Ирон литературæйы урочы пълан 7 къласы Нигеры кадæг «Бадилон симд»

Раздел Другое
Класс 7 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Ирон литературæйы урочы пълан 7 къласы Нигеры кадæг «Бадилон симд»Ирон литературæйы урочы пълан 7 къласы

Урок бацæттæ кодта Татьяна Остъаты

Урочы темæ:

Дыууæ социалон къласы ахастдзинæдтæ Нигеры кадæг «Бадилон симд»-ы.

Урочы эпиграф:

1.Лæгæн йæ намгæнæг йæ хъуыддæгтæ сты». (Гаглойты В.)

2.«Алкæмæн дæр ифтындзын чи комы, уыцы адæймаг бирæ уæлдай нæу æгомыг фосæй». (Дзесты К.)

Урочы нысан:

Адæмон ахастдзинæдтæ сын бамбарын кæнын æмбисæндтæ æмæ поэмæйы руаджы.

Цæстуынгæ æрмæг: чиныг, плакат - «Симд» (сывæллæтты нонд ныв).

Урочы цыд:

Организацион хай (2-3 мин.)

Пълан:

1.Эпиграф сын бамбарын кæнын.

2.Ирон адæм, фарн, æмæ симды тыххæй æрдзурын.

3.Ног темæмæ рахызт.

4.Æмбисæндтæ.

5.Хатдзæгтæ скæнын.

1. Абон нæ урочы темæ у «Дыууæ социалон къласы ахастдзинæдтæ Нигеры кадæг «Бадилон

симд»-ы.

2. Ирон адæмæн аивадмæ cæ æвзыгьддзинад нæ рагфыдæлтæй цæугæ у. Йæ историон фæндаг уыдис тынг зын, фæлæ кадджын. Уыцы фæндагыл цæугæйæ, адæмы 2хсæн никуы нымæг кодтой адæмон сфæлдыстады цæхæртæ.

Адæм уарзон цæст дардтой нæ фыдæлты «фарнмæ», ирон æгьдæуттæм, зарджытæм, кæфтытæм, таурæгьтæм, кадджытæм, фæлтæрæй-фæлтæрмæ сæ лæвæртой æмæ сæ бирæ æнусты сæрты æрхастой ныры дугмæ.

«Фарн» ирон адæммæ тынг вазыгджын, мидисджын дзырд у, æмæ йын ис егьау нысаниуæг.

Фарстатæ: Сываллæттæ, зæгъут-ма, цæвæр арфæтæ у уæ бон зæгьын фарны тыххæй?

Сывæллæтты дзуæппытæ:

«Фарн фæцæуы фарны хæдзармæ», «фæрнæйдзаг у», «уæ фарн бирæ», «адæмы фарн бирæ у», «табу уæ фарнæн», «фыдæлты фарнæй цух ма ут», «фæрнджын у», «дунейы фарн уын æххуысгæнæг уæт», «дунейы фарны стæн», «фыдæлты фарн мæрдтæм нæ цæуы», фæрнхæссæг фæу», æмæ а.д.

Фацбаймæ ахастдзинад:

Ирон лæг æгаддзинад йæ сæрмæ никуы хаста, кадимæ цæрын æмæ мæлын - йæ уды бæллиц.

Ирон кафтыты 'хсæн диссагдæр у, йæ ном дардыл хъуыст кæмæн у, уыцы ирон «Симд»: - фыссы Дзадтиаты Уакка дæр. (Цæг Ир сгуыхт артист).

Уый ирон адæммæ фæзынд тынг раджы. Уаедæ Тугъанты М. дæр йæ нывты æвдисы нæ фыдæлты диссаджы кæфтытæ чи æххæст кодта, уыдонæн сæ конд æмæ сæ уæнгты айст. («Нарты симд Зилахары», «Нарты Сосланы кафт фынгыл»).

