Сценарии День осетинского языка

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

16

СЦЕНАРИ

«15 МАЙЫ ИРОН ÆВЗАДЖЫ БÆРÆГБОН».

(Бæрæгбоны райдыдимæ сценæйыл æвдыст цæуы презентаци Ирыстоны тыххæй, ирон фысджытæй æмæ ирон хæхты диссаджы æрдзæй).

Бæрæгбон байгом кæндзæн нæ колледжы сæргълæууæг Моурауты Алан Лазары фырт.

Кафт - «Хонгæ». Æххæст æй кæны ансамбль «Хъазбег».

1 - кæсæг: Слонаты Сослан

2 -кæсæг: Агъынаты Кристинæ.

1 - кæсæг: - Уæ бонтæ хорз зынаргъ æмбæлттæ!

2 -кæсæг: - Тынг æхсызгон нын у абон та ногæй кæй æрбамбырд стæм, æмæ та мæнæ нæ иумыйаг рæсугъд ирон бæрæгбоныл кæй цин кæнæм.

1 - кæсæг: Адæймаг фыццаг йæхи хъуамæ уарза, стæй та искæй. Де 'взаг ды куыннæ уарзай, уæд æндæр нацийы та кæм хъæуы.

2 -кæсæг: Алы иронæн дæр сæрбæрзондæй йæ бон хъуамæ уа зæгъын: «Æз дæн ирон».

17.14 къорды ахуырдзаутæ Козаты Алан æмæ Гæбæйраты Кавказæн ныхасы бар.

Козаты Алан: 15 - майы æппæт Цæгат æмæ Хуссар Ирыстон фæбæрæг кæнæм иумæ нæ ирон æвзаджы бæрæгбон. Майы мæй у дидин æфтауæн рæстæг, æмæ уадз æмæ нæ ирон адæмы царды бæлæстæ дидин æфтауой, уадзой арф уидæгтæ, цъæх арвы бын.

2006 азæй фæстæмæ, мах стыр цинимæ фембæлæм ацы рæсугъд бæрæгбоныл. Ацы бæрæгбон мах къухты бафтыд Цæгат Кавказы, уæды президент Дзасохты Алыксандры руаджы.

Гæбæйраты Кавказ: Ацы бæрæгбон нын дæтты фадат æмæ стыр уæрæх авналæнтæ, цæмæй нæ гыццыл Ирыстоны алчидæр дзура йæ мадæлон æвзагыл, цæмæй ма бауадзæм цудын не 'взаг, нæ уарзон Ирыстоны хæхтыл зæла ирон зарæг æмæ фæсивæды цæвджыты æхситт.. Ацы бон æвæццæгæн æнæхъуаджы не 'рцыд æвзæрст, 1899 азы 15 майы рацыд мыхуыры Хетæгкаты Къостайы чиныг «Ирон фæндыр» дæр.

Козаты Алан: Ацы ныхæстæ комкоммæ дæр махмæ хауынц, фæсивæдмæ, йæхи ирон чи хоны, ирон зæххыл чи цæуы, йæ рæсугъд æрдзæй йын йæхи чи хъал кæны, амонд ацы зæххыл чи ссары, уыдонмæ.

Гæбæйраты Кавказ: Сидæм смахмæ нæ ирон фæсивæд, дзурут иронау, дзурут Къостайы æнæмæлгæ æвзагыл, ма йæ бауадзæм сæфын, знæгты къæхты бынмæ. Уыцы диссаджы рæсугъд æвзаг махмæ æнусты сæры ралæвæрдтой нæ фыдæлтæ скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæ. Мах дæр æй адæттæм нæ сæрты, фæлтæрæй-фæлтæрмæ.

1 - кæсæг: Уæдæ ма бакæсæм цыбыр юмористикон сценкæ «Сона фæйнæгмæ».

2 -кæсæг: Æххæст æй кæнынц 5.14 къорды ахуырдзаутæ Кумситы Маринæ æмæ Баситы Аллæ.


«Сона фæйнæгмæ».

Ахуыргæнæг: Сона фæйнæгмæ ма рацу.

Сона: Цы та кодтон! Фыдæнæн та мæ фæйнæгмæ рахуыдта.(рацыд йæхи æрцæттæ кодта).

Ахуыргæнæг: Фысс. Мæ мады ном Даро. Мæ фыды ном Гæци. Ме 'фсмæры ном та Хазби.

Ацы ран мын ссар номдартæ, æмæ сæ базон кæцы хауæнты сты.

Сона: (Фæйнæгмæ кæсы æмæ дзуры) « Даро» у номдар. «Д» йæ райдыдта æмæ ис Дæттынон хауæны. «Гæци» у номдар. « Г» йæ райдыдта æмæ ис Гуырынон хауæны. «Хазби» дæр номдар. «Х» й æ райдыдта æмæ уый та ис Хуызæнон хауæны.

Ахуыргæнæг: Тынг хорз. Фæлæ ма мын дæ боныг радав.

Сона: Æмæ мын цы æвæрыс?

Ахуыргæнæг: Кæй зæгъын æй хъæуы «Фондз», фæлæ йæ кæд базонай кæцы хауæны ис, уæд.

Сона: Хауæнтæй «Ф» йæ ничи райдауы, æмæ никæцы хауæнмæ хауы.

Ахуыргæнæг: Æмæ «æвзæр» та кæцы хауæны ис?

Сона: «Æвзæр» ис Æттагбынатон хауæны.

Ахуыргæнæг: Уæдæ уал дын «æвзæр» æвæрын, стæй дарддæр фендзыстæм.

Сона: (сæргуыбырæй араст).

Кæрон.

1 - кæсæг: Дунейы фарн зӕгъӕд , ӕмӕ алы ирон дӕр куыд уа цӕсгомджын ирон фарнӕй, алы ирон дӕр куыд уа хайджын Къостайы 'взагӕй!

