Подготовка к экзамену 11 класс

Раздел Другое
Класс 11 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

1б.1ф. Ирон литературæйы равзæрд (Этногенез).

Ирон адæмæн хъæздыг æмæ дæргъвæтин истори ис.Хъæздыг у стыр хабæрттæ æмæ трагикон цаутæй.Дæргъвæтин та у рæстæгæй:æртæ мин азы бæрц.Алантæ нымад уыдысты стыр, тыхджын æмæ культурон адæмыл.Уыдис сын сæхи паддзахад, уыдис сæм фыссынад дæр. Нæ адæм йæ историйы æмæ культурон рæзты цы къæпхæныл лæууыд, уый фадат лæвæрдта фысгæ литературæ саразынæн.Чи зоны,æмæ ахæм литературæ уæвгæ дæр уыдис, фæлæ нæм дзы ницы æрхæццæ,æмæ бæлвырд исты зæгъын нæ бон нæу. Дыууæ æнусы дæргъы нæ адæм лæууыдысты манголты ныббырсты ныхмæ æмæ фыдазары ныхмæ. 18 æнусы æмбисы райдыдта ирон адæмы ног истори.18 æнусы æппæт Кавказы æмæ Фæскавказы адæмты раз цæхгæр слæууыд иу ахсджиаг фарст:цы фæуой, кæдæм цæуой сæ дарддæры цардфæндагыл? Дыууæ фæндаджы:кæнæ пысылмон турк æмæ перс, кæнæ чырыстон Уæрæсе.Иры дзыллæ равзæрстой дыккаг фæндаг-стыр Уæрæсейы дæлбазыр балæууын.

1798 азы Мæскуыйы синоды типографийы рацыд мыхуырæй фыццаг чиныг ирон æвзагыл «Начальное учение человеком ,хотящим учитися книг божественного писания».Чиныгæн алфавит сарæзтой епископ Гай Такаов æмæ Хъесаты сауджын Павел йе´фсымæримæ.

Фæзынд чиныг, уæд уый ууыл дзурæг у,æмæ ацы адæмы чиныг кæй хъæуы, се´взагыл чингуытæ фыссæн æмæ уадзæн кæй ис. Фыццаг ирон чиныджы уырыссаг алфавит æмæ Æгъуызаты Иуанейы гуырдзиаг алфавит дæр уыдысты дины чингуыты графикæйы бындурыл арæзт. Шёгрен стыр аргъ кодта Æгъуызаты Иуанейы рухстауæн куыстæн, хуыдта йæ «Зондджын ирон». Ирыстоны бæрзонддæр кодта иумæйаг ахуырдзинад, рæзтис , кæсын -фыссын чи зыдта, уыдоны нымæц.

19 æнусы фыццаг æмбисы дæргъы литературæ фæзынынæн Ирыстоны сындæггай сырæзт культурон бындур.

1б. 2 ф. Брытъиаты Е. Трагеди « Амыран»- ы сюжет æмæ идейон мидис.

Брытъиаты Е. райгуырд Дæллагхъæуы,Куырттаты комæй рацæуæны.Цæгат ирыстоны 1881 азы зæхкусæджы хæдзары.Елб. уыд иунæг лæппу.1893 азы хъæууон скъола каст куы фæци, уæд Дзæуджыхъæуы реалон ахуыгæнæндонмæ бацыд. Елбыздыхъо æрыгонæй райдыдта йæ цæст дарын адæммæ æмхуызон цæстæнгас дард кæй нæ цæуы,уымæ.1903 азы Елб.скъола каст фæци.Куыста ахуыргæнæгæй йæхæдæг кæм ахуыр кодта, уыцы скъолайы.Фæлæ дзы бирæ нæ акуыста, царди зæххы куыстæй. 1905 азы революцийы рæстæджы йæ цард сбаста адæмы сæрибары сæрыл тохимæ. Ацы зондахасты фæдыл фæбадт ахæстоны Назраны фидары,стæй æрвыст æрцыд Ирыстонæй 1912 азы онг.

« Амыран » фыст у ирон адæмон сфæлдыстады мотивтæм гæсгæ. Амыран у æфхæрд адæмæн амонд æмæ сæрибархæссæг. Хуыцæуттæ Амыраны бабастой Кавказы хæхтæм. Цалынмæ Амыран суæгъд уа,уæдмæ зæххы цот- фæллойгæнгæ адæм амонд нæ фендзысты. Уæгъд та йæ скæндзæн.Амыран цæссыг æмæ тугæй цы суадон гуыры , уымæй чи бамбара, ахæм адæймаг. Бесæ , йæ ус Чабæхан, сæ фырт Цопан , хъæуккаг лæг Саго æмæ иннæтæ сты трагедийы архайджытæ.

Фыййау Бесæ фæхъæстæ Амыран суадонæй æмæ райдыдта Амыраны суæгъдыл тох кæнын, фæлæ йæ размæ сæвзæрд бирæ цæлхдуртæ. Цæмæй Амыранæн ирвæзынгæнæн рæхыс скæна , уый тыххæй Бесæйы бахъуыди куырдадз аразын. Æнцон ын нæ уыди , уымæн æмæ йæ фырт йеддæмæ йæ фарсмæ ничи æрбалæууыди. «Сау тыхтæ» йын адæмы йæ ныхмæ ардыдтой , суанг ма йын йæ ус Чабæхан дæр, йæ мойы хъуыддаг не ´мбаргæйæ , йæ размæ цæлхдуртæ æвæрдта. «Сау тыхтæ» фæуæлахиз сты Бесæйыл, амардтой йæ, æмæ йын Амыраны суæгъд кæнын нал бантыст. Фæлæ уыйхыгъд ныр Амыраны ссæрибар кæныныл куысын байдыдтой дыууæйæ - Бесæйы фырт Цопан æмæ Бесæйæн йæ раздæры знаг - Саго.

Драмæйы ныхас цæуы æппæт фæллойгæнæг дзыллæты сæрибарыл. Иу хатт чи бамбæрста Амыраны тыхст, уымæн бауромæн нал ис- ахæм у трагедийы сæйраг хъуыды.

Антитезæ- грекъаг дзырд.ныхæй-ныхмæ.

Адæмæн сæ рæсугъд уæттæ

Хъармæй,райдзастæй лæууынц.

Махæн та нæ сывæллæттæ

Уазал лæгæтты кæуынц…

2б. 1 ф. Ирон адæмы дзургæ сфæлдыстад куыд литературæйы фæзынды аивадон бындур. «Нарты кадджытæ». Сæйраг циклтæ æмæ хъайтартæ. Кадджыты историон бындур

Адæмон сфæлдыстад. Сæ циклтæ. Сæ историон бындур.

Раджы заманы ирон адæм фыссын нæ зыдтой æмæ хабæрттæ дзырдтой таурæгъты ( кадджыты) хуызы. Кæд нымæцæй бирæ не´сты ирон адæм, уæддæр уыдон сарæзтой æнусты дæргъы дзыхæй- дзыхмæ кæй истой, ахæм стыр æмæ хъæздыг фольклор.Уыцы хъæздыг сфæлдыстады сæйраг бынат ахсынц Нарты кадджытæ.Нарты кадджытæ сты ирон адæмы стыр хæзна, ахæм хæзна æмæ дунейы эпикон уацмысты ´мрæнхъ æрæвæрæн кæй ис. Ирон адæм ивгъуыд заманты ныллæг уыд се ´хсæнадон æмæ культурон рæзт, фæлæ æрдхæрæны кадджытæ скодтой уæддæр нæ рагон фыдæлтæ. Нарты кадджытæ кæд равзæрдысты, уый тыххæй бæрæг бæлвырд ныхас зын у. Фæлæ уыдон æвæццæгæн, нæ эрæйы размæ дугты фæзындысты.

Нарты кадджытæ дих кæнынц æхсæх циклыл:

  1. Уæрхæг æмæ йæ фырттæ;

  2. Уырызмæг æмæ Сатана;

  3. Сослан;

  4. Сырдон;

  5. Хæмыц æмæ Батрадз;

  6. Ацæмæз.

Нарты кадджыты алы фæлгонцæн дæр æвдыст цæуы хицæн миниуæг.

Уырызмæг - Нарты цытджын хистæр, зондджын, хиуылхæцгæ.Нарты адæм кæмæ хъуысынц - нæлгоймагæй, сылгоймагæй,стырæй,чысылæй,ахæм лæг.

Хæмыц - Уырызмæджы кæстæр æфсымæр, кæстæр кадн гуырдæй нæ, фæлæ зондæй дæр.

Сослан - Нарты «нæрæмон».Сослан æндон, хъæбатыр,æнæхатыр, хæрзконд æвзыгъд нæртон гуырд.

Батрадз- Нартæн сæ тæккæ тæккæ хъаруджындæр, æппындæр аипп кæмæ нæ арынц Нарт, уыцы болат Батрадз.

Сырдон- «Зæххы хин æмæ арвы кæлæн»,»Нарты фыдбылыз», «Гæтæджы фырт гæды Сырдон» Сырдон у демоны фæдгонц.Сырдоны трагедийы равзæрди музыкæ.

2билет.2 фарст.Гæдиаты Цомахъ «Ос- Бæгъатыр». Трагедийы историон бындур, йæ конфликт.

Гæдиаты Цомахъ у Гæдиаты Секъайы фырт. Райгуырд 1882 азы Ганисы, Хъуды комы.Цомахъ ахуыр кодтаДжызæлы райдайæн скъолайы, стæй Дзуджыхъæуы дины скъолайы.1903 азы каст фæци Стъараполы дины семинар æмæ бацыд Дерпты (Тарту) университеты историон - филологон факультетмæ.Райдыдта фыццаг уырыссаг революции. Цомахъ архайы студентты змæлды.Фæзынд фыццаг ирон газеьт «Ирон газет»1906 аз.Цомахъ æмдзæвгæтæ фыста , архайдта революцион змæстыты уымæ гæсгæ -иу æрвыст æрцыд Ирыстонæй. Цомахъ-революцийы фидиуæг, ног цард аразæг, прогрессивон хъуыдыгæнæг, рæстæджы судзаг фарстытæм къæрцхъус уыд . Цæмæн бавнæлдта историон æрмæгмæ? Уый вазыгджын фарст у. Революци фехæлдта зæронд цардæвæрд, уыйхыгъд адæмы сцымыдис кодта рагон цард зонынмæ. Цомахъ архайдта дыууæ революцийы дæр, Бавзæрста ахæстон æмæ Сыбыр, федта ирон адæмы геноцид Хуссар Ирыстоны. Федта мидхæсты тугкалæн цаутæ Цæгат Ирыстоны.Уыдон хъуыдис бамбарын , уыдонæй хъуыдис хатдзæгтæ скæнын, æмæ йæ уыцы домæнтæ акæсын кодтой историмæ. «Ос-Бæгъатыр» уыд фыццаг фæлварæн æмдзæвгæтæй фыст историон драмæ.Мыхуры рацыд 1929 азы.Архайд цæуы Иры хæхты æмæ Гуырдзыстоны. Цы уавæры ис Ирыстон? Цæгатæй йæ æлхъивынц тæтæр(манголтæ), ныхилынц æм кæсæг, хуссары æвирхъау митæ кæнынц гуырдзыйы æлдæрттæ. «Иннæрдыгæй лæбурынц цæцæн, хъулгъа бирæгътау. Бырсынц нæ цæрæнтæм, фæтæрынц нын нæ фос.Кæуыл фæхæст вæййынц нæ адæмæй, уый ахæссынц цагъарæн». «Къордтæ фестæм.Асасти нæ тых, нæ хъару»,-хъаст кæны быдыры минæвар.Иуæй-иу критикæ Ос-Бæгъатыры(Гæбайы) хуыдтой паддзах. Ос-Бæгъатыр у сæрибар хæххон Иры фæтæг, хæстон раздзог.Трагедийы конфликт.Цомахъ æвдисы ир æмæ гуырдзыйы хæст нæ, фæлæ адæм æмæ æлдæртты быцæу.Быцæу мæ хæст расайынц æлдæртты фыдæгъдæуттæ, сæ фыдмитæ.

