Адамон сфалдыстады дунейы викторина

Раздел Другое
Класс 5 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:


ВИКТОРИНÆ

5 - ÆМ КЪЛÆСТЫ

«АДÆМОН СФÆЛДЫСТАДЫ

ДУНЕЙЫ»




2015

ВИКТОРИНÆЙЫ ХÆСТÆ:1) Ахуырдзаутæ цы аргъæуттæ рацыдысты, уыдоныл

афæлгæсын.

Зæрдыл æрлæууын кæнын аргъæутты мидис, сæйраг хъуыды.

2) Сывæллæтты ахуыр кæнын хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ

кæнын, аргъæутты персонажтæн характеристикæ дæттын;

3) Скъоладзауты зæрдæты гуырын кæнын хæлардзинад, лæгдзи -

над, хъæбатырдзинад æмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ;скъо -

ладзаутæм рæзын кæнын тырнындзинад аргъæуттæ кæсынмæ.

ВИКТОРИНÆЙЫ ÆРМÆГ:Скъоладзауты конд нывтæ алыхуызон аргъæуттæм,чингуыты равдыст, тухгæ чингуытæ, разæнгардгæнæн стъалытæ, лæвæрттæ.

презентаци.

ЭПИГРÆФ ВИКТОРИНÆМÆ: «ЦÆЙ ДИССАГ СТЫ АЦЫ АРГЪÆУТТÆ, ЦÆЙ!»

А.С.ПУШКИН.

ВИКТОРИНÆЙЫ ЦЫД:

1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

( Скъоладзауты базонгæ кæнын викторинæйы хæстимæ, викторинæйы домæнтимæ,

2 командæйы ахуырдзаутæ сæ бынæтты сбадынц, æвзарынц раздзогтæ )

а) Цыбыр разныхас рацыд æрмæджы тыххæй, адæмон æмæ литературон аргъæу -

тты хицæндзинæдты тыххæй.


  1. Ног æрмæгыл куыст

Ахуыргæнæг: Нæ викторинæ конд у цæлхдуртæй. Цæмæй урочы кæрон уæ къу-

хы лæвар бафта, уый тыххæй уæ хъæуы тынг зæрдиагæй æмæ лæмбынæгæй

бакусын. Хъуамæ цæлхдуртæ сæрты ахизат, ома сæ раст сæххæст кæнат.

Викторинæ презентациимæ

1 - АГ ЦÆЛХДУР - ФÆРСТЫТÆН ДЗУАПП РАТТЫН..

1) Цавæр аргъæуттæ зонут? ( Адæмон æмæ литературон ).

2) Цæмæй хицæн кæнæм адæмон аргъау литературон аргъауæй?

3) Цавæр уацмыс хонæм аргъау? Йæ миниуджытæ?

4) Цæуыл нæ ахуыр кæнынц аргъæуттæ?

5) Цавæр адæмон аргъæуттæ базыдтам? ( «Фаззæттæ», «Раст лæг æмæ зылын

лæг»

6) Цавæр литературон аргъæуттимæ базонгæ стут? Чи сты сæ автортæ?

( «Лæскъдзæрæн» - Къоста, «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы ар -

гъау»

7) Уырыссаг кæнæ фæсарæйнаг литературæйæ цавæр литературон аргъæуттæ

зонут? Чи сты сæ автортæ?( Пушкин «Сказка о рыбаке и рыбке», «О мёрт -

вой царевне и о семи богатырях», Ш.Перро «Золушка», Андерсен Снежная

королева» æмæ æнд

Æххæст æмæ раст дзуапæн - сырх стъалы, æнæххст дзуаппæн - цъæх стъалы

2 - АГ ЦÆЛХДУР - БАЗОНУТ, КÆЦÆЙ ИСТ СТЫ АЦЫ РÆНХЪЫТÆ:

  1. «Цас ын баххуыс кодтаид уыцы къæбæр. Уайтагъд та сæххормаг»

( «Раст лæг æмæ Зылын лæг»)

