Урок на тему Фӕрсдзырдты арӕзт

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

2

Урочы темӕ. Фӕрсдзырдты арӕзт.

У р о ч ы н ы с а н. Сфӕлхат кӕнын дзырдарӕзт. Æрдзурын фӕрсдзырдты дзырдарӕзтыл. Бакусын ныхасы рӕзтыл.

Урочы хъомыладон хӕс. Скъоладзауты базонгӕ кӕнын Калоты Зауырбеджы цард ӕмӕ революцион зондахастимӕ.

Урочы ӕрмӕг. Ирон ӕвзаджы чиныг, таблицӕ - Фӕрсдзырдты арӕзт, техникой фӕрӕзтӕ, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг, текст «Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕвар».

Урочы ц ы д

Сфӕлхат кӕнын дзырдарӕзт.

Хӕс. Дзырды хӕйттӕм гӕсгӕ равзарут дзырдтӕ: (бындурӕвӕрӕг, ӕрбафтӕг, ныккӕсдзыстæм)

Ф а р с т. Цавӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕны дзырдарæзт куыд грамматикон иуӕг, афтӕ? (Дӕнцӕгтӕ.)

Сбӕрӕг кӕнын хӕдзармӕ куыст.

Афӕлгӕсын фонетикӕйыл. Бакӕсын хъуыдыйад ӕмӕ зӕгъын, цавӕр фонетикон раиртӕстмӕ хауынц дзырдтӕ: къаннӕг, хӕххон, лӕууынц, хӕдзӕрттӕ? Къаннӕг хӕххон хӕдзӕрттӕ чъылдымдзӕхтӕй, тӕргайхуызӕй кӕрӕдзимӕ дӕрддзӕф лӕууынц.

Бакусын ныхасы рӕзтыл.

Xӕс. Мивдисӕг цӕуын-мӕ саразут дзырдбӕстытæ фӕрсдзырдтимӕ ӕмӕ сын равзарут сӕ нысаниуӕг.

Хуызӕг: Цӕуын рӕвдз ...

Фарст. Цы хонӕм фӕрсдзырд? (Дӕнцӕгтӕ.)

Дзырд хӕссын-ӕй алыхуызон разӕфтуанты руаджы саразут ног дзырдтӕ, раивут сӕ уырыссаг ӕвзагмӕ.

Ф а р с т. Цы хонӕм дзырдарӕзт? (Дӕнцӕгтӕ.)

II. Ног ӕрмӕг. Скъоладзаутӕ дзырдарӕзты мадзӕлттӕн ирон ӕвзаджы кӕрон нӕй, сты бирӕ ӕмæ алыхуызон.Абон нӕ хӕс у бакусын фӕрсдзырдты дзырдарӕзтыл.

Чиныгимӕ куыст.

Хибар куыст. Бакӕсут раиртӕст, равзарут дӕнцӕгтӕ ӕмӕ скӕнут хатдзӕг.

Фарст. Куыд арӕзт цӕуынц ирон ӕвзаджы фӕрсдзырдтӕ? (Дӕнцӕгтӕ.)

Равзарын таблицӕ - Фӕрсдзырдты дзырдарӕзт ӕмӕ йӕ рафыссын тетрӕдтӕм, ӕрхӕссын дӕндӕгтӕ.

Фарст. Цавӕр ныхасы хӕйттӕй арӕзт цӕуынц фӕрсдзырдтӕ? (Дӕнцӕгтӕ.)

Ирон ӕвзаджы чиныджы фӕлтӕрӕнтимӕ бакӕнын бирӕвӕрсыг куыстытӕ рӕнхъгай, фӕрсдзырдты дзырдарӕзты алы мадзалыл дӕр хицӕнӕй ӕрдзургӕйӕ.

Ф а р с т. Цавӕр фӕрсдзырдтæ ис нӕ мадæлон ӕвзаджы? (Сӕрмагонд ӕмæ аразгæ фæрсдзырдтæ) (Дӕнцӕгтӕ.)

Сфæлдыстадон куыст

Xæс. Ацы фæрсдзырдтимæ æрхъуыды кӕнут хъуыдыйæдтæ, сбæрæг кæнут фæрсдзырдты арӕзт.

Иухатт, искуы,макæм, афæззæджы, ничердӕм.

Фарст. Куыд арӕзт цӕуынц фӕрсдзырдтӕ?

Афӕлгӕсын синтаксис ӕмӕ пунктуацийыл. Бакӕсут хъуыдыйад, сӕвӕрут дзы хъӕугӕ æрхæцæн нысантӕ, зӕгъут, цы хонӕм сидӕн.

Ды дӕ мӕ цин, мӕ цардамонд, Фыдыбӕстӕ,

Дæуӕй мӕнӕн зынаргъдӕр, адджындӕр нӕ уыдис ӕмӕ нӕй».

Кочысаты Мухарбег. «Фыдыбӕстӕ».

III. Ӕрмӕг бафидар кӕнын. Ныффыссын ӕвзаргӕ диктант. Рафыссут фӕрсдзырдтӕ, сбӕрӕг сын кӕнын сӕ арӕзт.

ИРЫСТОНЫ ӔХХӔСТБАРДЖЫН МИНӔВАР

Калоты Зауырбег райгуырди 1876 азы Уӕлладжыры комы, Байыхъӕуы. Хӕрз гыццылӕй бавзӕрста Зауырбег царды уӕз. Астаздзыдӕй байдыдта фыййау цӕуын, ӕрмӕст хызта кӕйдӕр фос. «Дӕ хъысмӕт ахӕм у»,- дзырдта-иу ын йӕ фыд Забе. Зауырбег сӕрӕн гуырд басгуыхти кусынмӕ, бӕхыл бадынмӕ, топпӕй æхсынмӕ, зарын-кафынмӕ. Уӕдӕ уындӕй ӕмӕ кондӕй дæр иннӕты 'хсӕн дардта бӕрӕг. Ӕмӕ йӕ иннӕ ӕххуырстытыл былысчъил чи кодта, уӕлейӕ сӕм дӕлӕмæ чи касти, уыцы бонджын лӕг хӕларзӕрдӕ бадардта захъайаг лӕппумӕ. Ӕфсӕддон службӕ Зауырбегӕн ссис хиӕмбарынады революцион скъола. Бирӕ фӕхатт Зауырбег амондагурӕг: Япон, Канадӕ, Америкӕ. 1917 аз Захъайы хъӕуы цӕрджытӕ Зауырбеджы арвыстой Цӕгат Ирӕтты съездмӕ минӕварӕй Дзӕуджыхъӕумӕ. Ам Зауырбег базонгӕ ирон революционертимӕ ӕмӕ фидарӕй ныллӕууыд революцион тохы фӕндагыл.

Абон махӕй рох нӕу, сывӕллӕттӕ, нӕ зынаргъ За­уырбег. Уымӕн ӕвдисӕн, 4 августы 1990 азы йын За­хъайы комы бацӕуӕны нӕ адӕм цы номарӕн цырт сӕвӕрдтой, уый. Дарддӕр Зауырбеджы хъысмӕты фӕдыл кӕсут журнал «Мах дуджы» 1987 азы, 1-аг чиныджы.

Урочы æрмæгыл афæлгæст.

Хæдзармæ куыст. Сахуыр кæнын раиртæст. Сфæлхат кæнын ныхасы хай номивæг.


© 2010-2022