ОБОБЩЕНИЕ ПЕДАГОГИЧЕСКОГО ОПЫТА. Миногон. 6 кълас

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урочы темӕ : Миногон.

Урочы нысан: 1. Сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнын миногон куыд ныхасы хай.

2. Ныхасы рӕзтыл бакусын нывтӕм гӕсгӕ.

3. Ӕрдзмӕ уарзондзинад гуырын кӕнын. Куыстмӕ, фӕллоймӕ разӕнгард кӕнын.

Урочы ӕрмӕг: интерактивон фӕйнӕг, ӕмбисӕндтӕ, алыхуызон хъӕзтытӕ.

Урочы цыд.

  1. Ахуыргӕнӕг: Цавӕр къордтыл дих кӕнынц ныхасы хӕйттӕ?

Ахуырдзау: Ныхасы хӕйттӕ дих кӕнынц сӕрмагонд ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг хӕйттыл.

Ахуыргӕнӕг: Цал сӕрмагонд ныхасы хайы ис ирон ӕвзаджы?

Ахуырдзау: Ирон ӕвзаджы ис ӕхсӕз сӕрмагонд ныхасы хайы.

Ахуыргӕнӕг: Ӕххуысгӕнӕг хӕйттӕ та цал сты?

Ахуырдзау: Ӕххуысгӕнӕг хӕйттӕ та сты фондз.

Ахуыргӕнӕг: Цы хонӕм номдар?

Ахуырдзау: Номдар хуыйны ахӕм ныхасы хай кӕцы нысан кӕны предмет.

Ахуыргӕнӕг: Цавӕр фӕрстытӕн дзуапп дӕтты номдар?

Ахуырдзау: Номдар дзуапп дӕтты фӕрстытӕн Чи? Цы?.

Ахуыргӕнӕг: Номдар цавӕр къордтыл дих кӕны?

Ахуырдзау: Номдар дих кӕны сӕрмагонд ӕмӕ иумӕйаг номдартыл.

(Скъоладзаутӕ хӕссынц дӕнцӕгтӕ.)

Сӕмагонд номдартӕ: мыггӕгтӕ, нӕмттӕ, фӕсномыгтӕ, бӕстӕтӕ, горӕттӕ…

Иумӕйаг номдартӕ: цӕрӕгойтӕ, мигӕнӕнтӕ, зайӕгойтӕ…

Ахуыргӕнӕг: Цал нымӕцы ис номдарӕн?

Ахуырдзау: Номдарӕн ис дыууӕ нымӕцы - иууон ӕмӕ бирӕон нымӕцтӕ.

Ахуыргӕнӕг: Куыд тасындзӕг кӕнынц номдартӕ?

Ахуырдзау: Номдартӕ тасындзӕг кӕнынц хауӕнтӕм гӕсгӕ.

Ахуыргӕнӕг: Ахуырдзауӕн хибарӕй куыст раттын.

Ахуырдзау: Хӕс: Сбӕрӕг кӕнын номдартӕ ӕмӕ фӕбӕрӕг кӕнын хауӕнтӕ.

Иу хохаг хъæуы цардис лæппу, йæ ном - Хъазбег. Алы райсом дæр-иу бацин кодта хуры рухсыл, цъиуты цъыбар-цъыбурыл. Дымгæйы фæлмæн уддзæф ын-иу алæгъз кодта йæ сæрыхъуынтæ. Фæлæ иу хатт фæкомкоммæ дымгæйы митæм, йæ цæст сыл ахаста, æмæ бамбæрста, дымгæ удæгас адæймаджы хуызæн кæй у…

2. Ахуыргӕнӕг: Бакӕсут цыбыр сценкӕмӕ.

Ахуырдзаутӕ:( сценкӕ)

Кӕрӕдзийы скъуырдтой чызг ӕмӕ лӕппу.

-Уый ды куы дӕ, Алан!

-Ӕгас цу, Дзерассӕ!

-Кӕдӕм тагъд кӕныс? Мӕн дӕр ма куы скъуырдтай!

- Бахатыр кӕн.

- Цӕй ӕнкъард дӕ? Цы дыл ӕрцыдис?

- Куыннӕ уон ӕнкъард, райсом дыууӕ куы райсон ирон ӕвзагӕй.

- Цӕмӕн… нӕ ныффыстай сочинени « Ӕрцыд , ныллӕууыд уалдзӕг» - зӕгъгӕ.

- Бӕргӕ ныффыстон.

- Уӕдӕ цы кӕныс?

- Нӕ зонын… «Уалдзӕг» нӕ, фӕлӕ мын дзы цы рауад , уый не ᾿мбарын.

- Бакӕс-ма йӕ, дӕ хорзӕхӕй.

( Ӕмбарын кӕны йӕ сочинени, Алан).

Ралӕууыд уалдзӕг. Райхъал ӕрдз. Цъиутӕ ᾿ртахтысты ӕмӕ зарынц. Адӕм хуым кӕнын райдыдтой… ( фӕуагъта йӕ кӕсын.)

- Дзерассӕ худы.