Цомахъ уыд: газет «Рæстдзинад»-ы редактор,педагогон институты ректор,зонад-иртасæн институты директор.

Абарст

- (сравнение)- хуымæтæджы дзырдæвæрдтæй иу; дзурæг кæнæ фыссæг цы предметы кæнæ фæзынды кой фæкæны, уый цæмæй бæлвырддæр уа, цæмæй фыссæджы куыд фæнды, афтæ йæ бамбарæм, ахæм хуызы йæ фенæм, уый тыххæй уыцы предмет, кæнæ фæзынд, æмхуызон миниуæг ын кæимæ ис, ахæмыл абарын.

3билет. 1фарст. Плиты Грис. Фыдыбæстæйы хæсты темæ Грисы сфæлдыстады,Поэмæ «Авд цухъхъайы».

Плиты Грис райнуырд 1913 азы Ручъы.Фæстæдæр ралыгъдысты Ногирмæ.Каст фæци Дзæуджхъæуы педагогон техникум, 1935 азы та Мæскуыйы театрон аивадон институт.Куыста Иронг театры актерæй æмæ литературон хайады сæргълæууæгæй.1941 азы ацыд хæстмæ.Йæ хæсон сгуыхтыт тыххæй хорзæхджын æрцыд бирæ ордентæй.Грисы лирикæ хъæздыг у тематикæйæ.Поэты сагъæсты сæр у Ирыстон- йæ историон хъысмæт, йæ фарн, йæ фидæн.Грис у дæсны тæлмацгæнæг./Пушкин æмæ Лермонтовы…

Грис фыста, зæгъгæ, хæсты нывтæ «цæрæнбонтæм» уыдзысты фæкæуынæн, фæхудынæн дæр фаг. Хæст куы банцад , уæд дæр Грисы æнцой нæ уагътой йæ проблемæтæ трагедитæ æмæ сгуыхтытæ.

Балладæ «Авд цухъхъайы» у ирон поэзийы хæзнатæй.Поэт ссардта ахъаззаг формæ.Фыдыбæстæйы сæраппонд сæ цард цы авд Æфсымæры радтой, уыдоны сгуыхтытæ равдисынæн.

Балладæйы аивадон гæнæнтæ сты æгæрон , уыдон иу кæнынц эпикæ æмæ лирикæйы фæрæзтæ.Уыдонæй Грис мад æмæ йæ хъæбулты трагеди систа стыр поэзийы æмвæзадмæ. Цæф кæнæ мард бæгъатыр фæдзуры йæ мадимæ, уый у ахъаззаг поэтикон фæрæз, уымæй фылдæр кæны зарæджы эмоциалон тых. Мад удæгæсау ныхас кæны мард фырттимæ, Афтæмæй дывæр æмæ цауты трагизм йæ кульминацимæ сисы балладæйы финалы. Уацмысы фæстаг аккордтæ мад æмæ цоты трагедийыл бафтауынц æндæр авд трагеди

3б. 2ф. Нигер. Сæрибарыл тохы мотивтæ («Мулдар»)

Нигер - Дзанайты Иван райгуырд 1896 азы Уæлладжыры комы Сындзысæры.( йæ фæсномыгтæ «Ололи», «Сау лæппу», «Нигер») 1909 азы Нары скъолайы фæстæ бацыд Дзæуджыхъæуы дины скъоламæ.Уый фæстæ ахуы кодта Æрыдоны дины семинары. Дарддæр ацыд Саратовы университеты историон-филологон хайадмæ. 1927 азы бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ирон æвзаг æмæ литературæйы хайадмæ.

Уацмысы архайд цæуы октябры революцийы агъоммæ. Йæ рæстæг у æлдарады заман, фæлæ у æбæрæг историон рæстæг, нæй йын бæттæн бæлвырд дугимæ: романтизм нæ домы ахæм бæлвырддзинад. Уацмысы сюжетæн йæ астæуыстæг у æвирхъау цау: æфсымæр маары æфсымæры. Уый типикон цау нæу æмæ йын нæй иумæйаг барæнæй барæн.Æниу фольклор æмæ литературæйы ахÆæм цаутæ æмæ сюжеттæ чысыл нæй :Ромы мифты Рем æмæ Ромул, Нарты кадджыты Æхсар æмæ Æхсæртæг, Библийы Каин æмæ Авель.Нигерæн йæ идеал уыд æнæрцæф, сæрибар адæймаг.Мулдар æмæ йе ´фсымæрæн сæ бон нæу стонг азы сæ хъалон афоныл бафидын.Хъалонисæг, æлдары хъузон , ехсæй цæвы Мулдары- уый у карз æфхæрд, адæймаджы æвæры фосы бынаты.Мулдарæн ис дыууæ гæнæны: 1- йæ маст райсын, тугæй йæ намыс ныхсынн; 2- æфхæрд ныббарын æмæ худинагæй цæрын. Сæрыстыр лæппу равзæрста фыццаг мадзал.Фæлæ йын нæ бантыст: йæ хистæр æфсымæр ын ныххæцыд йæ къухыл.Æфхæрæг аирвæзт. Хистæр æфсымæр Мулдарæн амоны зонд:маст исынæй цагъар уæвын хуыздæр у,æдасдæр.Мулдар,чи зоны, æфсымæрæн ныббарстаид йæ ракæнд, фæлæ йын нæ бары цагъары æууæлтæ.Мулдар уыд хуымæтæг лæппу, фыййау æмæ зæхкусæг.Йæ фыд амард æххуырсты куыстæй, уымæ гæсгæ йын æнæуынон систы, адæмы уæлбартыл æмæ дæлбартыл чи дих кæны, уыцы уавæртæ,æлдарад æмæ цагъарад.Мулдар эгоист нæу.Йæ ракæнд, йæ бинонты хъысмæт ын æнцой нæ дæттынц.Поэмæ «Мулдар» у тох æмæ сæрибары кадæг.

Гиперболæ

- (грекаг дзырд, амоны - егъдаудæр кæнын) - дзырдæвæрды -тропы (кæс) хуызтæй иу; цау кæнæ предметы ас цы у, уымæй йæ бирæ тыхджындæр æмæ егъдаудæрæй æвдисын нывæфтыд ныхасы руаджы. Фыссæг гиперболæй пайда кæны фæлгонц фæтыхджындæр кæныны тыххæй: уæд цæстытыл бæлвырддæр уайы æмæ зæрæдæмæ тынгдæр хъары. Гиперболæ тынг арæх æмбæлы адæмон сфæлдыстады. Зæгъæм. Нарты кадджыты геройтæн сæ тых æмæ сæ митæ æвдыст цæуынц фылдæр хатт гиперболæйы руаджы. Мæнæ «Сослан-тыхагур», зæгъгæ, уыцы кадæджы иу скъуыдзаг, гиперболæйыл арæзт чи, ахæм: «Иуахæмы стæры ацыдыстæм… Иу бон ныл фæссихор мигъ æрбадт, æмæ райдыдта сæлфынæг кæнын. Мах астæй æд бæхтæ агурæм бынат. Кæсæм, æмæ иу ран - лæгæт. Бацыдыстæм лæгæтмæ, нæхи дзы æруагътам…

4б 1ф. Æгъуызаты Иуане- фыццаг ирон рухстауæг.

Æгъуызаты (Гæбæраты) Гиуæгийы фырт Иуане райгуырд 1775 азы Хуссар Ирстоны,Зæлдайы хъæуы. 15 азы фæахуыр кодта, стæй Душетмæ ацыд кусынмæ ахуыргæнæгæй.Иуане йæ мæлæты онг йæ царды бæрзонд æмæ рæсугъд нысаныл нымадта ахуырдзинады цырагъ бахæссын.Уый сарæзта ирон алфавит гуырдзиаг шрифты бындурыл æмæ тæлмац кодта дины чингуытæ. Сарæзта райдиан скъолатæн абеты чиныг- дамгъуат.Калачы скъолайы ахуыр кодта ирон сабиты.Чеселтгомы мА саразын кодта ног скъола.Æппæт уыцы хабæрттæ дзурæг сты ууыл æмæ Иуане йæ хъуыды æмæ хъуыддæгтæм гæсгæ, рухстауæг кæй уыди.

Иуане йæ адæмы бирæ кæй уарзта, уый бæрæг у, хуымæтæг дзыллæйы фарс кæй хæцыд, уымæй дæр. Уый домдта хицæуттæй, цæмæй Мацабел æмæ Ерыстау æлдæрттæн адæм æфхæрд мауал æййæфтаиккой.флæ уырысы хицæуттæ уæддæр Мацабелтæ æмæ Ерыстауты фарс уыдысты.Иуанейы мæлæты хæд размæ ныббырстой Хъобанмæ æмæ Чеселтмæ.Иуанейы фæндыд хæст æрлæууын кæнын, фæлæ йæ бон нæ уыд. Йæ царды дыккаг æрдæджы йæ хъару рухстауынмæ аздæхта.



