Пословицы и по поговорки по осетинскому языку

Раздел Дошкольное образование
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:
  1. Нæу цыма фыдгæнæг,

Уыйау йæхи дары

Афтæмæй нæ уадзы

Иунæг карк хæдзары.

Рувас.



  1. Мæргътæн уазалы у зын,

Æмæ хъарм бæстæм тæхынц

Адæм бафснайдтой тыллæг

Æмæ ралæууыд фæззæг

Фæззæг.



  1. Æххормагæй æмму кæны

Æфсæстæй сынæр цæгъды,

Æппæт сывæллæттæн æхсыр дæтты.

Хъуг



  1. Сæрд хæрдмæ рæзы

Зымæг та бынмæ

Кæрдæг.



  1. Арвæн йæ цæстытæ

Зæххæн йæ сой.

Фæлмæн къæвда.



  1. Уалдзæджы хъармы сæхи алы

Дарæсы сфæлындынц,

Фæззæджы уазæлтты сæ аппарынц.

Бæлæстæ.



  1. Маргъ нæу афтæмæй тæхы,

Хæдзар нæу, афтæмæй дзы адæм æнцад бадынц.

Хæдтæхæг



  1. Гыццыл цыбырзæнг,

Зæхх айгуырзта,

Æмæ сырх худ ссардта.

Зокъо.



  1. Æрхауы агæпп кæны,

Ныццæв æй не скæуы

Пурти.



  1. Йæхæдæг сырх адджын

Йæ хæдон цъæх

Харбыз.



  1. Æнæ фæрæт хид аразы

Уазал



  1. Урс ыссад - фыдуазал

Хуры тынтæй адзал

Мит



  1. Уартæ къудзиты ныхъус,

Цъус йæ сæр фæзыны:

Ракъуыпп, радымсти йæ рус -

Фæрвы цъар æхсыны

Тæрхъус



  1. Нæ дынджыр уæлхæдзары - цæхæрæй хуртауæн,

Йæ астæу хæбизджыны æрдæг

Ирд арвыл стбылытæ æмæ ног мæй.



  1. Уырызмæгыл фондзæссæдз хæдоны

Къабускъа



  1. Чысыл дурыны урс нæмгуытæ

Нас.



  1. Пъолы бын цæры,

Гæдыйæ тæрсы

Мыст



  1. Кæрты цæры

Хæдзар хъахъхъæны.

Куыдз.



  1. Уынджы урс хох,

Хæдзары та дон фесты.

Мит



  1. Урс - урсид гæлæбутæ

Зæхх æрæмбæрзтой.

Мит



  1. Нæхи Цъомахъыл

Зыгъыммæ кæрц.

Фыс.



  1. Урс - урсид у ,фæлæ мит нæу.

Сæкæр.



  1. Дзыхы тайы,

Фæлæ уазал нæу.

Сæкæр



  1. Йæ хъустæ та!

Йæ хъустæ!

Сæрæй стыр дæр.

Тæрхъус.



  1. Судзины къуыбылой

Къудзийы бын бадтис,

Стæй хъæдмæ ацыдис.

Уызын.



  1. Уарзы мыд, цæры хъæды,

Зымæг фынæй кæны.

Арс.



  1. Хæры тæрхъусты,

Родты, фысты!

Ниуы!

Бирæгъ.



  1. Давы кæрчытæ

Афтæмæй та хъæды цæры.

Рувас



  1. Мыстытæ ахсы,

Нанайы ффарсмæ хуыссы.

Гæды.

  1. Дыргътæ хæры

Судзинтæй кæрц дары.

Уызын



  1. Хонынц æй хъилхъус.

Тæрхъус.



  1. Цæхæры кæфой нæ уæлхæдзары,

Тæмæнтæ калгæ бæрæг фæдары.

Æхсæвы арв : мæй æмæ стъалытæ.



  1. Даргъ лæгæн-

Цыбыр рон.

Фæуайæм ыл

Æрвыл бон.

Доны хид.



  1. Йæ уынд у рæсугъд.

Бæмбæгау - пух

Æрмæст дзы уазал

Фæкæны къух.

Мит



  1. Мит кæд фесты иууыл дон

Æрдз кæд ыскæны хæдон

Ног цъæх дарийæ?

Уадзæг.



  1. Талынджы уыны,

Рухсы нæ.

Уыг.



  1. Æнæ фæрæт,

Æнæ дзæбугæй,

Хæдзар скæны.

Цъиу.



  1. Æфсæн галæн

Бæмбæг къæдзил.

Судзин æмæ æндах.

41. 4 æфсымæрæн

1 нымæтхуд

Стъол

42. Æнæ дуар, рудзынг,

Афтæмæй та йе дзаг.

Харбыз.

43. Æнæ къах, æнæ къух,

Афтæмæй дуар бакæны.

Дымгæ.

44. Æнæ къахæй цæуы,

Йæ къухæй рæстæг амоны.

Сахат.

45. Бон дæр цæуы

Æмæ æхсæв дæр.

Дон.

46. Сæрдæй, зымæгæй

Нæ бæлас иу дарæсы.

Заз.

47. Рæсугъд чызг йæхæдæг зæххы бын ис,

Йæ дзыкку та - уынджы.

Цæхæра.

48. Зынг нæу

Афтæмæй судзы.