2 -кæсæг: Цард рӕсугъд уӕд у, ӕмӕ хъӕбул куы хъуса алыбон йӕ мады фӕлмӕн хъӕлӕс, йӕ мадӕлон ӕвзагыл куы зӕлой ирон дзырдтӕ.

1 - кæсæг: - Нæ бæрзонд къæдзæхтæ

Нæ царддæттæг зæхх,

Æз уарзын мæ бæстæ

Мæ райгуырæн зæхх!!!

2 -кæсæг: Дæу барын æз хæхтыл

Нæ зæххыл цæрæг

Дæу уарзын а'бæстыл

Хæрзконд дæ бæрæг!!!

Байхъусæм уæдæ æмдзæвгæ: «Йе 'взаг кæмæ у нымад». Æххæст æй кæны 13.14 къорды ахуырдзау Бокъойты Фатимæ

Йе 'взаг кæмæ у нымад.

Амондджын уый у, йæ номæй
Адæм кæмæн хæрынц ард.
Чи вæййы райгонд йæ бонæй,
Царды кæмæн кæнынц кад.

Амондджын уый у, тæхуды,
Йе 'взаг кæмæ у нымад.
Чи йыл фæтыхсы йæ удау,
Чи йыл нывæнды йæ зард.

Амондджын уый у, йæ удæй
Чи ссудзы ихыл дæр арт.
Уарзон бæстæйæн рæсугъдæй
Чи ратты тохы йæ цард.

1 - кæсæг: Ныр та бакæсæм цыбыр сценкæмæ : «Мæхи къахæй æрбацыдтæн».

2 -кæсæг: Бацæттæ йæ кодтой 17.14 къорды ахуырдзаутæ.

«Мæхи къахæй æрбацыдтæн»

Адвокат: Ды Темсыр тынг æвзæр ми бакодтай. Ныр дæ мæ бон бахъахъхъæнын нал бауыдзæн. Сбадын дæ кæндзысты ахæстоны.

Темсыр: Сбадын мæ кæнут! Мæхи къахæй уæм куы æрбацыдтæн.

Адвокат: Тыхамæлттæй дæ суæгъд кодтон дыууæ мæйы размæ ахæстонæй æмæ та ногæй фыдбылыз. Газеты редакторы фыднад фæкодтай, стæй сыхæгтæм бабырыдтæ. Бынтон сæфты къахыл слæууыдтæ!

Темсыр: Газеты редакторæн афтæ хъуыд, ацы фыдбылызты мæ уый баппæрста, стæй сыхæгтæм дæр мæхи фæндæй нæ быбырыдтæн.

Адвокат: Куыд ын хъуыд афтæ. Цы дын кодта?

Темсыр: Уый мæ фæнæмын кодта мæ усæн дæр.

Адвокат: Бæстон ма йæ радзур цы дын кодта?

Темсыр: Газеты раст куы ныффыстаид, уæд ахæм нæдтæ дæр нæ баййæфтаин. Газеты ныффыста Темсыр дам 30 мин сомы адавта. Æз та æрмæст 20 мины радавтон. Мæ ус , уый куы бакаст газеты, уæд мæ тугомæнты фæкодта. Ацу æмæ дам иннæ дæс туманы дæр æрбахæсс. Ратардта мæ æмæ та дыккаг хатт давынмæ бацыдтæн фыдбылызы дæр бахаудтæн.

Адвокат: Цавæр фыдбылызы кой ма кæныс?

Темсыр: Нæ сыхаг лæг нуазаг у. Хæрæндоны йæ куы федтон æхсæвыгон, уæд сæм бабырыдтæн, цæмæй ма 10 мин бахæссон мæ усæн. Сыхаг ус афтæ фенхъæлдта йæ лæг æрбацыд расыгæй æмæ мын фæсдуарæй тебæйæ мæ сæрæн ахæм хафт фæкодта æмæ дыууæ мæйы рынчындоны æрхафтон.

Адвокат: Æмæ сыхаг ус æндæрхуызон хъаст куы бахаста дæуыл.

Темсыр: Сылгоймæгты нæ зоныс, йæхицæй æппæлынмæ хъавыд. Темсыр дам мæм талынджы æрбабырыд æмæ дам федта. Уый мæ усы хъустыл æрцыд æмæ мæм цы æнхъæлмæ кæсы, уый зоныс?

Адвокат: Тынг зын сраст гæнæн у дæ хъуыддаг.

Темсыр: Нæ, нæ! Раст кæнын мæ нæ хъæуы! Ахæстоны мын æдасдæр уыдзæн. Мæ ус мæм ахæм æнтхъирæнтæ æрвиты æмæ æз дæр рынчындонæй ахæстонмæ æрбацыдтæн. Ам мын æдас дæр уыдзæн.

Адвокат: Уæдæ дын кæд ахæстоны æдасдæр у, уæд дæ хорзæхæй. Рæстæг дын уыдзæн æмæ иу дæ цардыл ахъуыды кæн.

Кæрон.

1 - кæсæг: Ирон ӕвзагыл цӕрӕнбонты фыстой ӕмӕ фысдзысты сӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ нӕ фысджытӕ ӕмӕ нӕ поэттӕ. Диссаджы рӕсугъд равдыстой сӕхи хъуыдытӕ ӕмӕ ӕппӕт ирон адӕмы хъуыдытӕ дӕр.

2 -кæсæг: Абоны царды сагъӕссаг у ирон ӕвзаджы фидӕн, фӕлӕ йӕ цалынмӕ уарзӕм, цалынмӕ йыл хъуыды кӕнын фӕрӕзӕм, цалынмӕ ирон сывӕллон дзура йӕ мадӕлон ӕвзагыл, уӕдмӕ йын тӕссаг нӕу фесӕфынӕй.

Байхъусæм уæдæ æмдзæвгæ: «Хæхтæ æмæ алантæ».

