Конспект урока: Хъуылаты Созырыхъо Тотырадзы зараг

Раздел Другое
Класс 7 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:



ХЪУЫЛАТЫ СОЗЫРЫХЪО.

«ТОТЫРАДЗЫ ЗАРÆГ»







2015

16.12.15.

ТЕМÆ: Хъуылаты Созырыхъо. «Тотырадзы зарæг».

НЫСАН: 1.Скъоладзауты цыбырæй базонгæ кæнын Хъуылаты Созырыхъойы

цардвæндагимæ.

2. Берозты Тотырадзы сгуыхтыл æрдзурын. Зарæджы мидис

райхалын.

ХЪОМЫЛАДОН ХÆС: Фольклормæ цымыдисдзинад рæзын кæнын.

ЦÆСТУЫНГÆ ÆРМÆГ: Литературæйы чиныг, «Тотырадзы зарæг»,

презентаци, «Ирон адæмон зарджытæ», «Ирон

адæмон сфæлдыстад».

УРОЧЫ ЦЫД:

« Созырыхъо уыд ирон новеллистикæйы дæсныдæр

сфæлдисджытæй. Йæ радзырдтæ æмæ уацаутæ ирон

поэзийы ахсынц цытджын бынат».

/ НАФИ/

  1. Орг. хай.

  2. Хæдзармæ хæслæвæрд сбæрæг кæнын.

ФÆРСТЫТÆ: 1. Чи у Нигер?

2 «Бадилон симд»-ы сæйраг хъуыды цæй мидæг ис?

3 Цы у поэмæ?

4 Цавæр дыууæ ныхмæвæрд къордыл дих кæнынц поэмæйы

архайджытæ?

5 Бадилатæ чи сты?

6 Кæй фарс стут сымах поэмæйы?

7 Саг æмæ куыйты æмбисондæй зæрдывæрдæй бафæрсын.

  1. Ног æрмæг.

АХУЫРГÆНÆДЖЫ РАНЫХАС ПРЕЗЕНТАЦИИМÆ.

Хъуылаты Созырыхъо райгуырдис Хуссар Ирыстоны Згъуыбиры хъæуы 1900 азы. Бирæ разагъды адæм рацыд Згъуыбирæй.

«Таурæгъты бæстæ рæдау у курдиатыл. Уыдонмæ хъуыста фидæны

Фыссæг зæрдиагæй, уыдон уыдысты йæ фыццаг зондамонæг, сæ таурæгътæй базыдта аив дзырды ад», - зæгъы Джыккайты Шамил.

«Ирон литературæйы Созырыхъойы сфæлдыстад бæрæгæй зыны йарды ахсджиагдæр фæрстытæ æмæ проблемæтæ лыг кæнынæй, актуалондæр темæтæ æвæрын æмæ æвдисынæй», -зæгъы Гафез.

Созырыхъойы йæ фыд Садул æмæ мад Натъа сæвæрдтой ахуыры фæндагыл. Каст фæци Уанелы хъæууон скъола, стæй йæ радтой Гуры гимназмæ. Созырыхъо ахуырæй уæлдай тынг сæрæн уыди музыкæмæ, ныв кæнынмæ. Каст бирæ уырыссаг фысджыты уацмыстæ.

1917 азы, куыд патриотон зондахастыл хæст адæймаг, афтæ, Созырыхъо æрлæууыд тохы фæндагыл.

1920 азы та иннæ фыдбæллæх - гуырдзыйы меньшевикты æрбабырст Хуссар Ирмæ. Ам дæр та Созырыхъо уыд тохы цæхæры. Созырыхъойы мад Натъайы амардтой йæхи хæдзары кæрты йæ хæрæфыртимæ. Ацы æвирхъау цаутæ æвдыст æрцыдысты фæстæдæр йæ радзырд « Тугæй æлхæд»-ы.

1920 - 1930 азты Созырыхъо кодта æхсæнадон куыст.

1923 азы бацыд Мæскуыйы Тимирязевы номыл хъæууонхæдзарадон академимæ æмæ йæ каст фæци 1928 азы.Райста экономисты дæсныйад.

