По страничкам сказок Андерсена

По страничкам сказок Андерсена...
Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Темæ « Æз уын радзурдзынæн хорздзинад æмæ æвзæрдзинады тыххæй…»(Г.Х. Андерсены аргъау « Булæмæргъ»-мæ гæсгæ) 5кълас.

Эпигрæф урокмæ:

Æз дæн хæтгæцардгæнæг поэт. Иунæг хæс æххæст кæнын-адæмæн сæ зæрдæтæ рухс кæнын

Г.Х.Андерсен.

Урочы нысантæ:

1.Аргъауы мидисыл æрдзурын ,раргом ын кæнын йæ сæйраг хъуыды.

2.Сывæллæтты ахуыр кæнын сæ хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ кæнын, аргъæутты персонажтæн характеристикæ дæттын

3 Сабиты зæрдæты гуырын кæнын рæстдзинады æнкъарæнтæ, аргъæуттæ кæсынмæ тырнындзинад, хорздзинад нæ рох кæнын , æцæг аивад, æцæг курдиатæн аргъ кæнын.

Цæстуынгæ æрмæг:

стъолыл цырагъ,чернилæдон, фыссæн сис, кæсæн, вазæйы - уардитæ , аргъæутты чингуытæ, гæххæтты тыхтон,сывæллæтты конд нывтæ.

Дзырдуат: хæтгæцардгæнæг, тæссонд,мырмырæгтæ, стауын,уысм,фыдцъылыз,цæлгæнæн,æхсаргард.цæлгæнæн,тыхтон

-Сывæллæттæ, абон нæм ис уазджытæ æмæ сын арфæ ракæнæм се рбацыды тыххæй

Ирмæ рагæй буц у уазæг

Уазæг фысымты цин,уарзт

Æхсызгон нын уæ къахы рбавæрд

Цæут нæм алыбон æгас ( Амина)

Урочы цыд : Видеоклип. Зарæг «Маленькая страна»

Ахуыргæнæджы ныхас: Чиныг байгом, фæлæ нæ кæдæм ахондзæн абон балцы, уый нæма зонæм. Уыцы дунейы мæргътæ, сырдтæ, цæрæгойтæ ныхас кæнынц ,султъыйыл тæхы чызг, мæгуыр лæг уæйыгыл уæлахиз кæны зондæй ,адæймаг дур фесты, стæй фæстæмæ райгас вæййы. Уыдон кæсгæйæ адæймаг йæ сабибонтæ æрымысы,æнæ уыдон цард уыдаид æнкъард æмæ æгъуыз.

Ах-г: Уæдæ абон цæуыл дзурдзыстæм?

-Аргъæуттыл.

Ах-г: Кæсæм фæйнæгмæ. Уынæм бирæ нывтæ. Лæмбынæг сæм æркæсут æмæ зæгъут, цавæр аргъæуттæй нæм æрбацыдысты ацы хъайтартæ, кæцæй сты?

(«Снежная королева», «Огниво»,Девочка со спичками», Гадкий утёнок»,Стойкий оловянный солдатик» «Соловей» æмæ æндæртæ )

Ах-г: Чи ныффыста ацы аргъæуттæ? Чи у уыцы аргъаугæнæг?

-Г.Х. Андерсен.

Ах-г: О, уый у Ганс Христиан Андерсен.

Уæ цæстытыл ауайын кæнут æхсæв .Хæдзары дуармæ æрлæууыд файтон. Хъусут æй?( слышны звуки кареты) Асинтыл чидæр ссæуы(слышны шаги)

уый Андерсен у. Мæнæ рбацыд .Ссыгъта цырагъ. Æрбадти арты фарсмæ æмæ йæ йæ хъуыдытæ дард кæдæмдæр ахæстой.

Ах-г: Цæуыл хъуыды кæны фыссæг?

_Мысы йæ сабибонтæ,мысы ног аргъау, йæ цард йæ цæстытыл уайы. Ах-г: «Сугтæ судзынц арты, æрбацæуы мæм цавæрдæр стыр тых,

æмæ мын райдайы алыхуызон диссæгтæ дзурын, йемæ æрбакæны хуымæтæг адæм æмæ мын фæзæгъы: бакæс ма мæнæ ацы адæммæ,

ды сæ куы зоныс, бауадз ма сæ дæ аргъаумæ, уыдон хъуамæ цæрой»-хъуыды кӕны Андерсен аргъӕуттӕ мысгӕйӕ.