Æххæст æй кæны 22 къорды ахуырдзау Агъынаты Къостя.

«Хæхтæ æмæ алантæ».

1 - кæсæг: Зон æй мæ Ирыстон

Æнæ дæу сидзæр дæн,

Хур мæ нæ тавы дзæбæх.

Цинимæ зæрдæйы

Урс цæссыг фезмæлы

Афтæ зынагъ у дæ зæхх.

2 -кæсæг: О, фæлæ, иу сагъæс зилы мæ хъуыдыты

Хорз амонд кургæйæ нæу,

Мах фæстæ а зæххыл

Чи цæудзæн, чи цæрдзæн

Уый та куыд уарздзæни дæу?

1 - кæсæг: Сӕрыстырӕй нӕхи ирон куы хонӕм

Уӕд не 'взагыл куыд ауыгътам нӕ къух?

Ӕви, мыййаг ӕй нал хӕссӕм нӕ сӕрмӕ

Уырыссагау цӕмӕ дзурӕм ӕдзух?

25 къорды ахуырдзаутæ , ирон æвзаг куыд уарзынц, уымæ бакæсæм.

2 -кæсæг: Тæбуафси! Сценкæ «Ирон чызджытæ».

Сценкæ«Ирон чызджытæ».

(Дыууæ чызджы æрбауайынц. Хъæуы уазæг сæм хæстæг бацыд, æмæ сæм дзуры)

Уазæг: - Уæ бон хорз чызджытæ!

Фатик: - Здрасте!

Светик: Привет!

Уазæг: Иронау нæ зонут, ацы хорз чызджытæ?

Фатик: - Æз зонын. Скъолайы дæр ирон проходит кодтон. Фæлæ мæнæ Светик хорз нæ зоны, уый половина осетинка у.

Уазæг: Ома куыд половина?

Фатик: - Йæ мад уырыссаг у.

Уазæг: Æмæ уæд ды та цахæм осетинка дæ? Стæй дæ ном цы хуыйны?

Фатик: Æз та целая осетинка дæн. Стæй мæ ном та Фатик.

Светик: Фатикæн йæ родителтæ осетинтæ сты дыууæ дæр.

Уазæг: Æмæ ахуыр та кæм кæнут?

Светик: Æз Ардонский колледжы, первый курсы.

Фатик: Æз дæр Светикы однокурсница дæн.

Уазæг: Æмæ цæргæ та кæм кæнут?

Фатик: Æз Ардонский дæн.

Светик: Æз та Владикавказский.

Уазæг: О, оооо! Уæдæ уæ иу горæттаг у, нæ?

Светик: О, о ! Æз Владикавказаг горæттаг дæн.

Уазæг: Уæдæ мæм хъусут, целая осетинка æмæ половина осетинка.

Иронау дæ ном хуыйны Светланæ, кæнæ Ацырухс. Дæуæн та Фатимæ. Стæй уæ иу Дзæуджыхъæуккаг у, иннæ та Æрыдойнаг. Стæй уæ целый æмæ половина дæр ничи у, Фатимæ у сыгъдæг ирон, кæцы Светикæй ницæмæй хицæн кæны.

Светланæ дæр ирон, фæлæ ахæмы фæхонæм æрдæг ирон.

Смахмæ та куыд фæкаст, истæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ Фатимæ æмæ Светланæ?

Мæнмæ гæсгæ дыууæ дæр æмхуызон сты. Светиктæ æмæ Фатиктæ дæр , уымæн хуыйнынц.

КÆРОН.

1 - кæсæг: Мах стӕм ирӕттӕ ӕмӕ хъуамӕ уарзӕм нӕ райгуырӕн зӕхх, Ирыстоны урс сӕр хӕхты ӕмӕ цъӕх быдырты, дидинӕгкалӕг уыгӕрдӕнты ӕмӕ ӕлутоны ад чи кӕны, уыцы хӕххон суадӕтты, Ирыстоны цытджын ӕмӕ кадджын хистӕрты.

2 -кæсæг: Фыдыбӕстӕ, ныййарӕг зӕхх, райгуырӕн уӕзӕг, мад, фыд, мадӕлон ӕвзаг, мæ Ирыстон … Цы у ӕнӕ уыдонӕй адӕймаджы цард?

Байхъусæм уæдæ æмдзæвгæ: «Мæ Ирыстон». Æххæст æй кæны 5.14 къорды ахуырдзау Кумситы Маринæ.

«Мӕ Ирыстон»


Цӕй диссаг дӕ, мӕ Ирыстон,

Куыд адджын у дӕ уынд.

Цӕй зынаргъ дӕ, мӕ зӕрдӕйӕн,

Куыд дын ӕй зӕгъон, куыд?..

Куыд дын уарзын, дӕ хуры скаст,

Сӕууон ӕртӕхты худт.

Дӕ аллы хох, дӕ аллы дзыхъ,

Мӕ цин ӕмӕ мӕ уд.

Сабырдзинад дӕ зӕххыл уӕд,

Дидин ӕфтау фӕрнӕй.

Мӕ Ирыстон, зӕххы цъарыл,

Дӕуӕй зынаргъ дӕр нӕй!

1 - кæсæг: Цӕмӕн ма ис сисӕн ӕвзагӕй уӕлдӕр

Ирон ӕвзаг равзӕрдис дисӕн

Цӕмӕ кӕнӕм не 'взаг нӕхӕдӕг дӕлдӕр

Ӕвзаг куы у удты ӕвдисӕн.

2 - кæсæг: Йӕ уарзтӕн ивӕн нӕй лӕгӕн

Мӕ уарзт дӕр ивгӕ нӕу мӕнӕн

Кӕм фӕнды дӕр цӕрон

Уӕддӕр уыдзынӕн ӕз ирон!

