Тема урока: Зонды фӕндаг даргъ у

Раздел Другое
Класс 8 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:
Тема урока: Зонды фӕндаг даргъ у.Тема урока: Зонды фӕндаг даргъ у.Тема урока: Зонды фӕндаг даргъ у.Тема урока: Зонды фӕндаг даргъ у.Тема урока: Зонды фӕндаг даргъ у.Тема урока: Зонды фӕндаг даргъ у.Тема урока: Зонды фӕндаг даргъ у.Тема урока: Зонды фӕндаг даргъ у.Тема урока: Зонды фӕндаг даргъ у.Тема урока: Зонды фӕндаг даргъ у.Тема урока: Зонды фӕндаг даргъ у.Тема урока: Зонды фӕндаг даргъ у.

Ирон ӕвзаджы урок 8 къласы.

Урочы темӕ: Зонды фӕндаг даргъ у.

Грамматикон темӕ: Кӕронбӕттӕн урок хъуыдыйады уӕнгтӕй.

Урочы нысчантӕ: Хъуыдыйады уӕнгтыл бӕстондӕр бакусын.

Сывӕллӕттӕм гуырын кӕнын тырнындзинад зонындзинӕдтӕм.

Стыр аргъ кӕнын, зонады бӕрзонд къӕпхӕнмӕ чи схызт, уыдонӕн.

Урочы ӕрмӕг: презентаци, тест,текст,ӕмбисӕндтӕ.

Урочы эпиграф: «Зондӕй хъӕздыг - удӕй хъӕздыг»(ӕмбисонд)

Урочы цыд.

1.Мотивацион уавӕр.

-Уӕ бон хорз! Абон уӕм ӕз афтидӕй не'рбацыдтӕн. Ӕрбахастон уын ӕнгузтӕ. (1 слайд) (Ахуыргӕнӕг уары сывӕллӕттӕн ӕнгузтӕ). Ӕнгуз у рагон зайӕгой.Махмӕ ӕрбахаудта хурыскӕсӕйнаг бӕстӕ Иранӕй. Хуыдтой йӕ уӕздан мыггӕгты хӕринаг. Рагзаманӕй абонмӕ ӕнгуз нымад цӕуы ахӕм зайӕгойыл, кӕцы хуыздӕр кусын кӕны сӕры магъз. Уӕрӕсейы йӕ куы базыдтой,уӕд ӕй схуыдтой «царский». Зӕгъут ма, цӕй хуызӕн уӕм кӕсы ӕнгуз сыгъдӕгӕй? (2 слайд)

- Адӕймаджы магъзы хуызӕн.(3 слайд)

- Раст. Магъз та тыхсын кӕнын хъӕуы! Хъуамӕ кусгӕ кӕна. Уӕдӕ ӕнгуз хӕссы пайда,ӕнӕниздзинад. Ахуыргӕндтӕ ӕрцыдысты диссаджы хатдзӕгмӕ.Не'нгуылдзты цъуппыты ис нервыты кӕрӕттӕ, ӕмӕ сӕ хъӕуы цырын кӕнын(стимулировать),цӕмӕй магъз хуыздӕр куса. (4 слайд)

«Ум ребенка находится на кончиках пальцев»

В.А.Сухомлинский

Аратул-батул ма кӕнут уе'нгузтӕ уӕ армы тъӕпӕны. Уадз ӕмӕ туг ӕрцӕуа нӕ къухтӕм, ӕнӕниздзинад фӕхуыздӕр уа, хиӕнкъарынад фӕарфдӕр уа ӕмӕ уе'нтыстдзинӕдтӕ фӕбӕрзонддӕр уой.

2. Рахизӕм нӕ урокмӕ.Ныртӕккӕ, тест ӕмӕ фӕрстыты фӕрцы, мах нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕ нӕ фӕстаг урокы цӕуыл дзырдтам, уый.

Сывӕллӕттӕ дыууӕ къордыл адих сты. Фыццаг къорд кӕны тест, дыккаг дзуапп дӕтты фӕрстытӕн.

3. ТЕСТ (5 слайд)

1къорд

  • Ссар рӕдыд. Фадатон дзырдтӕ вӕййынц:

1.Афоны фадат

2.Бынаты фадат

3.Архайды хуызы фадат

4.Ныхмӕвӕрды фадат

5.Ӕфсоны фадат

6.Нысаны фадат



  • Фадатон дзырдтӕ фӕрсдзырдтӕ куы вӕййынц, уӕд зӕгъинагимӕ баст вӕййынц:

1.Ӕмбасты фӕрцы

2.Ӕмарӕзты фӕрцы

3.Ӕфтыдады фӕрцы

(6 слайд)

  • Ссар раст хъуыды. Ӕфсоны фадат ӕвдисы,

1.архайд кӕм цӕуы , уый.