Ах-г: Аминæ, радзур-ма цы бацæттæ кодтай аргъаугæнæджы тыххæй.

(презентаци, сывæллоны проект )Скъоладзау дзуры, Андерсен кæй райгуырд Данийы горæт Оденсы, мæгуыр бинонты хсæн. Йæ фыд уыд цырыхъгæнæг, мад- гæрзтæхсæг. Мæгуыр цард кæд кодтой, уæддæр сæм уыд бирæ чингуытæ .Цыппараздзыдæй сахуыр кодта кæсын, хъуыды кодта пьесæтæ, æмдзæвгæтæ æмæ аргъæуттæ.Йæ аргъæуттæ дзырдта йæ уарзон гæдыйæн. Уарзта æрдз, балцы цæуын, бирæ адæмтимæ зонгæ кæнын. Фæлæ йæ царды ахсджиагдæр уыд аргъæуттæ мысын.

Ах-г: Абон дæр та æхсæвыгон æрбацыд хæдзармæ, тынг бафæллад,фæлæ у хъæлдзæг, фехъуыста рæсугъд зарæджы зæлтæ.

Цымæ чи зары? Байхъусæм ма .(запись-пение соловья)

Сывæллæттæ сæхæдæг æрцыдысты урочы темæмæ æмæ йæ загътой.(Ахуыргæнæг иуварс кæны фæйнæгыл цы уæлдай нывтæ ис,уыдон)

Ах-г :Уæдæ ,куыд бамбæрстам, афтæмæй абон дзурдзыстæм Андерсены аргъау «Булæмæргъ»-ыл. Раргом кæндзыстæм йæ сæйраг хъуыды, цы проблемæтæ нын æвæры нæ размæ, уыдоныл æрдзурдзыстæм. Нæ урочы темæ у аргъауæй ист:Æз уын радзурдзынæн хорздзинад æмæ æвзæрдзинады тыххæй»

Эпигрæфæн дæр райстон йæхи ныхæстæ: «Æз дæн хæтгæцардгæнæг поэт. Иунæг хæс æххæст кæнын-адæмæн сæ зæрдæтæм рухс уадзын» Дзырдуатон дзырдтыл акусын.

Къордгай куыст(1-аг хæслæвæрд)

1 къордæн(«Зондабитæ») Кæм цæрынц булæмæргъ æмæ паддзах йæ фæсдзæуинтимæ?)

2 къордæн(«Æрыгон стъалытæ»)Цы уынынц булæмæргъ æмæ китайаг паддзах?)

3 къордæн(«Фидæн») Цы хъусынц булæмæргъ æмæ китайаг паддзах?)

булæмæргъ

Паддзах æмæ йæ фæсдзæуинтæ

Кæм цæрынц? 1къордӕн

Тар хъæды…

Рæсугъд галуаны…

Цы уынынц?2къордӕн

Арф денджызтæ,наутæ, мæгуыр адæмы цард,…

Тæссонд галуан, æнæуд мырмырæгтæ,…

Цы хъусынц?3къордӕн

Денджызы уылæнты змæлд,сыфтæрты сыбар-сыбур,…

Мырмырæгты змæлд,…

Хатдзæг

Æцæг дуне(естественная красота живой природы)

Мæнг дуне(искусственная красота дворца)

сывæллæттæ æххæст кæнынц таблицæ,ӕрмӕст хатдзӕгтӕ нӕма) Ах-г: Цæмæй хицæн кæнынц булæмӕргъ æмæ паддзахы алыварс цы дуне ис, уый?

_Булæмæргъы дуне у æцæг, уый у сæрибар, зары кæд æй фæнды, уæд

Фыдцъылыз уындæй, фæлæ йæ миддуне та у рæсугъд, паддзахæн та- тæссонд æмæ æнæуд.

Ах-г:Кæмæн ис æцæг цард, сæрибар цард ?Мæнг дунейы та чи цæры? (презентаци скъоладзауы бацæттæгонд)

Таблицæйы хатдзæгтæ баххæст кæндзысты ,аргъау æвзæрст куы рцæуа,уæд.Сывæллæттæ сæхи дзуæппытæн дæр æмæ кæрæдзи дзуæппытæн дæр раст аргъ кæнынц.