Пысыра.

49. Асиатыл авд кæрцы

Чи сæ ласы, уый кæуы.

Хъæдындз.

50. Кæрдæг йæ халæг

Дурр йæ цыргъгæнæг.

Цæвæг.

51. Нарты уырызмæгыл -

12 фырты æмæ 4 чызджы.

Мæйтæ æмæ афæдзы афонтæ.

52. Ленк кæны бæрзондбцъæх арвыл

Ирд цæстæй фæлгæсы дардыл

Мидбыл худы уый æрмæст,

У йæ цинæй дуне фсæст,

Фæлæ йæм нæ лæууы цæст.

Хур.

53. Ис ахæм карк нæ зæххыл,

Къуыртт рауадзы дæлдзæхы.

Картоф.

54. Доны мидæг æгас у

Сурыл - мард.

Кæсаг.

55. Дзургæ нæ кæны,

Афтæмæй адæмæн зонд амоны.

Чиныг

56. Æнæ къухтæ,

Æнæ къæхтæ,

Афтæмæй алы бæстæм цæуы.

Пъисмо.

57. Нæ гыццыл арвæй мит уары.

Сасир

58. Уæлæ нæ цары

Цæхæры арынг

Цæхæры астæу

Гуыдыны æрдæг.

Мæй

59. Синæг хизы

Æмæ род нæрсы

Нас.

60. Сæрд - уæлæмæ,

Зымæг - дæлæмæ.

Кæрдæг

61. Æнæ артæй фыцы.

Чъыр доны.

62. Сау у, фæлæ сынт нæу.

Урс у, фæлæ цыхт нæу.

Дымæг ын ис, фæлæ мыст нæу

Булкъ.

63. Йæ сæр - хырх

Йæ дымæг æхсырф.

Уасæг.

64. Хызыны мидæг, бур фæрдыг.

Айчы бур.

65. Йæхи дæр нæ ахсы,

Афтæмæй мыстытæ ахсы.

Гæды.

66. Нæ рæйы, нæ хæцы,

Фæлæ хæдзармæ нæ уадзы.

Гуыдыр.

67. Æнæ рудзынг, æнæ дуар,

Бинонтæй у дзаг хæдзар.

Хæдзар

68. Иу лæгæн 12 фырты.

Афæдз.

69. Зæззы бын карк

Ахстон сарæзта

Æмæдзы бæдултæ рауагъта

Картоф

70. Ис уый алкæцы хæдзары

Бæстæты хабæрттæ дзуры

Куы цæгъды фæндыр,.. куы зары

Не уæнгты фæллад нын суры.

Радио

71. У дынджыр æмæ тыхджын

Никуы хъыгдары лæджы

Уыимæ нæ кæны хыл

Хорз æгъдауджын сырд у

Пыл

72. Дзурын нæ зоны

Йе взаг ын зон

Уый дын дæ зонды

Бафтаудзæн зонд

Чиныг

73. Нæ каркæн йæ иу базыр - сау,

Иннæ - урс.

Æхсæв æмæ бон.

74. Нæ цары цæхæрайы кæфой

Стъалытæ

75. Галæн йæ хæринаг, рынчынæн йæ дзæбæхгæнæн.

Хос.

76. Донæй не свæййы хылыдз

Раст уырыдзыйæн йæ фындз.

Хъаз

77. Урс зæххыл сау халæттæ

Кæрæдзийыл баст

Дамгъæтæ.

78. Куы урс, куы сау.

Стъалытæ

79. Сыгъзæрин ацæуы Куы урс, куы сау.

Стъалытæ

80. Сыгъзæрин ацæуы æмæ

Æвзист æрбацæуы

Хур æмæ мæй.

81. Къуыдырыл 7 дуары

Сæр

82. Иу у, æмæ алыхуызон.

Зæрдæ

83. 2 мадæн фæйнæ 5 фырты

Се гасæн дæр уыцы иу ном

Æнгуылдзтæ.

84. Дыууæ цъитийæ

Зæйтæ цæуы

Фындз

85. 3 æфсымæрæн 1 нымæтхуд

стъол, æртæкъахыг фынг.

86. Нæ фæсдуар - кафæг чындз.

Цъылын.

87. Хъæды - æлдар,

Хæдзары - цагъар.

Уисой.

88. Адæмы æфсады, йæхи нæ.

Куырой.

89. Нæ гыццыл дада хос кæрды.

Цæвæг.

90. Дуду къуыппыл

Дуду цъиу.

Æнгуырстуан.

91. Зылын рæстыты цæгъды.

Цæвæг.

92. Урс дурыл - цъæх цæстытæ.

Хъаз.

93. Къодахы бын лыстытæ.

Карк æмæ цъиутæ.

94. Нæ æнæдуар мæсыджы -

Рæсугъд чызг.

Айк æмæ цъиу.

95. Талынг скъæты -

Урс фыстытæ…

Дæндæгтæ.

96. Иу къуыдырыл - 7 хуынчъы.

Адæймаджы сæр.

97. Гыццыл у фæлæ йæ ничи уарзы.

Мыст.

98. Хæдæттæй - хæрзæмбал,

Йæ дзыкку - фæрсæппæрст

Йæ ас у æрмæрин,

Йæ буар та сыгъзæрин.

