Хайыг. Хайыгты дих

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Конкурс « Учитель года 2010»

Чехоева- Тотоонова Залина Хасановна

Æххуысгæнæг ныхасы хæйттæ.

Урок . Темæ : Хайыг. Хайыгты дих.

/ «Мадæлты фæдзæхст , макуы уал уæд хæст…»

Эпиграф / Уадз æмæ æрыгон фæлтæр

Ма базона хæсты цæхæр…

Цæстуынгæ æрмæг :

  1. Фæйнæг

  2. Чиныг /ахуыргæнæн

  3. Папкæтæ

  4. Таблицæтæ

  5. Нырыккон технологитæ

  6. Дидактикон æрмæг

  7. Текст.

Нысан :

  1. Бацамонын темæ хайыг. Хайыгты дих.

  2. Бакусын сывæллæтты фæлтæрдзинадыл хайыгтæй пайда кæнгæйæ.

  3. Дарддæр кусын сывæллæтты раст фыссын ахуыр кæныныл.

  4. Сывæллæттæм гуырын кæнын Райгуырæн бæстæмæ патриотон æнкъарæнтæ.





Урочы цыд : 1.орг. хай.

-Уæ бон хорз, сывæллæттæ . Æгас цæут уазджытæ.

-Сбадут.Мах кæрæдзиимæ иугыццыл зонгæ стæм, фæлæ ма уын мæ ном уæ зæрдыл æрлæууын кæндзынæн - Залина Хасановна.

Ныр байхъусут таурæгъмæ.

/ Цавæрдæр хъæуы цæрджытæй иу бинонтæ бæрæг хуыздæр дардтой иннæты хсæн. Цæрджытæ дис кодтой : цæй мидæг ис, цыма, сæ сусæгдзинад? Сæ сусæгдзинад та уыд хуымæтæг : бинонтæ кæрæдзи уарзтой, кад кодтой кæрæдзийæн. Алчидæр сæ зыдта йæ хæс, йæ куыст. Æмæ сæ алчидæр архайдта æз хуыздæрæ бакусыныл. Афтæмæй цардысты кад æмæ радимæ.

Махæн дæр абон кæрæдзийы бамбарын æмæ кæрæдзи бауарзыныл бацархайын хъæуы, иумæйагæй æнтыстджынæй бакусын, цæмæй нæ къухы бафта нæ абоны хæс.

Нæ хæстæ та сты : ( слайд)



  1. Бакусын темæ хайыгыл æмæ хайыгты дих.

  2. Хайыгтæй раст пайда кæныныл бакусын.

  1. Райгуырæн бæстæмæ патриотон æнкъарæнтæ гуырын кæнын.

Сывæллæттæ, сымах æнæ фехъусгæ нæ фæуыдаиккат Уæрæсе зæрдæвæрæны мæймæ йæхи кæй цæттæ кæны цавæрдæр бæрæгбонмæ, уый.

Чи зæгъдзæн, цавæр бæрæгбон у?

/ Уæрæсе немыцыл куы фæуалахиз , уый 65- азы кады бæрæгбон.

Раст. Уæрæсейы адæм гитлерон фашисты куы ныддæрæн кодтой , ууыл рацыд 65 азы.

Ныффыссæм дзырдуатон диктант. Ныффыссут абоны нымæц уæ тетрæдты.

Дз/д

уæлахиз рамбулын победа

сабырдзинад сабыр цард мир

сæрибардзинад фæндон цард свобода

цагъарад æххуырст уæвын рабство

хæст тох война

Зæгъут-ма куыд æмбарут ацы дзырдты нысаниуæг?

Мæнæ куыд æмбарын кæны дзырдуат та. /дзырдуат Абаева

Бакæсын æмбарынгæнæн в-т, стæй уырыссагау.

Сывæллæттæ, чи зæгъдзæн :

Рамбулæн ис кæй? / знаджы

Сæрибардзинад - дунейæн

Сабыр цард - адæмæн. Æмæ уæд цагъарад хъæуы? - нæ хъæуы.

Хæст хъæуы? - нæ хъæуы.

Раст зæгъут, сабитæ. Хæст нæ хъæуы нæдæр абон, нæдæр фидæны. Мæнæ мА ракæсут нæ эпиграфмæ. Чи йæ бакæсдзæн?

/Уадз æмæ æрыгон фæлтæр ма базона хæсты цæхæр.

Равзарæм ма ацы хъуыдыйад хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ ( Интер)

Æркæсут уæ хъуыдыйадмæ, хайыг МА куы аппарæм , уæд нæм цы

рауайдзæн? Бакæсут æй.

Уадз æмæ æрыгон фæлтæр базона хæсты цæхæр.

Чи зæгъдзæн ,ивы йæ хъуыд æви нæ.? Ивы ,уымæйдæр цæхгæр. Æркæсæм 1-аг вариантмæ.Ацы ныхæстæ зæгъдзæн адæймагыл чи батыхса, ахæм. Ма фенæд,ма фæрисæд, ма базонæд.Фæлæ 2-аг вариант зæгъы: базонæд,фæрисæд,фенæд. Фæйнæ хуызы ахорæны ис ацы варианттæн. Чи зæгъдзæн, цæй руаджы? Хайыг МА-йы руаджы. Раст.