2. архайд цӕмӕн, цы'фсонӕй цӕуы, уый.

3.архайд цӕмӕн, цы нысанӕн хъӕуы, уый.

4.архайд куыд фӕцӕуы, уый.(7 слайд)



  • Архайды хызы фадат ӕвдисы,

1.архайдӕн йӕ афон.

2.архайд цӕмӕн, цы хъуыддаджы тыххӕй хъӕуы.

3.архайдӕн йӕ бынат.

4.архайд куыд фӕцӕуы.(8 слайд)



  • Быныты фадат дзуапп дӕтты фӕрстытӕн:

1.кӕд? кӕдӕй? цас рӕстӕг?

2.куыд? куыдӕй? кӕйау? цӕйау?

3.цӕмӕн? цӕй тыххӕй? Цӕмӕй?

4.кӕм? кӕцӕй? кӕдӕм? кӕцырдыгӕй?(9 слайд)

4. Фӕрстытӕ. (10 слайд)

2 къорд

Цы хонӕм фадатон дзырдтӕ?

Цавӕр хъуыдыйады уӕнг фембарын кӕнынц?

Цавӕртӕ вӕййынц сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ фадатон дзырдтӕ? Ранымайын сӕ.

5. - Тынг хорз. Мах нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам фадатон дзырдтӕ. Алкӕй раз уӕ ис таблица. Алчи дӕр йӕ таблицӕйыл афыссӕд ном ӕмӕ мыггаг.Уӕ хорзӕхӕй, баххӕст ӕй кӕнут. (11 слайд)

Хъуыдыйады уӕнгтӕ

Фӕрссаг уӕнгтӕ

Сӕйраг уӕнгтӕ

Сӕйрат

Ӕххӕстгӕнӕн

Архайды хуызы фадат


Афоны фадато

Бӕрӕггӕнӕн

Зӕгъинаг

Фадатон дзырдтӕ дзырдтӕ

Бынаты фадат

Ӕфсоны фадат

Нысаны фадат

Сывӕллӕттӕ дзуапп дӕттынц таблицӕмӕ гӕсгӕ.

6. - Зӕгъут- ма, цӕуыл дзурдзыстӕм абон нӕ урочы?

- Абон дзурдзыстӕм хъуыдыйады уӕнгтыл.

- Нӕ урочы грамматикон темӕ у «Кӕронбӕттӕн урок хъуыдыйады уӕнгтӕй». (12 слайд) Афыссут абоны нымӕц ӕмӕ темӕ уӕ тетрӕдты. Зӕгъут -ма, цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут абоны урокмӕ, темӕ базонгӕйӕ цавӕр нысантӕ ӕрӕвӕриккат уӕ размӕ?

7.Сывӕллӕтты дзурынц:

- Бӕстондӕр бакусын хъуыдыйады уӕнгтыл.

- Мӕн фӕнды къордты куыст кӕнын,уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы кӕрӕдзийӕн баххуыс кӕнӕм ӕмӕ ӕххӕст дзуаппытӕ фӕдӕттӕм.

-Ӕз та темӕ хорз бамбӕрстон, фӕлӕ мӕ фӕнды ногдзинадӕй исты базонын.

8. - Хорз. Нысантӕ ӕрӕвӕрдтам. Кусӕм дарддӕр. Бамбарын кӕнут ӕмбисӕндты мидис.(13 слайд)

  • Ӕппӕтӕй тыхджындӕр зонд у.

  • Лӕгӕн зонд у фӕндагамонӕг.

  • Адӕймаджы зонд йӕ хъаруйӕ тыхджындӕр у.

  • Зондджын зонд агуры, ӕдылы зонд амоны.

  • Тых уӕд фидар у,ӕмӕ зонд йӕ разӕй куы цӕуа.

  • Зондджын сӕр сӕдӕйы хӕссы, ӕдылы та йӕхи дӕр нӕ хӕссы.

  • Искӕй зондӕй цӕрӕн нӕй.

  • Зондыл куыст ахуырай ӕфты.

Сабитӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ.

9. - Тынг хорз. Ацы ӕмбисӕндтыл дзӕгъӕлы нӕ бакуыстам. Куыд уӕм кӕсы , цӕуыл ма дзурдзыстӕм абон ?

- Алы хъуыддаджы дӕр зондай архайын хъӕуы.

- Цӕмӕй зондджын уа адӕймаг,уый тыххӕй йӕхиуыл хъуамӕ куса.

- Зонд хъаруйӕ бӕрзонддар у.

10. - Раст дзурут. Абон нӕ темӕ у «Зонды фӕндаг даргъ у». (12 слайд) На урочы эпиграф та у «Зондӕй хъӕздыг - удӕй хъӕздыг».(14 слайд) Цы сты темӕ дӕр ӕмӕ эпиграф дӕр?