Нартхор

99. Кæсы уæларвæй,

Зæхмæ нæ хауы,

Æгас дунейы

Мадау рæвдауы

Хур

100. Цæуы, цæуы æдзухæй

Фæузæм æй нæ къухæй,

Фæлæ æнцад куы рлæууы,

Уæд та гаги ыскæуы.

Авдæн.



101. Зиллаккыл 2 бæлццоны,

Зон, цæуынц æхсæвæй - бонмæ,

Иу цыбырдæр иннæ даргъдæр.

Иу сындæгдæр иннæ - тагъддæр.

Уыдон фæрцы зоны лæг

Куыстæн уылæфтæн рæстæг.

Сахат.

102. Зымæг - мæгуыр

Сæрд - хъæздыг

Бæлас.

103. Иу рæстæджы бады

Иннæ рæстæджы кусы.

Рувын.

104. Бынæй - кау

Уæлейы - фæйнæг.

Æрчъи.

105. Даргъ лæджы цыбыр лæг йæ быны акодта.

Фæрæт.

106. Йæ фыд - куырм,

Йæ мад - къæдзтæ,

Йæ фырт - æрра.

Сæн.

107. Сау денджызы астæу

Арт судзы.

Самовар.

108. Нæ сау сæгъ хæры

Æмæ хæрынæй не фсæды.

Пирæн.

109. Зынг нæу, афтæмæй судзы.

Пысыра.

110. Галл скъæты дуарыл фæцæйхызти,

Æмæ йæ къæдзил фæстейы аззади.

Кæрдо.

111. Кафы - уаты ,къуымты сиры,-

Гауызты сæ рынтæ цъиры.

Рыгæмбырдгæнæн.

112. Чи йын бафиддзæн йæ хæрзтæ,-

Ахсадта та йын нæ гæрзтæ.

Гæрзтæхсæн.

113. Бæсты хабæрттæ дзын дзуры

Не рбаддзынæн фынгыл дæ цуры.

Радио.

114. Размæ фæстæмæ быры,

Фындзæй æнцъылдтæ къуыры

Царды тынг хъæугæ у, тынг,-

Ма йыл æууæнд. Сайы зынг!

Зон: нæ фæлмæцы куыстæй!

Кусгæ уый кæны фæлмæныл, -

Сæвæр æй фæскуыст æфсæнгыл!.

Иту.

115. Саухъæды астæу -

Иунæг бæрз бæлас.

Сæры урс æрду.

116. Зæххы цъарыл гуыбын хафы

Афтæмæй зыррыттæй кафы.

Цъил, æлхуи.

117. Хурмæ комкоммæ кæсы

Æмæ йемæ зилы, -

Сойджын зети нын дæтты,

Галл та змых æууилы.

Æхсынæн.

118. Гага - дыууæ -

Къæрттлæхурæг,-

Фалгææрæтты

Фæрсмæ сурæг!

Куыройы фыд.

119. Нæй йын мад

Нæй йын фыд,

Буц у сабийæ. Рæвдыд.

Къæцæлын чындз.

120. Куы лæдзæг у, куы - къæлæт,

Куы æрдын у, куы - æлæт,-

Уадзы буарыл тæлмвæд,

Аххосджын та у йæ хъæд!

Ехс.

121. У сæры хуызæн тымбыл

Ис ын, адæймагау, хъуыр,

Гоппы йæхиуыл бары,

Афтæмæй дзы иу нæ дары

Базонын йæ ныр ды!

-Уый у ……………………..

Худтындзæн къуыдыр.

122. Цалдæр æфсымæры -

Иу ронæй баст.

Хоры куырис.

123. Куы фæкалы, куы фæчиуы

Куы, хъæддаг сырдау, нынниуы,-

Уынгтæ, быдыртæ мæрзы,-

Рыгтæ фесвæдтæй хæссы.

Дымгæ.

124. Иунæг къахыл кафы, кафы

Рæстæг дзæгъæлы нæ сафы:

Зилы! Сцырен ис бынтон!

Скодта тæбынæй хæдон,

Фехста фыр зыдæй йæ сæр:

Кафы гæуæдæртт хуыздæр!

Æндах фатхъулы лыстæг æздухы.

Æлхуи.

125. Хъæнæзыл 7 кæрцы

Иугай йын сæ ласыс,

Уæд дæ цæстысыгтæ акæлдзысты.

Хъæдындз.

126. 3 æфсымæрыл -

1нымæтхуд

уæлдайджынтæй æххæссы.

3 ирон тымбыл фынг.

127. Нæ йæм фæрæт

Æмæ хырх вæййы,

Нæ дзæбуг æмæ аркъау,

Афтæмæй уæладзыгъ

Хæдзæрттæ аразы.

Зæрватыкк



128. Иу рагъыл цæрынц

2 хорз æфсымæры

æмæ кæрæдзийы нæ уынынц.

Фындз æмæ цæстытæ.

129. Йæ фындзæй фæкæны кусгæ

Залмысыфыйас йæ хъустæ.

Пыл.

130. Фæуал и, æрзымæг

Уæддæр нæ тæрсы Уырызмæг

Куыд сæмдытбыл не дæлæ!

Сæдæ кæрцы йæ уæлæ.

Къабуска

131. Урс дзæкъулы, бур тыччы.

Айчы бур.

