Урок – балц. Ирон æвзаг 7 къласы

Урок – балц  .   Ирон æвзаг 7 « А» къласы. ( Бибаты Мадинæйы чиныг)   Ахуыргæнæг –Томайты Ритæ Æхсарбеджы чызг.   2015 аз. Темæ: Адæймаг- æрдзы хай. Урочы нысан: 1. Æрдзон хъæздыгдзинæдтæн аргъ кæнын, хъахъхъæнын сæ цæсты гагуыйау. Бахынцинаг: 1. Сывæллæтты ахуыр кæнын сæ зонындзинæдтæй пайда кæнын.                           2.Скъоладзауты  мотиваци  ахуырмæ.                             3. Ахуыр кæнын сывæллæтты къордгай куысты хуызтæм.                         4. Сывæллæттæ хибарæй сæ куыстæн æм...
Раздел Другое
Класс -
Тип Рабочие программы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урок - балц . Ирон æвзаг 7 « А» къласы. ( Бибаты Мадинæйы чиныг)

Ахуыргæнæг -Томайты Ритæ Æхсарбеджы чызг. 2015 аз.

Темæ: Адæймаг- æрдзы хай.

Урочы нысан: 1. Æрдзон хъæздыгдзинæдтæн аргъ кæнын, хъахъхъæнын сæ цæсты гагуыйау.

Бахынцинаг: 1. Сывæллæтты ахуыр кæнын сæ зонындзинæдтæй пайда кæнын.

2.Скъоладзауты мотиваци ахуырмæ.

3. Ахуыр кæнын сывæллæтты къордгай куысты хуызтæм.
4. Сывæллæттæ хибарæй сæ куыстæн æмæ кæрæдзийы куыстытæн бæрæггæнæнтæ æвæрын ахуыр кæнын.

Цæстуынгæ æрмæг: компьютер, мультимедийный проектор, презентаци урокмæ, фæткойтæ «дуртæ æмæ сыфтыл», карточкæтæ хæслæвæрдтимæ къордгай куысты хуызтæн.


Эпиграф: Ныссадз бæлас, сараз хæдзар, схъомыл кæн фырт.






Урочы цыд.

Куысты хуыз

УУД бæлвырдгæнæг

Ахуыргæнæджы архайд

Скъоладзауты архайд

I Организацион хай

коммуникативон

- Сабитæ, салам раттæм абон нæм чи æрбацыд, уыцы уазджытæн, фæлмæн ныхасæй сын сæ зæрдæмæ фæндаг ссарæм.

Скъоладзауты хсæн ис алы адæмыхæттытæй æмæ сын сæ мадæлон æвзагыл салам зæгъынц. Радоны рапорт( Ǽз дǽн радон.Мǽ ном.., мǽ мыггаг…Абон у… Боныхъǽд у ( хорз,ǽвзǽр). Кǽсы хур, уары къǽвда, уары мит).

II Мотиваци

сæрмагонд

æмбарынад

Фæдисы цырен хъæр.

Цы рцыдис цымæ, цы хабар у? Хъусынц 50 ай азы Хъæды хæдзарады чи фæкуыста, уымæ( репортаж)

( Дзобелаты Эллæйы раныхас тагъд æххуысмæ) Цæуæм Куырттаты коммæ арт хуыссын кæнынмæ, цалынмæ бæлллæхтæ не рхаста, уæдмæ. Бахæццæ стæм суадоны размæ фæлæ нын дзы исыны бар нæй, цалынмæ дзуапп нæ раттǽм фарстытæн.Ацы суадон у ирон æвзаджы суадон, йæ дæгъæл нæ къухы, фæлæ гуыдыр æнцон гом кæнæн нæу. Дзуапп домы, йæ бонæй уа.

Скъоладзауты дих кæнын дыууæ къордыл. Сæ къордтæн хъуыды кæнынц нæмттæ( Сгарæг, Хъæдгæс…)Алы уæлахизæндæр майдан дæтдзыстæм, урочы кæрон сæ банымайдзыстæм æмæ базондзыстǽм чи рамбылдта ,уыдон.

Æртахы ныв, йæ чъылдымыл фыст хæс.

  1. … царддæттæг у.( арт, къус, дон)



  1. Зонды мæсыг… ( ахуыр у, хæрын у,фынæй кæнын у)

Суадоны ныв фæйнæгыл

III Актуализаци

коммуникативон

регулятивон

сæрмагонд

æмбарынад

-Хъæдæй басыгъд 1 га , цымæ цы хорздзинад æрхастаид уыцы фæзуат адæмæн?