Ног æрмæг ( табл)

Хайыгтæ сты æххуысгæнæг дзырдтæ æмæ æххуысгæнæг ныхасы хæйттæ. Уыдон дзырдбæстытæ кæнæ хъудыйæдтæн дæттынц уæлæмхасæн хъуыды, æвдисынц алыхуызон æнкъарæнтæ, ома дзурæджы ахаст хъуыдыйады мидисмæ.

Æркæсæм куыд зæгъы нæ ахуыргæнæн чиныг та? Байгом кæнут 99-æм фарс. Чи бакæсдзæн? ( чидæр кæсы сывæллæттæй)

--Хорз. Чи зæгъдзæн, цы ма базыдтам æз цы загътон , уымæй уæлдай чиныгæй?

/ Ивгæ нæ кæнынц, хъуы=ды уæнгтæ нæ вæййынц.

АХ. Хорз. Дих кæнынц 3 къордыл ( равдисын таблицæтæ)

Абон мах æрлæудзыстæм дыккаг къорды фыццаг дыууæ хуызыл :

Æппæрццæг æмæ разыдзинады хайыгтыл.

-- Æркæсæм сын сæ нысаниуæгмæ. Куыд æмбарут дзырдтæ ?

Æппæрццæг - отриц ( литер. Урочы йæ фехъуыстаиккат )

Разыдзинады - утвердит

Æрбакæсут таблицæмæ. Сæ нæмттæ сæ уæлæ сты.

Разыдзинад æвдисы разы кæй у. уый.

З-м: - Ды 7-æм къласы ахуырдзау дæ? / О.

Ацы чызг хорз ахуыр кæны? / Ай-гъай хорз ахуыр кæны.

КÆНÆ: - Урочы фыдуаг митæ фæкæныс? / Нæ фæкæнын.

Бамбæрстам æй? Æркæсæм 306 фæлтæрæнмæ. Чи бакæсдзæн,цы кæнын хъæуы?

Скъоладзау кæсы. Фæлтæрæн æххæст кæнæм тетрæдты.

АХ, Дæттын уын 3 минуты. / равзарын сыв. куыстытæ.

Хорз сарæхстыстут, ныр та бакусдзыстæм текстимæ.

Бакæс сыв. текст. Текст ис уæ разы папкæты

Хæслæвæрд : тексты ссарын хайыгтæ. Зæгъын,цавæр сты.

Обауы байст.

Хистæр лейтенант Гагуыдз акъопмæ ныггæпп ласта. Йæ размæ фæци дынджыр немыцаг. Йæ хæцæнгарз фæцаразын дæр йæ къухы нал бафтыд. Уайтагъд йæ « хихъхъ» фæцыд, æмæ дæлгоммæ ахаудта. Гагуыдз отряды обауырдæм сарæзта. Уыди зын цæуæн, зын хæцæн. Алырдыгæй цъуых- цъуых хъуысти. Зын разынди обау райсын. Немыц æй тынг сфидар кодтой. Пулеметтæ æмæ минометтæй къух бакæнæн нæ уыди. Знаджы нæмгуытæ их уарæгау кодтой. Гагуыдз хъуыды кодта : « Цалынмæ нæма сбон, уæдмæ обауæн æнæ райсгæ нæй». Арв фæхъулон , афтæ обау немыцаг фашистон æфсæдтæй сыгъдæггонд æрцыд. Кæд хæст нæ ахаста , уæддæр æфсæддонтæй бирæ фæмард. Бон куы æрбарухс , уæд Гагуыдз федта хъуыддæгтæ. Гæнæн ницыуал уыди. Обау хъуыди æрфидæрттæ кæнын, уымæн æмæ знаг тагъд райдыдтаид бырсын. Обауæн та фæстæмæ ницыхуызы уыди раттæн. Аходæнафонмæ немыц обау æхсын райдыдтой минометтæй. Минæты срæмыгъды уынæр хъустæ æмыр кодта.

Дзуапп раттут фæрстытæн.

1.Куыд уæм кæсы архайд кæд цæуы?/ немного истории

-Кæцы азты кой цæуы скъуыддзаджы?

-Цавæр историон цаутæ сты?

2.Цы скъуыдддзаг бакастыстæм, уымæ гæсгæ хорз

уавæрты уыдысты тох чи кодта, уыдон?

/ Нæ уыдысты, æмæ кæд абон мах хорз цæрæм, уæд абоны бонмæ фæндаг тугуард æмæ цæссыгæй æхсад у. Æмæ уæ уый макуы рох кæнæд.



Ныр та куысты дыккаг хай :

ацы текстмæ ныффысдзыстæм диалог алчи йæ сыхагимæ.

Диалог ис райдайæн афтæ:

- Дæ бон хорз , Сослан.

- Салам, Ирбек.

