Сценарии по на тему Коста ама ирон авзаг. Внеклассное мероприятие

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

ГБОУ «ӔРЫДОНЫ АГРАРОН -ТЕХНОЛОГОН ТЕХНИКУМ»

СЦЕНАРИ

153 азы Къостайыл

«КЪОСТА ӔМӔ ИРОН ӔВЗАГ».

Сценӕйыл Къостайы къам йӕ быны фыст

Сценарии по на тему Коста ама ирон авзаг. Внеклассное мероприятие.


-153-


ИРОН ÆВЗАДЖЫ КЪУЫРИЙЫ ПЪЛАН:


10.10 - ирон æвзаг æмæ литературæйы кабинет æмæ къæлидор саив кæнын, Къостайы бæрæгбонмæ;

11.10 - къласон сахат: «Къоста - гений»;

12.10 - рефератты равдыст;

13.10 - Къостайы æмдзæвгæты конкурс;

14.10 - Ирон æвзаг æмæ литературæйы изæр: «КЪОСТА ӔМӔ ИРОН ӔВЗАГ».

Жюрийы архайджытӕ:


  1. Габеты М.Д. - ирон ӕвзаджы ахуыргӕнӕг;

  2. Гӕцойты Э.С. - техникумы хъомыладон хайады сӕргълӕууӕг;

  3. Гаситы И.Ц. - музей «Подвиг» ы сӕргълӕууӕг;

  4. Адырхаты Р. В. -техникумы библиотекӕйы сӕргълӕууӕг.

Сценарии по на тему Коста ама ирон авзаг. Внеклассное мероприятие.

Рацыд ахуырдзау Дигойты Хъазбег 18 къорды ахуырдзау йæ къухы бæгæныйы кӕхц æмæ хъæрæй кувы:



«О, Стыр Хуыцау!»
Цомайты Ростислав

О, Стыр Хуыцау !!!
Фыдрæстæгæй нæ бахиз.
Нæ чысыл Ирыл ма рауадз фыдæх
Куыд уой йæ фырттæ алы ран уæлахиз,
Куыд уа æнустæм амондджын йæ зæхх.

Мæ Ирыстонæн ма фесæфæд йе 'взаг
Мæ Ирыстоныл ма æрцæуæд зæй.
Æдзæттæйæ нæ ма баййафæд не 'знаг
Нæ кæрæдзийы мауал кæнæм уæй.
(ацыд)

Йæ фæстæ рацыд иннæ ахуырдзау Адырхаты Николай

4 къорды ахуырдзау:

« Нæхи ирæттæ»


Зон æй мæ Ирыстон
Æнæ дæу сидзæр дæн,
Хур мæ нæ тавы дзæбæх.
Цинимæ зæрдæйы
Урс цæссыг фезмæлы
Афтæ зынаргъ у дæ зæхх
О, фæлæ, иу сагъæс зилы мæ хъуыдыты
Хорз амонд кургæйæ нæу,
Мах фæстæ а зæххыл
Чи цæудзæн, чи цæрдзæн
Уый та куыд уарздзæни дæу?

I - кæсæг: Бибилашвили Мария, 15- къорд.

II - кæсæг: Музайты Жаннæ, 12 - къорд.

I - кæсæг: Уæ бонтæ хорз зынаргъ æмбæлттæ, æмæ йæхи æцæг ироныл чи нымайы, уыцы зынаргъ адæмтæ!

II - кæсæг: Мах абон иумæ æрбамбырд стæм, цæмæй кæрæдзи цы æвзаджы руаджы æмбарæм æмæ зонæм, ууыл æрдзурæм. Махæй алчидæр хъуамæ уа сæрбæрзонд Къостайау мах дӕр ахæм рæсугъд ирон æвзагыл кæй дзурæм.

I - кæсæг: - Бузныг нæ фыдæлтæн, ахæм рæсугъд æвзаг нын чи ныууагъта. Бузныг нæ мадæлтæн, абоны онг нын ацы рæсугъд æвзаг чи рахæццæ кодта.

II - кæсæг: - Бузныг Къостайæн не 'взагæн нын бындур чи æрæвæрдта.

I - кæсæг: - Абон мах иумӕ бабастам Къоста ӕмӕ ирон æвзаджы.