- Алан, ды, ӕвӕццӕгӕн нӕ зоныс , кӕй ис ахӕм дзырдтӕ ӕмӕ нӕ ныхас, не ᾿ взаг аив, рӕсугъддӕр кӕмӕй кӕны. Фысгӕ ма кӕн уӕдӕ! Ӕрцыд та нӕм фарны уалдзӕг.

Райхъал ӕнӕуд ӕрдз. Скодта йӕ цъӕх-цъӕхид дарӕс.

Алыхуызон мӕргътӕ ᾿ртахтысты ӕмӕ алыхуызон хъӕлӕстӕй зарынц.

Адӕм фӕлмӕн зӕхх хуым кӕнын райдыдтой.

- Ӕгъгъӕд! Бамбӕрстон дӕ!

Бузныг , Дзерассӕ. Куыд хӕларзӕрдӕ дӕ. Цӕй, ӕз азгъорон ӕмӕ йӕ ныффыссон.

Ахуыргӕнӕг: Федтат, сабитӕ, куыд аивта йӕ хуыз сочинении! Кӕцы сочинени фӕцыди уӕ зӕрдӕмӕ фылдӕр.

Ахуырдзаутӕ: Дыккаг сочинени фӕцыди тынгдӕр нӕ зӕрдӕмӕ.

Ахуыргӕнӕг: Цы бацамыдта Дзерассӕ Аланӕн?

Ахуырдзаутӕ: Кӕй ᾿рцыд фарны уалдзӕг.

Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ ууыл у абон нӕ ныхас.

- Афыссут уӕ тетрӕдты , уалдзӕг цавӕр вӕййы.

Ахуырдзаутӕ: ( фыссынц сӕ хъуыдытӕ).

3. Ахуыргӕнӕг: Нӕ алфамбылай цы предметтӕ ис уыдонӕн ис: ас, хуыз, уӕз, хъӕд, ад, формӕ. Ис сын басгарӕн уырзӕй ӕмӕ уӕд базондзыстӕм хъӕбӕр у ӕви фӕлмӕн ( тӕф, ад).

Ирон ӕвзаджы ис ацы ᾿ууӕлтӕ ᾿вдисӕг дзырдтӕ хуыйнынц миногонтӕ.

Миногон у ахӕм ныхасы хай, кӕцы нысан кӕны предметы ᾿ууӕлтӕ (ас, хуыз, уӕз, хъӕд, ад, формӕ).

-Сывӕллӕттӕ , радыгай исынц предметтӕ ӕмӕ сын бӕрӕг кӕнынц се ᾿ууӕлтӕ.

Ахуырдзаутӕ:

Фӕткъуы - тымбыл, адджын, сырх.

Кӕрдо - донджын, бур, сӕрдыгон.

Джитъри - даргъӕццон, цъӕх, хӕрзад.

(Ӕмӕ афтӕ дарддӕр.)

4. Ахуыргӕнӕг: (Нывмӕ гӕсгӕ куыст)

Ацӕмӕз кафы. - Цы ми кӕны Ацӕмӕз?

Ахуырдзау: Ацӕмӕз кафы.

Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ цавӕр лӕппу у Ацӕмӕз?

Ахуырдзау: Ацӕмӕз у кафаг лӕппу.

(Ӕмӕ афтӕ дарддӕр.)

5.Ахуыргӕнӕг: Хъазт « Цымыдисаг чыргъӕд».

Сывӕллӕттӕ чыргъӕдӕй исынц нывтӕ радгай ӕмӕ сын дзурынц сӕ миниуджытӕ: зымӕг, уалдзӕг, сӕрд, фӕззӕг.

6. Ахуыргӕнӕг: Куыд ӕмбарут ацы ᾿мбисӕндтӕ . Ныффыссын сӕ тетрӕдты.

« Цы байтауай , уый ӕркӕрддзынӕ»

« Уалдзӕг - рӕсугъд, фӕззӕг - хъӕздыг»

Ахуырдзаутӕ: ( Дзурынц сӕ хъуыдытӕ).

7.Ахуыргӕнӕг: Хатдзӕг скӕнын.

Ӕрдз цӕмӕй рӕсугъд уа, уый тыххӕй йыл хъӕуы узӕлын, ома хъахъхъӕнын. Уалдзӕджы адӕймаг куы нӕ бакуса, уӕд фӕззӕджы ницы ᾿ркӕрдзӕни. Нӕ уыдзӕн хӕдзары бӕркад ӕмӕ зымӕг хойраг нӕ уыдзӕн.

8. Ахуырдзаутӕ: Скъоладзаутӕ кӕрӕдзийы куыстӕн аргъ кӕнынц.

9. Хӕдзармӕ куыст.

- Афӕдзы афонтӕ - дзырдтимӕ хъуыдыйӕдтӕ ӕрхъуыды кӕнын.

- Ныффыссын фӕйнӕ дӕс дзырды - миногонтӕ.

- Сахуыр кӕнын ӕмбисӕндтӕ зӕрдывӕрдӕй.

© 2010-2022