Урок-игра по осетинскому языку Зондабитæ

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Интеллектуалон хъазт «ЗОНДАБИТÆ»

8-9 кълæстæ

Ахуыргæнæг: КЕРЕСЕЛИДЗЕ Р. В.



2015 аз

Архайынц 3 командæйы.

1-аг тур

Иумæйаг фæрстытæ

Архайджытæй чи куыд фылдæр баллтæ райса, афтæ радыгай цæудзысты дыккаг туры категоритæ æвзарынмæ. Алы раст дзуаппæн дæр лæвæрд цæуы иу балл.



  1. Уый у бæстæйы сæйраг зарæг. (ГИМН)

  2. Уый у лæппуйæ лæггæнæг, байрагæй бæхгæнæг. Цавæр дзуар, цавæр бардуаг у?(УАСТЫРДЖИ)

  3. Нарты Уырызмæгæн йæ фаззон æфсымæры ном. (ХÆМЫЦ)

  4. Цавæр лæвар ракодта Сырдон Нартæн? (ДЫУУАДÆСТÆНОН ФÆНДЫР)

  5. Куыд ма хонынц Дигора æндæрхуызон? (ЧЫРЫСТОНХЪÆУ)

  6. Цавæр цæугæдонæн ис хуыз? (УРСДОН)

  7. Чи уыди Сатанайы фыд? (УАСТЫРДЖИ)

  8. Фыццаг историон зарæг? (ЗАДАЛЕСКЫ НАНА)

  9. Дзанайты Иваны псевдоним. (НИГЕР)

  10. Бæгæны кæмæй фыцынц, ахæм хилаг кæрдæг у… (ХУЫМÆЛЛÆГ)

  11. Адæймагæн йæ зонд кæм ис? (СÆРЫ)

  12. Ацы хъæу зæронд никуы кæны.(НОГХЪÆУ)

  13. Куыд хуыйны хъазæн стæджы ном? (ХЪУЛ)

  14. Ирыстоны æппæты дарддæр район… (МÆЗДÆДЖЫ)

  15. Ацы уацмысы сæйраг хъайтарты схонæн ис «ирон Ромео æмæ Джульеттæ». Чи сты? (АЗАУ ÆМÆ ТАЙМУРАЗ)

Ныхасы бар жюрийы уæнгтæн.

2-аг тур

Командæтæн фæйнæгыл лæвæрд ис фондз категорийы фæрстытæ. Дзуапп дæтты командæйæ иу адæймаг ( равзæрст категории хуыздæр чи зоны). Раст дзуаппæн лæвæрд цæуы 2 баллы.

1-аг категори «Ирыстоны зындгонд адæм»



  1. Ацы зындгонд адæймаг у Ирыстонæй рацæугæ. Æппæт дунейыл дæр йæ ном у хъуыстгонд. У симфонион æмæ оперон дирижёртæй иу. Чи у? (Гергиты Валерий)

  2. Ир дунейæн ирон Отелло радта… йæ бæрзонд ном - нæ цин æмæ нæ кад. Кæй кой кæнæм, уыцы ирон Отелло чи у? (Тæбæхсауты Бало)

  3. Ацы адæймаг та нымад æрцыд æппæты хуыздæр футболон тренерыл. Чи у? (Гæззаты Валерий)

  4. Уый йæ рæстæджы нымад уыд æппæты тыхджындæрыл, хуыдтой йæ «Человек-гора», «Гора-Казбек». Чи у? Кæй хуыдтой афтæ? (Хъаныхъуаты Бола)

  5. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг дзы немыц æмризæджы рызтысты. Уыди Советон Цæдисы дыууæ хаты Хъæбатыр, Монголы республикæйы Хъæбатыр. (Плиты Иссæ)

2-аг категори «Ирон æвзаг»



  1. Номивæг æз гуырынон хауæны куыд уыдзæн? (мæ, мæн)

  2. Ирон алфавиты цал дамгъæйы ис? (43)

