Доклад по родному языку

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Мадæлон æвзаджы ахдындзинад удгоймаг хъомыл кæныны рæзынæн.

«Дуне сфæлдисаг æвзæгтæ куы уæрста, уæд нæ рагфыдæлтæн, нæрæмон скифон скифтæн, сæрмæттæн æмæ алантæн дæр цæстуарзонæй балæвар кодта, мах абон цы æвзагыл дзурæм, уыцы алæмæты, бæрз уисау тасаг ирон æвзаг».

Беслехъоты Мурат.

«Зæрдæйæн зынаргъдæр, удæн адджындæр цы у, уыцы хæзнатæй мах алцыдæр абарæм мадимæ. Æмæ алы адæм дæр уыцы цæстæй кæсынц æмæ аргъ кæнынц се 'взагæн æмæ йæ уымæ гæсгæ хонынц -- мадæлон».

Андиаты Мæхæмæт.

Æвзаг у филологон циклы иу хай æмæ рæзын кæны скъоладзауы коммуникативон культурæ,æххуыс ын кæны йæ ныхасы рæзтан, уæрæх ын кæны йæ дунеæмбарынад, хъомыл æй кæны йæ адæмы хуыздæр традицитыл æмæ æгъдæуттыл. Афтæ махæн та нæ мадæлон æвзаг у ирон æвзаг. Уый у ирон адæмы уд æмæ зонд, ирон адæмы культурæйы хæзнадон; ирон æвзаг у ныхас кæныны, хъуыдыта æргом кæныны фæрæз, на адæмы царды тыххæй зонындзинæдтæ кæрæдзийæн дæттыны фæрæз. Мадæлон æвзаг хъæздыгдæр æмæ мидисджындæр кæны скъоладзауты миддуне, сæ дунеæмбарынад; мадæлон æвзаджы фæрцы сывæллæттæ базонгæ уыдзысты сæ рагфыдæлты историимæ, нæ адæмы культурæ æмæ царды уагимæ.

Æвзаг канд хъуыдытæ æргом кæныны фæрæз нæу, æвзаг у хъомылады хотых, æмæ уымæ гæсгæ ирон æвзаджы ахуыртæн скъолайы ис стыр ахадындзинад. Ирон ӕвзаг у хъӕздыг ӕмӕ тынг рагон. Индоевропæйаг ӕвзӕгты 'хсӕн ахсы вазыгджын бынат. Ирон адӕм тынг хорз бахъахъхъӕдтой се'взаджы рагон ӕууӕлтӕ, иннӕ индоевропæйаг ӕвзӕгты цы дзырдтӕ ӕмӕ грамматикон формӕтӕ нал ис, ахӕмтӕ, ома ирон ӕвзаджы баззад йӕ рагон бындур, уымӕ гӕсгӕ ирон ӕвзаг у хӕзна, къæбиц иннӕ индоевропӕйаг ӕвзӕгтӕ иртасынӕн, ӕмӕ уый тыххӕй ирон ӕвзаг ахуыр канынц дунейы стырдӕр университетты.

Ирон ӕвзаджы урок у сывӕллоны зондахасты бындурӕвӕрӕг, йӕ удыхъӕд аразӕг, йӕ цӕстангас ӕрдзмӕ, адӕммӕ, ӕхсӕнадон цардмӕ парахатдӕргӕнӕг.

Ӕвзаг ӕхсӕнадон хотых кай у, уымӕ гӕсгӕ ахуыргӕнӕг алы урочы дӕр хъуамӕ дзура хъӕздыг, аив, хӕрзхъӕд, зӕрдӕмӕ арф хизӕг дзырдтӕй, хъуыдыйӕдтӕй. Ӕрвылбон архайа, цӕмӕй скъоладзауты сахуыр кӕна ирон ӕвзагыл хъуыды кӕнын, аив дзурын.

Мадæлон æвзаг зонын, дзурын ыл, уый у æппæты ахсджиагдæр æнтыстдзинæдтæй сывæллонæн. Æвзаг уыцы иу рæстæг у канд интеллектуалон , хæрзæгъдау æмæ эстетикон хъомылкæнынады мадзал нæ, фæлæ ма хъомыл кæны сывæллоны куыд удгоймаг.

К, Д. Ушинский нымадта, загъгæ сывæллоны дунеæмбарнад рæзын кæны алы ахуырадон предметтæ дæр, фæлæ дзы сæйрагдæр у мадæлон æвзаг. Уымæ гæсгæ мадæлон æвзагæн ахуыр кæнын хъæуы йæ грамматикæ дæр.

Æвæццæгæн алы ахуыргæнæг дæр йæ размæ æрæвæры ахæм хæси-- куыд скæна йæ урок цымыдисагдæр, мидисджындæр, цæмæй сывæллон разæнгард кæна æмæ тырна ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ. Æмæ уымæ гæсгæ ирон æвзаг амонгæйæ пайдагæнæн ис алыхуызон методтæй æмæ мадзæлттæй. Уыдонæй уæлдай стырдæр ахадындзинад ис хъазты методæн, уымæн æмæ:

1) хъазты фæрцы скъоладзау фæцалх вæййы коллективон куыстытæ æххæст кæныныл, иумæйаг кусты архайыныл. Йæ размæ цы хæс æвæрд ис, уый феххаст кæны ерысы быцæугæнгæйæ, æмæ йæм уый гуырын кæны стыр цымыдисдзинад;

2)хъазты раргом вæййынц сывæллоны эмоцитæ, йе 'нкъарæнтæ, хæстæгдæр ын базонæн вæййы йæ мидхъуыдытæ, йæ мидуавæр, йæ характер;

3) хъазт рæвдздæр кæны логикон хъуыдыкæнынад, фæбæрæг вæййы скъоладзауы зондыл. Хъазт хорз æххуыс у ныхасы рæзтыл бакусынæн, уымæн æмæ сывæллоны бахъæуы йæ хъуыдытæ раргом кæнын, бамбарын сæ кæнын.

Ахæм уроктæм скъоладзаутæ цæудзысты зæрдæрайгæйа.

Уæдæ ис пайдагæнæн ахæм хъазты хуызтæй ирон æвзаджы урокты, уæлдайдæр та лæмæгъ къордты. (слайдтæ)

  1. Фонетикон

  2. Дамгъуатыл куысты

  3. Орфографион

  4. Лексикон

  5. Грамматикон

  6. Кæсын ахуыр кæныны

  7. Фразеологион хъазт





© 2010-2022