4б. 2ф. Булкъаты М. «Теркæй-Туркмæ»

Уырыссаг- туркаг хæст куы банцад, уæд ирон хæстонтæ дæр сыздæхтысты сæ райгуырæн уæзæгмæ, адæм сын цины куывдтæ фæкодтой, скодтой сыл кады зарджытæ. Паддзах сын радта хохæй быдырмæ ралидзыны бар. Кодтой амондджын царды уынаффæтæ. Фæлæ уæдмæ стыхджын уырысы паддзахы колониалон политикæ дæр. 1840-м азы рацыд паддзахы бардзырд, цæмæй быдыры зæххытæ уæгъдгонд æрцæуой. Бæргæ ма архайдтой ирон адæм сæ зæххытæ бахъахъхъæныныл, фæлæ та уæдмæ рацыд ног бардзырд: «Зæххытæ асыгъдæг кæнын ирæттæй 1849 азы уалдзæгмæ, æмæ дзы æрцæрæд Владикавказы фыццаг хъазахъхъаг полк». Афтæ 1851 азмæ быдыры хъæуты (цалдæры) иунæг ирон хæдзар дæр нал аззад; чи фæстæмæ хохмæ алыгъд, чи Кæсæгмæ, се'ннæ хай та сæ сæр бафснайынæн равзæрстой пысылмон Турк.

19-м æнусы райдианы райдыдта Кавказы адæмты хæст Уæрæсейы паддзахы ныхмæ. Йæ сæргъы æрлæууыд дагъистайнаг имам Шамиль. Хæст уыд дæргъвæтин, йæ фæстæ ирæтты иу хай райста пысылмон дин. Уыдон тарстысты, сæ дин сын чырыстон динимæ куы сæмхæццæ кæной, уымæй æмæ сагъæсы бацыдысты. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы идейæтæ парахат кодта паддзахы администраци. Уый йæ колониалон политикæ хъахъхъæнгæйæ, стæй хæххон адæмты ныссабыр кæныны тыххæй сразæнгард кодта Кавказаг адæмты егъау хай Туркмæ алидзыныл. Уыдонимæ ирон адæмы иу хай дæр. Уыцы хъуыддаг хæсгонд æрцыд паддзахы æфсады инæлар Куындыхаты Муссæйæн. Кæсæм уæды рæстæджы сусæг писмо: «Уыцы хъуыддаджы бæрны уый йæхæдæг (Куындыхаты Муссæ) цæуы æмæ сусæг мадзæлттæй спайда кæныны фæстæ сæрды мæйты 3 мин хæдзарæй къаддæр кæй нæ акæндзæн, ууыл гуырысхо нæ кæны...». Афтæмæй ирон адæмы иу хай Туркмæ хуыздæр цардæнхъæл аивылд. Уый уыд ирон адæмы трагеди. Уый æмбаргæйæ бирæтæ архайдтой сæ бауромыныл, зæгъæм, зындгонд рухстауæг Колыты Аксо, фæлæ сын дзы ницы рауад.

Метоними

- грекъаг дзырд, - амоны æндæр ном раттын- сæйраг поэтикон дзырдæвæрдтæй иу: поэтикон ныхасы исты цауы кæнæ предметы ном æндæр номæй баивын, æндæр хуызы зæгъын; уыимæ уыцы æндæр ном мах фæзонæм хорз.

Зæгъæм, «Ирон фæндыр»-ы коймæ нæ зæрдыл æрбалæууы Къоста


5Б. 1ф. Кочысаты Р. - фыццаг ирон сылг.драм.

Кочысаты Розæ уыдис фыццаг ирон сылгоймаг-драматург. Розæ ныффыста Цалдæр пьесæйы. Ирон литературæйы историйы Кочысаты Розæ æрцахста зынгæ бынат. Розæ астаздзыдæй бацыд Ольгинскæйы сылгоймæгтæ дыууæкъласон скъоламæ. Уый фæстæ æртæ азы бакасти ирон чызджыты приюты Дзæуджыхъæумæ. Розæ уыди йæ заманы ирон сылгоймæгты раззагдæртæй.

Дзæуджыхъæуы приюты ахуыр кæнгæйæ, йæ зæрдæмæ хæстæг райста уæды рæстæджы раззагдæр адæймгты хъуыдытæ,бæллицтæ, уæлдайдæр та хæххон сылгоймæгтæн адæймаджы бартæ раттыны. 1904 азы Ольгинскæйы драмон къорд сæвæрдта Бритъиаты Елбыздыхъойы дыууæ фыццаг пъесæйы:

«Уæрæседзау» æмæ «Худинаджы бæсты - мæлæт». Йæ пьесæ « Мæ уарзондзинад æви мæ фыды ныхас», зæгъгæ, уым зæронд, фæстæзад æгъдæутты ныхмæ. Ирон адæмы астæу уæлдай хъуыстгонд у Розæйы йæ фыццаг пьесæ- « Гæды лæг, кæнæ нæ пъырыстыф сæрра». Комеди арæзт у адæмон аргъауы бындурыл. Йæ сюжет цыбырæй у ахæм. Иу мæгуыр лæг æхца ссардта. Фæлæ пъырыстыф уый куы базона, уæд ын сæ ницы хуызы ныууадзæн. Мæгуыр лæг йæхи йæ усы дзыхæй хъахъхъæнгæйæ æрхъуыды кæны æнæрцæугæ хъуыддæгтæ. Æмæ йæ цыргъзонды руаджы цъысымæй фервæзы.

5Б.2ф Къубалты Алыксандр. Кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ». Уацмысы историон бындур æмæ мидис.

Алыксандр фыссын раджы райдыдта. Ирон фальклормæ гæсгæ фыста, стæй хæрз стæм хатт. 1894 азы гимназ куы фæци, уæд ныффыста адæмон кадæг «Æхæрдты Хæсанæ». Къубалты Алыксандр бахаста Байаты Гаппомæ йæ кадæг «Æхæрдты Хæсанæ» - йы къухфыст мыхуыр кæнынмæ. Гаппо ацы кадæг прозæйы ратæлмац кодта уырыссаг æвзагмæ Алыксандр «Æфхæрдты Хæсанæ» - йы сюжет. Зыгъуытаты кадæггæнæг куырм Бибойæ фехъуыста æмæ йæ уый бындурыл ныффыста. Кадæгæн ис бæлвырд адæмон-фольклорон бындур. Конд у цыппар хайæ, цыппар сæрæй, Гаппо йæ куыд адихтæ кодта, афтæмæй. Кадæг цыппар сæрыл дих у, фæлæ æцæгæй та йæ арæзт æртæхайон у. Фыццаг -Госæма æмæ йæ фæдзæхст авдæны баст Хæсанæйæн; дыккаг-Хæсанæйы хæст Мулдарты мыггаджы ныхмæ; æртыккаг-фæстæмæ та райдианы уавæр, мал хæцы йæ фыртмæ, фæлæ куы базоны, Мулдартæ цагъды кæй фесты, уый, уæд циныл фæвæййы, цæмæй та уысмы бæрцмæ æрдиаг кæнын райдайа Хæсанæйы марды уæлхъус. Манголты ныббырсты фæстиуæгæн быдыры цæрджытæ фæцагъды сты, цагъды уæлдæйттæ та хæхты цъæссытæм лыгъдысты. Адæмæй ма чи баззад, уыдонæн дæр сæ бон нал уыд раздæры цардыуаг сног кæнын.

Адæмы стыр историон трагедийы бындурыл сырæзтаид стыр трагикон кадæг, иунæджыты кадæг, цагъды уæлдæйтты стыр зынæвзарæны кадæг. Хасанæ, Госæма, Хамырзæ - адон иунæджытæ уыдысты, æфхæрд сæ хъысмæтæй, - тыхджын æмæ æгъатыр знаджы кухæй. Сæ мыггаг дæр уымæн афтæ хуыйны. Кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ»-йæн йæ историон ратæдзæн ис нæ адæмы историон трагедийы астæуккаг æнусты, манголты тыхг нджыты ныббырсты фыд-заман.


Олицетворени -

цæрæгойты, æрдзы фæзындты, æнæуд предметты адæймаджы æууæлтæй хайджын кæнын: ныхас кæнын, хъуыды кæнын, æнкъарын.

Зæгъæм:

1) Фæразон дæ,

æнхъæлмæгæс, мæгуыр;

2) Ныффæсус и дæ хъуыр;

3) Фæлæ дæ рæстæг а фарнæй хызта



6Б.1ф Гæдиаты Секъа. Уарзондзинад æмæ социалон æбардзинады конфликт радзырд «Азау»-ы.

Гæдиаты Куыцырийы фырт Секъа райгуырди 1855 Хъуды комы Дæллаг Ганисы. Ганисы дзуары сауджын хæларзæрдæ адæймаг разынд, Секъайы сахуыр кодта чиныджы кæсын гуырдзиагау. Афтæмæй Cекъайы раз байгом чиныджы стыр дунемæ дуар. 1907 азы фæзындысты йæ таурæгьтæ: «Азау», «Айссæ», æмæ «Зæлда».

Хуымæтæг у «Азауы» сюжет. Дыууæ æрыгон уды кæрæдзи бауарзтой. Фæлæ Таймуразæн йæ фыд куы фæмард. уæд хæдзары цы муртæ баззад, уыдон хистытæн бахъуыдысты. Чызг æмæ лæппуйы хсæy æрлæууыд æхсæнадон аххосæгтæ.Чызгæн ирæд фидыны фадат нал ис лæппумæ, æнæ ирæдæй та йын курæн нæй. Ахицæн сæ кодтой фыдæгьдау æмæ ууыл хæст адæм, фæлæ уæддæр æнувыд сты сæ уарзондзинадыл. Азау æмæ Таймураз мæлæты бонмæ сыгъдæгæй фæхастой сæ зæрдæты, сæ хъуыдыты сæ уарзондзинад. Трагикон хъысмæт сын ис, ницы рауад сæ тохæй. Тыхджын сты удæй, зондæй. Фæлæ фыдæлты æгъдæутты ныхмæ разындысты æдых.

Азау æмæ Таймуразы ныхмæ слæууыдысты фыдæгъдæуттæ - (ирæд, хъоды бакæнын) мæгуырдзинад, тугкалды тас, фæлæ уæддæр нæ систой сæ къух сæ уарзондзинадыл. Хъазуат тохы бацыдысты æппæты ныхмæ, фæлæ сæ бон нæ баци «рæхыс - бæттæнтæ» атонын. Кæй аххос у, Азау æмæ Таймураз цардæй кæй ницы федтой, афтæмæй сау мæрмæ кæй бацыдысты, уый? Кæд, мыййаг, сæхи аххос у.

Царды цæлхдуртæ - мулкмæ тырнындзинад, кæрæфдзинад, зианхæссæг рагон æгъдæутты сæрты ахизын кæронмæ сæ бон нæ баци. Ницы рауад сæ тохæй - ис сын трагикон хъысмæт. Фæлæ сын кæсæм сæ таурæгъ æмæ стæм сæ фарс - сæ лæгдзинады, сæ рæсугъд зæрдæ, се стыр уарзондзинады фарс.

6б.2ф. Патриотизмы мотивтæ Илас Æрнигоны æмдзæвгæ «Хæрзбон»-ы.