II - кæсæг: Кæй зæгъын æй хъæуы? Къоста æнæ ирон æвзаг нæ фидауид, ирон æвзаг та æнæ Къоста. Уæдæ нæ изæр дæр рахуыдтам афтæ: «Къоста æмæ ирон æвзаг».

I - кæсæг: Табуæфси, бакæсæм кафт «Хонгæ»-мæ. Æххæст ай кæнынц нæ техникумы ансамбль «Казбек», Хетæгкаты Къостайы райгуырды цытæн.

Кафт: «ХОНГÆ»

I - кæсæг: - Ахæм æмбисонд искуы фехъуыстат: «Ахуыр - рухс, æнæахуыр - талынг».

II - кæсæг: - Фехъуыстам æмæ цы? Уый афтæ кæй у, уый алчидæр зоны.

I - кæсæг: - Къоста йæ ахуыры тыххæй йæхицæн бинонтæ дæр куыннæ æркодта афтæ дзурынц.

II - кæсæг: - Раст зæгъыс. Афтæ д иу дзырдта: «Сылгоймагмæ иууыл уæзданæй дзурын хъæуы, æмæ мын мыййаг æнæ рæвдыдæй куы зайа, æз иууыл фыссыны куыст кæнын, æмæ мæ къухы йæхи æнамонд куы хона. Фæлтау ус нæ ракурдзынæн, цæйнæфæлтау мæ уарзон сылгоймаг йæхи æнамондыл нымайа мӕнимӕ цӕргӕйӕ.

I - кæсæг: - Уæдæ ма бакæсæм ахуыр кæнын тынг кæй фæндыд, уыцы «Гацыры фæлварæн» - мæ.

Бацæттæ йæ кодтой 14 æмæ 12 къорды ахуырдзаутæ.

II - кæсæг: - Табуæфси! Мæн дæр фæнды бакæсын.

«ГАЦЫРЫ ФÆЛВАРÆНТÆ»

Архайджытæ: Гацыр, Хъызыл, Профессор.


Спайда кодтам: Гацырæн йæ къухты чингуытæ, йæ сæрыл кепкæ.
Хъызылæн йæ сæрыл ирон нымæтын худ, йæ къухы та халамæрзæн.
Гацырæн йæ разы стъол, кæсæнцæстытæ æмæ фыссæн дзаумæттæ йæ разы.

Гацыр: (рауайы тагъд, тагъд æмæ хæрхæмбæлд фæци йæ сыхаг Хъызылыл.) Дæ бон хорз Хъызыл!

Хъызыл: - Æгас цу, æгас. Кæдæм тагъд кæныс Гацыр?

Гацыр: - Институтмæ, мæ хæлар, институтмæ. Абон ма фæстаг фæлварæн, æмæ студентæй агæпп кæндзынæн.

Хъызыл: - Раздæр уал агæпп кæн, стæй та «Гопп», зæгъ. Цалдæр азы фæлварыс, фæлæ та сæргуыбырæй æрæздæхыс.

Гацыр: - Æнæ тухийæ ницы ис, фæлæ ма ацы хатт фæкæс, æндæра институты тæккæ астæу не смидæг уаин.

Хъызыл: - Дæуæй студент нæ рауайдзæн, фæлтау мемæ цом æмæ колхозы иумæ кусæм.

Гацыр: - Колхозы! Дæ цæст мын æндæр ницы уарзы?

Хъызыл: - Уæдæ фæндараст. Мæн кустмæ хъæуы. (ацыдис)

(Профессор бады столы фарсмæ æмæ цыдæртæ фыссы.)

Гацыр: - (бахоста дуар) - Дæ бон хорз цытджын профессор!


Профессор: - Æгас нæм цу! Дæ ном, дæ мыггаг?
Гацыр: - Ау! Хынджылæг кæныс? Нал мæ зоныс?


Профессор: - Æнхъæлдæн, кæмдæр ма дæ федтон иу хатт.
Гацыр: - Æз Хабедзаты Гацыр дæн æмæ мæ иу хатт нæ федтай , фæлæ дыууæ хатты.

Профессор: - Æмæ нæм афтæ арæх цæмæн цæуыс?

