Урок Брытъиаты Елбыздыхъохазби-ма гасга

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:


Сочиненимæ цæттæгæнæн урок.

Темæ: Брытъиаты Елбыздыхъо «Хазби».

«Мæсыг хи дурæй хæлы??…»

Урочы нысан: 1. Брытъиаты Елбыздыхъойы трагеди «Хазби»-йæ нæ зонындзинæдтæ сбæлвырд кæнын, анализ скæнын пьесæйæн.

2. Ирон æгъдæуттæ куыд æвдыст цæуынц, ууыл æрдзурын.

Абоны царды сæ куыд æххæст кæнæм.

3.Фыдыбæстæмæ уарзондзинад, патриотизм хъомыл кæныны фæрæзтæ ацы пьесæйы.

Абон йæ актуалондзинад ын æвзæрæм адæмон æмбисонды бындурыл «Мæсыг хи дурæй хæлы…»

Урочы цæстуынгæ

æрмæг: 1. Газет къулыл.

2. «Ныхас» фыдæлтæм куыд уыдис, уый равдыст.

3. Магнитофон адæмон зарæг «Хазби»-имæ.

Урочы цыд: 1. Организацион хай.

2. Ахуыргæнæджы разныхас.

3. Трагеди бæлвырд кæгæйæ дзурæм ирон Ныхасыл. Ныхасы макет сценæйыл. Пайда кæнæм беседæйы методæй.

4. Скъоладзау кæсы Кочысаты Мухарбеджы æмдзæгæ «Фыдыбæстæ».

5. Хатдзæгтæ.

6. Хæдзармæ куыст.

Фæйнæгыл фыст: Тæнджы мæйы дыууын æхсæзæм бон.

Сочиненимæ цæттæгæнæн урок.

«Мæсыг хи дурæй хæлы?!…»

«Зонд кæстæрæй хистæры сæрыл нæу».

Ислам («Хазби»)

«Уæ зындзинад-мæ зындзинад, уæ кадмæ кад, цомут иумæ!»

Хазби.

«… Гъæй - гъæй! Кæдæм? Уынут уæртæ Хазби куыд хæцы, уый? Уынут? Кæцы бонмæ ма ацæрдут? Нырæй хуыздæр кæд у амæлынæн? Размæ! Цы у уый? Чи сæвдыста урс тырыса?»

Агуыбечыр («Хазби»)

«… Мæлæт! Цæй æрæгмæ кæныс? Мæ цæстытæ мын цæуылнæ æрæхгæныс, кæд нал уынин дзыллæйы худинаг?»

Хазби.

1. Организацион хай.

2. Ахуыргæнæджы разныхас. Хъуысы Хазбийы зарæг.

Цымæ цæмæн дзырдтой фыдæлтæ, стæй трагедийы дæр арæх æмбæлæм: «Ирон лæг зоны кадимæ мæлын!» Цæмæн? Кæд æмæ уыцы кад арæх-иу рахызт æгадмæ.

Æцæг ирон хæсты быдыры тæппуд нæ уыд. Мæлæтæй нæ тарст. Зындзинадæн быхста… Знагæй не мбæхст. Знæгтæ та нын нæ фагæй фылдæр уыд.

Фæлæ æддагон знагæй, хи хсæнæй равзæргæ знаг тæссагдæр у. О, уымæй дæр хызт нæ уыдис нæ адæмы истори. Уыцы историйы фæндаг, куыд зын цæуæн дæ. Нæ фæндаг нæ кæны иу кувæндонмæ, нæ иумæйаг мæсыгмæ. Мæсыг, бæлвырд, кæддæр фидар сæвæрдтой, фæлæ нын хæлы, æмæ йæм лæмбынæг куы ркæсæм, уæд фендзыстæм, йæхи дурæй кæй хæлы, уый. Уыцы рæсугъд дурæвæрд хæлы. Уыцы рæсугъд дурæвæрд та у адæмы фарнæй. Цы фæци нæ фарн, кæм æй агурæм, кæм ссарæм дзуапп…

«Мæсыг хи дурæй хæлы», - афтæ дзырдтой фыдæлтæ, афтæ дзурæм абон.

Æркæсæм, равзарæм. Кæд ма нæ мæсыгæн аразыны фæрæз уаид. О фæлæ, цæмæй низ дзæбæхгонд æрцæуа, уый тыххæй йын аххосæгтæ ссарæм. Трагеди «Хазби». Брытъиаты Елбыздыхъо дзы низ дæр равдыста, æмæ йæм хос дæр ссардта.

3. Трагеди бæлвырд кæнæм беседæйы руаджы.

Фарст: Кæм æмæ куыд ныффыста фыссæг трагеди? Цы йын лæвæрдта?

Дзуапп: Брытъиаты Елбыздыхъо «Хазби» ныффыста, Назраны фмдары куы бадт, уæд. Ацы пьесе йын лæвæрдта ныфс, хъару, тых…

Фарст: Цы æвдыст цæуы пьесæйы, йæ историон бындур?

Дзуапп: Пьесæйы æвдыст цæуы хæдхæцæг паддзахы ныхмæ тох, XIX-æнусы фыццаг æмбисы Алыккаты Хазбийы растады цаутæ.

Фарст: Куыд æвдыст цæуы ирон ныхасы хистæр Ислам?

Дзуапп: Ныхас æвдыст цæуы ирон царды уагæвæрджы хуызы. Йæ хистæр Ислам ма ахæм куырыхон хистæрæй, кæцы зоны лæггад кæнын кæстæрæн, у уæздан æмæ архъуыдыджын.