132. Зæххы бын нæ сырх галл

Хъарм бынат ыссрдта

Уырдыгæй цæф сырдау

Йе`взæгтæ ысдардта.

Цæхæра.

133. Æдзух хæры æмæ тындзы

Афтæмæй никуыдæм хæццæ кæны.

Куырой.

134.Нæ тымбыл къæбицæн

Нæ дуар и, нæ - рудзынг,

Афтæмæй алы адджинагæй байдзаг.

Харбыз.



135. Нæ тымбыл чысыл хъуырауæн

Нæ дзых и, нæ хъуыр

Афтæмæй царвæй байдзаг.

Айк

136. Дæго æмæ Уæго сæ кæрцытæ

Зыгъуыммæ афæлдæхтой,

Афтæмæй къуыбырыл хизынц.

Сæгъ æмæ фыс.

137. Йæ къæсæрæй æддæмæ нæ хизы

Афтæмæй алырдæм фæндæгтæ амоны.

Æвзаг.

138. Размæ - къуыпп чъылдым,

Фæстæмæ - лæбæз гуыбын.

Зæнг.

139. Уыдонæй алцæуылдæр фидауы.

Ном.

140. Дæлæ сабыр цады

Бон- изæрмæ бады

Иу лæгуынæрфыг

Бон уа хсæв - фæуасы,

Хуры тын нæ уарзы,

Никæй дары хъыг

Уый та дын уыциу,

Базон ма йæ циу!

Хæфс.

141. Иу дон калы,

Иннæ йæ нуазы,

Æмæ дзы æтыккаг рæзы.

Уарын, зæхх, кæрдæг.

142. Ис 3 цæсты мæнæн

Калынц радыгай тæмæн,

Сырх ыссыгъди, уæд æрлæуу,

Гъе ныр дын цæугæйæ нæу.

Цæстытæй куы ссудзы бур,

Цъус фæгадзæ кæ, мæ хур,

Ссыгъди цъæх - дæтты дын бар,

Размæ ныр дæ фæндаг дар,

Ис 3 цæсты мæнæн

Базон - базон æз цы дæн!

Свæтофор.

143. Базон - базон, уый та циу?

Нæу цæргæс, бæлон йе цъиу

Фæлæ уын тæхы бæрзæндты,

Хæхтæ быдыртæн сæ сæрты,

Æмæ бæстæтæм кæсы:

Йемæ адæмты хæссы.

Афтæмæй йын уд дæр нæй

У æфсæн æмæ хъæдæй.

Хæдтæхæг.

144. Хиды йас - бургуыбын,

Мыстыты, кæлмыты

Рацахсы уæрмы.

Уызын.

145. Доны уалæ бады

Йе ккой хоры голлаг

Адæмы æфсады,

Йæхæдæг æххормаг.

Къуту, куырой.

146. Нæ гыццыл мыст

Рæнхъæй амад.

Нартхор.

147. Хæринаг ын нæ дæттынц,

Ехсæй йæ нæ тæрынц,

Афтæмæй хуым кæны,

Авд гутоны ласы.

Трактор.

148. Æнæ уыдæй цæуы хъæргæнгæ

Писмо.

149. Саби, ацы маргъы зоныс?

Уый у хъулон - мулон…

Гогыз.

150. Уарзы кæрты астæу кафын,-

Зæххыл базыртæ фæхафы,

Дидинджытау сырх - хъуыртæ

Сты йæ æйчытæ дзыгъуыртæ

Гогыз.

151. Зæххыл быры,

Йæхимæ никæй уадзы.

Калм.

152. Базыртæ йын ис

Фæлæ нæ тæхы,

Къæхтæ йын нæй,

Фæлæ йæ нæ баййафдзынæ.

Кæсаг.

153. Цъиу нæу фæлæ йын ис базыртæ.

Гæлæбу.

154. Базон - базон, циу?

Мыст у æви цъиу?

Ис ын къæхтæ, базыртæ,

Бырынкъ æмæ æдаргъ ныхтæ

Быргæ кæны, цæугæ дæр,

Мыстау кæны хæцгæ дæр.

Бон нæ тæхы, нæ уыны,

Æхсæвыгон фæзыны.

Хæлынбыттыр.

155. Йæ апп - æппаринаг,

Йæ цъар - даринаг.

Гæн.

156. А - ком, у - ком сырх хъуццытæ.

Уагъылытæ.

157. Ала - быза сыкъадзых.

Бабыз.

158. Нæ йæ хъæуы саргъ,

Йæхи саргъыл - уаргъ.

Теуа.

159. Сисы хуынкъ дæр ын уæрм у,

Æхсæв уыны, бон куырм у.

Хæлынбыттыр.

160. Зымæг нын буц у,

Йæ фæллад уадзы

Уалдзæг йæ роцъо

Зæххы ныссадзы.

Гутон.

161. Армы цæуы, уæрмы - нæ.

Зæлдаг.

162. Æнæ базыртæй тæхы,

Æнæ хъæлæсæй хъæр кæны.

Уад.

163. Æхсæв уыны, бон нæ.

Хæлынбыттыр.

164. Бирæ къæхтæ йын,

Афтæмæй быдырæй

Йæ синтыл хуысгæ æрбацæуы.

Похци.

165. Бастæй цæуы,

Æнæ бастæй нæ.