Тынгдæр цавæр хъæды мыггаг судзы ,уый зонут? Цы пайда хæссынц заз æмæ нæзы бæлæстæ?( Рæуджыты низ æмæ аллергийæн пайда сты)

Сыгъдæг кæны иу гектар хъæд уæлдæф: ( 1га -70 тонн рыг) ,иу 100 азы кæуыл цæуы ахæм тæрс ( слайд 2)

1 сахатмæ дæтты 1,7 кг. кислород, 50 адæймаджы фаг сыгъдæг уæлдæф.

( презентаци Аветисьянц В «Хихджын бæлæстæ»)

1.Дзырдуатон куыст. Кæрæдзийы куыстæн аргъ кæнынц.

Рефлекси

- Хъæд хъахъхъæнын хъæуы, уый зоны алчидæр, фæлæ уыцы хæс адæм иухуызон æххæст нæ кæнынц. Сæттынц бæлæстæ, зынг ныууадзынц æнæ хуыстæй æмæ сирвæзы арт, марынц цуанæттæ « Сырх чиныг»-мæ цы сырдтæ бахаудтой,уыдон.Чи уǽ зоны «Сырх чиныг» цы у? Сымах та цы пайда æрхæссут æрдзы хъæбысмæ куы ацæут ,уæд. Уæхи куыд фæдарут?

Презентаци Сырх чиныгмæ цы сырдтæ бахауд ( Ирыстоны хъæдты цæрæг сырдтæ), уыдоны тыххæй. Фыссынц сæ сæ тетрæдты.

Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц, сæ хъуыдытæ дзурынц.

Кæсæм чиныджы цы текст ис, уый.Фарстатæн дзуапп дæттынц.- Цавǽр хǽзнатǽ дǽтты ǽрдз адǽймагǽн?-Куыд ǽгъатыр вǽййы адǽймаг?Куыд чъизи кǽны адǽймаг ǽрдз?Хъахъхъǽнын хъǽуы ǽрдз нын цы хорздзинǽдтǽ дǽтты, уыдон?Дзырдуатон куыст бакæнæм, ис нæм диссаджы бæлас йæ хуссарварс зайынц номдартæ, цæгатварс миногонтæ, ссарут ма сæ тексты.

Дзырдуатон куыст кæнынц сæ тетрæдты

Абухын-шуметь, æнхъæвзын-разливаться, зиан хæссын- наносить вред,змæст-мутный, куынæг кæнын- истреблять, маргджын-ядовитый, парахатæй-щедро, лæбурын-нападать

Алы къорддæр нымайы йæ сыфтæрты нымæц æмæ уæлахиз чи фæци, уымæн раттын майдан.

2. Орфографион куыст

Хи куыстæн аргъ кæнынц.

Рефлекси.

коммуникативон

сæрмагонд

регулятивон

- Цы дзырдтæ равзæрстам текстæй, уыдонимæ аразæм дзырдбæстытæ. Сæ орфограммæтǽ сын сбǽрǽг кǽнут.

Сывæллæттæ иугай фыссынц сæ тетрæдты дзырдбæстытæ æмæ сæ æмбарын кæнынц , цæмæ сæ фыссынц афтæ. Хорз куыстæн та дæттæм майдан.

IV Нысанǽвǽрд.

Граматикон хъазт «Ма фехал рæхыс».-Къамæй фæхъазут æмæ уый ницы пайда у, мах та дзы абон скæндзыстæм ерыс.Алы къордǽй дǽр иу сǽйраг архайǽг у.

Музыкæ водевильæй. Къамтæ исынц къордтæ, сæ чъылдымыл дамгъæтæ фыст, дзырд райдайдзæн уыцы дамгъæйæ иннæ та йæ ахæццæ кæндзæн кæронмæ ( Х- хæрам, марг, гон, нæмыг…)Майдан уæлахизæн.

Тесттимæ куыст.

Скъоладзаутæ хибарæй кусынц.Кæрæдзимæ сæ дæттынц æмæ сын бæрæггæнæнтæ сæвæрынц.

V Урочы темæйыл куыст.

