Урок на тему Однородные члены предложения

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

5

Урочы темæ: Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ

Урочы нысан: Сфæлхат кæнын хъуыдыйады æмхуызон уангтæ;

æрхæцæн нысæнтты æрæвæрды æгъдæуттыл æрдзурын;

Урочы хъомыладон хæс: скъоладзауты ахуыр кæнын сылгоймагæн кад кæныныл.

Урочы æрмæг:

1. ахуыргæнæн чиныг.

  1. сылгоймаджы хуызист афæдзы афонты нывтæ.

  2. техникой фæрæзтæ, уæлæмхасæн æрмæг.

Урочы цыд.

I. 1. Рацыд æрмæг сфæлхатын. Фарстатæн дзуæппытæ раттын. Цы хонæм хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ!

Уыцы иу фарстæн дзуапп чи дæтты æмæ уыцы иу дзырды чи æмбарын кæны, ахæм хъуыдыйады уæнгтæ хонæм æмхуызон уæнгтæ.

Цавæр æрхæцæн ныссенттæ æвæрæм хъуыдыйады æмхуызон уæнгтимæ?

Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ кæрæдзийæ хицæнгонд цæуынц къæдзыгтæй.

2. Хæдзæрмæ куыст сбæрæг канын:

(сылгоймаджы тыххæй айв ныхæстæ, æмбисæндтæ ныффыссын, кæд дзы ис æмхуызон уæнгтæ, уæд сæ бацамонын).

1). Сылгоймаджы зындзинæдтæ æмæ уавар ницæмæ дарын, уый комкоммæ фыдракæнддзинад.

(Гадиаты Ц.)

2). Сылгоймаг æфсармæй фидауы.

(Брытъиаты Ел б.)

3). Сылгоймаг арфдар æнкъары рæсугьддзинад æмæ уарзондзинад. Удыхъæдæй тыхджындæр у нæлгоймагæй.

(Беджызаты Чермен)

4). Сылгоймаг авгæй уалдай нæу. (æмбисонд). 5.Сылгоймаджы амонд - æфсарм æмæ хæрзæгъдау. 6. Хæдзары фарн æмæ бæркад сылгоймаджы номимæ бает сты.

Ахуыргæнæджы разныхас: Тынг бирæ расугьд, зæрдæмæдзæугæ ныхæстæ ис сылгоймаджы тыххæй. Йæ рæсугьддзинад æмæ аивдзинад абарæн ис æрмæстдæр уалдзæгимæ, хуримæ.

Æнæ уалдзаг æмæ æнæ сылгоймаг нæй цард, нæй рæсугьд фидæн нæдæр æрдзæн, нæдæр æрдзы фидауц - адæймæгæн. Сылгоймагимæ бает сты нæ царды тæккæ рæсугьддæр æмæ ахсджиагдæр цаутæ. Саби фыццаг кæй фæзæгьы, уыцы ныхас вæййы - мад . Сылгоймаг у бинонты бындур, сылгоймаг хъомыл кæны цот, сылгоймагæй фидауы хæдзар.

Поэттæ, музыканттæ, нывгæнджытæ фæлтæрæй - фæлтæрмæ стыр кад æмæ намыс канынц сылгоймагæн. Тынг айв, зæрдæмæдзæугæ ныхæстæ загьта Цæгæраты Максим дæр сылгоймаджы тыххæй.

Хæс: фæйнæгæй рафыссын текст къæлæттæ аиуварсгæнгæйæ.

Цард æ(п,пп)æты фы(ц,цц)аг сылгоймаджы зæрдæйы райгуырд. Сылгоймаджы зæрдæйы уидæгтимæ баст у дунейы æ(п,пп)æт дæр сывæ(л,лл)оны фы(ц,цц)аг цъæхахст хъæбулы фы(ц,цц)аг бахудт авдæны уынгæг æмæ фæлмæн зарæг фæндыры æмбæхст миддуне нæлгоймаджы кадавар цæ(с,сс)ыгтæ хæстоны нæргæ кад æмæ хъарæджы фæйнæрдæм тонгæ хъуырдухæн... Æрмæстдæр сылгоймаджы зæрдæйы уыдис уыдонæн райгуырæн.

Хæс: 1. Къæлæттимæ фыст дзырдты растфыссыннад бацамонын.

2. Дыккаг хъуыдыйады æрхæцæн нысæнттæ æрæвæрын, бамбарын сæ кæнын.