Ирон фысджыты курдиатджынтæй иу у Илас Æрнигон. Тогызты Газакк (Илас Æрнигон, Илас Мызурон) райгуырдис 1888 Æрыдоны.Йæ фыд уыд зæхкусæг лæг. Æрнигон ахуыр кодта фыццаг сÆхи скъолайы, стæй бацыд семинармæ.Семинар каст куы фæци, уæд дыууæ азы бакуыста Куырттаты комы Хидыхъусы райдиан скъолайы. 1911 азы ацыд Маньчжуримæ. Æрнион уыд стыр ахуыргонд адæймаг. Хорз зыдта китайаг, корейаг æмæ япойнаг æвзæгтæ, стæй Ныгуылæн Европæйы адæмты æвзæгтæй дæр цалдæр.

Æрнигоны нæ фæндыд цæуын йæ райгуырæн зæххæй , афтæмæй райгуырд æмдзæвгæ «Хæрзбон» Нæ йæ фæндыд йæ царды уадзæг искуы æцæгæлонæй арвитын, фæлæ йын хуыздæр гæнæн нæ уыд. Ацыд æмæ йæ царды хуыздæр азтæ бæлццонæй арвыста:

Хæрзбон, хæрзбон, мæ цард мæ суры,

Фæрыст мæ сонт зæрдæ..Цæуын…

Фæстаг хатт абон æз уæ цуры

Лæууын , мæ хæхтæ, ´мæ кæуын…

Зын у бæстæ æмæ хæхтæй фæцух уæвын.Йе стыр уарзондзинад равдыста Илас йе´сфæлдыстады, йæ æгæрон бæллиц- цæрынæй бафсаын.

Æмбисонд- дзыхæйдзæугæ адæмон сфæлдыстады хуызтæй иу, асæй хæрз цыбыр уацмыс,йæ хъуыды -стыр æмæ арф. Æвдисынц адæмы цард,сæ хъуыдытæ.сæ бæллицтæ,сæ цæстæнгас.




7б 1ф Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæ « Дыууæ хойы».

Елбыздыхъойы драмон уацмыстæ авд сты «Уæрæседзау», «Худинаджы бæсты-мæлæт», «Хазби», «Дыууæ хойы», «Маймули рухсаг,æгас цæуæд ирон тиатр», «Налимтæ», «Амыран».

Елбыздыхъо йæ «Дыууæ хойы» ныффыста 1907 азы Назраны фидары куы бадти,уæд.

Драмон уацмысы вæййы ахсджиаг быцæу. Ис ахæм конфликт «Дыууæ хойы» дæр.

Драмæйы мидис цыбыртæ: Айсиат æмæ Хансиат сты дыууæ сидзæр хойы. Хъомыл кæнынц сæ фыдыфсымæр Тæтæрхъанмæ. Тæтæрхъаны фæнды чызджыты стыр ирæдыл баивын, фæлæ йын не нтысы. Касалы-фырт Хансиаты зæрдæмæ нæ цæуы,Айсиаты та аскъæфта мæгуыр лæппу Пупæ.

Иумæйагæй дзургæйæ, драмæйы мидис у, уыцы «уæй кæнын» ци. Куыд æмæ цы хуызы саразынмæ хъавы æмæ уыдон ныхмæ чи,куыд æмæ цы мадзæлттæй тох кæны, уый.

7б. 2ф Гæдиаты Цомахъы æмдзæвгæты цикл «Ахæстоны фыстытæ» (иу æмдз. наизусть)






Анафора.

- раззаг строфайæ хицæн дзырдтæ, рæнхъытæ фæлхатгонд куы 'рцæуынц, уый

Зæгъæм: Мæлæн дын нæй, нæ фыдæлты æвзаг (æмбæлы фыццаг æмæ фæстаг строфаты).




8Б.1ф. Токаты А. Фыццаг ирон сонет.

Токаты Инусы фырт Алихан райгуырдис мæгуыр зæхкусæджы
хæдзары, Дæргьæвсы. Алихан фыццаг каст фаци сæхи хъæуы
дыууæкъласон райдиан скъола, фæстæдæр та ( 1910 азы) бацыд
Бакуйы денджызон ахуыргæнæндонмæ. Фыссæгæн йæ
райгуырды аз бæрæг нæу. 1916 азы Алихан каст фæци
денджызон ахуыргæнæндон, фæлæ йæ зæрдæ рагæй дæр
аивадимæ дзырдта æмæ ацыд Петроградмæ( ныры Бетъырбух )
ахуыр кæнынмæ Аивадты академимæ.

Æрыздæхт Алихан Ирыстонмæ æмæ декабры 30 боны, ома 1917 азæн йæ тæккæ кæрон, æвзæрст æрцыд сæ хъæуы комиссарæй.

Цæрын ын бирæ нæ бантыст. 1920 азы тифæй фæрынчын æмæ амарди Дæргьæвсы Ныгæд дæр æрцыд йæ райгуырæн хъæуы, йæ фыдæлты уæлмæрды.

Сонет у æмдзæвгæйы бæрæг-бæлвырд формæ, конд у 14
стихæй (рæнхъæй). Фыццаг дыууæ куплеты (катрены), дыккаг дыууæ æртæрæнхъон строфайы (терцетæ).

Хорз бахъахъхъæдта Алихан классикон сонетæн йæ мидисы
райрæзты фæтк дæр. Фыццаг катренæй мах базонæм, поэтмæ
кæй ис, адæмæн хæрзиуæг кæй фæрцы сараздзæн, ахæм
диссаджы дзаума - цыкурайы фæрдыг.

Уыцы алæмæты дзаума йын дзуæрттæ æмæ дауджытæ нæ радтой, мыййаг, йæхæдæг æй байста тыхæй маргджын калмы дзыхæй.

Адæмæн хæрзиуæг дзуæрттæй кургæ нæу, калмы дзыхæй
исгæ у зонд æмæ лæгдыхæй. Лирикон герой бацыд æвирхъау тохы. Уыцы тохы мидæг йæ къухы бафтыд, æнцонтæй нæ, Цыкурайы фæрдыг, байста йæ калмы дзыхæй. сонеты сæйраг хъуыды?

Ам ис «Малусæджы» хъуыды: малусæг дæр «хъалæй, фырбуцæй... Рухсы йæ мæлæт ссардта».

8б2ф Джусойты Нафи. «Фыдæлты туг». Историон цаутæ романы.

Зындгонд фыссæг, тæлмацгæнæг, публицитс райгуырд 1925 азы Хуссар Ирыстоны. Каст фæци Цхинвалийы педагогон университет историйы факультет;Ленингарды аспирантурæ. 1988 азы йын радтой Гуырдзыстоны зонæдты Академийы уæнг- уацхæссæджы ном. У Къостайы номыл премийы лауреат, литературон критикты дунеон ассоциацийы уæнг(МАЛК) йæ центр у Парижы.

Нафийы сфæлдыстады роман «Фыдæлты туг» ахсы стыр бынат. Уацмыс у Хуссар Ирыстоны Чеселтгомы адæмы цардыл.Архайд цæуы 19 æнусы райдайæны.Уæрæсеимæ баиуы цауыл хæххон адæм тынг разæнгардæй сæмбæлдысты.Уырныдта сæ царды фæтк хуыздæрмæ кæй раивдзæн.1830 аз уæлдай фыдæвзарæнтæ бацæттæ кодта Иры адæмæн.

Хохæгтæ хæцæнгарз сæ къухтæм райстой , цæмæй бахъахъхъæной сæ уды сæрибар, æнæмастæй фæллой кæныны бартæ- ахæм у «Фыдæлты туг»-ы сæйраг хъуыды.Ивгъуыд æмæ абоны бастдзинад- уый та у уацмысы мидтемæ.

Гуырдзиаг æлдæрттæ Мацабелтæ хъавынц комы адæмыл хъазайраджы къæлæт бафтауын.Скъæрынц адæмы фос , сæ мæгуыр муртæ сын ласынц.Æлдæрттæн æххуысмæ тырны инæлар Ренненкампфы æфхæрæн экспедиции. Адæм сæ размæ æрлæууыдысты.Иутæ мæсыджы бацыдысты (Бега йæ фондз æмбалимæ), иннæтæ (Ака, Хъæндил) алы рæтты æрбынат кодтой. Хохæгтæ дисы фтауынц суанг хæстон афицерты.Адæмы хæстон раздзогтæн рахастой марыны тæрхон,фæлæ сын сæ ныфс, сæ хъару, сæ сæрибармæ бæллын нæ басастой.

Эпитет- грекъаг дзырд, - амоны - уæлæмхасæн - исты æмбарынады, фæзынды, предметы искæцы миниуæг амонæг æмæ бæрæггæнæг дзырд. Фæзынды, предметы искæцы миниуæг эпитет бæрæг кæны æрмæст бæрæггæнинаг дзырдимæ иумæ. Эпитет уæвæн ис алы бæрæггæнæг дзырдæн дæр. Зæгъæм: згъæр хæдон, хъæдын бæлон, сусæг хъæрзын.

9б.1ф. Аксойы царды хабæрттæ бæрæг бæлвырд не сты.1862 азы ирон чызджытæн йæхи хæдзары байгом кодта скъола, ахуыгæнæг дæр дзы уыд йæхæдæг, ахуыр та сæ кодта лæвар.

Аксо сылгоймаджы ахуырдзинады сæрхъызой кæй уыд, уымæй дæр стыр ныхасы охыл, уый сæ зæрдыл бадардтой йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ йын æмбисондау хастой йæ зондамонд:»ног фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, уымæн хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинонтæ, æмæ ахæм бинонтæ саразынæн та хъæуы, фыццаджы-фыццаг, ахуыр æмæ размæдзыд сылгоймаг-мад».

Йæ зæрдæйы райгурæн бæстæйы цæджджинагау фыхт,æмæ чъырсудзæнау, пилон уагъта йе´мбæстон ирон адæмы мæтæй.Æхсæв нæ хуыссыд, бон нæ бадти,Ирыстоны къуымты зæрватыккау, ратæх-батæх кодта,цæмæй сиу кодтаид чырыстон дины уырнындзинады руаджы армыдзаг æмæ хæлиугонд ирон адæмы, цæмæй сæ царды уаг æпптæй дæр фæхуыздæр уыдаид, ууыл йæхи хъардта.Стыр зонды хицау Аксо, фæлæ йын нæ бантысти йæ фæллойы дыргътæ фенын, йæ хъуыддæгтæ æрдæгыл баззадысты.Чи зоны,Аксо йæ фæнд сæххæст кодтаид,куындыхаты Муссæ йæ ныхмæ лæууын нæ бафæрæзтаид, фæлæ йæ æнафоны мæлæт æрцахста.

Колыты Аксо ныффыста æртæ уацмысы: «Мах фыд», «Мады Майрæмы кады зарæг» æмæ «Чырыстийы рухс райгасдзинад».

