Конспект открытого урока по осетинской литературе на тему Кауаг айнаг. (8 класс)

Раздел Другое
Класс 8 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Конспект открытого урока по осетинской литературе на тему Кауаг айнаг.(8 класс)

Конспект открытого урока по осетинской литературе на тему Кауаг айнаг.(8 класс)

Конспект открытого урока по осетинской литературе на тему Кауаг айнаг.(8 класс)

Конспект открытого урока по осетинской литературе на тему Кауаг айнаг.(8 класс) Гом урочы конспект ирон литературæйæ.

8-æм кълас



Октябрыхъæуы 1-æм астæуккаг скъолайы

Ахыргæнæг Æлборты Дзерассæйы куыст.

2015аз.

Конспект открытого урока по осетинской литературе на тему Кауаг айнаг.(8 класс)



Урочы хæстæ:

1.Раргом кæнын уацмысы сюжет.

2.Кæд ныффста Къоста таурæгъ?

3. Кæмæй фехъуыста Къоста таурæгъ?

4.Уацмысы æвзаг æма стихы арæзт.

Урочы цыд.

1.Бакæсын презентацимæ æмæ зæгъын, цы æвдыст æрцыд нывты, уый.

Нывты мах федтам къæдзæхтæ, айнæджытæ, дон сæ лæдæрсы, афтæмæй.

2. Куыд схуыдтой адæм уыцы къæдзæхты?

Адæм сæ схуыдтой «кæуæг» айнæджытæ.

Ахуыргæнæг.

Сывæллæттæ, куыд зонæм афтæмæй, Къоста хасты уыд дыууæ хатты. Зонæм æй, тынг зын æмæ уæззау уавæры-иу кæй уыд, уый. Сахаттæ йыл-иу ныддаргъ сты æнустау, зын ын уыд маст æййафын, уарзон адæмæй иппæрдæй царын. Йæ иу хасты, кæцы, уый бæрæг нæу, уый ныффыста таурæгъ, кæцы фехъуыста хæххон фыййауæй. Йæ бæллиц уыд, уыцы адæмон таурæгъ поэтикон ныхæстæй нывыл ранывæндын. Æмæ йæ уацмысæн равзæрста, зæрдæмæ арф чи хъары, ахæм сюжет - сидзæргæс мад æмæ сидзæр лæппуйы хъысмæт. Уыцы сюжеты фæрцы равдыста дины фанатизм æмæ адæмы хъысмæт дæр. Поэт нын æнæуынон кæны мæнгуырнынад, фидар кæны рæстдзинад æмæ патриотизмы идейæтæ.

Уый фæстæ Къоста хуызджын нывты æвдисы рагон ирон цард, Кавказ «сау мылазы бын» куы ныгъуылд, уыцы рæстæг. Уый уыди тыхмиты дуг, тугкалæн заман.

Фарст:

Сывæллæттæ, зæгъут-ма мын уæдæ, цавæр уацмысы тыххæй дзурдзыстæм?

Дзуапп:

Скъоладзау кæсы скъуыддзаг таурæгъæй. (фарс 101)

Ахуыргæнæг.

Сæ цард сын сызмæста æнамонд хабар: Хъобаны 'рдыгæй сæм бырсы тæссаг æмæ æгъатыр знаг. Æмæ рагон тыхгæнæг куыд загъта: «Горе побежденным!» Уый ирон адæм дæр зыдтой æмæ сфæнд кодтой сæ бæстæ , сæ цард æмæ сæ бартæ хъахъхъæнын. Фæлæ куыд?

Фарст:

Сывæллæттæ, чи мын зæгъдзæн, куыд сфæнд кодтой адæм сæхи бахъахъхъæнын? Чи хаста хъæуæн уынаффæтæ?

Дзуапп:

Хохæгтæн нæ уыд паддзах. Нæ сын уыд разамонæг. Леуаны хъæуæн нæ уыд бастдзинад иннæ ирон хъæутимæ дæр. Хъæуы уыд дыууадæс буц зондджын зæронд лæджы. Хорз зыдтой сæ хъæуæн уынаффæ кæнын.

«Кæнынц дыууадæс бон ныхас,

Тыхæй бырсæг æддаг зæххонты

Цы хуызы суазæг кæной карз?