  1. «Алырдæм дæр æй куы барай, Ай нæ хуыздæр хос:

Кæд ды дзырд мæ дзырдмæ сарай, -

Дæу фæуæд мæ фос»

( Къоста «Лæскъдзæрæн»)

  1. «Хъæдгæронæй бахызтысты æмæ иу тæрхъус сæ размæ фæци»

(«Фаззæттæ»)

  1. «Фырцинæй цы ракодтаид,

Уымæн ницыуал æмбæрста

Зыд æмæ кæрæф лæг»

( Нигер «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»)

  1. «Хурсыгъд бæстæм лæппу бафтыд,

Доны былтæй иу хъæу разынд

( Дарчиты Дауыт «Гæмæт»)

  1. « Иудзæвгар куы суади, уæд хæринæгтæ аппæрста æмæ уадидæгæн

дæр мæсыджы цъуппыл фестади» ( « Сарты фырт»)

3 - АГ ЦÆЛХДУР - ФÆРСТЫТÆ.


  1. Цавæр кæрдзынтæ уыд Зылын лæгмæ? Раст лæгмæ та?

  2. Цæмæй базыдта Гæмæты мад, йæ фырт тæссаг ран кæй ис, уый?

  3. Аргъау «Фаззæттæ» - йæн йæ автор чи у?

4 - ÆМ ЦÆЛХДУР - ДЗЫРДБЫД.


  1. Кæфхъуындар цы чызджы хъуамæ бахордтаид, уый ном? (Аминæт )

  2. «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» -ы автор?(Нигер )

  3. Цавæр аргъауы ис æппæты фылдæр сырдтæ?(«Фаззæттæ»)

4) Цавæр маргъы адзæбæх кодта хъæддзау лæг? ( Зæрватыкк )

5) Чи мардта удхарæй лæскъдзæрæджы? ( Уæйыг

6) Цы æрзад,зæрватыкк цы мыггаг æрхаста, уымæй? ( Нас )

7) Мæгуыр лæгæн йæ цæстытæ цæмæй адзæбæх сты? ( Мыд )

8)Къулбадæг усыл чи фæуæлахиз зондæй? ( Будзи )

5 - ÆМ ЦÆЛХДУР - БАЗОНУТ, КÆЦÆЙ СТЫ АЦЫ ИЛЛЮСТРАЦИТÆ?

6 - ÆМ ЦÆЛХДУР - «МАХ - СЫМАХÆН, СЫМАХ - МАХÆН»

( Командæтæ кæрæдзимæ фæйнæ иу фарсты дæттынц. Гæнæн ис рагацау

бацæттæ кæнын уыцы фарст )

7 - ÆМ ЦÆЛХДУР - «БАМБАРУТ НÆ ÆНÆ НЫХАСÆЙ»

( Алы командæ дæр, иу ныхас дæр ма скæнæд, афтæмæй хъуамæ равдиса

искæцы аргъауæй чысыл скъуыддзаг, цæмæй йæ иннæ командæ базона,

цавæр аргъауæй у, уый. Рæстæг лæвæрд цæуы 2 - 3 минуты бæрц.

8 - ÆМ ЦÆЛХДУР - УЫЦИ - УЫЦИТÆ БАЗОНЫН, ÆМБИСÆНДТÆ КÆРОНМÆ АХÆЦЦÆ КÆНЫН


  1. Кæронбæттæн:

  1. Ныхасы бар жюрийæн( Сæ хъуыдытæ хъазты тыххæй, сывæллæтттæ

куыд куыстой уый тыххæй.Стъалытæ банымайын, хатдзæгтæ скæнын: кæцы ко -

мандæ фæуæлахиз, абоны хъазты чи уыди æппæты рæвдздæр æмæ зондджын-

дæр.)

  1. Ахуыргæнæджы хатдзæгтæ, арфæйы ныхæстæ сывæллæттæн.

  2. Лæвæрттæ раттын.




© 2010-2022