Бирæ хæттыты-иу хъазты рæстæджы сæ кæрæдзи нæ бамбæрстой, æмæ-иу туджы зæйтæ ахастой.

(Хъасты рæстæгджы лæппу æгнæнхъæладжы чызджы риу бацавта, æмæ уый асайдта тугкалд).

Нæ фыссджытæй дæр бирæтæ уыцы хабæрттæ ирдæй равдыстой сæ уацмысты, ахæмтæ сты:

  1. Коцойты А. радзырд: «Фынддæс азы».

  2. Уæдæ Хетаагкаты К. дæр фæстæ нæ баззадис. Аивæй равдыста ирон «симд» йæ кадæг «Хетаджы»:

Дунейы чызджытæ симды лæууыдысты

Гъе, уæддæр дзыллæтæ иууылдæр кастысты

Зæронд Солтаны чызджытæм æдзухдæр...

(Рев. разм. агъом. рæстæг)

  1. Нигеры кадæг «Бадилон симд». Нигер йæ поэмæйы æвдисы зæронд заманы ирон адæмы социалон дихдзинæдтæ.

Нигер, куыд лирикон герой, поэмæйы æвдисы йæ цæстæнгас æлдæрттæм дæр æмæ кусæг къласмæ дæр, æвдисы йæ æнæуынондзинад бонджынтæм, æмæ йæ уарзондзинад мæгуыртæм.

Фыссæг Фацбайы бары сагыл, Хъуыбадты фæссивæды та, бары куыйты агьуыд балыл (æрра куыйтыл).

Хъуыбадты æххуырстытæ куывды бон фыдæбон кæнынц, кусынц, лæггад кæнынц.

  1. Хъанцай фæлладхуызæэей дон æрбахæссы.

  2. Тазе йæ цæнгтæ сисын нал фæразы, афтæмæй суг сæтты.

  3. Гæстæн арт кæны, фыр фæлладæй йæ бон нал у.

  4. Фацбай кусарт кæны, бафæллад.

Фаендыры цагьд куы айхъуыстой, уæд сæ фæллад айрох ис.

Кæд мæгуыр дугуыдис, уæддæр адæм хъæлдзæгдæр уыдысты.

Абарст ныры дугимæ:

Ныр та? (Зивæггæнджытæ, магусатæ), иудзырдæй, бæстæ авдзыгъуыммæ нæ фыссæг Джыккайты Шамилы загьдау.

Хъуыбадты афицер сæ куыдзы хъазтмæ æрбакодта.

Зæлиханы дари къабайыл куыдз йæ къæхтæ рхафы, фæлæ йыл уæддæр цинтæ кæны.

Уый хæдфæдыл хъастмæ æрбацьщ Фацбай, фæлæ йын куыдзы кад дæр нæй.

Кадæджы лирикон фæзилæн æмæ сюжет:

« Æлдар æмæ æххуырстæн сæ фæндаг иу нæу, иумæйаг сын ницы ис».

Фацбайы æвирхьау мард.

Хъал Залихан æнæрвæссон кафт кодта, йæ бырынкъ зулмæ хаста. Фацбай ныфсæрмы, æгад æркаст йæхимæ.

Ныууагьта Залиханы кафгæ. Уæздæттæ уый банымадтой æфхæрдыл.

Хъуыбадты карздзинад:

Куыйты æрдонг, саджы куыд ныттыдтой, афтæ раст лæбурынц, бырсынц, Фацбайы марынмæ.

Куы йæ ныммардтой, уæд ма йын сæ чызг Зæлихан йæ къахæй йæ риуыл ныллæууыдис.

Саджы тыххæй æмбисонд:

(аивадон развæлгъау, художественное претворение)

Раст хатдзæг скодта Джыккайты Ш. «Æмбисондæн - поэмæйы ис егъау ахадындзинад.

Тыхджындæр кæны архайды драматизм, арфдæрæй æвдисы иунæджы хъысмæты трагизм къласон æхсæнады.

