Фыссæджы биографи ахуыр кæныны методикæ V – VIII кълæсты

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Фыссæджы биографи ахуыр кæныны методикæ

V - VIII кълæсты.

Аив литературæ арфдæр æмбарыныæн стыр ахадындзинад ис фысджыты биографитæн. Астæуккаг кълæсты ахуырдзаутæн фыссæджы биографийæ бæлвырд хабæрттæ радзурын хъæуы. Уæд æй сæ зæрдæмæ айсынц тынгдæр, свæййы сын зонгæ адæймагау, йе сфæлдыстадмæ сцымыдис вæййынц, программæйы уацмыстæ бамбарынц æнцондæрæй, бæстондæр. V - VIII кълæсты фысæджы цардæй дæттын хъæуы алыхуызон æрмæг, иу къласæй иннæмæ йæ ас, йæ мидис вазыгджындæр куыд уа, афтæ.

Ахуыргæнæг биографион æрмæг дзургæйæ хъуамæ архайа ууыл, цæмæй фыссæджы фæлгонц скъоладзауты цæстытыл уайа цардæгасау. Стыр фыссæджы царды фæндагыл ахуыргæнинæгтæ фенынц, райгуырæн бæстæмæ адæймаджы уарзт цæйбæрц тыхджын хъуамæ уа, адæмы хорздзинады сæрыл хи цард нывондæн æрхæссæн куыд ис, ноджы базонынц фыссæгæн йæ дуджы историон уавæртæ, уыдонмæ фыссæг цы цæстæй кæсы, йе сфæлдыстады сын цавæр аргъ скодта.

Биографион факттæ дзургæйæ ахуыргæнæджы бон у фыссæгæй æрхæссын, цы уацмыс кæсдзысты, уый темæйыл фыст æндæр уацмыстæ дæр, ахуыргæнинæгтæн сæ бон хибарæй кæй бауыдзæн бакæсын, уыдонæй. Фæлæ уый фæстæ урокты сæйрагдæр хынцын хъæуы, сывæллæттæ ахуыргæнæн чиныджы æрмæг куыд бахъуыды кодтой, уый. Ахуыргæнæг сын уæлæмхасæнæн цы æрмæг фехъусын кæна, уымæй сæ æнæмæнг дзуаппытæ домын нæ хъæуы.

Ахуыргæнæг фыссæджы биографийæ рагацау равзары цы уацмыс кæсдзысты, уыимæ баст чи у æмæ сывæллæттæн йæ бамбарын чи фенцондæр кæндзæн, ахæм факт. Астæуккаг кълæсты ирон литературæйæ программæты цы уацмыстæ ис, уыдонæй алкæцы нæ дæтты фадат уый фыссæджы цардæй цавæрдæр эпизодимæ æрмынæх кæнынæн. Мæнмæ гæсгæ, ахæм рæстæг хорз у скъоладзауты базонгæ биографийæ кæцыдæр рæстæгимæ.

VII кълæсты мадæлон литературæ ахуыр кæныны бындур сты Нарты кадджытæ, революцийы агъоммæйы æмæ советон дуджы фысджыты цыбыр биографитæ зонын, уыдонæн се сфæлдыстадæй хицæн уацмыстæ кæсын æмæ æвзарын.

Методикæ куыд амоны, афтæмæй ахуыргæнæг фыссæджы цардæй VII - VIII къласы хицæн факттæ æмæ эпизодтæ нал исы, фæлæ пайда кæны биографион раныхасæй. Фыссджыты биографитæ VII къласы дæттын хъæуы вазыгджындæрæй. Хрестоматийы æрмæгæй ахуыргæнæджы бон райсын у, скъоладзаутæм диссагдæр чи фæкæсдзæн, ахæм æрмæг иртасæн куыстытæй, иу кæнæ иннæ фыссæгæн йæ уацмысты æмбырдгондмæ раныхасæй.

Фыссæджы царды тыххæй урок райдайын æмбæлы фронталон фæрстытæй, ахуыргæнинæгтæ уымæй размæйы кълæсты цы базыдтой, уый сбæрæг кæнынæн. Æмæ уыцы бынæтты раныхасы рæстæг лæмбынæг лæууын нал хъæуы.

VII - VIII къласы раргом кæнын хъæуы поэты æнæкæрон хъару æмæ ныфс знæгтимæ тохы, йе стыр зонд, йæ зæрдæйы сагъæстæ адæмы мæтæй, йæ уыцы æнкъарæнтæ йæ уацмысты куыд зынынц, уый.

Биографион раныхасæн хъуамæ йæ нысан уа бæлвырд, мидисæй хъæздыг, аивадон æгъдауæй нывæфтыд, æнцонæмбарæн, зæрдæмæхъаргæ, фыссæг скъоладзауты цæстытыл бæлвырдæй куыд уайа, афтæ. Урок ифтонг кæнын хъæуы цæстуынгæ æрмæгæй.

Фысджытæн сæ царды цаутæ VII - VIII кълæсты дæттын хъæуы хронологион уагыл.

Астæуккаг кълæсты биографион æрмæг амонæн ис дыууæ хуызы: фыссæджы цардæй хицæн факттæ кæнæ биографийы фæдыл ахуыргæнæджы ныхас.

Иу къласæй иннæмæ фыссæджы биографимæ æфтауын хъæуы ног æрмæг. Скъоладзауты цæстытыл фыссæджы сфæлдыстадон цæсгом VII - VIII кълæсты бæлвырдæй куы уайа, раттын сын æмбæлы ахæм зонинæгтæ. Уымæн та æппæты хуыздæр фадат дæтты биографион очерк. Ног æрмæг ахуыргæнинæгтæм фæхæццæ кæнынæн хорз методикон фæрæз у биографион раныхас. Ахæм методмæ ис ахсджиаг раппæлинаг миниуæг - фыссæджы цардыл афæлгæст баст æрцæуы йе сфæлдыстады цыбыр анализимæ. Уый æххуысæй сывæллæттæ фæлтæрынц, фыссæг йæ уацмыстæн цардæй цы проблемæтæ иста, уыдон æмбарыныл, уымæн æмæ ахуыргæнæг йæ раныхасы характеристикæ фæдæтты, фыссæг цы историон дуджы царди, уымæн дæр.

Уыцы мадзæлттæ се`ппæт иумæ, цы уацмыстæ кæсдзысты, уыдон æвзаргæйæ æххуыс кæнынц идейон мидис арфдæр бамбарынæн, автор йе сфæлдыстады цы цаутæ æмæ царды фæзындтæ ныв кæны, уыдонмæ йæхæдæг цавæр цæстæй кæсы, цы зæрдæ сæм дары, цавæр аргъ сын кæны, уый раргомæн.

Фысджыты биографитыл ахуыргæнæг бæлвырд нысанимæ куы куса, уæд уыдон æххуыс сты скъоладзауты литературон рæзтæн, сæ эстетикон хъомыладæн, ирон литературæйы программæты æрмæгæй ахæм вазыгджын уацмыстæ хуыздæр бамбарынæн: куыд Къостайы тохмæ сидæг æмдзæвгæтæ, Цомахъы «Ахæстоны фыстытæ», Стыр Фыдыбæстæйы хæсты фыст уацмыстæ æмæ аф. д.

Махæн, ирон литературæйы ахуыргæнджытæн нæ хæс у фысджыты тыххæй ахуырдзаутæн арæхдæр дзурын. Хъæуы сæ фæлтæрын, цæмæй авторæн йе сфæлдыстады бындурыл аргъ кæныниæ арахсой, йæ фæлгонц сæ цæстытыл уайа.

3


© 2010-2022