Æмæ æртындæсæм æрбадтæн

Сæ фæндон алыг ис уæддæр:

«Цæйнæфæлтау, сæрибар адæм,

Цагъарæй туг калæм æлдарæн,

фæлтау нынамæлæт хуыздæр!»

Фарст:

Цы уынаффæ рахастой адæм та?

Дзуапп:

Адæм иу фæндон дзырдтой, сæрибар кæд алыхуызон æмбæрстой, уæддæр зыдтой, циу цагъарад, уый. Æмæ ма сæ фæндыл бафтыдтой, цæмæй самайой гæнах хæцынæн.

Фарст:

Цавæр хъуыдытæ æвзæры адæммæ гæнах амайгæйæ?

Дзуапп:

Адæм æмхуызонæй райдыдтой мæсыг амайын. Иумæйаг хъуыддаг сæ баиу кодта: «Фыццаг хатт бацыди сæ риумæ æхсæны уарзынæн йæ ад». Сæ хъуыдытæ сты патриотизм æмæ лæгдзинады гимн, знаг базондзæн тохы бон «нæ бæсты кад æмæ сæрибар куыд зоны хъахъхъæнын ирон».

Фарст:

Цы 'рцыд гæнахыл? Цæй аххос æй кæнынц адæм?

Дзуапп:

Æрдз райсомæй куы райхъал ис, уæд адæм кæсынц æмæ гæнах уым нал ис, цыма, зæгъгæ, уæззау куыстæн йæ кой дæр нæ уыд.

Адæм зæгъынц, зæгъгæ, æнæ фыдгæндæй нæй маст æмæ хæрдмæ табу кæнынц, уæларвон тыхтæй курынц «фыдæхджын адæмæн хатыр». Дыууадæс зæронд лæджы та рахæссынц уынаффæ:

«Цæйнæфæлтау цæрæм æгадæй

Æмæ уæм арвы ралгъыст адæм,

Фæлтау нын - кадимæ мæлæт!»

Сфæнд кодтой куырм -дæсны Мамимæ фæрсæг фæцæуын.

Фарст:

Цы дзуапп дæтты Мами дæсныфæрсджытæн?

Дзуапп:

Мами сын зæгъы, зæгъгæ, уæм ис стыр хæрам, арв уæм хъызы æмæ хъавы уæ бафхæрынмæ. Æмæ домы нывонд.

«Хъæуы нывонд, цыбыр ныхасæй:

Тырынтæй рауадзут ам дугъ,

Æмæ цы саби фæуа разæй,

Фыццаг мæм чи ратта йæ къух,

Уый арты басудзынæн раттæм».

Фарст:

Цæмæн æрцыд ахам тæригъæддаг хъуыддаг?

Дзуапп:

Уымæн æмæ адæм куырмæджы æууæндыдысты дæснытыл. Уыдон та сæхи хуыдтой арв æмæ Хуыцауы минæвар æмæ алы хин митæй сайдтой уырнæг адæмы.

Ахуыргæнæг.

Къоста бæстонæй æвдисы Мамийы мæнгард митæ. Уый у фæлитой шаман. Цæмæй йæм адæм хъусой, уый тыххæй сæ тæрсын кæны Алардыйæ, арвæй (æбæрæг хуыцæуттæй.) Уый пайда кæны адæмы тыхстæй æмæ сæ домы æвирхъау нывонд - сабиты хуыздæры судзын.

Цæмæй Мамийы мæнгард митæ хуыздæр бамбарæм, уый тыххæй «Ирон легендæ» абарæм англисаг легендæимæ. Британийы иу къарол иу хохы сæр йæхицæн арæзта гæнах. Æхсæвы-иу ракалд. Дæсныты фæрсы. Уыдон ницы зонынц, фæлæ зæгъынц: «Гæнахы дуртыл ныккалын хъæуы, фыд кæмæн нæй, ахæм лæппуйы туг». Ахæм лæппу разынд Мерлин. Фæлæ уый уыд зондджын æмæ загъта къаролæн: «Мæн дзæгъæлы марыс. Гæнах кæм аразут, уым зæххы бын ис цад, зæхх фидар нæу, æмæ уæ мæсыг уымæн ракæлы». Уыйадыл Мерлин фервæзт мæлæтæй.

