Урок Лексикайа рацыд армаг бафидар канын

Раздел Другое
Класс 6 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:


Ирон ӕвзаджы урок 6 къласы


Урочы темӕ: Лексикæйæ рацыд æрмæг бафидар кæныны урок.

Урочы нысантӕ:

1. Лексикæйæ цы æрмæг рацыдысты, уый бафидар кæнын.

2. Фæхъæздыгдæр кæнын скъоладзауты дзырдуат. Разæнгард сæ кæнын предмет ахуыр кӕнынмӕ.

3. Сабитӕм гуырын кӕнын кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнынмӕ тырнындзинад

Урочы хуыз: урок- ерыс.

Ахуыры метод: урок фӕлхат


Урочы цыд.



I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

(Мотивацион уавӕр)

1 скъоладзау

Сты зондӕн уацхӕссӕг ӕппӕт дунейы 'взӕгтӕ,

Нӕ дзы 'взары хӕстӕг ӕмӕ дӕрддаг,

Фӕлӕ ныххойыс зӕрдӕйы къӕсӕртӕ,

Ӕрмӕстдӕр ды, мӕ мадӕлон ӕвзаг!

2 скъоладзау

Куы нӕ уа не 'взаг,

Нал уыдзыстӕм мах дӕр,

Нӕхи сӕфтмӕ цӕмӕн бӕллӕм, зӕгъ-ма?

Фӕдисонау цӕгъдын дзӕнгӕрӕг Ирыл,

О, бахъахъхъӕнӕм не стырдӕр хӕзна!

Галуанты Л.

Ахуыргӕнӕдыы раныхас:

- Нӕ буц уазджытӕ, алыбон ӕгас нӕм цӕут! Абон уӕ тӕрхонмӕ рахастам ерыс. Рӕстзӕрдӕ ӕвдисӕнтӕ йын фӕут!.Уӕ хорзӕхӕй, нӕ ерысгӕнджытӕ, размӕ рацӕут.

(Скъоладзауты адих кæнын дыууӕ къордыл)

(Рацыдысты дыууӕ командӕйы)

Ахуыргӕнӕг:

-Ныхасы бар командӕтӕн. Табуафси, уӕхи нын бацамонут!

- Мах стӕм «Иры стъалытӕ». Нӕ девиз у:

«Стъалытау цӕхӕртӕ калӕм,

Мах нӕ тых тынтимӕ барӕм!»

-Нӕ ном хуыйны «Хуры тынтӕ». Нӕ девиз у :

Хуры тынтау- рухс,

Хуры тынтау- хъарм,

Хуры тынтау-ирд,

Ракафӕм - ма симд!

Ахуыргӕнӕг:

-Райдыдтам нӕ ерыс. Уӕдӕ рахизӕм нӕ фыццаг хӕслӕвӕрдмӕ

1.Мырон пропорцитӕ

К: ? = Т: ? ГЪ :? = Г :?

? : Т = Б :? ? : Ц = Дж:?

З :? = В : ? Ш :? =С :?

П :? = Ф :? ? :Д =Ж :?

2. Дзырдты цухгонд дамгъӕтӕ бавӕрут

Фӕ…ӕг, гы…ыл, фы…ӕг, фӕ…ой, кӕ…аг, хъӕ…аг, дзу…аг, дзыр…аг, зӕ…он, гӕ…ӕ…, хъуы…аг, мы…аг, ны…арӕг, хъӕ…он, хӕ…он.

3.Дзырдты бахахх кӕнут лӕмӕгъ хъӕлӕсонтӕ

Уасӕг, дзырдтӕ, мадӕлон, ӕвзаг, хъуыдыйад, ном, цыппар, авд, фӕллой.

4. Мыр к-йӕ чи райдайа, ахӕм дзырдтӕ иу минутмӕ ныффыссын

II. Лексикӕ

1. Ныффыссын синонимтӕ

Хъӕздыг - фӕтӕн -

Мӕгуыр - зӕронд -

Бӕрзонд - рӕсугъд -

Стыр - зондджын -

Гыццыл - куыст -

2. Цухгонд антонимтӕ бафыссут.

Уазӕг - цӕттӕ, фысым-

Сау хохӕй…дур нӕ хауы.

