Интегрированный урок Птицы-краса природы

Раздел Другое
Класс 5 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:





Мæргътæ -

æрдзы фидауц

(интеграцигонд урок)

5-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Ахуыргæнæг Цæллагкаты С.Ю.

Урочы темæ: Мæргътæ - æрдзы фидауц Диалогон æмæ монологон ныхасы рæзтыл куыст.

Грамматикон æрмæг: фæсæвæрдты раст æвæрд дзырдбæстыты æмæ хъуыдыйæдты (фæлхат).

Урочы нысантæ:

Хъомыладон: ахуырдзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæныныл бакусын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын; ахуыр сæ кæнын æрдз æмæ мæргътæ хъахъхъæнын;

Ахуырадон: фæцалх кæнын ахуырдзауты монологон æмæ диалогон ныхасы мидæг бæлвырд лексикон æрмæгæй пайда кæныныл;ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ дзурын; хатдзæгтæ кæнын; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл кусын.

Райрæзтон: ирон æвзагмæ тырнындзинад рæзын кæнын; эмоционалон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.

Практикон: мæргъты тыххæй дзурын; дзургæ æмæ фысгæ ныхасæй пайда кæнын; фæсæвæрдты раст æвæрд дзырдбæстыты æмæ хъуыдыйæдты сфæлхат кæнын.

Куысты хуызтæ: лексикон æмæ грамматикон фæлтæрæнтæ; кæсын; хъæзтытæ; диалогыл куыст; интерактивон фæйнæгимæ куыст.

Урочы фæлгонц: фæйнæгыл фыст; текстытæ; интерактивон фæйнæг; цæстуынгæ æрмæг;классикон музыкæ.

Урочы цыд.

Организацион хай. Хъуысы классикон музыкæ (Вивальди «Афæдзы афонтæ. Уалдзæг»). Ахуыргæнæджы эмоционалон разныхас уалдзæджы тыххæй.

1 .Хъазт «Хорз æмæ æвзæр синоптик». Ахуырдзаутæй иу раст нæ дзуры боныхъæды тыххæй, иннæ та йæ раст кæны.

Ахуыргæнæг бæтты сывæллæтты ныхæстæ урочы темæимæ, æвæры ахуырдзауты размæ урочы нысантæ. ( 1слайд)

2. Интерактивон фæйнæгимæ куыст. Ассоциацитæ. Фæйнæгыл æвдыст цæуынц,сывæллæттæ кæй зонынц,уыцы мæргъты нывтæ. Ахуырдзаутæ дзурынц, уыцы маргъимæ цы ассоциацитæ баст сты, уыдон.(Зæгъæм: кæсаглас - хæры кæсæгтæ; доны был; даргъ къæхтæ; зылын къубал æмæ а. д.).(2-16 слайдтæ)

3. Хъазт «Фыдуаг цъиу». Нывгонд бæласыл, куы иу ран, куы иннæ ран абады цъиу (магнитыл конд).Скъоладзаутæ фæсæвæрдтæй пайда кæнгæйæ дзурынц, цъиу цы ран абады,уый. Хъазты размæ сфæлхатын хъæуы грамматикон æрмæг: куыд æвæрд цæуынц фæсæвæрдтæ (раз,цур, фарсмæ, фæстæ, размæ,сæр, бын, æхсæн)дзыдбæстыты, цавæр хауæны æвæрд цæуынц, семæ цы номдартæ баст сты,уыдон.

4. Текстыл куыст. Текст «Сауцъиуты ног хæдзар». (Куысты размæ фонетикон зарядкæ скæнын: скъ-тæ иумæ дзурынц, тексты цы кавказаг мыртæ æмбæлынц, уыдон.) Хæслæвæрд: текст бакæсын æмæ зæгъын, тексты пълан раст арæзт у æви нæу.Пълан сраст кæнын . (21 слайд)

Сауцъиуты ног хæдзар.

Аланæн йæ дада æмæ йæ нана цæрынц хъæуы. Сæ кæрты астæу рагæй зайы стыр кæрдо бæлас.Фарон уыцы бæласыл лæппу æрцауыгъта цъиутæн гыццыл хъæдын хæдзар. Уалдзæджы дзы æрцардысты сауцъиутæ. Ацы аз дæр та мæргътæ сæ зæронд бынатмæ æртахтысты.

Иу райсом Алан разгъордта кæртмæ. Сауцъиутæ удаистæй хъæр кодтой: фыдуаг

сырддонцъиутæ сын сæ хæдзар байстой. Лæппу йæ фыдæн лæгъстæ кæнын райдыдта: «Баба, цæй, æмæ цъиутæн ног хæдзар саразæм». Фыд сразы ис.

Алан райста дзæбуг, зæгæлтæ æмæ фæйнæджытæ. Сихормæ фыд æмæ фырт сæ куыст фесты.

Дыккаг бон лæппу касти, сауцъиутæ сæ ног хæдзары сæр куыд цъыбар-цъыбур кæнынц, уымæ, æмæ цин кодта.