Гацыр: - Цæмæн куы зæгъай, уæд дæ аххосæй, ды мæ нæ бауадзыс ахуырмæ. Къостайы биографии нæ зыдтон æмæ мын-иу дыууæ сæвæрдтай. Фæлæ ныр, табу Хуыцауæн къæр-къæргæнгæ йæ радзурдзынæн.


Профессор: - Уæдæ ныр цæттæ дæ зæгъыс?

Гацыр: - О,о, тынг цæттæ дæн. (дзурын райдыдта) Хетæгты Къоста уыд стыр лæг, уый

райгуырд мин аст фараст фондзæм азы.

Профессор: - Хетæгты нæ фæлæ Хетæгкаты.

Гацыр: - Ма мæ хъыгдар цытджын профессор! (дзуры дарддæр) Къоста райгуырд йæ мад æмæ йæ фыдæн кæфты мæйы, æхсæвы талынджы, кæвдæсы мидæг. Ныффыста бирæ диссаджы хабæрттæ, хъаймæты æмбиссæнттæ.

Профессор: - Æгъгъæд дзур! Æз дæ Къостайæ куынæ фæрсын. Мæнæ ма билет сис æмæ уымæ гæсгæ дзуапп кæн.

Гацыр: - Уый та куыд? Нал мæ ныууадздзынæ? Дыууæ азы мæ Къостайæ фæрсыс, ныр та дам билет сис. Цы дын кодтон ? Ценнæ мæ уарзыс? Уæлæмæ скæсын мæ нæ уадзыс, цы мæм нынных дæ!

Профессор: - Лæппу æгæр бирæ дзурыс, зонгæ та гыццыл.

Гацыр: Уымæй раст зæгъыс. Бирæ куы зонин, уæд ма ардæм цæуин ахуырмæ.


Профессор: - Уæдæ ма мын радзур Гæдиаты Секъа куыд амард, уый?

Гацыр: - Цытджын профессор! Сомы дын кæнын мæ мадæй, ницы зонын Секъайы мæлæтæн. Æви мæн гуырысхо кæныс?


Профессор: (худы) - Уæдæ йæ нæ зоныс, нæ?

Гацыр: -Нæ, нæ! Ницы зонын. Ай мыл цы æнамонды хабар æркодта. Лæгмары ном мыл ма сæвæр. Цæуылнæ дæ уырны, æз ницы зонын, уый.

Профессор: Тынг мæ уырны, тынг æнæ сомыйæ дæр.

Гацыр: - Уæ, дæ цæрæнбон бирæ уа, æгайтма дæ бауырныдта.

Профессор: - Ацу уæдæ «дыууæ». Иннæ аз та æрбацæудзынæ.

Гацыр: - Ма бакæн! Ма бакæн! (йæ къухмæ йын февналы). Ныр иу сахат демæ куы дзурын, уæд мæм иу «æртæ» дæр не'мбæлы?

Профессор: - Дзургæ бирæ, фæлæ, дзæгъæлы.

Гацыр: Æмæ мын ды дæр иу æртæ дзæгъæлы ныввæр. Кæд мыййаг дæ удæй нæ фæхъæудзæн.

Профессор: (сыстад)- Мæ удæй нæ фæхъæудзæн, фæлæ мæ дзыппæй

Гацыр: ( хъуыр-хъуыргæнгæ рацыд) - Мæнæ та Хъызылы фæндиаг куыд фæдæн!


Кæрон.




I - кæсæг: - Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы стырдæр бæллиц , уыд ирон адæм, нæ фæсивæд, цæмæй талынг цардæй рахизой рухсмæ.

II - кæсæг: 12- æм къорды ахуырдзау Джанайты Каринæ бацæттæ кодта Къостайы æмдзæвгæ «Нæ Иры фæсивæд». Ацы æмдзæвгæйæ райста дыккаг бынат аив кæсыны конкурсы мидæг. Табуæфси, Каринæ!

I - кæсæг: Хетæгкаты Къоста æмæ ирон фысджытæй бирæтæ тыхстысты мæгуыр адæмы тыхцардыл, фыстой хъæздгуыты хъал митыл, мæгуыр адæмы куыд нæ уарзтой, сæ туг сын куыд нуæзтой, ууыл.