Сæ мидисмæ гæсгæ, уацмыст сты , аргъуаны-иу кæй кодтой кувæг адæм, ахæм зарджытæ.

9б.2ф. . Цæрукъаты А. «Ныхас авдæны сывæллонимæ»

Алыксандр райгуырд Хъарман-Сындзыхъæуы.

Йе ´сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы уацмыс «Ныхас авдæны сывæллонимæ». Лæджы æнæмæлгæ цы кæны? Уый у йæ сæйраг темæ æмдзæвгæйæн.Уый у сывæллон, адæймаджы ныфс, йæ райсомы хъару, йæ сомбон.Фæдзæхсы йын , амоны йын йæхицæн цы нæ бантыст, царды уыцы сусæгдзинæдтæ.Амоны йын раст æмæ хæрам.

Иттæг уæрæх у ацы поэмæйы философон мидис.Автор дзы æвæры , «æнусон» зæлынад кæмæн ис, ахæм фæрстытæ: цард æмæ мæлæт, хорз æмæ фыд, раст æмæ хæрам.

Царды сæйрагдæр хæзна- райгуырæн къона уарзыны амонд, адæмы хорзæх- тыхсты сахат ныфс æмæ хъаруйы суадон. Национ хизонындзинад æмæ сæрыстыры æнкъарæн.Иу дзырдæй, «Ныхас авдæны сывæллонимæ» схонæн ис рæстæг æмæ адæймаджы нысаныл лиро- философон монолог. Сæйраг дзы у историзм æмæ адæмы æнусон царды арф æнкъарæн.

Синекдоха -метонимийы хицæн хуыз. Æнæхъæн предметы ном йæ кæцыдæр хайы номæй ивын, кæнæ та иу хайы бæсты æнæхъæн предметы ном зæгъын.

Зæгъæм: Лæхурдта Скиф йæ тызмæджы ныхæстæ.






10б 1ф.Мамсыраты Темырболат- фыццаг ирон профессионалон поэт.

Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæтæ æдæппæтæй сты иуæндæс, фæлæ стыр у сæ ахадындзинад. Ирдæй сæ зыны фыдызæххæй цы адæмтæ фæхауд, уыдоны уæззау хъысмæт, сæ фыдбон, сæ хъизæмар.

Æмдзæвгæтæ фыццаг хатт хицæн чиныгæй фæзындысты 1946 азы уырыссагау. Ратæлмац сæ кодта Е. Гелашвили. 1965 азы Цхинвалы рауагъдады мыхуыры рацыд поэты чиныг йæ мадæлон æвзагыл. Чиныг бацæттæ кодта Джусойты Нафи. Уацмыстæ æппæт æххæстдæрæй мыхуыры рацыдысты 1982 азы г. Орджоникидзейы «Ирон зарджытæ», зæгъгæ. Æмбырдгонд бацæттæ кодта æмæ йын комментаритæ ныффыста Хъодзаты Æхсар.

Йæ уацмыстæй иу-номдзыд «Сагъæстæ» - æрыздæхт Ирыстонмæ Туркæй адæмон зарæджы хуызы æмæ йæ академик Всеволод Миллер ныммыхуыр кодта йæ «Ирон этюды» 1881 азы.

Темырболаты æмдзæвгæты хъуыды кæрæдзимæ æнгæс у. Иууылдæр æвдисынц Туркмæ алидзæг адæмы фыдæбæттæ фæндагыл æмæ уый фæстæ дæр. Цардæнхъæлæй бахаудтой царды цъысымы. Уæлдай зын сын уыдис фыццаг азты. Уыцы фыдæбæттæ йæхæдæг чи бавзæрста, уыдонæй нал ферох сты сæ амæлæтмæ дæр. Фæлæ сывæллонæй чи афтыд, кæнæ уым - Турчы чи райгуырд, уый цы зыдта фыдæлты хъизæмæрттæн. Уый æрыгон у, уымæ хъазын, зарын цæу

10 б.2ф. Фыдæлты æгъдæутты кълассон ахаст Туаты Д .драмæ «Сидзæргæс»-ы.

Ивгъуыд царды нывтæ æнцой нæ лæвæрдтой Туаты Дауытæн, æмæ уæд фыссын райдыдта йæ номдзыд драмæ «Сидзæргæс». Драмæйы темæ у, идæдз ус Нуцæ йæ æртæ сидзæры бартыл куыд тох кодта, уый.Йæ лæджы йын Зруджы комы зæй фæласта.Цы муртæ сæм уыди, уыдон марды кæндæн бахъуыдысты, æмæ бинонтæ хæсты бын фесты.Зынтæй нæ фæтарсти Нуцæ, фæлæ йæ тиу Амырханы сæры сæвзæрд иу хъуыды:Иласы зæххытæ йæхицæн райсын.Уымæн арвыста Нуцæйы дæр йæ цæгатмæ, фæлæ йын уый ницы ком радта.Рæсугъд Нуцæмæ æхсайы Амырханы зæрдæ,æнафоны бацыди йæ чындзы хæдзармæ, фæлæ йæ Нуцæ ратардта.Уæд Амырхан йæ ус Марикъойы æххуысæй цыдæр « дам»-тæ ауагъта Нуцæйы тыххæй æмæ мыггаджы сразы кодта йæ арвитыныл.Нуцæйы зæрдæ нæ баурæдта ацы æфхæрд æмæ йæхи доны баппæрста.

Рефрен - ( франц. Дз.- базард (припев). Ахсджиагдæр хъуыды цæуы фæлхатгонд.

Мамс.Темырб. Уæ нæ хæхтæ , нæ бæстæ

Куыд ма цæрæм уæ фæстæ…







11б. 1ф. Къоста ирон литературон æвзаджы æмæ аив литературæйы бындурæвæрæг.

Ирыстоны адæмон поэт,Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста райгуырд 1859 азы 15 октябры Нары хъæуы, Уæлладжыры комы.Йæ фыд Леуан уыди зондджын,æууæнкджын адæймаг. Уый бирæ уарзта йæ фырты æмæ архайдта ууыл, цæмæй Къоста суа ахуыргонд лæг.Къостайы мад Гуыбаты Габрелы чызг Маро, уыди фæлмæнзæрдæ,хæдæфсарм, рæсугъд сылгоймаг.Къоста мА хæрз чысыл сывæллон уыд,афтæ йæ мад амард.Къостайы хæссынмæ радтой се´рвадæлты ус чендземæ.Чендзе тынг буц дардта Къостайы, уарзта йæ хи хъæбулау.Уæззаудæр рæстгæг лæппуйыл скодта йæ фыд дыккаг ус куы рхаста, уæд.Фыдыус Къостайы нæ бауарзта.

Къоста стыр аргъ кодта ирон адæмы сфæлдыстадæн æмæ йæ зонгæ дæр хорз коджта.Адæмон зарджытæ, кадджытæ, аргъæуттæ арф хъардтой йæ зæрдæмæ, æмæ уыдон бындурыл сарæзта аив уацмыстæ.Йе ´мбисонды уацмыстæ «Фсати», «Уæлмæрдты», «Хетæг»…æмæ бирæ æндæр уацмыст сты ирон æмбисæндты бындурыл арæзт.

Къостайы æмдзæвгæтæ ирон адæмы зæрдæйы æхсидын кодтой æнæуынондзинад уæды заманы царæвæрдмæ, сидтысты адæмы æфхæрджыты ныхмæ тохы.Куыннæ мæсты кодтаид хицауад Къостамæ æмæ куывннæ зылдаид йæ фæдыл!Агуырдтой æрмæст исты æфсон Къостайы æрцахсынæн.Æмæ уый сæ къуых бафтыд.Къостайы дыууæ хаты ахстой йæ райгуырæн бæстæйæ.Хасты рæстæджы бирæ фæрахау-бахау кодта Къоста, федта бирæ зыдзинæдтæ, æмæ йе´нæниздзинад фæцудыдта.

11Б.2ф.Хъаныхъуаты И. Этнографион очерк.

Иронхъæуы.Хъаныхъуаты Инал райгуырдис 1852азы, ЦæгатИрыстоны Хъобангомы, Хъаныхъуаты хъæуы.Йæ фыд Дудар уыдис уæздæдтæй, æлдæрттæй. Инал ахуыр кодта Ставрополы
гимназы.Фыссæджы сæйраг миниуæгыл Инал нымадта уынын æмæ уарзын, стæй рæстдзинад адæмы раз зæгьын фæразын,мæлæт дæм куы кæса уыцы дзырдæй,уæддæр.Инал йæ курдиатмæ гæсгæ уыдис публицист.БирæочерктæныффыстаИнал, фæлæ уыдон астæу бæрæгæй зыны йæ фыццаг очерк «Ирон хъæуы».

«Ирон хъæуы»-ацы очерк Инал ныффыста1870азы.Очерк мыхуыры рацыд 1975 азы. Дзырд дæр ыл нæй, этнографион æрмæг дзæвгар ис «Ирон хъæуы».Ирон лæг йæ, райгуырдæй йæ амæлæтмæ цы æгъдау кæны, цы æгъдæуттæм гæсгæ цæры, уыдон дзы се'ппæт дæр сты. Сæйраг хъайтартæ: Мосе - мæгуыр зæронд лæг. Уымæ царды хæрзтæй хуыздæр кæсы айв ныхас. Цы бакæна, хъусгæ цы
фæкодта, уымæй дарддæр ницы зоны.

Хæтæхцыхъо амоны авторæн,цæрын куыд хъæуы,уый.Хæтæхцыхъо йæ кæстæр æфсымæрмæ схъомыл сидзæрæй.Джигитты цард кодта,ома рацу-бацу йæ бæхыл зылди хæстæджытыл. Стæй уæд цыдæр низæй фæрынчын æмæ даринаг сси йе' фсымæрæн.

Данел у фæсреформæйы ирон фæсивæды характерон тип. Кусгæ ницы кæны æмæ мæгуыр у, уæдæ цы. Данелæн хæдзар ис, фæлæ, цæргæ кæм кæны, уый бæрæг нæу. Цæры дзы йæ мад.

Ирон хъæууон уавæрты иууыл зындæр тыхстдæр цард чи кодта уыдис, сылгоймаг. Куыстæн йæ зындæр æмæ фылдæр, æфхæрдæн йæ уæззаудæр - ахæм у ирон сылгоймаджы æнусон хъысмæт

Аллегори

- грекъаг дзырд, - амоны фæсномыг, дзырдæвæрды хуызтæй иу - царды иппæрд цаутæ конкретон фæлгонцы руаджы фæсномыг хуызы æвдисын.

Аллегоритæй арæх пайда кæнынц басняты æмæ аргъæутты; ам хиндзинад фæсномыгæй нывгонд цæуы рувасы хуызы, зыд - бирæгъы хуызы , мæнгарддзинад - калмы хуызы æмæ а. д. Ныфсы аллегори у науæнгуыр (якорь), сæрибарады - саст рæхыс; фидыдады аллегори - урс бæлон æмæ а. д.