- Сослан, ирон литературæйæ уыцы радзырд бакастæ?

- О, бакастæн.

- Дæ зæрдæмæ фæцыди?

- …

Уæ тексты спайда кæнут разыдзинады хайыгтæй. ( байхъуысын)

/ Тынг хорз уын бантыст. Бæрæг у урочы райдианæй лæмбынæг кæй хъусут, уый . Таурæгъ уæ зæрдыл бадардтат. Ныр та уæ дзуæппытæ раст кæй уыдысты , уый уæ тынгдæр цæмæй бауырна, уый тыххæй бакæсут.Кæсгæ кæнут лæмбынæг , фæрстытæн уæ хъæудзæн дзуæппытæ раттын.

Нывты равдыст. Хæсты райдайæн æмæ хæсты кæрон.

1.цы æвдыст æрцыд? / хæст

2. абарут дыууæ скъуыддзаджы. Цавæр хицæндзинад ис се хсæн?

3. Цавæр эмоционалон миниуджытæм гæсгæ йæ базыдтат?

Æмæ сымах бинонтæй хæсты ничи уыди? / дать рассказать

Сывæллæттæ, куыд зонæм, афтæмæй зæххыл ма цы адæм баззад хæсты фæстæ, уыдон нæ ферох кодтой хæстонты ахсджиаг хъæбатырдзинад æмæ Ирыстоны алкæцы хъæу, алкæцы горæт æмæ цæрæнбынаты дæр ис цыртдзæвæнтæ.Уымæ гæсгæ Дзæуджхъæуæн раттой кадджын ном - Город воинской славы. / презент.

Нæ хъуыдытæ бафидар кæнæм фæйнæгыл. / интеракт. Текст.

Хæслæвæрд: Хъуыдыйæдтæ баххæст кæнын лæвæрд дзырдтæй.

Чи рауайдзæн фæйнæгмæ? / æвæрынц дзырдтæ сæ бынæтты, фыццаг дзырд мæхæдæг æвæрын.

Фæлтæрæн куысты фæстæ : хæст цардхалæг у æмæ дзы нæ кæстæрты Хуыцау бахизæд.Сывæллæттæ , текстыл бакуыстам æмдзæвгæ дæр бакастыстæм æмæ ма цыдæртæ ноджы. Уæ цæст ма иу ахæссут æмæ абон цы хайыгтимæ базонгæ стæм , уыдоны растфыссынады тыххæй уæхæдæг зонинаг сбæлвырд кæнут.

Сывæллæттæм байхъусын, стæй сын хатдзæг скæнын.

Иттæг хорз арæхсут хъуыды кæнынмæ æмæ кусынмæ дæр.

Æмæ ноджы иу куыст хатдзæгтæ скæнынæн. Мæнæ ацы сыфтæ сты тестытæ Фæйнæхуызон уымæн сты, æмæ сæ куыст хицæн кæны кæрæдзийæ. Цæмæй? Кæрдæгхуыз цы сыфтæ сты, уыдон зындæргомау сты. Æрвхуызтæ та æнцондæр. Ныр уæ алчи йæ зæрдæ йæхиуыл цас дары, уымæ гæсгæ равзарут . Скæнын хатдзæгтæ.

Абон сывæллæттæ мах базыдтам:

  1. Хайыг кæй у æххуысгæнæг ныхасы хай

  2. Куыд дих кæнынц хайыгтæ

  3. Куыд фыссын сæ хъæуы.

  4. Цы æххуыс сты дзурæгæн.

ФÆЛÆ хайыгтæ æрмæст ныхасы æмæ фыссыны æххуысгæнджытæ не сты. Хайыгтæн ис стыр ахадындзинад царды.

Уæ ныййарджытæ уын куыд фæдзурынц?

___Фыдуаг МА кæнут. Æнæгъдау уæвын хорз НÆУ. Ноджы , чи зæгъдзæн? / сывæллæтты дæнцæгтæ/

Уæдæ мæ зынаргъ скъоладзаутæ, ныййарджытæ уæ куыд аразынц, афтæ фæндараст кæнут. Уыдон уын цы зонд амонынц , уый мацæуыл ивут. Абон диссаджы хорз бакуыстат, сымаъх руаджы нæ рауад хорз бинонтæ æмæ уын банысæд. Уе ппæтæн дæр æз æвæрын иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Бузныг!

Мæн зæрдæ уый цы зæгъы, уый та ребусы бакæсут./ребус.







Т е с т

  1. Хайыг у :

а) сæрмагонд ныхасы хай

æ) æххуысгæнæг ныхасы хай



  1. Хайыг хъуыдыйады мидæг вæййы:

а ) сæйрат

æ) зæгъинаг

б) хъуыдыйады уæнг еæ вæййы

в) бæрæггæнæн



  1. Хайыгтæ иннæ дзырдтимæ фыссæм :

а) иумæ

б) хицæнæй



  1. Хайыгтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ дих кæнынц:

а) иу къордыл

æ) дыууæ къорды

б) дих нæ кæнынц

в) æртæ къордыл





© 2010-2022