Къордты куыст 2-аг хæслæвæрд)

1-аг къордæн -Сныв кæнут æмæ радзурут китайаг паддахы галуанæй тар хъæдмæ,булæмæргъы цæрæнбынатмæ, фæндаг( маршрут движения)дыргъдон-хъæд-бæрзонд бæлæстæ,æ.а.д.

2-къордæн-Къонверты ис алыхуызон предметты нæмттæ. Базонут аргъауы архайджытæй кæй сты?

(æхсаргард(удисæджы

хыз( кæсагласæджы)

къалати(æцæг булæмæргъы)

хъандзал(æнæуд булæмæргъы)

цæлгæнæны мигæнæнтæ(кæрдзынгæнæг чызджы)

3-аг къордæн- Саразут ацы дзырдтæй хъуыдыйад.

(хуыздæр,сау,зарын,хъæд, агуры. зæрдæ)

(Сау хъæды зарын зæрдæ хуыздæр агуры) Аулæфæм(мультфильм иронау)-2 минуты

3-аг хæслæвæрд.Къордтæ кæрæдзимæ дæттынц фæйнæ иу фарсты

1-аг къорд: Цымæ цæмæн асаст æнæуд булæмæргъ?(æцæг аивадæн мæлæт нæй)

2-аг къорд: Цæуылнæ райста лæвар булæмæргъ паддзахæй?(æцæг аивадæн балхæнæн нæй)

3-аг къорд: Булæмæргъ хъæлдзæг аргъау у æви æнкъард?(хъæлдзæг дæр у æмæ æнкъард дæр)

4-æм хæслæвæрд.Алы къорд дæр бацæттæ кодта ныв аргъаумæ. Хъуамæ йæ иннæ къорд базона,текстæй кæцы скъуыддзаг у. Текстæй скъуыддзагыл бакусын

Уæд æвиппайды рудзынгæй æрбайхъуысти диссаджы зарын. Уый зарыди йæ бæстæй тард булæмæргъ,бадти бæласы къалиуыл.Паддзахы рынчын куы фехъуыста,уæд æрбатахти æмæ йын зарынтæ байдыдта,цæмæй йæ зæрдæ иу чысыл барухс уа.Зарæгмæ паддзахы цæстытыл рынæй-сонæй цы уади,уыдон тары кæнын байдыдтой;йе нæ хъару уæнгты туг тагъддæр зилын систа;удисæг дæр ма йæм хъусынтыл фæци æмæ лæгъстæ кодта: - Дæ зарын ма ныууадз,булæмæргъ,курын дæ! Булæмæргъ зарынæй нал æмæ нал æнцад;Удисæг йæ бæстæйыл тыхсын байдыдта æмæ,уазал урс миты хуызы,атахти рудзынгæй. - Арфæ дын кæнын ,уæларвон чысыл маргъ!-загъта паддзах . -Дæ зæрдæйы хатт дын базыдтон! æз дæ фыдызнагау фæсырдтон мæ паддзахадæй; ды мын уымæ не ркастæ æмæ удисæджы лидзæг фæкодтай мæ зæрдæйæ.Цæмæй дын бафиддзынæн уыцы хорз? -Фыццаг хатт дæм куы зарыдтæн,уæд дæ цæстытæ доны разылдтай,уый мæнæй никæд байрох уыдзæни. Мæ зæрдæ цæссыгæй куыд срухс уа,афтæ дунейы исбонæй дæр не срухс уыдзæн .Ныр цу æмæ бафынæй у, цæмæй уæнгрогæй хъæлдзæгæй райхъал уай райсом дæ хуыссæнуаты.æз мæ зарды кой кæндзынæн.Булæмæргъы зарынмæ паддзах тарф фынæй баци.Йæ хуыст уыди æнцад,æнæниз . .Фæрстытæ тексмæ: 1.Йæ бæстæй тард булæмæргъ цæмæн æрбатахт паддзахмæ? 2.Булæмæргъы зарджытæ феххуыс сты æнæхъару, лæмæгъ паддзахæн? 3.Удисæг йæхи куыд хаты? 4.Куыд фæуæлахиз æцæг булæмæргъ мæлæтыл? 5.Цавæр сæргонд раттиккат ацы скъуыддзагæн? 5.Цавæр орфограммæтыл æмбæлæм тексты? Сывæллæттæ хъуамæ зоной: 1.Дзырдты растфыссынад дæргъвæтин æмхъæлæсонтимæ: æвиппайды,диссаджы,тагъддæр,ныууадз,цæссыгтæ,хуыссæнуаты,фыццаг, æмæ а.д.