1 - кæсæг: Уæдæ ахуыр кæм вæййы уым худгæ дæр акæнынц.

2 -кæсæг: Бакæсæм цыбыр юмористон сценкæ: « ДОХТЫРЫ АМЫНД ХОС»-мæ.

« ДОХТЫРЫ АМЫНД ХОС»

(Дохтыр бады йæ къухы телефон æмæ дзы хъазы. Æрбахоста йæм зæронд ус йæ лæдзæгыл æнцойгæнгæйæ).

Ус: - Дæ бон хорз дохтыр!

Дохтыр: - Куыннæ уыдзæн мæ бон хорз дæу хуызæн зæрæдтæм чи кæсы.

Ус: (йæ хъус бадарта дохтыры рдæм). - Цы зæгъыс?

Дохтыр: - Ницы, ницы! Стыр бузныг дын зæгъын.

Ус: - Ай диссаг нæу. Зæххы цъарыл мæ цынæ рисы, ахæм нал баззад.

Дохтыр: Æмæ дзы мæн аххосджын кæныс?

Ус: Мæ ахсæнæй мæлынмæ æрцæуын, исты куы бахæрын, уæд.

Дохтыр: - Ау! Æмæ уый тыххæй мæнмæ цæмæн æрбацыдтæ? Йæ хос дæхимæ куы ис. - Ма бахæр æмæ дын нал рисдзæн.

Ус: - Райсомæй куы рабадын, уæд мæ уæрджытæ мæ быны нал фæцæуынц. Сæ рыстæй мæ бон нал вæййы.

Дохтыр: - Мæнæ диссæгтæ ацы ус! Кæд дын афтæ зын у растын дæ уатæй, уæд цæмæн стыс, хуысс æмæ дын нал рисдзысты.

Ус: - Кæцы низ ма дзы нымайон? - Мæ сæры рыстæй мæ бон дзурын дæр нал вæййы бон - изæрмæ.

Дохтыр: - Мæнæ хъаймæт!! Дæхиуыл баст нæу дæ сæры рыст? Мацы дзур æмæ хорз уыдзынæ.

Ус: - Уæдæ мын цы амоныс дохтыр, исты хостæ ма мын рафысс?

Дохтыр: - Хостыл ма æхца цæмæн хардз кæныс: Ма хæр, ма рацу-бацу кæн, стæй дзургæ дæр мауал кæн. Æмæ дæ хосты аргъ дæр дæхицæн баззайдзæн.

Ус: О, о! Дæ цæрæнбон бирæ уа. (Фæцæуы. Ахъуыды кодта. Фæстæмæ фездæхт.)

Уæй дæ быны хъæр райхъуыса, кæд ай цахæм дохтыр дæ? Куыннæ бахæрон, куыннæ дзурон, куыннæ цæуон, уæд цы бауыдзынæн?

( Йæ лæдзæг æм фелвæста æмæ йæ, йæ разæй нæмгæ асырдта æлгъитгæ.)

Кæрон.

1 - кæсæг: Сты зонды уацхӕссӕг ӕппӕт дунейы 'взӕгтӕ

Нӕ дзы 'взары хӕстӕг ӕмӕ дарддаг

Фӕлӕ ныххойы зӕрдӕйы къӕсӕртӕ

Ӕрмӕстдӕр ды, мӕ мадӕлон ӕвзаг!

2 -кæсæг: Ис ӕвзагӕй нал дзурӕм иронау

Ис хъӕбулӕй не 'взаг у ӕвӕд

Стыр уырысӕн нал хизӕм йӕ ронӕй

Удӕй ма куыд уӕм ирӕттӕ уӕд?

Сценкæ «Раст дзуапп

1 - кæсæг: Ирон ӕвзаг нын баззади Алантӕй

Кӕнӕм йӕ кадыл хъуамӕ тох

Цӕмӕй нӕ сомбоны кӕстӕртӕй

Ирон дзырд макуы 'рцӕуа рох.

2 -кæсæг: Дунейы тӕккӕ стырдӕр хӕрзтӕн

У сӕ хуыздӕр мадӕлон ӕвзаг.

Чи йӕм кӕсы иунӕг боны цӕстӕй

У гъе уый нӕ адӕмы ызнаг.

Байхъусæм уæдæ æмдзæвгæ: « Дзерæскæ» мæ. Æххæст æй кæны 5. 14 къорды ахуырдзау Баситы Аллæ.

« Дзерæскæ»

». Æххæст æй кæнынц 17.14 къорды ахуырдзаутæ: Козаты Алан æмæ Гатыкоты Хетæг.

«Раст дзуапп»

Ахуыргæнæг: Симон «4» ма мын «2»- ыл фæдих кæн.

Симон: ( архайы, нæ йын уайы) Æмæ цы фæдих кæнон?

Ахуыргæнæг: Цыппар фæткъуыйы фæдих кæн дæхи æмæ Сосланыл.

Симон: Æртæ мæн, иу иу та Сосланы.

Ахуыргæнæг: Æмхуызон сæ фæдих кæн.

Симон: Æмæ Сослан мæнæн æрдæгыл фæдих кæнит. Стæй дыргъæй фæткъуыйы едтæмæ ницы уарзын , æмæ дзы фылдæр нæ раттдзынæн.

Ахуыргæнæг: Хорз уæдæ, кæд фæткъуы нæ дæттыс, уæд та чылауитæ фæдих кæн.

Симон: Уый уыдзæн цыппар .

Ахуыргæнæг: Цæмæн цыппар?

Симон: Уымæн æмæ æз чылауитæ нæ уарзын æмæ сæ иууылдæр Сосланæн дæттын.

Ахуыргæнæг: Æвæццæгæн æй нæ зоныс æмæ афтæ æфсæндтæ кæныс.

Симон: Уæдæ йæ кæд ды зоныс, уæд ма йæ зæгъ.