Къогъодзи.

166. Зымæг хæры ,

Сæрд- нæ.

Пец.

167. Гуыбыр, чысыл, фæлæ

Быдыртыл æрзилы.

Æхсырф.

168. Гакк Гогормæ уæсы.

Хъуг æмæ йæ род.

169. Дыууæ хохы астæу -

Урс дзæнхъа.

Уæлибæх.

170. Дыууæ æфсымæры разæй уайынц,

Дыууæ та сæ фæстæ сурынц.

Бричкæйы цæлхытæ.

171. 2 æфсады кæрæдзи цæгъдынц

Æмæ се `хсæн минæвар цæуы.

Дæндæгтæ æмæ æвзаг.

172. Зымæг - уæлгоммæ,

Сæрд - дæлгоммæ.

Гутон.

173. Иу галл мын ис,

Æмæ уый кæм схуыссы,

Уым кæрдæг нал æрзайы.

Зынг.

174. Иу мæ сæр, мæ сæр кæны,

Иннæ - мæ астæу, мæ сатæу,

Цæджындз æмæ

175. Уый ис хæдзары,

Æмæ уый куы нæ уа,

Уæд куырм сты æхсæвыгон.

Цырагъ.

176. Иу кæлмæрзæн мын ис,

Сур æй кæнын, сур æй кæнын,

Æмæ йын сур кæнынæн

Ницы фæразын.

Æвзаг.

177. Йæ сæрæй сæ скъуырдтой,

Йæ бынæй сæ æвæрдтой.

Пирæн æмæ къуымбил.

178. Йæ бырынкъ - æндон,

Йæ къæдзил - гæн.

Судзин æмæ æндах.

179. Кæдæм мæ фæнды,

Уырдæм фæтæздзынæн,

Æмæ мæ фаг ныхас фæкæндзынæн.

Чиныг.

180. Къæдз куыдз суры,

Хъуынджын куыдз.

Æхсырф æмæ кæрдæг.

181. Къахгæ къæдох,

Гæбына халас.

Царв.

182.Мин æфсымæрæн и урон.

Куырис.

183. Нæ гыццыл дада хос кæрды.

Сæрдасæн.

184. Нæ зæронд дада

Хуынчъытæ бандоныл бады.

Хосы мæкъуыл

185. Нæ зæххыл лæууы, нæ арвыл,

Афтæмæй пайда у адæмæн.

Мигъ.

186. 4 кæроны,

2 цалхы,

астæуæй - зæгæл.

Хæсгард.

187. Нæ фæскъул 2 даргъ хъæды.

Дзыккутæ.



  1. Сау бæхыл - сау барæг.

Аг æмæ рæхыс.

189. Сау хъуджы бын сырх род.

Аг æмæ арт.

190. Хох - къахыртæ,

Йæ ас - гыццыл,

Йæ куыст - бирæ.

Пирæн.

191. Фæззæг нæу, афтæмæй

Сæры магъз талынг кæны.

Арахъхъ.

192. Фæсхох куыдз амард -

Йе смаг ардæм ракалд.

Нуры.

193. Ам цъыкк, уым цъыкк

Ирæдоны æфцæгыл

3 цъыччы.

Зæрватыкк.

194. Армæй - арммæ.

Тъæпп - тъæбæртт

Чысыл арвæй

Мит фæкъæртт.

Сасир.

195. Рахизырдæм -сæпп -сæпп,

Галиуырдæм - тъæпп -тъæпп.

Згъоры, Тулы, уайы,

Никæд бафæллайы.

Къулы сахат.

196. Нæ урс уæрыччытæ нæ цæхджын цъайы

Нана сæм раæх курæг фæуайы.

Хæндыг.

197. Ничи йын ыскæнид аргъ,

Ахæм хæзна у зынаргъ.

Раст æвдадзы хос - лæгæн,

Æнæ уый иу уысм нæй цæрæн.

Уæлдæф.

198. Нæ уæлхæдзар - уæливых.

Мæй.

199. Райгуырд, цъитирæбын, хохы,

Къæдзæхтимæ бацыд тохы.

Кæммæ агæпп кодта рындзыл

Æмæ быдырмæ фæтындзы.

Суадон.

200. Нæ чысыл аджы хъæдуртæ тæлфынц.

Кæсæгтæ.

201. 2 калмы хæцынц æмæ

кæрæдзимæ нæ хæццæ кæнынц.

Æрфгуытæ.

202. Никуы зоны уый фæлайын,-

Гауызтæ уафгæ фæцæуы…

Рахауд - н асæдзæн йæ уæраг,

Базон….. Уый уыдзæн ……..

Хæлуарæг.

203. Базон - базон, уый та циу:

У нын сонты бонты иу.

Уарзæм æй, цæуы фæлтæрмæ.

У æмхиц хæдзар, уæтæрмæ.

Куы æнкъард вæййы, куы худæг,

Фæлæ - хцон хæссæн нæ удæн.

Адæм дзы фæтæхынц маргъау….

Базон - базон, уый у………

Аргъау.

204. Хурау хъарм у, хурау уарзон,

Уæдæ чи у уый ды базон,

Уый номæй фæхæрæм ард …

Уый у, уый ….

Гыцци нæ мад.