II - кæсæг: Уæдæ мах дæр бакæсæм мæгуыр æмæ хъæздыг адæймаджы ныхæстæм , æххæст æй кæнынц 11-12 къорды ахуырдзаутæ.

«ÆЛГЪИН ФЫСЫМ ÆМÆ МÆГУЫРГУР»



Спайда кодтам: Фысымæн йæ уæлæ æлдары худ. Мæгуыргур та зæронд дзаумæтты, йæ ккой та голладжы мидæг зæронд дзаумæттæ.

Ус: (лæг) (хæдзары дуармæ æрлæууыд).
- Ацы хæдзар хъæздыг зыны æмæ сæм куы бахоин. Куыд ницы мын авæрдзысты, æххормагæй фæмæлын. (хойы)

Фысым: - Цы та дæ хъæуы, ацы мæгуыргур. Цы уынгты зилыс? Ацы мæгуыр адæмæй мæ удхæссæг уынын.

Мæгуыргур: - О, стыр Хуыцауæй фæдзæхст уæд дæ хæдзар, фæлæ сыдæй мæлын, æмæ ма мын иу къæбæр авæр.

Фысым: - Хуыцау æвдисæн, иу къæбæры мур дæр нæм нæй. (адæмы 'рдæм). Къæбæр нæм нæй, иууылдæр нын гас дзултæ сты.

Мæгуыргур: ( йæ губыныл йæ къух æвæры). Тынг æххормаг дæн æмæ мын уæд та иу дзидзайы мур авæр. Дзидза фыцут æвæццæгæн йæ тæф кæлы. Кæннод ам мæ къæхтæ адаргъ кæндзынæн.

Фысым: - Искуы ам уыныс фыст : «дзидзайы дукани», кæнæ «мясо». Цæй дзидза мæ агурыс?

Мæгуыргур: - Мæнæ цы чъынды дæ! Уæд та мын иу гыццыл ссад авæр. Мæ хæдзар цъыбыртты сыгъд баци æмæ мæ дзыхы цы акæнон, уый дæр мын нæй.

Фысым: - Æмæ дæ хæдзары сыгъд мæ аххос кæныс? Стæй дæм мæ хæдзар куыройы хуызæн кæсы? Цæй ссад мæм ис?!

Мæгуыргур: - (афтæ нæ ацæудзынæн) Уæд та мын иу къус дон авæр.

Фысым : - Мæнæ хъаймæт! Мæ кæрты мидæг искуы цæугæ дон уыныс, суадон дæр дзы нæй. Ацу ныр ардыгæй!

Мæгуыргур: - Дæуæй зымæг мит дæр нæ рантысдзæн. Фæлæ Хуыцау ахæм арфæ ракæнæд, æмæ æцæг мæгуыры бонмæ куыд æрцæуай. Мæ хæдзарау дæ хæдзар дæр цъыбыртты сыгъд куыд бауа. Уый дын мæ арфæ! (фæцæуы)

Фысым: - О,о! Хуыцау ! Ма йæм байхъус! Куыдзы рæйын дæм ма фехъуысæндт! ( атæрдзæн æй лæдзæгимæ йæ разæй).

Кæрон.



I - кæсæг: - Къоста æрмæст адæмы цардыл нæ фыста, уый сывæллæттæ тынг уарзта æмæ сын æмдзæвгæтæ дæр фыста.

II - кæсæг: - Алы ирон сылгоймаг дæр иу авдæнмæ йæ сывæллонæн азарыд «А-ЛО-Л-АЙ». Бацæттæ нын æй кодта 26 къорды ахуырдзау Пагæты Мæдинæ. Табуæфси, байхъусут!

«А-ЛО-Л-АЙ».


Спайда кодтам: ирон нациналон костюмæй, авдæн æмæ куклæйæ.

I - кæсæг: - Ирон адæммæ зæронд адæймаг тынг нымады уыдис раджы заманы.

II - кæсæг: - Æмæ афтæ зæгъынмæ хъавыс ныр æй нал нымайынц?

I - кæсæг: - Алчи нæ фæлæ, мæм афтæ кæсы цымæ йе 'взаг чи нæ зоны, уый ма æгъдау та кæцæй зондзæн, хистæрæн куыд кад хъæуы, уый.