12б.1ф. Къостайы æмдзæвгæ «Додой»

Къоста Бетъырбухæй куы сыздæхт, уæд уæд ирон дзыллæйы тыхст уавæр йæ зæрдæ карды цæфау фæрисын кодта.Æмæ райгуырд æмдзæвгæ-гимн «Додой».Æмдзæвгæ райдайы æлгъыстæй. Æлгъыст хауы адæмы зæрдæйæн иууыл зынаргъдæр чи уыд, уыдонмæ-райгуырæн хæхтæ æмæ тæрхоны лæгтæм. Æлгъиты тæрхоны лæгты «дзыллæйы мæстæй» кæй нæ риссынц, «адæмы хъыг» сæм кæй нæ хъары, уый тыххæй.

Цæуыл у «адæмы хъыг», цы ис дзыллæйы æхсæны царды ахæм æвзæрдзинадæй, кæуын кæуыл хъæуы,-«Иумæ уæ разынæд иу цæсты сыг».

Адæммæ иудзинад кæй нæй , уый у сæйраг аххосаг сæ æфхæрд уавæрæн.

Рауай-ма,рауай,нæ фыййау нæ фæстæ,

Иумæ нæ рамбырд кæн, арфæйы дзырд!...

Уымæй сын æндæр хос нæй.

12.2ф Брытъиаты Е. «Хазби» Адæмы сæрибар æмæ намыс хъахъхъæныны мотивтæ трагедийы.

Брытъиаты Елбыздыхъо «Хазби» ныффыста, Назраны фидары куы бадт, уæд. Ацы пьесæ йын лæвæрдта ныфс, хъару, тых…Пьесæйы æвдыст цæуы хæдхæцæг паддзахы ныхмæ тох, XIX-æнусы фыццаг æмбисы Алыккаты Хазбийы растады цаутæ. Ныхас æвдыст цæуы ирон царды уагæвæрджы хуызы. Йæ хистæр Ислам ма ахæм куырыхон хистæрæй, кæцы зоны лæггад кæнын кæстæрæн, у уæздан æмæ архъуыдыджын.Хъæвдын у Исламау хистæр, фæлæ Хъæвдын зоны домын кад йæхицæн, кæстæр та йын лæггад куыд кæна. Йæхæдæг та кæстæрæн нæ амоны йæ цардæй, лæггад куыд кæнын хъæуы, уый. Исламау нæ хъусы кæстæрмæ. Кæстæрæн ис йæхи бынат, уырдыгæй æддæмæ ма хизæт. Хъæвдыны хуызон зæронд лæг у, мæсыг рагæй чи халы, уыдонæй.

Хазби Ныхасы у уæздан, лæггадгæнаг кæстæр хистæрты раз; кæстæртæн та зондамонæг хистæр. У æрхъуыдыджын, æфсармджын, удæй рæсугъд, æгъдауыл хæст, адæмы æхсæн кадджын, номдзыд. Хазбийы хуызæтты руаджы нæ мæсыг фидарæй фидардæр кæны.

Биайы фырт йæ намыс, кад, ном, уд ауæй кодта æрттиваг мæнг цардыл. Хазби карзæй дзуры йæ ныхмæ, æмæ уый хуызæн ма чи у, уыдон ныхмæ дæр. Адон сты, мæсыг цы дурты фæрцы хæлы уыдон.

Ныхасы хъаугъа урæд æрцыд ирон æгъдауы руаджы. Хазби нæ бауагъта æфхæрын Биайы фырты. «Уазæг - Хуыцау уазæг…», - зæгъы Хазби. Абон ацы æгъдау царды йæ бынат куы ссарид, уæд ирон цард æгъдауджындæр уаид.

Хазби сылгоймаджы уыны æмсæр адæймаг, кæцыйæн хъæуы æгъдау дæттын, лæггад кæнын. Уыдон сæрвæлтау тохмæ дæр цæуы.Ныхасы æрцыдысты уыцы хъуыдымæ: «Райгуырæн зæхх бахъахъхъæнæм…»

Нана у æцæг ирон сылгоймаг. Йæ хъæбулы радта адæмæн. Адæмы фарнæн. Æрвиты йæ фæстаг тохмæ, зоны йæ, нал ын æрæздæхдзæн, уый. Æрвиты йæ хæстмæ, мæлæтмæ Фыдыбæстæйы сæраппонд.

ДРАМÆ - (грекаг дзырд, амоны - архайд) цард æвдисы архайды хуызы. Драмæйы нæ вæййы авторæн йæхи ныхас, архайд арæзт вæййы уацмысы геройты æхсæн ныхасыл (диалогыл). Драмон уацтæ (пьесæтæ) фыст вæййынц сценæйы равдисынæн. Драмæйы автор фæдæтты цыбыр амындтæ уацмысы геройтæ сæхи куыд хъуамæ дарой, цы хъæлæсы уагæй хъуамæ дзурой. Уыдон сты ремаркæтæ. Драмæ арæзт у диалогæй æмæ монологæй. Геройты ныхас сæ кæрæдзимæ - диалог. Ныхас дзщурæгимæ йæхимæ здæхт куы вæййы, кæнæ иннæ геройтæм - монолог. Драмон уацмыстæ вæййынц: трагедии, комедии, водевиль. Хъæлдзæг нывтæ. Драмæ - вазыгджын конфликт кæм ис æмæ архайджыты æхсæн карз тох кæм цæуы, ахæм лирикон уацмыс. Драмон уацтæ сты, зæгъæм, Плиты Грисы «Чермен», Токаты Асæхы «Усгуртæ

13б.1ф. Хостыхъоты Зинæ. Йæ поэзийыл афæлгæст.

Райгуырд Хъæдгæроны 1937 азы. Скъолайы фæстæ бацыд Мæскуыйы Горькийы номыл фысджыты институтмæ. Уым куы ахуыр кодта, уæд рацыдис йæ чиныг «Мæ рудзынæгй кæсы сæуæхсид» уырыссаг æвзагыл. Ахуыр ку фæци, уæд æрцыд Дзæуджыхъæумæ æмæ уыста Чъребайы, журнал «Фидиуæджы»,Ирыстоны телеуынынады студийы , «Мах дуджы» журналы æмæ а.д. Зинæ царды алы фæзынд дæр афтæ арф æнкъардта.Йе ´нæнцой уд æппæрста, кæм зындæр уыд, уырдæм.

Зинæйы сфæлдыстады сæйраг бынат ахсы фыдыуæзæгмæ уарзондзинад.

13б.2ф. Барахъты Гино. Поэмæ «Азджериты Куыцыкк». Патриотизмы мотивтæ уацмысы.

Райгуырд 1890 аз Салыгæрдæны , мæгуыр хæдзары. Ахуыр кодта сæхимæ, стæй йе´фсымæримæ Тихорецкмæ ацыд. Уым уырыссагау базыдта.Йæхи бацæттæ кодта æмæ Æрыдоны семинармæ бацыд ахуырмæ. 1911 азы йÆ каст фæци. Хъæдгæроны ахуыргæнæгæй акуыста. Уый фæстæ бацыд Мæскуыйы коммерцион институтмæ. Фæлæ мæгуыр цард фадат нæ радта ахуыр кæронмæ ахæццæ кæнынæн, æмæ гино фæстæмæ Ирыстонмæ æрыздæхт.ацыд Æрыдоны семинармæ цæстдарæгæй.

Райдыдта буржуазон -демократон революци.Гино уыд хæстон æмæ сфæлдыстадон кусæг. Йе´сфÆлдыстады зынгæ бынат ахсы кадæг «Азджериты Куыцыкк». Ныхас цæуы Бæстырæсугъдыл.Йæ кой айхъуыст æмæ усгуртæ æрвитынц сæ минæвæрттæ. Бæстырæсугъдæн йæ бон нæу, фыдгæнджытæ сæ къахы бын йæ адæмы кæй ныккодтой, уымæ кæсын æмæ разыйы дзуапп ратдзæн , æрмæст фыдгæнджытыл чи фæуæлахиз уа, уымæн. Ахæм разынд Азджериты куыцыкк. Уый дыууæ хаты ныхъхъæр кæны знагмæ, уæ рæгъæуттæ уын фæтæрын, зæгъгæ. Сызмæлыдысты тыхгæджытæ. Куыцыччы фæсте расырдтой, фæлæ сæ уый басаста йе´хсарæй. Фæлæ Куыцыкк йæхдæг дæр амæлы.

Егъау хъуыды бавæрдта ацы кадæджы Гино : иуæй Бæстырæсугъды ахсат лæгдзинадмæ , йæ уарзондзинад йæ бæстæмæ , иннæмæй Куыцыччы лæгдзинад .

Жанр -(фр дзырд.- дыууæ архайды)- афтæ хаттæй-хатт фæхонынц аив литературæйы сæйраг хуызтæ. Зæгъæм:роман у таурæгъон жанры хуызтæй; зарæг - лирикон жанры хуызтæй; комеди- драмон жанры хуызтæй.

14Б.1ф. Хетæгкаты Къоста. «Салдат».Сæрибары тохы мотивтæ уацмысы.

«Салдат» фыст у диалоджы формæйы. Æрмæст ын хъусæм йæ иу хай.. Кæуы мад, уымæн æмæ хæдзарæй хауæггаг кæны йæ дарæг, йæ удæнцой. Кæуы мад, уымæн æмæ йæ риуы 'хсырæй, йæ комы комдзæгтæй кæй схаста, уыцы хъæбул ныр кæмдæр æцæгæлон бæсты, æцæгæлон адæмы 'хсæн фыдæбонæй тондзæн йæ цард, æххормаг æмæ надвæлладæй.

Æмдзæгæ райдайы æлгъыстæй:

«Удæнцой ма фена, махæн нæ цардывæнд

Чи халы барывæндæй!..

О мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд,-

Цухъхъатæ дарæн мын нæй!..

Æгад у салдат,фидиссаг у, фосы 'мсæрыл нымад афицерты цæсты.Хæххон лæг, сæрибарæй чи схъомыл,над нæ, фæлæ дзырдæй æфхæрд дæр чи нæ бары, уый хъуамæ ныр быхса искæй армæй над. Хуыздæр уавæры нæй салдаты мад дæр: ис дарæгæй æнæ дарæг фæуыдзæн. Кæйдæр барвæндæй салдат искуы мард æрцæудзæн, æмæ йын мæгуыр мад хистытæ фæкæндзæн йæ чысыл муртæй, стæй зыбыты иунæгæй,æвæгæсæгæй баззайдзæн.

14Б.2ф. Æгъуызарты Æхсарбег. «Куырды фырт». Амонды проблемæтæ романы.

