ОБОБЩЕНИЕ ПЕДАГОГИЧЕСКОГО ОПЫТА. 5 КЛАСС. Хъуыдыйады уæнгтæ

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урочы темӕ: « Хъуыдыйады уӕнгтӕ». Фӕлхат кӕнын.


Урочы нысан:1.Скъоладзауты зонындзинӕдтӕ фӕуӕрӕх кӕнын.

2.Ныхасы рӕзтыл бакусын.

3.Хъомыладон куыст бакӕнын.


Урочы цыд:

  1. Организацион хай:

- Уӕ бон хорз, сывӕллӕттӕ!

- Ӕгас цу!

- Нӕ зынаргъ уазджытӕ, сымах дӕр нӕм алы бон ӕгас цӕут!

- Сывӕллӕттӕ , сымах дӕр абон мӕнау чысыл фӕлварӕны бахаудтат ӕмӕ иумӕ равдисӕм нӕ арӕхстдзинад!

- Уӕ хӕдзармӕ куыст уын сбӕрӕг кӕндзынӕн, тетрӕдтӕ куы ӕрӕмбырд кӕнон, уӕд.

2.Ахуыргӕнӕджы беседӕ скъоладзаутимӕ.

-Сывӕллӕттӕ, зӕгъут ма, 15 октябры Ирыстон цавӕр бӕрӕгбон бӕрӕг кодта?

- Хетӕгкаты Къостайы райгуырдыл сӕххӕст 150 азы!

-( равдисын 1 слайд.Къостайы къам,йӕ фарсмӕ эпигрӕф ).

- Цы зонут Къостайы цардӕй? ( цыбырӕй дзурынц ).

- Уӕдӕ нӕ урочы эпигрӕфӕн райстон нӕ уарзон Къостайы рӕнхъытӕ:

«Скӕнӕм нӕ тырыса

Дзыллӕйы номӕй.

Рухсмӕ ӕнӕзивӕг,

Цомут ӕнгомӕй».

- Ныр цалдӕр урочы цавӕр темӕ ахуыр кӕнӕм?

-Хъуыдыйады уӕнгтӕ.

-Раст. Уӕдӕ, сывӕллӕттӕ, мах дӕр абон цомут ӕнгомӕй хъуыдыйады уӕнгты сусӕгдзинӕдтӕ ахуыр кӕнынмӕ!

( равдисын 2 слайд).

- Афыссут нымӕц, къласы куыст, темӕ.

3. Дзырдуатон диктант.

- Мах нӕ урочы райдиан арӕх цы скӕнӕм?

- Дзырдуатон диктант!

_Тынг раст! Ӕмæ уын цы пайда у дзырдуатон диктант?

( Сывæллæтты дзуæппытæ).

- Абон нæ дзырдуатон диктант уыдзӕн дзырдты мидæг кавказаг мырты растфыссынадыл.

- Цæмæй хицæн кæнынц иннæ дамгъæтæй?

Хорз.Лæмбынæг бакæсут фæйнæгмæ,æвдыст цæудзысты нывтæ. Базонут цы ис нывы! Чи базона, уый афысдзæн фæйнæгыл дзырд æмæ кавказаг дамгъæйы бын бахахх кæндзæн!

( равдисын 3 слайд, нывтимæ).


Нывтæ:


  1. Джитъри.

  2. Кæрдо.

  3. Хъæдындз.

  4. Фæткъуы.

  5. Уырыдзы.

  6. Къабуска.

  7. Цæхæра.

  8. Ӕхсынцъы.

  9. Къомси.

10. Хъӕдур.

­

- Тынг хорз. Сывæллæттæ, махæн абон нæ урочы хæс у Хъуыдыйады уæнгтæ сфæлхат кæнын, цæмæй уæ зонындзинæдтæ фæпарахатдæр уой.

-Цал къордыл дих кæнынц хъуыдыйады уæнгтæ?

- Цавæртæ хауынц сæйраг уæнгтæм?

- Фæрссаг уæнгтæм та?

4. Фысгæ куысты хуызтæ.

- Уæдæ ныр уæ зонындзинæдтӕ равдисæм фысгæ куысты хуызты.

Фæйнæгыл уыдзæнис æмдзæвгæтæй ист скъуыддзæгтæ, фæлæ рæнхъытæ раст уагыл æвæрд не сты! Сымах хъуамæ сраст кæнат æмдзæвгæ æмæ зæгъат, кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ?!Чи базона, уый цæуы фæйнæгмæ,раст кæны æмæ æвзары хъуыдыйад уæнгтæм гæсгæ, кæны схемæ.

( равдисын 4 слайд).

Иу æрра фыййау.

Урс цагъд къуымбилау.

Мигъ æнгом йæ быны бадти

Раджы хохы цъуппæй касти,

( равдисын 5 слайд).

Донбылтыл зилы.

Бирæгъ йӕ цыппӕртӕ

Хърихъуппмӕ тилы.

Хърихъупп хӕстӕджыты

5. Аулӕфт.

- Ныр иу чысыл аулӕфӕм!

Хъазт: « Ссар уӕлдай ныв!»

- Базон, кӕцы ныв у уӕлдай ӕмӕ цӕмӕн?!

(равдисын 6, 7 слайдтӕ).

6. Хибарӕй куыст.

(равдисын 8 слайд).

- Фӕйнӕгыл фыст ис хъуыдыйӕдтӕ, кӕцыты цухгонд сты цавӕрдӕр уӕнгтӕ.Ахъуыды кӕнут ӕмӕ ныффыссут ахӕм дзырдтӕ, цӕмӕй уой хъӕугӕ уӕнгтӕ.

1.Сӕрдыгон, фӕлмӕн хъазы хохы цъуппытыл.

2.Рӕсугъд, бон скодта.

3.Къоста у ирон номдзыддӕр .

4.Мӕргътӕ тӕхынц .

7. Хатдзӕг скӕнын урокӕн.

8.Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

9.Хӕдзармӕ куыст. Диктантмӕ бацӕттӕ кӕнын.

3

© 2010-2022