Рефлекси

коммуникативон

сæрмагонд

æмбарынад

регулятивон

- Уæ разы цы тетрæдтæ æмæ чингуытæ ис , уыдон цымæ цæмæй арæзт сты? Абон мах базондзыстæм хъæд ма нын цы пайда хæссы ,уый. Цымæ дæ къаба ,Мæдинæ, цавæр бæласæй конд у?

Презентаци «Цы саразæн ис 1 кубометр хъæдæй»

Сывæллæттæ кæнынц хатдзæгтæ.

VI Фыццаг цыбыр хатдзæг

Аудировани ( хъæд, хъоло, къаппа-къоппа, къæдзæх)-Цы базыдтам хъæды тыххæй?Алан дæ бон нæу зæгъын къæдзæх æмæ фæтæргай дæ? Зонут, зайæгойтæм дæр адæмау ис алы æнкъарæнтæ, зæгъæм, тæргай кæнынц. Бакæсæм ма сæм.

Тагъддзуринаг дзурынц ( Къаппа-къоппа къæбæлдзыг, хъазтæ ,хъазтæ- хъæумæ) Хатдзæгтæ кæнынц сывæллæттæ.



Равдыст « Тæргайгæнаг мимозæ»

Физкультминуткǽ

Иу мæ сæр, дыууæ мæ хъустæ. Иу мæ фындз, дыууæ мæ къухтæ. Хъустæй мах фæкæнæм хъусгæ,Къухтæй мах фæкæнæм кусгæ

VII Сфæлдыстадон куыст.

Рефлекси

Хуызмæ гæсгæ сараз ныв , бакæс ын йæ дзырдтæ, ныффысс сæ дæ дзырдуаты.

Рифмæтæй хъазт

( диалогы хуызы. Кæд мæ дзырдмæ дзырд ссарай…)

Хибарæй куыст сфæлдыстадон хуызтимæ.Пазлты хуызы нывтǽ, сǽ чъылдымыл алы ǽрдзы хайǽндǽр иронау йǽ ном фыст. Раттын майдан хуыздæр куыстæн.

ИУ-….. ЦЪиу, ДЫУУæ- …УæДæ

ÆРТÆ- … ФЫРТÆ… ǽмǽ афтǽ дарддǽр.Дзырдбаст ǽмǽ дзы хъуыдыйад фǽлгъауынц саразын.

VIII Æрмæг куыд бамбæрстой, уый бахынцын.

Хи контроль.

Рефлекси

Нывтæ мæм æрхаудта æмæ йæ нæ зонын цы бæрæг кæнынц,уый.( Урочы пълан)

- Тынг мæ фæнды цæмæй уæ алчидæр йæхи фена нывгæнæджы хуызы, радзурут ма цавæр ахорæнтæ-иу федтат кусгæйæ, урокæй та цавæр ахорæнтæ хæссут.

Сывæллæттæ алы нывмæ дæр комментаритæ кæнынц. Сæ зæрдæмæ цавæр куысты хуыз фæцыд, ууыл дзурынц.

Иу скъоладзау зǽгъдзǽн сырх,иннǽ -бур ǽмǽ афтǽ дарддǽр. Цǽмǽн, аргументации?

IX Хæдзармæ куысты тыххæй информаци

-Цæуæм нæ хæдзæрттæм, куыддæр ахизæм хъæды кæронæй, афтæ æрдз райдайдзæн цæрын йæхи цардæй, уыдзæн дзы циндзинаддæр, хъыгтæ дæр. Иу каст ма сæм сусæгæй бакæнæм.

- Хæдзармæ куыст уын уыдзæн цыбыр нывæцæ

« Æрдз нæ дарæг»Спайда кæнут ахæм дзырдтæй

( æрдзы рæсугъддзинад, сыгъдæг уæлдæф, нæ хæзна, æнæкæрон хъæд,быдыр, хæл-хæлгæнгæ дон, æнусон цъититæ, мæ хæс, мæ уарзондзинад æрдзмæ)

Кæсæм презентацимæ « Мæргъты чындзæхсæв»

X Урокæн хатдзæг скæнын. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын

Рефлекси

- Хорз бакуыстат абон æви нæ, уый нын зæгъдзæн уæ майданты нымæц. Нæ уазджытæн зæгъæм бузныг æмæ фæндараст.

Нымайынц цы майдантæ бакуыстой ,уыдоны нымæц, æвæрынц сæхæдæг бæрæггæнæнтæ.



© 2010-2022