205. Æфсæнæй йæ - ком,

Нæ хосдзау - йæ ном,

Кæй нын у æмкусæг,

Уый нæу, мæ хур сусæг.

Йæ фæрцы нæ фос

Фæхæрынц цъæх хос, йæ кой уæм æрцæуæд,

Уыдзæн уый нæ …..

Цæвæг.

206. Сæрмæ хъулæттæ нæ хæссы,

Махмæ иу цæстæй фæкæсы,

Æмхуызон нæ фæтавы,

Æмхуызон нæ рæвдауы, схъарм дзы вæййы дур.

Уый у, фæлæ ….

Хур.

207. Хуыцауæй Цопан рахаудта, æмæ йæ кæрц уым баззад.

Æнгуз.

208. Махмæ иу къæз - къæдзой ис,

Кусынæй йын нæй æфсис:

Иу уысммæ ркæрды куырис,

Аходæнмæ - хуымы мбис.

Разындкæрдджытæн сæ цырв,

Базыдтад æй: уый у ….`

`хсырф.

209. Лыг æй кодтам кардæй,

Нæ баззад уыгардæй ,

Нæ фæци хъæн дæр,

Цы уыдзæн уæддæр?

Цы хуыйны йæ ном?

- уый уыдзæни

дон.

210. Æхсæв мæ бон нæ зоны,

Афтæмæй æзгъоры.

Ис ын нымайæн фат

Уый та у сахат…

Сахат.

211. Бон изæрмæ фæкафы æмæ изæр сывæрджынæй æрцæуы.

Æлхуый.

212. Фæстейы - гуыбын, разæй - чъылдым.

Зæнг æмæ йæ хæцъæф.

213. Хъæды цæф, æмæ дур зилы.

Куырой.

214.Дыууæ дуры кæрæдзиуыл рыг калынц.

Куыройы фыдтæ.

215.Зымæг хæры , сæрд - нæ.

Пец.

216. Æдзух хæры æмæ тындзы афтæмæй никуыдæм хæццæ кæны.

Куырой.

217.Æртæ æфсымæрын иу нымæт худ уæлдайджынтæй æххæсы.

3 къахыг ирон тымбыл фынг.

218. Гыв -гыв кæны афтæмæй хæдтæхæг нæу.

Цъил.

219. Чи мæ фæбæгънæг кæны уый йæ цæссыг фæкалы.

Хъæдындз.

220. Цæуы, цæуы æмæ никуыдæм хæццæ кæны.

Цæугæдон.

221. Михы уæлæ сыгъдæг сæр.

Æхсынæн.

222. Сæрдæй зымæгæй иухуызон дарæс.

Заз бæлас.

223. Йæ сахат нæ фæразы, афтæмæй адæмы афоныл райхъал кæны.

Уасæг.

225. Тæхгæйæ дæр нæ дзуры куы æрбады - уæд дæр уалдзæджы та цæугæ дон фесты.

Мит.

226. Дур æй цыргъ фæкæны кæрдæг - халгæ.

Цæвæг.

227. Иу раъгыл цæрынц дыууæ хорз æфсымæры æмæ кæрæдзийы нæ уынынц.

Фындз æмæ цæстытæ.

228.нæ уаты фæсдуар ног чындз алæууы, стæй та къуымты æфснайы.

Ног цъылын.

229. гыццыл цъæх цъиу у, уый, афтæмæй йæ зæланг, хъуысы мингай хъæлæстæй.

Булæмæргъ.

230. Цæвынц æй æмæ нæ кæуы

Фæлæ ноджы хъæлдзæгдæрæй схъиуы.

Пурти



  1. 5 галы урс быдыры хуым кæнынц сау мыггаг тауынц.

Къух æмæ тетрад



232. Нæу цыма фыдгæнæг,

Уыйау йæхи дары

Афтæмæй нæ уадзы

Иунæг карк хæдзары.

Рувас



  1. Мæргътæн уазалы у зын,

Æмæ хъарм бæстæм тæхынц

Адæм бафснайдтой тыллæг

Æмæ ралæууыд фæззæг

Фæззæг



  1. Æххормагæй æмму кæны

Æфсæстæй сынæр цæгъды,

Æппæт сывæллæттæн æхсыр дæтты.

Хъуг



  1. Сæрд хæрдмæ рæзы

Зымæг та бынмæ

Кæрдæг



  1. Арвæн йæ цæстытæ

Зæххæн йæ сой

Фæлмæн къæвда



  1. Уалдзæджы хъармы сæхи алы

Дарæсы сфæлындынц,

Фæззæджы уазæлтты сæ аппарынц

Бæлæстæ



  1. Хъарм фæлмæн кæрц дары

Къонайыл хуыссы

Аргъæуттæ мысы

Гæды



  1. Маргъ нæу афтæмæй тæхы,

Хæдзар нæу, афтæмæй дзы адæм æнцад бадынц.

Хæдтæхæг



  1. Гыццыл цыбырзæнг,

Зæхх айгуырзта,

Æмæ сырх худ ссардта.