II - кæсæг: Æз дæр демæ разы дæн. Æмæ уын мæнæ æвдисæн, бацæттæ йæ кодтой 12 -къорды ахуырдзæуттæ: Джанайты Кристинӕ, Джанайты Каринӕ ӕмӕ Моурауты Артур.

Сценкæ «Афтек агурын»



Спайда кодтам: Зæронд усæн - зæронд усы дзаумæттæ, сумкæ, кæсæнцæстытæ.
Лæппуйæн - телефон, наушниктæ.

Сценарии по на тему Коста ама ирон авзаг. Внеклассное мероприятие.

Зæронд ус: - (Рацæуы йæ къухы гæххæтты гæбаз, кæсы йæм æмæ цыдæр агуры).

Мæ хæдзарыл! Кæм æй агурон! Стæй цы æлхæнын, уый дæр куы нæ зонын. Уæдæ æнæахуырæй æвзæрдæр исты ис? Цы зæгъон мæ рæстæгæн скъолайы дуарæй никуы бакастæн, стæй уæд мæ кæстæр хомæ та чи кастаид. Мæ мад куынæ бакуыстаид, уæд та æххормагæй мардаиккам. О, о! Уæртæ уыцы лæппуйы куы афæрсин. Хорз лæппу! Дæ бон хорз!

Лæппу: (нæ хъусы, йæ хъусты наушниктæ, йæ къухы та телефон, афтæмæй йæхинымæр кафы йе уæхсджытæй).

Зæронд ус: Дæумæ дзурын лæппу! ( æвналы йæм) - Нæ мæ хъусыс? Æви ирон нæ дæ?

Лæппу: (исы йæ наушниктæ) - Что бабуля! Я ирон на жонис.
(фæстæмæ сæ бакодта йæ наушниктæ.)

Зæронд ус: ( гæххæт æм дары). Мæ фырты фырт рынчын у, æмæ хостæм рацыдтæн горæтмæ. Æркæс ма ацы гæххæтмæ æмæ мын афтек дæр ацамон.

Лæппу: Бабуля! Я же сказал: Нæ жони ирон.

Зæронд ус: Афтек мын уæддæр ацамон.

Лæппу: Афтек - мафтек, я не понимаю. ( иннæрдæм азылд æмæ та йæхицæн кафы)

Зæронд ус: Ай цавæр лæппу дæ? Зæронд адæймаг дæ сæрмæ нæ хæссыс æви?

( Сæ ныхасмæ лæппуйы мад рауад)

Мад: - Цы дæ хъæуы мæнæ ус? Кæй агурыс?

Зæронд ус: О,о! Кæдæй, уæдæй ма, ирон горæты, ирон ныхас фехъуыстон. Мæнæ ацы лæппу дæ лæппу у?

Мад: - Мæн у, мæн, а что из этого?

Зæронд ус: Иу ныхасæн мын дзуапп нæ ратта, æвæццæгæн иронау æцæг не 'мбары, æви мæ хынджылæг кæны?

Мад: - Махæн Вовочк по осетинский не понимать кæны. Притом хæдзары все дзурæм по русский.

Зæронд ус: Ау! Æмæ уæм æппындæр худинаг нæ кæсы? Ахæм хæрзконд ирон лæппу, æмæ йæ сæрмæ иронау дзурын нæ хæссы.

Мад: - Æмæ ирон та кæм хъæуы? Где это надо? Мæнæн Вовчик Мæскуыйы ахуыр кæндзæн.

Зæронд ус: - Мæскуы бæргæ хорз у, фæлæ йæхи æвзаг та? Йæ мадæлон æвзаг ма хъуамæ зона?

Мад: - Оф! Цы кадджын дæм кæсы ирон æвзаг. Цы нын ныууагътой хорзæй, нæ предкæтæ?

Зæронд ус: (зæхх æрхоста лæдзæгæй) - Цы, æмæ кадджын æгъдæуттæ, æмæ рæсугъд æвзаг! Кæцыйы хъахъхъæнын нæ зонынц, мæнæ дæу хуызæттæ! Дæ фыртæн дæр ды сæнад кодтай йæ мадæлон æвзаг! Æмæ чи у дæ фырт, уый бæрæг дзы нал ис.