Сылгоймаджы зардæйы уидæгтимæ бает у дунейы æппæт дæр:
сывæллоны фыццаг цъæхахст, хъæбулы фыццаг бахудт, авдæны уынгæг амæ
фæлмæн зарæг, фæндыры æмбæхст миддуне, нæлгоймаджы кадавар
цæссыгтæ, хæстоны нæргæ кад æмæ хъарæджы фæйнæрдæм тонгæ
хъуырдухæн.

Цæмæн æрæвæрдтам хъуыдыйады дыстъæлф? Цы хонæм иугæнæг дзырд?Цавæр æрхæцæн нысæнттæ ма æвæрæм иугæнæг дзырдимæ?

Иугæнæг дзырд хонæм æмхуызон уæнгтимæ уыцы иу хъуыдыйады уæнг чи вæййы, фæлæ йæ хъуыдымæ гæсгæ уыдонæй уæрæхдæр чи вæййы æмæ сын иумæйаг номæн чи вæййы, ахæм дзырд. Иугæнæг дзырд фæлæууы æмхуызон уæнгтæн кæнæ сæ разæй (уæд ын йæ фæстæ æвæрæм дыстъæлф), кæнæ та сæ фæстæ (уæд, æвæрæм иугæнæг дзырды разæй тире).

Хæс: 1.фыццаг хъуыдыйад ныхасы хæйттæм æмæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ равзарын.

Цард æппæты фыццаг сылгоймаджы зæрдæйы райгуырд.

2.фонетикон æвзæрсты æгъдаумæ гæсгæ равзарын дзырд миддуне - мид - ду - не.

м - [м] æмхъæл. зылангон;

и - [и] - хъæлæс, тыхджын, цавдон;

д/д - [д] - æмхъæлæс. зыланг. даргъ

у - [у] - хъæлæс. тыхджын

н - [н] - æмхъæл. зыланг

е - [е] - хъæлæс. тыхджын. 7 дамгъ. 6 мыр. 3 уæнг.

З. Ссарын тексты антонимтæ. Зарæг-хъарæг, сылгоймаг-нæлгоймаг, цъæхахст-бахудт, уынгæг-фæлмæн.

Цавæр дзырдтæ хонæм антонимтæ? Сæ нысаниуæг ныхмæвæрд кæмæн у, ахæм дзырдтæ хонæм антонимтæ.

Хæс: бахахх кæнын хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ, ссарын дзы æмхуызон æмæ алыхуызон бæрæггæнæнтæ.

Кæд вæййынц бæрæггæнæнтæ æмхуызон æмæ алыхуызон?

Æмхуызон бæрæггæнæнтæ фæбæрæг кæнынц предметæн йæ иу æууæл, предметы алыхуызон æууæлтæ куы фæбæрæг канынц, уæд уыцы бæрæггæнæнтæ вæйынц алыхуызон.

Æмхуызон уæнгты цал рæнхъы ис тексты? Ссарын сæ. Æмхуызон бæрæггæнæнтæ уынгæг æмæ фæлмæн;

сæйраттæ: цъæхахст, бахудт, зарæг, миддуне, цæссыгтæ, кад æмæ хъуырдухæн.

Цавæр бæттæгæй бает сты æмхуызон уангтæ? Ноджыдар ма уавар бастдзинад ваййы се хсан?

Æмхуызон уæнгтæ кæрæдзимæ цавæр бæттæгтæй бает вæййынц, уыдон вæййынц æртæ хуызы: иугæнæг, дихон, ныхмæвæрд. Бает æрцæуынц æнæ бæттæгтæй дæр.

Хæс: вазыгджын хъуыдыйадæй саразын хуымæтæг, æмхуызон уæнгтимæ:

Заронд лæг хъæууынгты æрцæуы, æмæ йæ фæллад бæх йæ фæстæ лæсы.

Цавæр хъуыдыйад хуыйны вазыгджын?

Дыууæ кæнæ фылдæр грамматикой бындуры цы хъуыдыйады вæййы, уый хонæм вазыгджын хъуыдыйад.(лæг æрцæуы, бæх лæсы).

Заронд лæг хъæууынгты æрцæуы æмæ йæ фæллад бæх йæ фæстæ ласы.

2.Дзырдуатон куыст.

Куыд бамбарæн ис дзырд кадавар, цæмæн у нæлгоймагимæ бает, сылгоймаджы кадавар цæссыгтæ зæгъæн ис?

Сæ сæргæндты сылгоймаджы кой кæм ис, ахæм литературон уацмыстæ ранымайын. Чи сæ ныффысста?

«Азау», «Ханиффæйы мæлæт», «Фатимæ», «Мад», «Гыцци»... Хæдзармæ куыст:

1. Рафæлхатын хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ.

2. Ныффыссын мини сочинени сылгоймаджы тыххæй.

© 2010-2022