Раттын сæм фарстатæ:

Сывæллæттæ, зæгьут-ма уæдæ, цавæр æмбисæндтæ зонут мæгуыр æмæ бонджыны тыххæй?

Сывæллæтты дзуæппытæ:

  1. Авд хохы æдде фыдбылыз куы фæзыны, уæддæр йе стъæлфæн мæгуыр æджы бæрзæйыл абады.

  2. Бæрзонд цы уасæг бады, уый йæхи сæрæндæр æнхъæлы.

  3. Мæгуыр лæг бæндæны гæбазæй уæлдай нæу, нæ иуырдæм æххæссы, нæ - иннæрдæм.

  4. Хъæздгуыты 2хцатæ цæргæстау бæрзæндты тахынц. Мæгуырты капеччытæн та карчы базыртæ ис æмæ сæ уайтагъд рацъипп ласынц, æмæ а.д.

Заегъут-ма, сывæллæттæ, куыд сын æмбарут сæ хъуыды та?

Ныр та ма мын дзуапп раттут ахæм фарстайæн:

Цавæр рацыд радзырдты ма ис сæмбæлæн мæгуыртæ æмæ бонджынты ахастдзинæдтæ?

Сывæллæтты дзуæппытæ:

  1. Гæдиаты С. Радзырд «Арагуийы - Ерыстау æлдар».

  2. Гаглойты Рутены радзырд «Цард»-ы.

Цыбыртæй радзурын радзырдты мидис.

- Ахæм хатдзæг ис скæнæн:

«Æфсæст лæг, æххормагы не 'мбары».

Уыцы дуджы тыххæй (рев. размæйы рæстæг) Плиты Харитон дæр фыста:

«Уый тар дуг уыд, мæлинаг дуг, ныссæфт;

нæ кьæхты бын ныммур».

Скуыддзаг сын бакæсын кадæгæй.

Дарддæр сын бакæсын фыссджыты æлвæст хъуыдытæ «адæймаджы тыххæй».

4.Æмбисæндтæ.

Æмбарын сын кæнын сæ хъуыды. ***

Адæймаджы ном, адæймаджы намыс хъуамæ саджы цæстау уа сыгъдæг, уалдзæгау - рæсугъд æмæ рæстдзинадау тыхджын»: - фыста Дзугаты Г.

«Фыдуаг фыртæй, фыдуаг куыдзæн æнциондæр у йæ хæссын»: - фыста Гэедиаты С.

«Лæг æг цæстæнгасæй цы зæгъа, уый дæсны фыссæгæн æнæхъæн бон нывгонд нæ фæуыдзæн»: - фыста Гэебулты Мелитон.

«Лæджы зæрдæ фыдæбонтыл куы сфæлтæра, уæд æм зындзинад тынг нал хъары»: - фыста Гзедиаты С.

Дарддæр бакæсын сценкæмæ (скъуыддзаг кадæгæй) «Хъуыбадты хъазт».

Фæндыры цагьд.


  1. Хатдзæгтæ скæнын:

Зæгъут-ма мын, сывæллæттæ, цавæр дыууæ социалон къласы дихдзинæдтæ базыдтат Нигеры поэмæ «Бадилон симд»- æй?

Сывæллæтты дзуæппытæ...

Ахуыргæнæджы кæронбæттæн ныхас:

Фарны ныхæстæй райдыдтам нæ урок, æмæ мæ фæуын дæр фæнды уыцы ныхæстæй «Фæрнæйдзаг ут уе'ппæт дæр».

Фæнды ма мæ зæгъын, цæмæй æппынæдзух уæ зæрдæтæ агурой кафын, зарын æмæ хъæлдзæгдзинад, æнкъард цæстæнгасæй хызт ут уе'ппæт дæр.

Фестæм абон нæ урок.

Хæдзармæ куыст сын раттын:

Кадæг «Бадилон симд» сын раттын аивæй кæсынмæ.

© 2010-2022