Мад: Ацы хорз ус, цы дæ хъæуы махæй? Нал нæ ныууадздзынæ абон. Надоела уже! Цы æххуыс дæ хъæуы? Кæннод мне уже домой пора.

Зæронд ус: Ницы мæ хъæуы дæуæй. Ирон адæмы низтæ бахæр!

Мад: - Ни поняла! Пошли Вовчик! Ацы деревенщина нæ цалынмæ нæ фæнадта уæдмæ.

(ацыдысты)


Зæронд ус: «Ирон æвзаг»

«Ирон æвзаг - Хуыцауы лæвар
Диссаджы аив дзырдты хуртуан
Кæд ма дзы исты баззад алутонæй махæн,
Уæд иунæг ды - нæ мадæлон æвзаг!» ( ацыдис).

Кӕрон.

Сценарии по на тему Коста ама ирон авзаг. Внеклассное мероприятие.

I - кæсæг: Уæдæ нæм Вовчикы хуызæттæ æвæццæгæн бирæ ис, мæнмæ гæсгæ. Хъодзаты Æхсары æмдзæвгæ «Æз дæн ирон» бацæттæ кодта 14 къорды ахуырдзау Асламурзаты Алан.

II - кæсæг: Уæдæ йæм байхъусæм , табуæфси!

« ÆЗ ДÆН ИРОН».


Ис æвзагæй нал дзурæм иронау
Ис хъæбулæй не 'взаг у æвæд
Стыр уырысæн нал хизæм йæ ронæй,
Удæй ма куыд уæм ирæттæ уæд!

Макæй уарзæм афтæ æз нæ зæгъын
Фæлæ уарзтæй ма хъуамæ уæм куырм
Зæрдæ дæр цы риуæн равзæрд хурау
Рухс кæнæт æппæты фыццаг уым!

Ирон æвзаг! Мæ зынджы хай, мæ арт!
Æрттив, æхсид æнустæм ды æдасæй!
Дæ цæрайæ, дæ рухс æмæ дæ тæвсæй
Цæрдзыстæм мах æмæ хæрдзыстæм ард!

I - кæсæг: Рынчын адæймаг мæгуыр у. Дæ бон ын æххуыс кæнын куы нæ уа, уæддæр æй дзыхы ныхасæй уæддæр арæвдау, ныфсытæ йын авæр.

II - кæсæг: Уæдæ ма бакæсæм къуырма йæ сыхаг рынчынæн куыд ныфсытæ æвæрдта, уымæ. Бацæттæ йæ кодтой 12 -æм къорды ахуырдзаутæ:

«РЫНЧЫНФÆРСÆГ»


Спайда кодтам: Рынчынæн - йæ сæр баст æмæ хуыссы. Къуырмайæн - лæдзæг, зæронд усы дзаумæттæ. Цæуы гуыбырæй йæ къухы лæдзæг.

Кæсæг: Иу къуырма лæгæн йæ сыхаг фæрынчын.

Сценарии по на тему Коста ама ирон авзаг. Внеклассное мероприятие.


Куырма: (рацыд йæ къухы лæдзæг) - Мæ сыхагмæ рынчынфæрсæг бауаин, фæлæ йемæ куыд дзурдзынæн, къуырма дæн æмæ йæ нæ хъуысдзынæн. (рауай-бауай кæны) - О,о! Æрхъуыды кодтон! Ай, диссаджы коппайы хицау нæ дæн. Куыд дæ зæгъгæ йæ куы бафæрсон, уæд мын зæгъдзæн: «Фæдзæбæхдæр дæн». Æз та йын зæгъдзынæн: «Гъе мæ Хуыцауæй разы. Тынг æхсызгон мын у». Уый фæстæ та йæ бафæрсдзынæн: «Æмæ хæргæ та цы кæныс?». Исты куы зæгъа, уæд ын зæгъдзынæн: «Гъе мæ, дын хæлар уæд!». Стæй та йæ бафæрсдзынæн : «Æмæ дæ дзæбæх та чи кæны?». Цы фæнды куы зæгъа, уæддæр дохтырæй æз тынг феппæлдзынæн».

Кæсæг: (æмæ къуырма араст рынчынфæрсæг йæ сыхагмæ).

Къуырма: ( бахоста дуар æмæ бацыд мидæмæ) - Куыд дæ куыд, мæ дзæбæх сыхаг Ханиффæ?