Тексты пълан: 1.Лæппу цин кодта. 2.Сауцъиутæ сæ ног хæдзары сæр цъыбар-цъыбур кодтой. 3. Алан æрцауыгъта зæронд кæрдо бæласыл цъиутæн хæдзар. 4.Алан æмæ йæ фыд сарæзтой мæргътæн ног хæдзар. 5.Уалдзæджы дзы æрцардысты сауцъиутæ. 6.Сырддонцъиутæ байстой сауцъиуты хæдзар.

(3-5-6-4-2-1)

5.Физ/минуткæ:

Хъазæн ахаудис йæ сис,

(къухтæ хæрдмæ)

Систа уæд нæ хъаз фæдис,

(къухтæ тилынц)

Ма хъæр кæн, æгъгъæд у, цæй,

(сæр æмæ гуыр иуварсырдæм)

Гино нын кæны фынæй.

(сæр къухтыл æруадзын)

6.Нывимæ куыст. Лæвæрд фарстон дзырдтимæ саразын фарстон хъуыдыйæдтæ,ныффыссын сæ æмæ сын дзуæппытæ раттын.( 22 слайд)

7.Аудировани. Хæслæвæрд: байхъусын аргъаумæ æмæ фæрстытæн дзуæппытæ раттын. Æрхъуыды кæнын аръауæн сæргонд. ( 23 слайд)

Аргъау.

Иу лæджы хæдзары цардысты тути æмæ булæмæргъ. Тути уыди уардихуыз, йæ базыртæ æмæ йæ къæдзил та уыдысты æрвхуыз.

Маргъ йæхицæй æппæлыди:

-Мæнæй рæсугъддæр æмæ зондджындæр нæй зæххыл. Æз зонын дзурын.

Бинонтæй цыдæр ныхас фехъуыста æмæ йæ бон-изæрмæ дзырдта: - Æххормаг дæн… Æххормаг дæн … Тынг æххормаг дæн…

Тути арæх худтис булæмæргъыл: - Ды та цы маргъ дæ?! Дзурын нæ зоныс… Фыдуынд…

Фæлæ иу бон булæмæргъ ныззарыди. Афтæ рæсугъд уыди йæ зард, æмæ хæдзары хицау загъта: -Атæх,булæмæргъ, æмæ зар дæ диссаджы зарджытæ адæмæн! Æмæ хæдзары хицау ауагъта маргъы.

Тути та ма абон дæр дзуры: - Æххормаг дæн… Æххормаг дæн… Тынг æххормаг дæн…

Фæрстытæ: Цæмæн ауагъта лæг булæмæргъы? Кæцы цъиу фæцыдис тынгдæр уæ зæрдæмæ? Цæмæн?

8.Х/куыст сбæрæг кæнын. Ахуырдзаутæ дзурынц æмдзæвгæ зæрдывæрдæй.

Зæрватыкк.

Уалдзæджы мæ рузынгмæ

Сау зæрватыкк бафты.

Зары, зары хъæлдзæгæй,

Ахстон та дзы уафы.

Телы хъæды телтыл та

Улæфы фæлладæй,

Раст цыма уый нотæ у,-

Афтæ сыл æрбады.

Уыдонæй мын адджындæр

Мæргътæй нæй нæ зæххыл.

Раст цыма мæхæдæг дæр

Семæ арвмæ стæхын. (Брытъиаты Аслæнбег)

9.Диалогыл куыст. Скъоладзаутæ хъуамæ кæронмæ ахæццæ кæной диалог, баххæст æй кæной хи репликæтæй. (24 слайд )

10.Хъазт «Цавæр цъиу у?». Чыргъæды æвæрд сты алыхуызон цъиуты нывтæ. Сывæллæттæй иу равзары искæцы цъиуы ныв, иннæтæ та хъуамæ базоной фæрстыты руаджы, цавæр цъиу у,уый. Цъиуы ном чи базоны, уый «дидинæфтауæг бæласыл» æрцауындзы маргъы ныв.. Хуызæг:

Уый гыццыл у æви стыр? Йæ къæдзил даргъ у æви цыбыр? Уый кæртæй хоры гагатæ фæдавы? æмæ а.д.

11.Хъомыладон беседæ. Ахуыргæнæг фæрсы сывæллæтты сæ уарзон цъиуты тыххæй. Скъоладзау хъуамæ зæгъа, цæмæн цæуы йæ зæрдæмæ уыцы маргъ, уый. Ахуыргæнæг аразы

беседæ сывæллæттимæ, мæргътæн æрдзы цы ахадындзинад ис, уый тыххæй. Скъоладзаутæ хъуамæ ахуыргæнæджы руаджы скæной хатдзæг, мæргътæ хъахъхъæнын кæй хъæуы æмæ сын зымæджы æххуыс кæй хъæуы, уый тыххæй.( 25 слайд).

12.Кæронбæттæн. Ахуырдзаутæ дзурынц, ногæй цы базыдтой, уый тыххæй.

13.Бæрæггæнæнтæ.

14.Х/куыст: хи ныхæстæй текст дзурын.



© 2010-2022