- Ӕмбисӕндтӕ.

- Куыд сӕ ӕмбарут? (сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ).

- Зонд у ӕрдзы лӕвар, зонындзинӕдтӕ та сты царды лӕвӕрттӕ. Цӕмӕй фылдӕр кӕной, уый тыххӕй хъӕуы хиуыл кусын. « Куы нӕ дӕ фӕнда, уӕд дӕ зонды фандагыл ничи сараздзӕн, ӕцӕг дӕ цӕмӕй бафӕнда, уый тыххӕй дӕр зонд хъӕуы».(Быгъуылты Къола)

- Кусӕм дарддӕр. Къордты уӕнгтӕй алчи дӕр хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ ӕвзары ӕмбисонд. Фӕйнӕгыл ӕвзӕрст цӕуы дыууӕ вазыгджын хъуыдыйады. (ӕмбисӕндтӕ).

1.Тых уӕд фидар у, зонд йӕ разӕй куы цӕуа. (1 къорд)

2. Зондджын сӕр сӕдӕйы хӕссы, ӕдылы та йӕхи дӕр на хӕссы.(2 къорд)

11. - Кӕсӕм текстӕт. Байхъусут ӕмӕ зӕгъут ,цы сӕм ис ӕмхуызонӕй?

1 текст (14 слайд)

Хӕрзтӕ дӕр ӕмхуызон нӕ вӕййынц. Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ йӕ хӕдзар цудын ницӕмӕй уадзы, архайы йӕ тыхтӕ, йӕ фадатмӕ гӕсгӕ, йӕхи хӕдзарӕн, йӕ бинонтӕн. Ӕндӕр дзы дарддӕр ницы ӕфсарм ис… Уый у хӕдзары лӕг, хӕдзары хорз лӕг, хӕдзардарӕг.

Ис ӕндӕр хорз лӕг дӕр. Рох дзы нӕу йӕ хӕдзар уымӕй дӕр, фӕлӕ ма уый хӕдзарӕй дарддӕр стыр пайда у ӕгас хъӕуӕн дӕр, йӕ зонд, йе'фсарм ӕмӕ йе'хсарӕй. Уый у хъӕуы лӕг, хъӕуы хорз лӕг…

Ӕгас комы дзыллӕмӕ йӕ зонд, йӕ фӕнд кӕмӕн ӕххӕссы, ӕгас комы рӕсугъд фӕндагыл чи арӕзта, фыдбылызӕй сӕ чи хъахъхъӕдта, уый у комы лӕг, уый у стыр лӕг йӕ дзыллӕйӕн.

2 текст ( 16 слайд)

Сӕ хъӕумӕ фӕндагыл дыууӕ сыхаджы баиу сты. Кӕрӕдзи афӕрстытӕ кодтой,чи дзы кӕцӕй цӕуы, уымӕй. Кӕстӕр цыд зианӕй,ӕмӕ йӕ хистӕр хынцфарст акодта:

- Мард хӕдзары зиан уыд ӕви хъӕуы?

- Уый та куыд ӕмбаргӕ у?

- Хорз лӕг йӕ зонд, йе'гъдау ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй вӕййы хъӕуы лӕг, фыццаг ма ахӕмты хуыдтой комы лӕг дӕр,ныр та ис ӕнӕхъӕн Ирыстоны лӕгтӕ дӕр. Ӕмӕ ахӕм лӕгты зианмӕ ӕрцӕуы хъӕубӕстӕ, комбӕстӕ, кӕнӕ ӕппӕт Ирыстонӕй дӕр. Хӕдзары зиан та бавӕрынц хӕстӕг - хиуӕттӕ, сыхӕгтӕ.

- Бамбӕрстон! Уӕдӕ ӕз кӕй зианы уыдтӕн, уый хъӕуы лӕг уыд,- дзуапп радта кӕстӕр.

12. Дзырдуатон куыст.

Хӕдзардарӕг

Хынцфарст

-Цы базыдтат ногӕй текстмӕ гӕсгӕ?

Цӕуыл нӕ ахуыр кӕнынц дыууӕ тексты дӕр?

Цавӕр арф хъуыды дзы ӕвӕрд ис?

13. Сывӕллӕттӕ дзурынц текстмӕ гӕсгӕ сӕ хъуыдытӕ. Ӕххӕст кӕнынц хӕслӕвӕрдтӕ.(17 слайд)

1 къорд

  1. Раттын сӕргонд.

  2. Тексты ссарын ӕмӕ бахахх кӕнын ӕххӕстгӕнӕнтӕ ӕмӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ.

  3. Хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ равзарын: Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ йӕ хӕдзар цудын ницӕмӕй уадзы,архайы йӕ тыхтӕ,йӕ фадатмӕ гӕсгӕ, йӕхи хӕдзарӕн,йӕ бинонтӕн.

  4. Ссарын орфограммӕтӕ.