Ӕвзӕрӕн бын ма ныууадз, …бын ма скӕн.

Хъӕздыг цы нӕ кӕны, …цы нӕ бары.

Уазӕгӕн йе 'рцыд йӕхи бар, йӕ … та фысымы.

3.Бацамонын комкоммӕ нысаниуӕг.

Сыгъзӕрин къухтӕ, сыгъзӕрин зӕрдӕ, сыгъзӕрин къухдарӕн.

Бӕласы сыф, чиныджы сыф,

Фӕлмӕн зӕрдӕ, фӕлмӕн кӕрдзын

Куринаг чызг, куринаг дзаума

Адджын ныхас, адджын цай

Арты ӕвзӕгтӕ, адӕймаджы ӕвзаг

4. Капитанты конкурс (Алы раст дзуаппӕн дӕр 1 балл)

Хъуымацын дарӕс лӕгъзгӕнӕн дзаума (иту)

Хи кӕм найынц, ахӕм агъуыст (абана)

Дзырд «цот»- ы синоним (зӕнӕг)

Хӕдзармӕ сӕмбӕлӕг адӕймаг (уазӕг)

Скъоладзауты бӕрӕггӕнӕнты ӕвдисӕндар (боныг)

Фӕстаг хауӕны ном (хуызӕнон)

Цал горӕты ис Цӕгат Ирыстоны (6)

Цал хауӕны ис ирон ӕвзаджы

Уидаджы разӕй цы дзырды хай лӕууы (разӕфтуан)

Хӕдтӕхджыты лӕууӕн бынат (аэродром)

Хъӕддаг цӕрӕгойтыл цуан чи кӕны (цуанон)

Ӕвзаджы ӕппӕт дзырдтӕ (лексикӕ)

Дзырд цы амоны, ӕвдисы (лексикон нысаниуӕг)

Ӕрмӕст иу нысаниуӕг цы дзырдтӕн ис (иунысанон)

Ӕмхуызон нысаниуӕгджын дзырдтӕ (синонимтӕ)

Уынгтӕ чи мӕрзы (уынгмӕрзӕг)

Цалдӕр нысаниуӕджы цы дзырдӕн ис (бирӕнысанон дзырдтӕ)

Ныхмӕвӕрд нысаниуӕгджын дзырдтӕ (антонимтӕ)

Афӕдзы афонтӕ сты (4)

Афӕдзы афонтӕй иу, вӕййы сӕрдӕй зымӕджы астӕу (фӕззӕг)

Судзины бын цы ӕндах аласынц (фӕдзӕл)

5. Аулӕфт

6. Текстты омонимтæ ссарын.

1). Давгæ чи кæны нæ хъæуы,

Ахæм æмбал мæн нæ хъæуы.

2). Фыййау фосы рæгъау хизы,

Сырдтæй, давджытæй сæ хизы.

3). Нæ хъулон гал хизы комы,

Хæдзармæ тæрын нæ комы.

4). Æз æдзух мæ зæрдыл дарын:

Дарæс зонын хъæуы дарын.

6. Нысангонд дзырдтæ синонимтæй рæвдздæр чи аивдзæн.

1). Бæлццæттæ дзæвгар ауадысты.

2).Зондамонæгмæ хъус,

Цы зæгъа, уый-иу кæн (Къ.)

3). Сабитæ хъæлдзæгæй зарынц.

4). О мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд, -

Цухъхъатæ дарæн мын нæй!.. (Къ.)

5). Гыццыл чызг мæ разы алæууыд.

7. Нысангонд дзырдтæ антонимтæй рæвдздæр чи аивдзæн.

1). Æвзæры фæндаг хæрдмæ нæ цæуы.

2). Тагъд де скъоламæ уай.

3). Фесафын æнцон у.

4). Хуылыдз дзаума уæлæ кæнæн нæй.

5). Амондджын адæймаджы раз цæрын æнцон у.

IV. Хатдзæгтæ:

1. Беседæ-релоксаци:

Цы базыдтат ногæй урочы?

Урочы уæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыд?

2. Хуыздæр командæтæ сбæрæг кæнын


© 2010-2022