Ахуыргæнæг: Æз æй зонын, фæлæ ма дæ боныг радав .(дæтты йæм æй)

«4»-ы « 2» йыл куы фæдих кæнæм, уæд дын йæ дзуапп фыссын дæ боныджы «Дыууæ»!!! Уый дын раст дзуапп.

Симон: (Йæ боныг райста æмæ ацыд).

Кæрон.

1 - кæсæг: Мӕлӕн дын нӕй нӕ фыдӕлты ӕвзаг

Дӕ зӕронд мад у ацы зӕххы къори.

Ӕмӕ куы сӕфа ма зӕгъӕд ызнаг

Дӕуимӕ сӕфы дунейы истории.


2 -кæсæг:Худинаг уӕм нӕ кӕсы

Ӕнцад бадын фыддӕрагӕн

Иу уӕ куы нӕ тӕрсы

Фесӕфынӕй Иры ӕвзагӕн

1 - кæсæг: Æмдзæвгæ « Бонтæ бонты фæдыл уайынцц», бацæттæ кодта Æлборты Лизæ 25 къордæй.

2 -кæсæг: Хъусæм дæм Лизæ!

Къодзаты Сабинæ 15.14 къорды ахуырдзау дзуры Хæмыцаты Юрийы æмдзæвгæ «Дыууæ Иры».

ДЫУУÆ ИРЫ

Дыууæ Иры - дыууæ цæсты лæгæн,

Ирон лæгæн йæ ныуарджын къабæзтæ.

Нæу иу Ирæн дыууæ дихы кæнæн, -

Куыд цæрдзæни нæ байзæттаг, нæ хъæстæ?

Дыууæ Иры - нæ абон æмæ райсом,

Æрбатымбыл уæм иу къухы æнгуылдзтау:

Уæлæмæ сисæм нартфыдæлты ном,

Ирон цыт суæд нæ фыдгултæн рæхуыстау.

Дыууæ Ирæн ис иу уды сæ тых,

Сæ гуырдз дæр иу у рухс царды цæрынæн.

Дыууæ Иры сты уадындз æмæ дзых.

Æнæ кæрæдзи зарæгæн нæй гуырæн

1 - кæсæг: Дӕ мады ӕвзагыл

Кӕд дзурыс, кӕд зарыс,

Дӕ фыдгул ызнагӕн

Йӕ сау зӕрдӕ марыс.

2 -кæсæг:Кӕд рохӕй ыскуыдта

Дӕ мады ӕвзаг, -

Йӕ къах дыл ӕркъуырдта

Дӕ фыдгул ызнаг!

17.14 къорды ахуырдзаутæ Козаты Алан æмæ Гатыкоты Хетæг бацæттæ кодтой сценкæ: «Чи кæуыл фæтых».

«Чи кæуыл фæтых».

Ахуырдзау: Зынаргъ ахуыргæнæг Мария Гаврилы чызг, ныр ахуыр фестæм æмæ дын мæ зæгъинæгтæ куы зæгъин. Хъуыды ма йæ кæныс 1- курсы дын чидæр дæ бандоныл клей куы аугъта… (худы)

Ахуыргæнæг: (Хины худт бакодта æнæдзургæйæ.)

Ахуырдзау: Мария Гаврилы чызг, ды нæ иу рæстдзинадыл ахуыр кодтай æмæ дын сæ хъуамæ зæгъон. 2 - курсы куы ахуыр кодтам, уæд дын дæ журнал мах адавтам, æнæхъæн класæй. Ды йæ бирæ фæагуырдтай, стæй дын дæ преми æрæхгæдтой.

Ахуыргæнæг: (Хины худт бакодта æнæдзургæйæ.)

Ахуырдзау: Æмæ дæ уый дæр рох нæ уыдзæн зынаргъ Мария Гаврилы чызг 3 курсы дын дæ журналы нæхицæн хорз бæрæггæнæнтæ куы сывæрдтам, дæ уарзон ахуырдзаутæн та дыууæтæ.

Ахуыргæнæг: (Хины худт бакодта æнæдзургæйæ.)

Ахуырдзау: Уый дæр дæ нæ байрох уыдаид дæ сумкæйы дын мысты мард куы сывæрдтам.

Ахуыргæнæг: Сабыргай сыстад æмæ дзуры: Уæдæ смахæй дæр рох нæ уыдзæн 1 курсы æнæхъæн къордæй иууылдæр контролон куыстытæй 2-тæ куыд райстат, æмæ уæ иу дæр экскурсимæ куы нал ацыд.

Ахуырдзау: (Дисгæнгæ кæсы).

Ахуыргæнæг: Зынаргъ ахуырдзаутæ хъуыды ма кæнут 2 курсы спортивон эрысты рæстæджы уæ спортивон костюмтæ куы рбайсæфдысты, æмæ дзы уый тыххæй хайад нал райстад. Æмæ уæ мæйы степендитæ æхгæд куы æрцыдысты.

Ахуырдзау: (Дисгæнгæ кæсы).

Ахуыргæнæг: Ноджыдæр ма зынаргъ ахуырдзаутæ 3 курсы иууылдæр эгзаменты уæ билеттæ ивд куы æрцыдысты æмæ æнæхъæн къордæй дыууæтæ куы райстад, уæ дипломтæ та мæйы фæстæ. Стæй мæнмæ гæсгæ æппын æрæджы алчидæр йæ сумкæйы ссардта æмбыд джитри. «Война и мир» та æнæкæсгæйæ куы ахуыр кодтат, уый мæнмæ гæсгæ никуы ферох кæндзыстут. Уымæн æмæ æнæхъæн мæй фæсурокты иунæгæй бадтыстут класы æмæ ахуыр кодтат.

Ха, ха, ха!!! Чи кæуыл фæтых, уый барæг нæу.

Кæрон.