  3. Дзырд мæхи цавæр ныхасы хай у? (номивæг)

  4. Дыгурон æмæ ирон æвзæгтæ сты æви диалекттæ? (диалекттæ)

  5. Зæгъ дзырдтæй нымæцон 999. (фарастсæдæ нæуæдз фараст)

3-аг категори «Ирыстон æмæ йæ истори»



  1. Кæцы аз баиу Ирыстон Уæрæсеимæ? (1774)

  2. Ирыстоны тырыса цавæр хуызтæй конд у, æмæ цы амонынц уыцы хуызтæ? (урс-уды сыгъдæгдзинад, сырх-æхсардзинад, бур-бæркад)

  3. Ирыстоны хæхтæй æппæты стырдæр цавæр у? (Хъазыбеджы хох)

  4. Ирыстоны æппæты стырдæр цæугæдон цавæр у? Кæцæй исы йæ райдайæн? (Терк, Зилгæ хохæй)

  5. Ирыстоны цал районы ис? (авд)

4-æм категори «Ирон æгъдæуттæ æмæ бæрæгбæттæ»



  1. Лæппу-иу ус куы хаста, уæд-иу чызджы фыдæн цы бафыста? (Ирæд)

  2. Цы амонынц æртæ уæлибыхы? (Хур, зæхх, дон)

  3. Сылгоймаджы ацы дзаумайæн раздæр уыди стыр тых, уый-иу баурæдта хыл дæр, бирæты-иу фервæзын кодта мæлæтæй (кæлмæрзæн)

  4. Куыд хуынд, раздæр заманы-иу нæлгоймæгтæ кæдæм æрæмбырд сты, уыцы бынат? Ам-иу уынаффæ кодтой, æрвыстой сæ рæстæг. (Ныхас)

  5. Раздæр-иу ацы аæмон тæрхон уыди æппæты карздæр. Куыд хуынд? (Хъоды)

5-æм категори «Нарты кадджытæ»



  1. Цал мыггаджы уыдысты Нартæ, ранымай сæ. (Æхсæртæггатæ, Боратæ, Алæгатæ)

  2. Кæй схуыдта сохъхъыр уæйыг Нарты фæсивæдæй «Саудзагъд æмæ къуыпных»? (Батрадзы)

  3. Кæй хуыдтой Нарты фыдбылыз? (Сырдоны)

  4. Куыд хуынд Нарты хъазæн фæз? (Зилахар)

  5. Куыд хуынд Нарты æлутон къус? (Уацамонгæ)

Ныхасы бар жюрийы уæнгтæн

3-аг тур

Видеофарст

Алы командæйæн дæр компьютерыл кæнæ интерактивон фæйнæгыл æвдыст цæуы Ирыстоны зæрдылдарæн бынæттæй иу. Скъоладзаутæ хъуамæ зæгъой, цы у, кæм ис, æмæ мА дзы цы зонынц уыдæттæ. Æххæст дзуаппæн лæвæрд цæуы 10 баллы, æнæххæстæн та 5 баллы.

1-аг командæйæн æвдыст цæуы «Мёртвый городок»-«Мæрдты сахар»

2-аг-«Реком»-ы кувæндон.

3-аг-Гæздæнты авд æфсымæры цыртдзæвæн.

4-æм- «Древо скорби»-«Хъыджы бæлас». Бесланы теракты цы сывæллæттæ фæмард сты, уыдоны цыртдзæвæн.

5-æм-Плиты Иссæйы цыртдзæвæн Терчы был, Дзæуджыхъæуы.

6-æм-Пётр Барбашовы цыртдзæвæн.

Жюрийы уæнгтæ кæнынц иумæйаг хатдзæгтæ.







«Ирыстоны зындгонд адæм»





\

«Ирон æвзаг»



«Ирыстон æмæ йæ истори»

«Ирон æгъдæуттæ æмæ бæрæгбæттæ»

«Нарты кадджытæ»

© 2010-2022