2.Зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонты растфыссынад: уæнгты,тагъддæр, лæгъстæ кодта,… 3.Вазыгджын мивдисджыты растфыссынад:зарынтæ байдыдта,бафынæй у, зилын систа, хъусынтыл фæци, лæгъстæ кодта,балæвар кæндзынæ ,пырх кæны,тыхсын байдыдта,бафынæй у ,æмæ а.д

4.Ивгъуыд афоны мивдисджыты кæрæтты растфыссынад: байдыдта,лæвæрдта,зарыдтæн,разылдтай,æмæ а.д.

5.Хайыгты растфыссынад: ма ныууадз, нал æнцади,мæнæн дæр,æмæ а.д.

6.Разæфтуанты растфыссынад:æрбайхъуысти ,фехъуыста,æрбатахти,барухс ныууадз ,фæкодтой ,фæсырдтой, атахти,æмæ æ.а.д. .Дзуæппытæ фыссынц сæ тетрæдты.

5.Аргъауы сæйраг хъуыды(слайд)

1.Хорздзинад нæ рох кæнын.

2.Æцæг аивад,æцæг курдиатæн аргъ кæнын.

3.Æцæг аивадæн ис стыр тых, уымæн разынд суанг мæлæт асурыны хъару дæр гыццыл зараг цъиу булæмæргъмæ.

Ах-г: Андерсен цавæр проблемæтæ æвæры аргъауы?

Цард Мæлæт

Хорздзинад Æвзæрдзинад

Уарзт Æнæуынондзинад

Фæнды уæ булæмæргъау адæмæн амонд хæссын? Цавæр дзырд у сæйрагдæр аргъауы?

-Амонд.

Сымах та куыд æмбарут, цы у амонд?

-Адæмы хсæн рæстæй цæрын

-Адæмæн хорздзинад кæнын

-Æнæниз уæвын.

-Бирæ æмбæлттимæ хæларæй цæрын, æмæ афтæ дарддæр.

Ах-г: Булæмæргъæн ис йæхи хæдзар, китайаг паддзахæн-галуан, махæн та ис мæнæ ахæм иумæйаг хæдзар( макет дома)Цæмæй дзы амондджынæй цæрæм, уый тыххæй цы хъæуы?

-кæрæдзи уарзын

кæрæдзийæн æххуыс кæнын,…

Ах-г: Куыд уæм кæсы, чи у абон хуыздæр бæрæггæнæны аккаг, цавæр къуылымпыдзинæдтыл сымбæлдыстут ,чи уæ цавæр ног зонындзинæдтæ райста? (сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ)

(сырх тымбыл-5, цъæх-4, бур-3

Сывæллæттæ тымбылæгтæй ныффыстой дзырд «Амонд»

Ах-г:Ууыл абоны урок фæци ,фæлæ ма æркæсæм Андерсены кусæн бынатмæ(чернилæдон,фыссæн сис, дидинджытæ, кæсæн,…фæлæ мæнæ ай та цы у? гæххæтты тыхтон?

Уый разынд сыгъдæг сыф. Андерсен æй сымахæн ныууагъта.

-Зонут цæмæн? Сымах хъуамæ ныффыссат уæхимæ аргъау. Уый уыдзæн уæ хæдзармæ куыст.

Ах-г: Æз ахуыссын кæндзынæн цырагъ нæ иннæ фембæлдмæ, иннæ урокмæ.Иннæ урочы бакæсдзыстут уе рхъуыдыгонд аргъæуттæ.

Нæ уазджытæ, амондджын ут æмæ уемæ ахæссут ацы гыццыл сывæллæтты зæрдæты хъарм.(дарим сердечки)

Хъу ысы зарæг «Маленькая страна»видео (чиныг æхгæд æрцыд нæ иннæ фембæлдмæ)

© 2010-2022