1 - кæсæг: Джанайты Тимур 11.14 къорды ахуырдзау бацæттæ кодта æмдзæвгæ «Фыстæг».

2 -кæсæг: Табуафси,Тимур.

Сценарии День осетинского языка

1 - кæсæг: 11.14 æмæ 17 .14 къорд нын бацæттæ кодтой цыбыр сценкæ: «Сабыр лæг».

2 -кæсæг: Табуафси, бакæсæм!

«Сабыр лæг»

Лæг: ( бады фынгы сæрыл æмæ хæры). О, Стыр Хуыцау, мæ бинонтæ дæ фæдзæхст!.

Ус: Дæлдæр ма абад, стæй мæлæты лæгау фынджы сæрыл рабад!

Лæг ( дæлдæр абадт). Мæнæн ницы уæлдай у кæмфæнды дæр абаддзынæн.

Ус: - О,О! Афтæ дын æнцон цæрæн у. Тæккæ райсом мын уæртæ тыргъы дзулфыцæн пец ма скæн, æндæра ма фынджы кæрон дæр æрбадис.

Лæг: (райсомæй рахаста дуртæ æмæ амайы пец).

Ус: - Ай та цытæ кусыс? Дæ быны хъæр райхъуыса. Исчи ма къæсæрыл пец амайы?

Лæг: Дæхæдæг мын куы загътай, пец дам мын самай хæдзары раз.

Ус: (хъæр кæны) Æз дын ацырдыгæй нæ зхагътон!

Лæг: ( исы йæ амайынæгтæ æмæ иннæ фарс райдыдта амайын)

Ус: (ногæй та рауад) Мæнæ хъаймæт! Цытæ кусыс? Къæсæртæ куы æрыхгæдтай.

Лæг: Дæхæдæг мын куы загътай, иннæрдыгæй дам æй самай.

Ус: Нæ,нæ,нæ! Ам дæр нæ! - Фæлæ мын ды уæддæр самай, æмæ кæм фæнды дæр уæд. Æрмæст хæдзармæ хæстæг куыд уа.

Лæг: Ай диссаг нæу уæдæ ма йæ кæм самайон? (æнæдзургæйæ ацыд æмæ уæрдон раласта æмæ йын йæ уæлæ райдыдта амайын)

Ус: Мæнæ æрра лæг никуы федтад. Мæ бон дзы нал у ! Кæд федтай уæрдоны уæлæ пец амайгæ?

Лæг: Амæй хуыздæр хъуыддаг не 'рхъуыды кодтон. Уæрдоныл уыдзæн дæ пец, кæдæм дæ фæнда, уырдæм иу æй алас. Æз дæр сæрибар уыдзынæн, ды та райгонд.

Ус: (ахъуыды кодта) Мæнæ хорз адæм, цæрæнбонты ацы лæджы æррайы тынд фæкодтон, фæлæ ма исчи æрхъуыды кæнæт, ахæм диссаджы уавæр йæ усæн.

Тынг хорз. Кæдæй-уæдæй дæ мæ зæрдæ барухс!!!.

Кæрон.

1 - кæсæг: Дзæгъиаты Илонæ нын кæсы æмдзæвгæ «Фсати», нæ изæры кæрон.

2 -кæсæг: Байхъусæм 25 къорды ахуырдзаумæ.

1 - кæсæг: Нæ изæры кæрон ма бакæсæм ноджыдæр иу цыбыр сценкæ «Цыртдзæвæн»

2 -кæсæг: Бацæттæ йæ кодтой 5.14 къорды ахуырдзаутæ.

1 - кæсæг: Уæдæ нæ изæр æрхæццæ ис кæронмæ!

2 -кæсæг: «Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг,-

Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори,

Æмæ куы сæфай ма зæгъæд ызнаг,-

Дæуимæ сæфы дунейы истори!»

Хæрзизæр!

Бацӕттӕ йӕ кодта: Габеты М.Д.

ГАПОУ СКАТК г.Ӕрдон 2014 аз.





Хæмыцаты Юрий

ДЫУУÆ ИРЫ

Дыууæ Иры - дыууæ цæсты лæгæн,

Ирон лæгæн йæ ныуарджын къабæзтæ.

Нæу иу Ирæн дыууæ дихы кæнæн, -

Куыд цæрдзæни нæ байзæттаг, нæ хъæстæ?

Дыууæ Иры - нæ абон æмæ райсом,

Æрбатымбыл уæм иу къухы æнгуылдзтау:

Уæлæмæ сисæм нартфыдæлты ном,

Ирон цыт суæд нæ фыдгултæн рæхуыстау.

Дыууæ Ирæн ис иу уды сæ тых,

Сæ гуырдз дæр иу у рухс царды цæрынæн.

Дыууæ Иры сты уадындз æмæ дзых.

Æнæ кæрæдзи зарæгæн нæй гуырæн.


Хæмыцаты Юрий

ХÆХТÆ ÆМÆ АЛАНТÆ

Кæм нæ цардысты а зæххыл алантæ!

Зæххы къори уыди сæ кæрт - хæдзар.

Кæцы адæмæй не скодтой лымæнтæ?

Кæцы адæмæй не скодтой цагъар?

Æххуысмæ сæм кæцы адæм нæ сидти?

Кæй сæрыл тохы не 'рхастой сæ цард?

Æрмæст куыдта нæхи хæхты нæ цъити,

Æмæ уыдысты сау хæхтæ æнкъард…

Нæ фыдæлтæ- нæртон адæм.Уæ сæнтты

Дымгæйау уыд зæххы цъарыл нæ зылд.

Кæм хаттыстут, цы зæххытыл, цы рæтты?-

Æрмæстдæр хæхтæй баййæфтат рæвдыд.