  1. Къорд

1.Раттын сӕргонд.

2.Ссарын сӕйраг уӕнгтӕ ӕмӕ фадатон дзырдтӕ.

3.Хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ равзарын: Хорз лӕг йӕ зонд,йе'гъдау ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй вӕййы хъӕуы лӕг,фыццаг ма ахӕмты хуыдтой комы лӕг дӕр.

4.Ссарын орфограммӕтӕ.

14. - Зӕгъут -ма, кӕй схонӕн ис Ирыстоны лӕг,хъӕуы лӕг, комы лӕг.

Сывӕллӕтты дзуаппытӕ.(18 слайд)

- Хетӕгкаты Къостайы.

- Къоста у патриот.

- Мӕгуыр адӕмы бартыл тохгӕнӕг.

- Поӕэт, публицист.

- Ирон адӕмӕн йӕхи снывонд кодта.

- Лӕгау лӕг кӕны дыууӕ царды: иу-йӕ кады кой йӕхӕдӕг куы фӕхъусы,уӕд, иннӕ та -йӕ кады кой йын мӕлӕты фӕстӕ куы хъусынц кӕстӕртӕ, уӕд. Къоста уыд генион поӕт, стыр ӕхсӕнадон архайӕг,нӕ адӕмы удварны фӕтӕг..

Тӕхуды, йӕ дзыллӕйы раз

Чи ракӕны барджын ныхас,

Кӕй фӕрсынц, кӕй равзарынц зондӕй!

Тӕхуды, йӕ уарзондзинад,

Йӕ хорз ном, йӕ фыдӕлты кад

Чи уадзы уӕлӕуыл зӕрондӕй!..

«Тӕхуды» Хетӕгкаты Къоста.

15. Ӕхсӕнадон цард бирӕвӕрсыг у. Мӕн фӕнды ӕрлӕууын, зонады бӕрзонд къӕпхӕнмӕ чи схызт, уыдоныл. (19 слайд)

Абайты Васо - профессор, филологон наукӕты дохтыр, дыууӕ хатты сси Хетӕгкаты Къостай премийы лауреат, зындгонд зонадон архайӕг Гуырдзы ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны.

Ӕлборты Барысби - фыццаг ирон профессор, филологон наукӕты дохтыр.

Бериты Георгий - генерал- мойор,авиаконструктор, Паддзахадон премийы лауреат сси дыууӕ хатты.

Гӕбӕраты Никъала - профессор, филологон наукӕты дохтыр.

Гуыриаты Тамерлан = профессор, филологон наукӕты дохтыр.

Гуытиаты Тамерлан - зындгонд архитектор, профессор.

Акоты Инал - биологон наукӕты дохтыр, Паддзахадон премийы лауреат.

Берорзты Темырболат - медицинон наукӕты академик.

Кучиты Юрий - Советон Цӕдисы хъӕбатыр, атомон ихцъӕлгӕнӕн науты «Ленин» ӕмӕ «Арктика» - йы капитан.

Туаты Ольга - фыццаг ирон сылгоймаг - профессор.

Уыдонимӕ ма физиктӕ, биолгтӕ, геологтӕ , филологтӕ… Ацы куырыхон адӕмы иу кӕны зонындзинӕдтӕм тырнындзинад. Уыдон канд Ирыстонӕн не скодтой ном, фӕлӕ ныууагътой арф фӕд зонады. Мах дзурӕм ӕрмӕст зонадыл. Фӕлӕ куы'ркӕсӕм ирон адӕмы сгуыхтдзинадмӕ ФСХ, нӕ культурӕйы курдиатджын архайджытӕм, спорты уӕлдӕр ӕнтыстдзинӕдта чи равдыста уыдонмӕ, уӕд ӕй арф банкъарӕм, ирон адӕймаг уӕлахиз кӕны йӕ хъӕбатыр зӕрдӕ ӕмӕ фидардзинадӕй.

Цӕмӕй уӕ Ирыстоны лӕгтӕ рауайа, уый тыххай зындзинӕдты раз макуы ӕркъул кӕнут уӕ сӕртӕ. Фацудыдтай,ницы кӕны, дӕ тыхтӕ ӕрбамбырд кӕн ӕмӕ размӕ, ног бӕрзӕндтӕм, уӕлахизмӕ.

16. Саразын синквейн дзырд зондимӕ

17. Кӕронбӕттӕн.

Сбӕрӕг кӕнын. (20 слайд)

- ногӕй цы базыдтон урочы;

- цавӕр куысты хуызтӕ фӕцыдысты мӕ зӕрдӕмӕ;

- урочы мӕм цымыдисаг фӕкаст;

- къордтӕй хуыздӕр бакуыста;

- къордты уӕнгтӕй хорз бӕрӕггӕнӕны аккаг у







© 2010-2022