Уацмысы сæйраг архайд рæзы Бексолтан æмæ Мураты ныхмæлæудæй. Сæ быцæуы уидаг - фæйнæхуызон æхсæнадон - намысон идеалтæ. Бексолтан - хæсты азты Сыбыры хъахъхъæдта ахæстыты, йæ маст немыцы бæсты уыдонæй иста. Мурат йæ цуры къæмдзæстыг у, уымæй афтæ Бексолтан фесгуыхт. Мурат бирæ фыдæбонтæ федта æмæ хъуæгтæ баййæфта. Фæрынчын, уæддæр нæ ауæрды йæ удыл. Бексолтан - циник, Мурат - дунейы фарн æмæ рæсугъддзинадыл чи æууæнды, ахæм романтик. Бексолтаны фидæн уымæн йæхи нывтыл карст у, Муравты алы къахдзæф та- фæлварæнтæ. Хæсты фæстæ дæр Муратæн хæст нæма фæци. Тох кæны йæ рæстдзæф уацтæ æмæ уайдзæфтæй. Раздæрау кæй фæтæрсын кæнай, ахæм Мурат нал у ныр. Бексолтанæй хъауджыдæр Мурат у сыгъдæгзæрдæ æмæ æнæхæрам адæймаг.

Монолог- (гр.дзырд, амоны иу ныхас)- уацмысы архайджытæй иуы ныхас иннæимæ,йæхиимæ,кæнæ драмон уацсымæ сценæмæ чи кæсы,уыцы адæммæ.

15б. 1ф.Хетæгкаты Къостайы уацмысты бастдзинад адæмон сфæлдыстадимæ

( «Уæлмæрдты»)

Къостайы уацмыстæ æнгом баст сты адæмон сфæлдыстадимæ.Къостайы уацмысты ис уыцы бастдзинад ис фенæн иу фæкастæй. («Лæскъдзæрæн», «Всати», «Булкъ æмæ мыд»). Фæлæ уыцы уацмысты хсæн иууыл стырдæр у «Уæлмæрдты».

Ирон адæммæ незманæй уыдис æгъдау: мардæн фæлдыстой бæх.фæлдисыны æгъдау амыдта,канд цы æмæ куыд аразын хъæуы,уый фæтк нæ. Фæлæ ма. Цы дзурын хъæуы,уый дæр.

Бæх фæлдыстой алы мардæн дæр. Къостайы уацмысы уыцы æгъдау кæнынц мæгуыр лæппуйæн.Адæмæн уарзон уыд. Мæгуыр ,фæлæ кусаг. Кад дæр ын кæнынц йæхи хуызæн мæгуыр адæм.

Мæрдты диссæгтæ :

1. Иу куыдзæн йæ къæбылатæ йæ хуылфæй рæйынц. / адæмæй кодта давгæ

  1. Галдзары бын ус æмæ лæг. Нæ сыл æххæсы æмæ кæрæдзы тонынц./хæларæй нæ цардысты

  2. Æндæр лæг æмæ усыл тæрхъусдзарм æмбæрзт /хæларæй цардысты

  3. Усыл калмы цармæй хъуырбæттæн, хæфсы цармæй -сæрбæттæн /

  4. Ус къæдзæхы скъуыдтæ теманæй æмпъузы/кæйдæр лæгæн хуыдта хоз- лыстæг, йæхи лæгæн- ставд.

  5. Усы риуыл куыройы фыдтæ зилынц/куыройгæс уыд æмæ адæмы ссадæй давта.

  6. Ус «хохыйас цæхгæры»гуымбыл бацахсым йын дзы карчы намыджйас цыхт равзры/æлгъин уыд (жадная)

  7. Ус æмæ лæг дзаджджын фынгыл бадынц,хæрынц , фæлæ сын къаддæр нæ кæны/ рæдау уыдысты (гостеприимные)

  8. Иу лæг æнæбын тæсчъы хуыртæ хæссы/йæ сыхаджы зæххæй адавта

  9. Иу лæгæн йæ рихитæ гал æууилы/ йæхи фосæн хуыздæр хос лæвæрдта

  10. Иу лæг халоны айчы хуызæн хæдзары цæры, йæ дуар судзины быныйас/уазæг нæ уагъта

  11. Хæдзармæ доны сæрты -хид «карды комæй»/схæгтæм -иу æнафонты зынаг уыд

  12. Иу лæг йæ хъуырмæ ихы ныссагъди/ тæрхоны лæг уыд æмæ раст нæ тæрхон кодта

  13. Æртæ лæджы ихынкъæлæтджыныл бадынц/

15б 2ф.Плиты Грис. «Чермен». Социалон конфликт уацмысы. (скъуыддзаг наизусть).

Уацмысы конфликт у социалон-адæм æмæ æлдæртты быцæу.Тох сæраджыдæр цæуы зæххы сæраппонд.Уыцы тох у æнусон. Чермен домы йæхицæн зæхх. Цы у Чермены трагеди? Кæвдæсард Чермен æлдæрттæй у лæгдæр, сæрæндæр,зондджындæр.Хъасай (Чермены фыдыфсымæры лæппу) нæ уадзы Чермены уæлæмÆ скæсын,архайы йæ ныхмæ,хъавы йæ дæлдзинг кæнынмæ.-уыцы хæрамæййын ницы уайы ,æмæ уæд равзары фстаг фæрæз- марын. Хъасай хъуамæ ерыс кæнид Черменимæ хорз хъуыддæгтæй, цæмæй уымæй уа сгуыхтдæр æмæ кадджындæр, фæлæ уый йæ бон нæу.

Чермены тох революцион нæу, фæлæ социалон тохы примитивон хуыз.Чермен быцæу кæны кæны уавæртимæ, тох кæны социалон æфхæрдимæ, хæцы хицæутты ныхмæ.Йæ хъизæмар адæмы зæрдæты кæны рыст сæ æфтауы сагъæстыл.Чермен фæмард. Фæлæ цæры йæ ном, цæры йæ тохы идейæ. Мах уынæм адæймаджы стырдзинад,-уый ног фæлтæртæн дæтты ныфс.амоны сын царды нысан.

Трагеди -(гр.дзырд)драмон уацмысы хуызтæй иу, ахæм уацмысы геройы характер рабæрæг вæййы, фервæзыны мадзал кæм нæй,ахæм зын уавæры.Герой фæмард вæййы.



16б 1ф

  1. Коцойты Арсен. Радзырд «Æмбæлттæ». Уацмысы мидис æмæ конфликт.

Арсен ацы радзырды æвдисы бынæттон хицауады цард.Пъырыстыф Иван кузьмич Топтыго у типикон хицау.Йæ къухы ис æгæрон тыхбар æмæ кæны, цы йæ фæнды,уый.Нæй йæ фæрсæг, æмæ дзуапп никæмæн дæтты.Бæстæ сафы,къамæй хъазы,йæхи ирхæфсы.Топтыго ис тыхст уавæры.Æхсæвы фæхæрд къамæй хъазты. Ныр æй æнцой нæ уадзынц дыууæ фæндоны: æхца ссарын æмæ маст райсын.

Радзырды иннæ хъайтар Батырбег.У абырæг. Цæмæн сси абырæг, уый радзырды бæрæггонд нæу.Батырбег кæд абырæг у,уæддæр цæсгомджын куыст кæны йæ «хæлар» пъырыстыфимæ.

Цы куысынц Батырбег æмæ Пъырыстыф? Батырбег давы бæхтæ, Пъырыстыф та сын аразы гæххæтт æмæ сæ уæй кæнынц.Сæ улупа дих кæнынц се хсæн.

Фæлæ иуафон сæ ныхас кæрæдзийыл нал сбадти æмæ сæ æрдхорддзинад йæхи равдыста æргомæй.Батырбег Пъырыстыфæй разынд лæгдæр.Æнæ бæхæй ныууагъта Пъырыстыфы.

16б 2ф. Хъуылаты С. Радзырд «Иудзонгон»-ы сюжет æмæ идейон мидис.

Ацы радзырды æвдыст цæуынц мидхæсты цаутæ.Архайд цæуы 1919-1920 азты Цæгат Ирыстоны.

Радзырды сæйраг архайæг Гæбе уарзы Сæниаты. Гæбе кусы Сæниаты фыдмæ æххуырстæй. Сæниаты зæрдæмæ дæр цæуы лæппу. Гæбе фæцæф æмæ ахауд йæ цонг.Тыхсы, мыййаг цæнкуылæн бынат куы нал разына Сæниаты зæрдæйы.Фæлæ сын сæ амондмæ уазал комулæфт ацы хъуыддаг нæ бахаста. Сæниаты афицер æфсымæр-абырæг.Тыхгæнæг фæмард фæдисоны къухæй. Сæниат Габемæ ракаст туджджыны цæстæй. Кæд аххосджын ны уыд, уæддæр. Уарзæтты хицæн кæны, советон тыхбармæ цы цæстæй кæсынц уый нæ, фæлæ, се хсæн цы туг ныккалд, уый.

Габе у хуымæтæг,хъæууон лæппу,-сæрæн, ныфсхаст, æгъдауджын.Фыссæг дзы революционер нæ кæны.Хуымæтæг сты , Габе тохы цы нысанты сæрапппонд бацæуы, уыдон: ирæд нал уыдзæн дыууæ уды амондæн, иу иннæйы фæллойæ нал цæрдзæн, лæгæн йæ бар йæхи уыдзæн.

Композици -( лат. дзырд - уагæвæрд)-уацмысы конд,й хйтты равæрд фæд-фæдыл,уацмысы цаутæ кæрæдзи фæдыл æвдисын,-уацмысы архайджыты характертæ аразыны æмæ цардыы цаутæ æвдисыны сæйраг авиадон мадзæлттæй иу.







17б 1ф Кочысаты Мухарбеджы поэзийы сæйраг мотивтæ (иу æмдз. наизусть).

(1920-1944) Кочысаты Георгийы фырт мухарбек райгуырди192-0 азы 1-æм майы Олгинскæйы.Скъолайы фæстæ бацыд ЦИПУ-йы ирон æвзаг æмæ литературæйы хайадмæ.

Ахуыр нæма фæци,афтæмæй райдыдта Фыдыбæсæтæйы хæст.Æмæ Мухарбек ацыд хæстмæ.

1944 азы фæмард.

Мухарбек уыд патриот æмæ йæ æмдзæвгæты уыцы темæ æрцахста ахсджиаг бынат.

/ проанализировать одно стихотворение/

2.Этикон проблемæтæ уацау «Фæндагсæр Уастырджи »-йы.

Куыдзæджы намысон идейæтæ ирддæрæй зынынц йæ фæстаг уацау «Фæндагсæр Уастырджи»-йы.Æрыгон лæппу амардта æфхæрæг æлдары æмæ алыгъд йæ хъæуæй. Лидзын бахъуыд йæ мад æмæ йæ фыды дæр.Лæг æмæ ус æрцардысты Урстуалты, иу æфцæгрæбын.Дзаххо йæ цæст дары фæндагмæ,æххуыс кæны бæлцæттæн,æмæ йæ адæм схуыдьойФæндагсæр Уастырджи.