Æмæ уæ уæд уæ кæстæрты нымд афтæ:

Фæстæмæ та ысбирæ ут бæстыл,

Цæмæй та ногæй айгæрдат уæ арф фæд,

Æрмæст ныр та куыд фембæлат хæрзтыл…



Хæмыцаты Юрий

ÆЦÆГ ЛÆГ

Æнцон у цард - мæнæн куы дзурай, -

Мæ удæн фестдзынæ ызнаг…

Лæууын æз царды раз сæркъулæй -

Нæ арын сомбонмæ фæндаг.

О, цас хъæуы лæджы та зонын!

О, цас хъæуы лæджы уынын!

Æз цард, мыййаг, зындон нæ хонын,

Фæлæ лæгау цæрын у зын.

Цæмæй куы нал цæрай, - дæ фæстæ

Дæ ацыд банкъара дæ сых.

Ды зон цы у нæ царды рæстæг,

Куыд у йæ цыд, цы у йæ тых!

Куы дарай хæс, - зын у мæлын дæр…

Дæ фæндагыл кæронмæ цу.

Дæ сæрмæ макуы схæсс хъæрзын дæр…

Зæгъдзысты дзыллæтæ - «Лæг у!»

Æнцон у цард - мæнæн куы зæгъай,

Уæд ды, хæлар, нæ хатыс цард.

Уый арæзт у нæ хиды 'ртæхтæй, -

Куыд арæзт у ныхæстæй зард!





Дзанайты Иван

«БОНТÆ БОНТЫ ФÆДЫЛ УАЙЫНЦ…»

Бонтæ бонты фæдыл уайынц,

Бонæн бон дæдты йæ цард;

Ингæнмæ лæджы куы сайынц,

Фæлæ ма кæн ды æнкъард:

Кæс дæ мад куы бады къуымы,

Къодах, сокъо у бынтон.

Цæстæй развæндаг нæ уыны,

Батар ис, бецау, йæ бон.

Раст йæ тæккæ раз йæ авдæн,-

Уым хуыссы, цæра! - дæ фырт;

Се'ппæты кæстæр у авдæн;

Кæм! - Нæ-ма хъуысы йæ дзырд

Фæлæ худы æмæ хъазы,

Къухтæ тилы, уæдæ цы! -

Зæхмæ, кæс, йæхи ивазы,

Авдæны хъæдыл хæцы .

Уымæ уалдзæг зары, худы,

Уый дæр уалдзæгмæ тындзы.

Зæронд æм кæны тæхуды,

Бонты хус хал - ма хынцы…

Кæс иу тулдзбæлас дæ цуры. -

Астæуæй - мæра, хырыз.

Ницæмæй уал домы хур,

Уæлдзæг нал ивы йæ хуыз.

Фæлæ раст йæ тæккæ фарсмæ

Ног тала фæзынди - кæс.

Уый æнæмæнг азæй-азмæ

Тынг рæвдзæй хæсдзæни рæз…

Буц мæнæуы нæмыг зæххы

Бамбыд; бампылди йæ цъар,

Фæлæ хур куы ртава рæгъты -

Фендзынæ йæ хъусы 'взар…

Цæй, цы дын дзурон, цы бирæ! -

Æрдзы ивгæйæ у, рад!

Цард дæм сиды; цæй, хур, цъир æй,

Базон, бамбар ын йæ ад…

Кæд, куыд ахизай къæсæрыл,

Уый нæ-ма зоныс, мыййаг,

Рацу уæд, мæ хур, мæ фæдыл -

Бацамонон дын фæндаг. 16 фарс «Нигер»

« БУСКÆ КИНОЙЫ»

(Бады кинотеатыры къассæйы киномæ билеттæуæйгæнæг . Бацыд æм иуцæстон Бускæ æмæ æлхæны билет.)

БУСКÆ: Ацы хорз лæппу иу билет ма мын ратт.

БИЛЕТТÆУÆЙГÆНÆГ: (æркаст æхцатæм æмæ йæм дзуры).

- Адон цы сты билет ссæдз капеччы у, ды та мæм дæс капеччы дæттыс?

Ноджыдæр ма уыййас æри.

БУСКÆ: Æрмæст ам рабадын æмæ æри- æри кæнын зоныс, æндæр ницы. Дæ цæстытæ дæ уæлæ куы сты, уæд мæм æрбакæс бæстон.

БИЛЕТТÆУÆЙГÆНÆГ: (ракæс-бакæс кæны Бускæмæ). Йарæппын кæд ма исты зонын, уæд сывæллон нæ дæ, цæмæй дын æрдæг билет рауæй кæнон, стæй мæ хæстæг дæр нæ дæ.

БУСКÆ: Бæстон мæм æрбакæс, мæ иу цæст мæ уæлæ нæй?

БИЛЕТТÆУÆЙГÆНÆГ: Æмæ дын, уый мæ аххос у, мыййаг?

БУСКÆ: Дæ аххос æй нæ кæнын, фæлæ дыууæ цæстæй чи кæса киномæ, уый дæр дыууын капеччы хъуамæ бафида æмæ æз дæр?Уый дæм раст кæсы?

БИЛЕТТÆУÆЙГÆНÆГ: ( ахъуыды кодта). Æвæццæгæн раст дæ. Æцæг æнæрхъуыды дæн. (дæтты йын билет).