Зокъо



  1. Æрхауы агæпп кæны,

Ныццæв æй не скæуы

Пурти



  1. Йæхæдæг сырх адджын

Йæ хæдон цъæх

Харбыз

241. Æнæ фæрæт хид аразы

Уазал

242. Урс ыссад - фыдуазал

Хуры тынтæй адзал

Мит

243. Уартæ къудзиты ныхъус,

Цъус йæ сæр фæзыны:

Ракъуыпп, радымсти йæ рус -

Фæрвы цъар æхсыны

Тæрхъус

244. Нæ дынджыр уæлхæдзары - цæхæрæй хуртауæн,

Йæ астæу хæбизджыны æрдæг

Ирд арвыл стбылытæ æмæ ног мæй.

245. Уырызмæгыл фондзæссæдз хæдоны

Къабускъа

246. Чысыл дурыны урс нæмгуытæ

Нас.

247. Пъолы бын цæры,

Гæдыйæ тæрсы

Мыст

248. Кæрты цæры

Хæдзар хъахъхъæны.

Куыдз.

249. Уынджы урс хох,

Хæдзары та дон фесты.

Мит

250. Урс - урсид гæлæбутæ

Зæхх æрæмбæрзтой.

Мит

251. Нæхи Цъомахъыл

Зыгъыммæ кæрц.

Фыс.

252. Урс - урсид у ,фæлæ мит нæу.

Сæкæр.

253. Дзыхы тайы,

Фæлæ уазал нæу.

Сæкæр

254. Йæ хъустæ та!

Йæ хъустæ!

Сæрæй стыр дæр.

Тæрхъус.

255. Судзины къуыбылой

Къудзийы бын бадтис,

Стæй хъæдмæ ацыдис.

Уызын.

256. Уарзы мыд, цæры хъæды,

Зымæг фынæй кæны.

Арс.

257. Хæры тæрхъусты,

Родты, фысты!

Ниуы!

Бирæгъ.

258. Давы кæрчытæ

Афтæмæй та хъæды цæры.

Рувас

259. Мыстытæ ахсы,

Нанайы ффарсмæ хуыссы.

Гæды.

260. Дыргътæ хæры

Судзинтæй кæрц дары.

Уызын

261.Хонынц æй хъилхъус.

Тæрхъус.

262. Цæхæры кæфой нæ уæлхæдзары,

Тæмæнтæ калгæ бæрæг фæдары.

Æхсæвы арв : мæй æмæ стъалытæ.

263. Даргъ лæгæн-

Цыбыр рон.

Фæуайæм ыл

Æрвыл бон.

Доны хид.

264. Йæ уынд у рæсугъд.

Бæмбæгау - пух

Æрмæст дзы уазал

Фæкæны къух.

Мит

265. Мит кæд фесты иууыл дон

Æрдз кæд ыскæны хæдон

Ног цъæх дарийæ?

Уадзæг.

266. Талынджы уыны,

Рухсы нæ.

Уыг.



267.. Æнæ фæрæт,

Æнæ дзæбугæй,

Хæдзар скæны.

Цъиу.

268.Æфсæн галæн

Бæмбæг къæдзил.

Судзин æмæ æндах.

269. 4 æфсымæрæн

1 нымæтхуд

Стъол

270.Æнæ дуар, рудзынг,

Афтæмæй та йе дзаг.

Харбыз.

271. Æнæ къах, æнæ къух,

Афтæмæй дуар бакæны.

Дымгæ.

272. Æнæ къахæй цæуы,

Йæ къухæй рæстæг амоны.

Сахат.

273. Бон дæр цæуы

Æмæ æхсæв дæр.

Дон.

274. Сæрдæй, зымæгæй

Нæ бæлас иу дарæсы.

Заз.

275. Рæсугъд чызг йæхæдæг зæххы бын ис,

Йæ дзыкку та - уынджы.

Цæхæра.

276. Зынг нæу

Афтæмæй судзы.

Пысыра.

277. Асиатыл авд кæрцы

Чи сæ ласы, уый кæуы.

Хъæдындз.

278. Кæрдæг йæ халæг

Дурр йæ цыргъгæнæг.

Цæвæг.

279. Нарты уырызмæгыл -

12 фырты æмæ 4 чызджы.

Мæйтæ æмæ афæдзы афонтæ.

280. Ленк кæны бæрзондбцъæх арвыл

Ирд цæстæй фæлгæсы дардыл

Мидбыл худы уый æрмæст,

У йæ цинæй дуне фсæст,

Фæлæ йæм нæ лæууы цæст.

Хур.

281.Ис ахæм карк нæ зæххыл,

Къуыртт рауадзы дæлдзæхы.

Картоф.

282. Доны мидæг æгас у

Сурыл - мард.

Кæсаг.

283. Дзургæ нæ кæны,

Афтæмæй адæмæн зонд амоны.

Чиныг

284. Æнæ къухтæ,

Æнæ къæхтæ,

Афтæмæй алы бæстæм цæуы.

Пъисмо.

284. Нæ гыццыл арвæй мит уары.

Сасир.

285. Уæлæ нæ цары

Цæхæры арынг

Цæхæры астæу

Гуыдыны æрдæг.

Мæй

286. Синæг хизы

Æмæ род нæрсы

Нас.

287. Сæрд - уæлæмæ,

Зымæг - дæлæмæ.

Кæрдæг

288. Æнæ артæй фыцы.

Чъыр доны.

289. Йæ сæр - хырх

Йæ дымæг æхсырф.

Уасæг.

290. Хызыны мидæг, бур фæрдыг.

Айчы бур.