Дзаххо у « сæудæджеры зыд кæй зондахастмæ нæ бахæццæ. Ахæм сыгъдæгзæрдæ æмæ зондджын адæймаг».Йæ царды нысан - æххуыс æмæ хорз кæнын.» Лæг адæмы кæм хъæуа, уым куы архайа æмæ уым куы цæра, уæд май æ цы хуыздæр хъæуы!»- ахæм зондæй цæры æмæ кæсы Дзаххо.

  1. Дзаххо æмæ Дзитта фæхауæггаг сты сæ райгуырæн къонайæ.

  2. Æхсæйнаг хъæуы цæрджытæ суазæг кодтой Дзаххо æмæ Дзиттайы.

  3. Фæрнджын адæм. Сæ удыхъæды рæсугъд миниуджытæ.

  4. Дзаххо æмæ Дзитта æрцардысты æфцæджы рæбын.

  5. Æнахуыр уазджытæ.

  6. Фæндагсар Уастырджи.

  7. Дзаххо æмæ Дзиттайæн се стыр бæллиц сæххæст.

  8. Фæрнджын лæг æнамонд никуы вæййы.








18б.1ф.Малиты Георгийы царды хабæрттæ. « Федог».

Æмдзæвгæйы рухсмæ сидыны мотивтæ

Малиты Георги райгуырди Стыр Дыгуры приходы , Мæскъæ , зæгъгæ, иу хъæууон хæххон хъæуы 1886 азы. 1902 азы каст фæци Махческы дыууæкъласон дины скъола. 1904-1907 азы онг ахуыр кодта æрыдоны дины семинары цæттæгæнæн скъолайы , стæй та семинарæн йæхимидæг . Революцион змæлды кæй архайдта , уый тыххæй йын дарддæр ахуыры фæндæгтæ æхгæд æрцыдысты. Активонæй куыста демократион партии < Кармен> - ы рæнхъыты.

Октыбры революции фæуæлахизы фæстæ Малиты Георги йæ идейон-эстетикон бæллицтæ æргомдæр æмæ бæрæгдæр хуызы æвдисын байдыдта. Поэты цæстытыл уайы ног царды фæлгонц æмæ царды мæсыг амайынмæ сиды фæсивæдмæ.

Арвмæ мæсуг амайетæ.

Хормæ кæнетæ фæндаг,

Гъæйт , зæрдиуагæй , уайетæ,

Догъи мА уотæ фæстаг!

Поэт ног дуджы пафос æвдисгæйæ бæрзонд поэтикон фæлгонцты æмрæнхъ.

Советон дуджы Малиты Георгийы поэзимæ фæзынди ног æууæлтæ - фæныфсджындæр æмæ фæхæстхъомдæр, кæд фыццагау дзаг зæрдæагайæг лиризмæй,уæддæр

18Б.2ф Беджызаты Чермен. Таурæгъ « Кодзыртæ».

Уацмыс у бынæттон таурæгъ,мыггаджы истори, йæ хъысмæты хабар. Фыссæг Баймæты раныхас нывæнды сыгъдæг таурæгъон уагыл , бæрæг дары таурæгъы стиль.

Таурæгъгæнæг нæу хуымæтæг хабаргæнæг , уый канд цаутæ нæ нымайы , фæлæ сæм кæсы хъуыдыгæнæджы цæстытæй.

Таурæгъы конфликтæн ис социалон бындур. Кодзыртæ хæццон зæхх истой æмбис хаймæ «тыхджын , зæхджын, мыггаг» Хъоротæй. Хъал у Хъороты Бæдту «йæ ис , йæ бонæй». Хъал æмæ схъæлби у «рауæг ,æнæуæг адæймаг» Гаглойты Парса дæр : ныфс дзы ис йæ мулк æмæ йæ бирæ мыггагæй, афтæ уыд мыггагон царды уаг.

Сюжеты рæзты бацыдысты ирон æгъдæуттæ. Нæ разы сыгъдæг æмæ фидиуæг сысты ирон сылгоймаджы фæлгонц . « Рæсугъд уыди , æнамонды рæсугъд Рубайон , - дзуры таурæгъгæнæг. - Рæсугъд куыд уыди , хъаруйæ æмæ æгъдауæй дæр - афтæ æххæст».Ирон этикет сылгоймаджы æфхæрд никæмæн барста. Тохтæ амары Парсайы , тугæй æхсы йæ кад æмæ йæ къайы намыс.

Ирон æгъдау домы уазæджы хъахъæнын. Хъоротæ растадысты Парсайы сæрыл. Фæлæ « адæм кæрæдзийæн æвзæр куыд сты .хорз дæр афтæ сты : дыууæ мыггаджы хсæн быцыдысты æмæ сæ фыдбылызæй баиргъæвтой». Фæлæ æрбабырстой Парсайы мыггаг æфсадæй. Кодзыртæ равдыстой æхсар , фæлæ быныскъуыд фесты. Цымыдисаг у иу цау : тыхгæнджытæ Кодзырты кæнынц мыггагдзгагъд , фæлæ дзы иу лæг ауагъта сылгоймаджы æд сывæллон йæ цæгатмæ , арфæйы ныхасимæ. Уыцы сабийæ равзæрд Гæдиаты мыггаг.

Метафорæ

- грекъаг дзырд, - амоны фæсномыг- поэтикон дзырдæвæрдты сæйраг хуызтæй иу: поэт йæ уацмысы цы предметы кæнæ цауы кой фæкæны,уый сбæрæг кæныны тыххæй уыцы предмет кæнæ цау схоны йæхи номæй нæ, фæлæ исты хицæн миниуджытæй йе мхуызон чи у, ахæм предметы кæнæ цауы номæй- дзырдæй.

Æхсæв цырагъдарæй фæхаттæ

Хæларæй, уарзонæй, рæстæй…

Дæ мадау бауарзтай нæ бæстæ,

Фæцыдтæ мæгуыртæн фыййау…

«Марды уæлхъус»

Ам дзырдтæ цырагъдарæй, фыййау

19 Б.1ф. Джыккайты Шамил. «Хъодыгонд зæд». Патриотизм æмæ национ иудзинады идейæтæ трагедийы. Фæтæг Борæханы идеалон фæлгонц.









2ф.Хетæгкаты Къоста. Поэмæ «Фатимæ» - йы мидис, йæ идейæтæ.

« Фатимæ»-йы сюжет у хуымæтæг æмæ бæлвырд. Дзамболат æмæ Фатимæ схъомыл сты иумæ кънйазы хæдзары. Наиб йæ лæппуимæ схаста кæйдæр чызджы йæхи хъæбулау. Хо æмæ фсымæрау сты, фæлæ сын пысылмон дин бар дæтты кæрæдзи уарзынæн. Дыууæ уарзоны сты амондджын, сæ рæстæг куы рцæуа, уæд бацæрдзысты иумæ. Фæлæ хæст бацайдагъ Уырысы фсæдтимæ, Дзамболат йæ уарзоны цæстмæ хæсты цæхæры йæхи басхуыста æмæ фесæфтис. Фондз азы ницы хъуысы. Фатимæ йæм æнхъæлмæ кæсы, йæ дзырд нæ сайы. Фæлæ йæм курджытæ цæуынц алы рæттæй, уæздан æмæ хъæздыг адæм. Наиб сфæлæмæцыд æмæ куры йæ чызгæй: « Смой кæн искæмæй». Фатимæ раргом кодта йæ зæрдæйы сусæг уарзондзинад, фæлæ Наиб уæддæр домы мой скæнын, йæхи кæмæй фæнды, уымæй.Фатимæ равзæрста Ибрагимы, æрæджы дæр мА цагъайраг чи уыдис, ныр та, зæхкусæг реформæйы фæстæ( 1861), сæрибар хæххон чи сси, уыцы Ибрагимæй.

Æрыздæхт иуахæмы Дзамболат æмæ Фатимæйæ домы: ныууадз дæ лæджы , дæ чысыл лæппуйы, æмæ фæлидзæм искуыдæм, иумæ цæрæм.

Фатимæ нæ разы кæны, уый æнувыд у йæ лæгыл, йæ ног цардыл. Уæд Дзамболат бабадт Ибрагимы размæ æмæ йæ амардта. Йæхæдæг та бацыд Фатимæмæ, цом, зæгъгæ, ныр , фæцæуæм, Ибрагим нал ис, ничиуал нæ бахъыгдардзæн.

Йæ лæджы мард куы фехъуыста Фатимæ, уæд сæрра æмæ æррайæ рацу- бацу кæны, фæлæ йе стыр уарзондзинады зарæг уæддæр нæ рох кæны йæ сонт хъуыдыйæ. Ахæм у поэмæйы сюжет.

Цы ма уа «Фатимæ»-йæ диссагдæр æмæ рæсугъддæр. Ацы поэмæ Къостайæн у тæккæ егъаудæр æмæ хуыздæр лиро- эпикон уацмыс. Поэмæйы æвдыст цæуынц хæххон адæмты цардæй ист цаутæ æмæ нывтæ

Къоста йæ уацмысы уæлдай уарзондæрæй, уæлдай арæхстджындæрæй снывæста Фатимæйы фæлгонц. Уацмысы йæ райдайæнæй суанг йæ кæронмæ цы архайд цæуы, уый æппæтæй дæр баст у сæйраг хъайтар Фатимæйы хъысмæтимæ.

Автор йæ хъайтары æвдисы растзæрдæ æмæ йæ ныхасæн хицау чи у, ахæм сылгоймагæй.





  • Мæнмæ гæсгæ нæ Гæстæн æркодта ахæм хъуыдымæ:

Æрдз цыдæриддæр зайæгойæ, цæрæгойæ сфæлдыста, уыдон иууылдæр хъæуынц зæххыл æмæ сæ хъуамæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнæм. Ацы уацмысы бæх у фон. Сæйрагдæр у адæймаг. Æцæг адæймаг, бæх та æмдзу кæны йемæ.

  • Æцæг ирон, йæ сæрыл ирон худ чи хæссы, ахæм рауад Хъуыдайнаты фæлгонц йæ бирæ зынтæ æмæ фыдæбæттимæ, йæ цин æмæ цардмæ уарзондзинадимæ, йæ æнæфæцудгæ рæстдзинадимæ.

Уацмыс у тох мæнгдзинады ныхмæ, адæймаджы сæрибар æмæ сыгъдæгдзинадыл, царды æвзæрæй цы ис, уый фесæфыныл, уаг æмæ æгъдауыл, рæстзæрдæ уæвыныл, хорздзинадыл, бæсты фарныл.





© 2010-2022