Æрвад

ХОЗИТЫ Хуыдæберд

Иу сыхбæсты уыд лæппуйы куывд. Бон раздæр хæдзары хицау фæдзырдта сыхы лæппутæй дыууæмæ æмæ сын тынг бафæдзæхста: "Алкæйы хæдзармæ дæр æнæмæнг бахойдзыстут æмæ сæ мæ номæй æрбахондзыстут". Хонджытæ сæ сæртæ разыйы тылд бакодтой æмæ фæраст сты хъæуы уынгты. Сæ иу цыдис галиувæрсы, иннæ та - рахизвæрсты. Лæппутæй иуæн йæ мыггаг уыд Куыдзиатæй. Уынгæн йæ тæккæ кæронмæ куы ныххæццæ сты, уæд кæройнаг хæдзары дуар, а Куыдзиаты лæппу куы бахоид (ам дæр цардысты Куыдзиатæ). Исдугмæ хæдзарæй ничи касти. Уæд дын лæппу тынг куы ныххоид кулдуар. Кæртæй райхъуыст куыдзы мæстджын рæйд. Лæппу дуар иу чысыл фегом кодта æмæ дын дзы, арсы хуызæн, дынджыр куыдз куы рагæпп кæнид. Лæппуйы скъуымбил кодта, къуыммæ йæ батардта æмæ йæ фезмæлын дæр нал уадзы. Цы ма акодтаид, уый нал зоны. Уæд ын æрæджиау лæгъстæгæнæгау куы бакæнид:

- Дæ хорзæхæй, ма мыл фæхæц, ауадз мæ, æз дæр Куы-дзи-атæй дæн; ау, æрвадæлтæ уæддæр нал стæм!

Куыдз дæр дын уыцы ныхас айхъуса. Йæ къуырд цыбыр къæдзил батылдта æмæ цымæ хатыртæ куырдта, уыйау сæ кæрты фæкуысси.

Ноджыдæр ма мын æри

ХОЗИТЫ Хуыдæберд

Институты кæимæ ахуыр кодтон, уый рагæй нал федтон. Иу бон дын фæцæуын проспекты уæлæмæ. Мæ къухы - хызын. Хызыны та - фæткъуытæ, базары сæ алхæдтон. Ме 'мкурсон мæ куы ауыдта, уæд йæ цыд фæтагъддæр кодта. Куы мæм æрбахæццæ, уæд фырцинæй кæрæдзиуыл ныттыхстыстæм. Йæ гыццыл чызг, иу фондз азы кæуыл цыдаид, ахæм, фырдиссагæн нæ дыууæйæ дæр айрох. Æз ын фæтæригъæд кодтон æмæ йæ афарстон:

- Бахатыр кæн, Хъанты рæсугъд, фæлæ дæ ном цы хуыйны?

- Фатик! - йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта чызг.

- Зонгæ уыдзыстæм ардыгæй фæстæмæ! - загътон æз, æмæ мæ хызыны цы фæткъуытæ уыдис, уыдонæй иу фелвæстон æмæ йæ сывæллоны къухы фæсагътон. Чызг ницы сдзырдта æмæ фæткъуы æхсыныныл схæцыд. Фыдæн дын уый цыдæр хъыг куы фæуыдаид æмæ йæм ныууырдыг:

- Цы зæгъын хъуыд хистæрæн?

Чызг йæ фæткъуы хæрд куы фæци, уæд мæм æфсæрмы каст скодта æмæ та йæ фыд нал æмæ нал уадзы: "Цы зæгъын хъуыд хистæрæн, уæддæр?"

- Ноджыдæр ма мын иу радт! - загъта чызг.

Нæ дыууæ дæр худæгæй фæрсхæлд кодтам. æз дæр та йын ноджыдæр иу фæткъуы авæрдтон æмæ уæд уæндонæй афтæ куы фæкæнид:

- Гъеныр дын стыр бузныг!






« ДОХТЫРЫ АМЫНД ХОС»

(Дохтыр бады йæ къухы телефон æмæ дзы хъазы. Æрбахоста йæм зæронд ус йæ лæдзæгыл æнцойгæнгæйæ).

Ус: - Дæ бон хорз дохтыр!

Дохтыр: - Куыннæ уыдзæн мæ бон хорз дæу хуызæн зæрæдтæм чи кæсы.

Ус: (йæ хъус бадарта дохтыры рдæм). - Цы зæгъыс?

Дохтыр: - Ницы, ницы! Стыр бузныг дын зæгъын.

Ус: - Ай диссаг нæу. Зæххы цъарыл мæ цынæ рисы, ахæм нал баззад.

Дохтыр: Æмæ дзы мæн аххосджын кæныс?

Ус: Мæ ахсæнæй мæлынмæ æрцæуын, исты куы бахæрын, уæд.

Дохтыр: - Ау! Æмæ уый тыххæй мæнмæ цæмæн æрбацыдтæ? Йæ хос дæхимæ куы ис. - Ма бахæр æмæ дын нал рисдзæн.

Ус: - Райсомæй куы рабадын, уæд мæ уæрджытæ мæ быны нал фæцæуынц. Сæ рыстæй мæ бон нал вæййы.

Дохтыр: - Мæнæ диссæгтæ ацы ус! Кæд дын афтæ зын у растын дæ уатæй, уæд цæмæн стыс, хуысс æмæ дын нал рисдзысты.

Ус: - Кæцы низ ма дзы нымайон? - Мæ сæры рыстæй мæ бон дзурын дæр нал вæййы бон - изæрмæ.

Дохтыр: - Мæнæ хъаймæт!! Дæхиуыл баст нæу дæ сæры рыст? Мацы дзур æмæ хорз уыдзынæ.

Ус: - Уæдæ мын цы амоныс дохтыр, исты хостæ ма мын рафысс?

Дохтыр: - Хостыл ма æхца цæмæн хардз кæныс: Ма хæр, ма рацу-бацу кæн, стæй дзургæ дæр мауал кæн. Æмæ дæ хосты аргъ дæр дæхицæн баззайдзæн.

Ус: О, о! Дæ цæрæнбон бирæ уа. (Фæцæуы. Ахъуыды кодта. Фæстæмæ фездæхт.)

Уæй дæ быны хъæр райхъуыса, кæд ай цахæм дохтыр дæ? Куыннæ бахæрон, куыннæ дзурон, куыннæ цæуон, уæд цы бауыдзынæн?

( Йæ лæдзæг æм фелвæста æмæ йæ, йæ разæй нæмгæ асырдта æлгъитгæ.)

© 2010-2022