Рынчын: - О, мæ дзæбæх сыхаг, рæхджы мæ удхæссæг фæхæсдзæн йемæ. Мæлгæ кæнын æвæццæгæн.

Къуырма: - Гъемæ Хуыцауæй разы!. Тынг æхсызгон мын у!

Рынчын: (йæхи иннæрдæм акъуырдта). - Æрмæст ме 'знаг бабæлдзæн мæ мæлæтмæ. - Цы йын кодтон уагæры?

Къуырма: - Æмæ хæргæ та цы кæныс Ханиффæ, хæргæ?

Рынчын: - Ницы æппындæр, хойраг мын марг у.

Къуырма: - Гъе мæ дын хæлар уæд, бирæ дзы иу бахæр мæ сыхаг!

.Рынчын: - ( йæ сæрыл ныххæцыд æмæ иннæрдæм азылд).

Къуырма - Æмæ дæ дзæбæх та чи кæны?

Рынчын: - Æвæццæгæн удхæссæг йæхæдæг.

Къуырма: - Уый хорз хъуыддаг у. Уый тынг хорз дохтыр у, æмæ дын æнæмæнгæй схос кæндзæн. Цæй уæдæ æз ацæуон, мæ дзæбæх сыхаг!

Рынчын: ( рабадт æмæ йæ сæрыыл хæцгæ дзуры) - Уый æнхъæл дзы нæ уыдтæн, æмæ мын мæ мæлæтмæ афтæ бæллы. Иу къæбæр иумæ фæхордтам, уый та йе'муæз марг у.

( ацыдысты)

Кӕрон.

I - кæсæг: Ныр та байхъусæм Къостайы æмдзæвгæтæ аив кæсыны конкурсы фыццаг бынат чи бацахста, уымæ 10 къорды ахуырдзау Ализаты Заринæ

II - кæсæг: Табуæфси, Заринæ, хъусæм дæм!

«Сидзæргæс».


Спайда кодтам: Саударæджы дзаумæттæй, къона, рæхыс йæ агимæ , йæ фарсмæ æртысгæн ( зынг æсхъауæн). Хæдзарæн зæронд заманы хуыз раттыны тыххæй дыууæ дихæй æрæвæрдтам, ахæм хæдзарон дзаумæттæ.

Сылгомæгты 'рдыгæй : хъуылæг, кæхц, хъæдын уидыг, æртæ тæнон фæндыр, æртæ къахыг фынг, фыццагон,авдæн, донхæссæн æрхуыйæ дурын, иту.
Нæлгоймæгты 'рдыгæй: цæвæг, халамæрзæн, æхсырф, хъама, цæвæгцæгъдæн, дурын, йæ фарсмæ сыкъа.

I - кæсæг: - Адæймаг йе 'взаг куы уарза, уæд ын йæ царды мидæг æнцондæр уыдзæн цæрынæн. Ныр та байхъусæм 15- къорды ахуырдзаумæ Нефедова Галинæмæ, Цомартаты Дунетханы фыст æмдзæвгæмæ:

«Дæуæн».

Цы къалиуыл бадыс, уый хъахъхъæн сæттынæй,
Цы обауыл лæууыс бæрзонддæр, уый хон
Цы фæндаг равзæрстай, уым ма тæрс кæлынæй
Хуыздæрты æвзарын æмгæртты хсæн зон.

Цы фæндтæ æвзæры дæ зæрдæйы арфы,
Цы бæллицтæ гуыры дæ риуы æдзух.
Цы номæй дын ракæнынц хистæртæ арфæ,
Ды уыдоны фарнæй - иу макуы су цух.

I - кæсæг: Ныр та бакæсæм цыбыр сценкæмæ: «Цыртдзæвæн»- мæ. Бацæттæ йæ кодтой 12 къорды ахуырдзаутæ: Музайты Жаннӕ ӕмӕ Джанайты Каринӕ.

«ЦЫРТДЗÆВÆН»


Спайда кодтам: Цыртаразæгæн - крандас, ныв. Зæрон усæн - дзаумæттæ, портрет, лæдзæг.