1928 азы сыздæхт Ирыстонмæ æмæ куыста журнал «Фидиуæджы» редакторæй. Тынг бирæ фыдæбон бакодта. Цæмæй ирон литературæ райрæза.

1935 - 1937 азты куыста Хуссар Ирыстоны рухсады адæмон комиссарæй.

1937 азы æнаххосæй бабын.

Созырыхъо йе сфæлдыстадон куыст райдыдта поэзийæ.

Сæ тематикæ, сæ мидисæй сты хуымæтæг - сæрибар, йæ сæрыл тох,цагъардзинады ныхмæ тох.

Байхъусын «Тотырадзы зарæг»-мæ.

АХУЫРГÆНÆДЖЫ ÆМБАРЫНГÆНИНÆГТÆ

Цы зарæгмæ байхъуыстат, уый хъайтар уыд, куыд бамбæрстат афтæмæй, Берозты Тотырадз.

Таурæгъмæ гæсгæ, иу мæхъæлоны хисты, кæцыйы амардæуыд Ирыстоны, йæ идæдз, æгъдæутты сæрты ахизгæйæ райста йæ къухмæ нуазæн æмæ фæсивæдæн загъта: « Ацы нуазæн æз ратдзынæн уымæ, кæцы мын дзырд ратдзæн, мæ лæджы марæджы сæр æрбахæссынæй». Уый кæй къухы бафта, уымæн зæрдæ бавæрдта йæ чызджыты рæсугъддæры раттынæй, стæй бæхты хуыздæр æвзист саргъимæ. Дыууадæс лæппуйы рараст сты идæдзы фæдзæхст æххæст кæнынмæ.Фæлæ фæсивæдæн сæ хъуыдыйы дæр нæ уыд марæджы агурын. Сфæнд кодтой, фыццагдæр сæ размæ цы ирон фæуа, уый марæг схонын. Сæ размæ фæци ацæргæ фыййау Берозты Тотырадз Заманхъулæй. Барджытæ йæ сайдтой семæ, зæгъгæ, стæм чындзхæсджытæ, æмæ немæ хистæрæн рацу. Тотырадз сын не сразы. Æмæ уæд сфæнд кодтой тыхæй йæ акæнын. Бацайдагъ тох. Тотырадз дзы амардта цалдæры, фæлæ йæхæдæг дæр мæлæтдзаг цæфтæ фæцис. Заманхъулы адæм фæфæдис сты, æмæ мæхъхъæлæн сæ къухы нал бафтыд Тотырадзы сæр ракæнын, лидзæг фесты.

«Сгуыхтыл дис кæнын, тохы романтикæ уарзын, лæгдзинад поэтизаци кæнын, намыс адæймагæн кад кæнын, - уыдон сты Сикъойы (фыссæджы фæсномыгæй афтæ хуыдтой) сфæлдыстады намысон æмæ эстетикон æууæлтæ», - зæгъы Нафи Созырыхъойы сфæлдыстады тыххæй.

«Тотырадзы зарæг» мыхуыры рацыд 1927 азы. Созырыхъо йын йæ сюжет фæтыхджындæр кодта, уæлиау систа хуымæтæг ирон лæджы сгуыхт. Тотырадзмæ разынд стыр хъæбатырдзинад, ныфс. Йæхи уацары акæнын нæ бауагъта. Мæрдтæм дзы барвыста авды. Йæхæдæг дæр фæмард. Фæлæ уæлæуыл баззадысты йæ ном æмæ йæ кад.

  1. Чиныгимæ куыст. Зарæджы текст аив каст кæнын

ФАРСТ: Зарæджы ныхæстæ æмæ Созырыхъойы «Тотырадзы зарæджы» сюжет æмхуызон сты? Кæцы уæ зæрдæмæ тынгдæр цæуы? Цæмæн?

  1. Хæдзармæ куыст. Зарæг аив кæсын сахуыр кæнын. Хъуыды зонын, ныв.

  2. Бæрæггæнæнтæ.



© 2010-2022