Фарст: Хъæвдын æмæ Исламы ныхмæвæрд. Хъæвдыны цæстæнгас. Чи у Хъæвдын ирон адæмæн?

Дзуапп: Хъæвдын у Исламау хистæр, фæлæ Хъæвдын зоны домын кад йæхицæн, кæстæр та йын лæггад куыд кæна. Йæхæдæг та кæстæрæн нæ амоны йæ цардæй, лæггад куыд кæнын хъæуы, уый. Исламау нæ хъусы кæстæрмæ. Кæстæрæн ис йæхи бынат, уырдыгæй æддæмæ ма хизæт. Хъæвдыны хуызон зæронд лæг у, мæсыг рагæй чи халы, уыдонæй.

Фарст: Куыд æвдисы фыссæг Хазбийы ныхасы, цавæр адæймаг у?

Дзуапп: Хазби Ныхасы у уæздан, лæггадгæнаг кæстæр хистæрты раз; кæстæртæн та зондамонæг хистæр. У æрхъуыдыджын, æфсармджын, удæй рæсугъд, æгъдауыл хæст, адæмы хсæн кадджын, номдзыд. Хазбийы хуызæтты руаджы нæ мæсыг фидарæй фидардæр кæны.

Фарст: Биайы фырты фæлгонц, йæ роль пьесæйы. Биайы фыртты роль ирон адæмы историйы.

Дзуапп: Биайы фырт йæ намыс, кад, ном, уд ауæй кодта æрттиваг мæнг цардыл. Хазби карзæй дзуры йæ ныхмæ, æмæ уый хуызæн ма чи у, уыдон ныхмæ дæр. Адон сты, мæсыг цы дурты фæрцы хæлы уыдон.

Фарст: Ныхасы цы хъаугъа рауад, уый куыд бамынæг, чи йæ баурæдта.

Дзуапп: Ныхасы хъаугъа урæд æрцыд ирон æгъдауы руаджы. Хазби нæ бауагъта æфхæрын Биайы фырты. «Уазæг - Хуыцау уазæг…», - зæгъы Хазби.

Абон ацы æгъдау царды йæ бынат куы ссарид, уæд ирон цард æгъдауджындæр уаид.

Фарст: Хазбийы ахаст сылгоймагмæ?

Дзуапп: Хазби сылгоймаджы уыны æмсæр адæймаг, кæцыйæн хъæуы æгъдау дæттын, лæггад кæнын. Уыдон сæрвæлтау тохмæ дæр цæуы.

Фарст: Цавæр уынаффæ рахастой Ныхасы?

Дзуапп: Ныхасы æрцыдысты уыцы хъуыдымæ: «Райгуырæн зæхх бахъахъхъæнæм…»

Фарст: Нанæйы фæлгонц.

Дзуапп: Нана у æцæг ирон сылгоймаг. Йæ хъæбулы радта адæмæн. Адæмы фарнæн. Æрвиты йæ фæстаг тохмæ, зоны йæ, нал ын æрæздæхдзæн, уый. Æрвиты йæ хæстмæ, мæлæтмæ Фыдыбæстæйы сæраппонд.

4. Скъоладзау аив кæсы Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ».

Сæдæ азы фæстæ æндæр ирон лæппу ныффысдзæн ацы æмдзæвгæ. Кочысаты Мухарбег дæр уарзон бæсты сæрвæлтау æдзардæй бацæудзæн мæрдтæм. Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты быдырæй нал арыздæхдзæн. Фæлæ уый уыдзæн сæдæ азы фæстæ…

Нудæсæм æнусы райдиан Хазби æххуысмæ æрвиты Санибамæ, Дæргъæвсмæ, Уæладжыры коммæ, Куырттатмæ…

Сценкæ: Хазби иунæгæй. Хъуырдухæнтæ кæны. Цавæрдæр тас дзы бацыд. Фæлæ не ууæнды, абон йæ цуры не рбалæудзысты, ууыл. Æрвыст фæдисонтæ иугай здæхынц, æмæ цын зæгъынц, кæй ничи рцæудзæн æххуысмæ, уый. Уый худинаджы хабар. Хазби кæсы йæ монолог, стæй зæгъы: «…Мæсыг хи дурæй хæлы».

Фарст: Æппæтæй тæссагдæр мæсыгхал чи рзынд?

Дзуапп: Цорæ разынд æппæтæй тæссагдæр мæсыгхал. Уый цыд хионы цармы, афтæмæй та уыд тæппуд æмæ уæйгæнæджы удимæ. Ахæмтæй тынгдæр хæлы нæ мæсыг.

Цæмæй равзарæм Хазбийы мæлæты нысаниуæг, уый тыххæй æвзарæм, фæйнæгыл цы фыст ис, уыдон.

5. Хатдзæгтæ скæнынæн фарст.

Фарст: Ирон адæмы мæсыг цы фервæзын кæндзæн, цы бахъахъхъæндзæн, кæнæ та чи? Нæ адæмы фарн,намыс, фидæн.

Дзуапп: Хазби загъта: «Нæ хос ис иудзинады, иузæрдиондзинады. Ирон адæмы æгъдау æмæ æфсармы ис царды мæсыджы æнæфехæлгæ фидæн».

Урочы кæрон скъоладзау кæсы Калоты Хазбийы «Хорзæй баззай, Ир».

6. Хæдзармæ: ныффысын сочинени.



© 2010-2022