Гатъи : (йæ лæппу амард Гатъийæн , æмæ йын цырт хъуамæ скæнын кæна. Бацыд цыртаразæгмæ.)
- Дæ бон хорз лæппу!

Цыртаразæг: - Кæй бон, у уый хорзæх дæ уæд, мæ мады хай.

Гатъи: - Дæ нывонд æрбауон, мæ фырт æнæнхъæлдзæджы æрбамард, æмæ дæм цырдзæвæн аразыны тыххæй æрбауадтæн. Йæ къам мын дурыл раныв кæн, раст цыма æгас у, афтæ. (дæтты йæм къам). Æрмæст - иу æй худæнбыл ракæн.

Цыртаразæг: - Хорз мæ мады хай, æппындæр дæ зæрдæ ма æхсайд, куыд зæгъай, афтæ уыдзæнис.

Гатъи: - Уæдæ хорз æууæндыл дыл. (фæцæуы, фæлæ фæстæмæ фездæхт). - Дæ хорзæхæй, мæ зæрдæйы худты ма бацу, раст цымæ йæ дæхицæн аразыс , афтæ дзæбæх мын æй раныв кæн.

Цыртаразæг: - Хорз мæ мады хай, хорз. Стыр бузныг дын. Дæ зæрдæ æппындæр ма æхсайæд. Ды мын æрмæст фидгæ бакæн, æндæр дын дæхицæн дæр ахæм дур скæндзынæн æмæ диссаг.

Гатъи: - Ай! Мæнæ æвзæр! Æдзæсгом! Мæ мæлæтмæ мын бæллыс нæ? Цæмæй двайно æхца саразай нæ? Нæ федтай æдзæсгом,нæ!

Цыртаразæг: - Æз! Æз бæллын, æви ды! Мæнæ диссæгтæ, ацы усмæ æз цы сайын. Йæ мæлæтмæ йын æз бæллын, æви ай. (фæзмы йæ) « Раст цымæ йæ дæхицæн кæныс!». Мæ цæстытыл ауадтæн дуры уæлæ, нывгондæй!!! ( йæ сæр тилгæ ацыд)


Кæрон.

I - кæсæг: Нæ изæры кæрон ма байхъусæм Къадзаты Станиславы æмдзæвгæ «Нæртон бæллиц»-мæ. Бацæттæ йæ кодта 12- къорды ахуырдзау Музайты Жаннæ..

«Нæртон бæллиц»

Ирон дзырдтæ - мæ базыртæ
Мæ уидæгтæ - мæ цин
Æз сæ цы рæвдыд базыдтон
Æвидигӕ фæци.

Мæ уд хъæдгæмттæ бандыдзы
Нæ фыдæлты хъæлæс
Цыфæнды маст дæр алидзы
Куы йæ фехъусын æз.

Ирон æвзаг - арвайдæнау
Кæсын æм зон æрмæст
Йæ алы дзырд дæр адджын у,
Нæ дзы æфсæды цæст.

Нæртон бæллиц мæм ахæм и -
Куы рафтауид æфсир -
Цъæхирд тъымы-тъыматæм - иу
Иронау дзурæнт Ир!

I - кæсæг: Нæ изæр кæронмæ æрхæццæ.

II - кæсæг: Хæрзизæр раут!

Музайты Жаннӕ изӕры кӕрон радзырдта Къостайы басни: «Халон ӕмӕ рувас». Сценӕмӕ кӕсджытӕн се ᾽ мдзӕгъд айхъуыст ӕнӕхъӕн залы.


Жюрийы архайджыты фӕндонмӕ гӕсгӕ активондӕртӕ ӕмӕ ирон ӕвзаджы ахуыргӕнӕг Габеты М.Д , хорзӕхджын ӕрцыдысты кады грамотӕтӕй ӕмӕ райстой арфӕтӕ:

1. Музайты Жаннæ12 къорд;

2. Джанайты Кристинӕ 12 къорд;

3. Джанайты Каринӕ 12 къорд;

4. Пагæты Мæдинæ 26 - къорд.

Ирон музыкæйы зæлтæ: «Хъуыбады».

Фӕйнӕгыл Къостайы цардӕй презентации ӕвдисы.

Кæрон.


Бакуыста йыл Габеты М.Д.

Г. Ӕрдон 2012 - 2013 аз.



© 2010-2022