Мами дæр зоны: мæсыг кæй хæлы, уымæн ис хуымæтæг аххосаг - адæм нæ зонынц, мæсыг кæм æмæ куыд амайын хъæуы, уый. Мами судзын кæны сывæллон. Фæлæ зоны: сывæллоны мæлæтæй мæсыг нæ фæрæстмæ уыдзæн. Æмæ сын амоны, зæгъгæ, ног гæнахæн фылдæр æмæ хуыздæр къæйдур æрцæттæ кæнын , бындуры бынат арфдæр скъахын, къултæ бæзджындæр самайын. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæд нал ракæлдзæн ног мæсыг, дæсны та бузныг уыдзæн нывондæй.

Фарст:

Цы 'рцыд дæсныйы азарæй æмæ цы бакодтой уый фæдыл адæм?

Дзуапп:

Дæсныйы амындæй фесæфтысты дыууæ уды. Арты басыгъдысты мад æмæ фырт. Сæ тæригъæдæй бæстæ скъуыдтæ кодта. Уæд адæм 'рцахстой дæсныйы æмæ йæ къабазгай ныккодтой. Сæ мæсыг амайын ныууагътой, зæгъгæ, ам махыл нал æрхæцдзæн цард æмæ æлыгъдысты Тырсыйы коммæ.

Фарст:

Куыд схуыдта Къоста йæ таурæгъ æмæ цæмæн?

Дзуапп:

Мад æмæ фырт кæм басыгъдысты, уым айнæг къæдзæх аскъуыд сæ тæригъæдæй æмæ дзы рацыд суадон. Адæм æй схуыдтой «Ныййарæджы цæссыг». Къоста та йæ схуыдта «Кæуæг айнæг».

Ахуыргæнæг.

Таурæгъы сюжет у адæмон. Ахæм таурæгътæ, ахæм мотивтæ бирæ ис Ази æмæ Европæйы сфæлдыстады. Сомихы фольклоры ис таурæгъ «Гæнах Битлис». Адæм арæзтой гæнах, фæлæ æхсæвы ракалд. Уæд ын дæсныйы амындæй йæ бындуры удæгасæй бавæрдтой чызг æмæ гæнах сырæзти. Ис гуырдзиаг таурæгъ «Сурамы фидар». Ахæм сюжеттæ арæх æмбæлынц румынтæ, венгртæ æмæ сербты фольклорты.

Фарст:

Цæмæн у афтæ парахат ацы мотив адæмты сфæлдыстады?

Дзуапп:

Уымæн æмæ рагон адæммæ уыд ахæм мæнгуырнынад: иу стыр арæзтад дæр нæ сырæздзæн , цалынмæ йын йæ бындуры удæгас адæймаг баныгæной, уæдмæ.

Ахуыргæнæг.

Мæнгуырнынад у фанатизм, уый фылдæр хæссы фыдбылызтæ. Ромаг философ Сенека дыууæ мин азы размæ фыста: «Суеверие есть самое безумное из заблуждений».

Къостайæн дæр æнæуынон уыдысты мæнгуырнынад æмæ дины фанатизм. Уымæ гæсгæ йæ уацмысæн райста, фанатизм фыдракæндмæ кæм æркæны, ахæм таурæгъон сюжет.

Уацмыс фыст у ирд æмæ хъæздыг поэтикон æвзагæй. Йе стих арæзт у цыппардæстæгон ямбæй.

Рефлекси:

1.Уæ зæрдæмæ фæцыд таурæгъ?

2. Цы дзы нæ фæцыд уæ зæрдæмæ?

3.Цавæр цæстæнгас ис сымахæн та мæнгуырнынадмæ?

4. «Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын хъæуы, фæлæ ахæм мадзæлттæй нæ!» -- разы стут мемæ?

Сæвæрын бæрæггæнæнтæ, чи дзуапп кодта, уыдонæн.

Хæдзармæ куыст.

1.Таурæгъы мидис дзурынмæ.

2.Саразын иртасæн куыстытæ ахæм темæйыл «Кæуæг айнæджы» сюжеттæ æндæр адæмты сфæлдыстады.

© 2010-2022