ.

  8. Цавæр цæугæдæттæ нымад сты стырдæртыл Цæгат Ирыстоны?

  9. Ранымайут Ирыстоны цъититæн се стырдæртæ.

  10. Цæгат Ирыстоны хъæутæй цалдæрæн ис зайæгойты нæмттæ. Цавæртæ сты?

  11. Нæ республикæйæн ис бирæ сыхæгтæ. Ныгуылæнæрдыгæй та чи сты нæ сыхæгтæ?

  12. Цал районы ис Цæгат Ирыстоны? Кæцы у æппæтæй стырдæр район?

  13. Цавæр Хохæй райдайы йæ цыд ТЕРК? Цавæр у йæ бæрзæнд?

  14. Цавæр цæугæдæттæ кæлы Теркмæ?

  15. Цавæр цæугæдæтты фæрстыл арæзт æрцыдысты Ирыстоны горæттæ? Дзæуджыхъæу, Алагир, Ардон, Дигора, Мæздæг, Беслæн?

  16. Ирыстоны хæхтæй кæцытæ сты цъитиджынтæ?

  17. Ирыстон кæддæриддæр хъуыстгонд уыд йæ фæлладуадзæн бынæттæй. Абон та дзы кæцыты уадзынц сæ фæллад?

  18. Цавæр цæрæгой нывгонд ис Ирыстоны гербыл?

  19. Ирыстоны хъæдты цæрæгойтæн сæ егъаудæр кæцы у? (Хаст æрцыд Ирыстоны «Сырх чиныгмæ»).

  20. Цавæр æрдзон цыртдзæвæн ис Ирыстоны?

  21. Ранымайут Ирыстоны кæмтты нæмттæ.



© 2010-2022