291. Йæхи дæр нæ ахсы,

Афтæмæй мыстытæ ахсы.

Гæды.

292. Нæ рæйы, нæ хæцы,

Фæлæ хæдзармæ нæ уадзы.

Гуыдыр.

293. Æнæ рудзынг, æнæ дуар,

Бинонтæй у дзаг хæдзар.

Хæдзар.

294. Дунейы æппæт диссæгтæ - иу æфснайдуæзæгыл фыст.

Чиныг.



295. Иухатт дыууæ хаты

Демæ фæхыл дæн

Цау сæ нымæц

Æдæппæт йæ хылтæн

Дыууæ.

296. Рагъыл бабызтæ дзыгъыр, -

Фондз хъулон иу дзыгъыр

Иу сæнт урс у, иу сæнт сау -

Банымай ма сæ фæлтау.

Аст

297. Хурмæ комкоммæ кæсы

Æмæ йемæ зилы

Сойджын зети нын дæтты

Гал та змых æууилы.

Æхсынæн.

298. Къалиуæй къалиумæ гæппытæ кæны йæхи рæвдауы цырд,

цæрдæг, афтæмæй цъиу нæу.

Æхсæрсæттæг.

299. Зылын мылын кæдæм цæуыс.

Къæдзтæ - мæдзтæ нæ мæ уадзыс.

Дон .

300. Нæ йын къухтæ ис ,

нæ йын къæхтæ

афтæмæй дуæрттæ хойы,

рудзгытæ тоны,

уынгтæ мæрзы алы взагæй уасы.

Уад дымгæ.

301. Маргъ нæу, афтæмæй æврæгъты тæхы,

хæдзар нæу, афтæмæй дзы адæм æнцад бадынц.

Хæдтæхæг.

302. Нæ йæм фæрæт æмæ хырх вæййы нæ - дзæбуг æмæ аркъау,

афтæмæй уæладзыг хæдзæрттæ аразы.

Зæрватыкк.

303. У йæ кæрц хæмпус

Даргъ йæ рихи даргъ йæ хъус.

Тæрхъус.

304. Бон хъус вæййы æхсæв хъуыр - хъуыр кæны хæдзармæ чи цæуы,

уый хицауæн хъусын кæны.

Куыдз.

305. Уæртæ къудзиты ныхъус

Цъус йæ сæр фæзыны.

Фæкъуыпп, радымсти йæ рус

Фæрвы цъар æхсыны.

Тæрхъус.

306. Дæс фыртæй фондз фаззæттæ.

Къухы æнгылдзтæ.

307. Саухъæды астæу - иунæг бæрз бæлас.

Сæры урс æрду.

308. Доны бын ныббыры,

Хи дзы найы хорз

Кæсæгты ныхъуыры -

Афтæ кæны ….

Морж.

309. Хъазы цъиутæй иу у сыл,

У йæ чысыл сæр ныхсыл,

Нæл бабитæ сты æхсæз,

Сфидыдта сæ цады фæз,

Доны куыроймæ йæ цавд!

Цъиутæ сты æдæппæт…

Авд.

310. У сæры хуызæн тымбыл

Ис ын адæймагау хъуыр

Гоппыты йæхиуыл бары,

Афтæмæй дзы иу нæ дары

Базон ма йæ мæ хур ныр

Уый у худтындзæн.

Къуыбыр.

311. Размæ - къуыпп чъылдым, фæстæмæ - лæбæз гыбын.

Зынг.

312. Дзурын уарзы

Хъусын нæ.

Радио.

313. Хуылы - мылы - сырды фæдтæ

Нысалдысты хæл -хæл дæттæ,

Гæртт - гæртт кæнынц æргъæвст мæргътæ

Зæу -зæуæг мит - хъæпæн уæргътæ.

Афæдзы мæйтæ.


  1. Цæст цыдæриддæр уыны уыдонæй алцæуылдæр

Фидауы.

Ном.

315. Зæххы цъарыл гуыбын хафы,

Афтæмæй зыррытæй кафы.

Æлхуы

316. Къæдз йæ къæбут

Цыргъ йæ ком

Базон ма куыд у йæ ном.

Цъалды.

317. Кафы уаты къуымты сиры -

Гауызтæн сæ рыгтæ цъиры

Рыгæмбырдгæнæн.

318. Фæлидзы йæ фæдыл ласы

Хъуымац хъуымацыл ныхасы.

Судзин.

318. Дидинæгтæй чи сдары митæй йæ сæр.

Малусæг.

319. Йæ къæсæрæй æддæмæ нæ хизы афтæмæй алырдæм

фæндæгтæ амоны.

Æвзаг.

320. Чидæр сарæзта цыдæр

Амад къултæ амад сæр

Дымгæ йыл нæ уадзы рыг

Хæлы хи дурæй ……

Мæсыг.

321. Рæмпæгæй мæнтæгæй

Чи зайы хуымы?

Чи хæры фæсмынтæ

Сусæгæй къуымы.

Рæмпæг хæры мæнтæг зайы.


322.Хъарм фæлмæн кæрц дары

Къонайыл хуыссы

Аргъæуттæ мысы.

Гæды

323. 5 галы урс быдыры хуым кæнынц сау мыггаг тауынц.

Къух æмæ тетрад.







© 2010-2022