Разработка урока по осетинскому языку: Æрдз – нæ дарæг, не сфæлдисæг

      Урок по осетинскому языку на тему "Природа Кавказа". Бакæсут æмбисæндтæ æрдзы тыххæй. Цæуыл нæ ахуыр кæнынц?   Зæхх æрдзæн йæ мад у, хур та – йæ фыд. Зæххы фарн адæмы фарн у.      -   Арвæй зæххы ’хсæн цыдæриддæр ис, уыдонæй цы нæ хъæуы, ахæм нæй.       Дзырд  цыдæриддæр  дзырдарæзтон æвзæрст скæнут. Ссарут мивдисæг æппæрццæг хайыгимæ. Бацамонут ын йæ нысаниуæг.  
Раздел Биология
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Æрдз - нæ дарæг, не сфæлдисæг.


1. Бакæсут æмбисæндтæ æрдзы тыххæй. Цæуыл нæ ахуыр кæнынц?


  • Зæхх æрдзæн йæ мад у, хур та - йæ фыд.

  • Зæххы фарн адæмы фарн у.

- Арвæй зæххы 'хсæн цыдæриддæр ис, уыдонæй цы нæ хъæуы, ахæм нæй.

Дзырд цыдæриддæр дзырдарæзтон æвзæрст скæнут.

Ссарут мивдисæг æппæрццæг хайыгимæ. Бацамонут ын йæ нысаниуæг.

2. Бакæсут ирон æмæ уырыссаг поэтты æмдзæвгæтæй ист рæнхъытæ æрдзы тыххæй. Зæгъут, цы сæм ис иумæйагæй, цæмæй хицæн кæнынц.

1).Нæ урс хæхтæ, нæ тар хъæдтæ,

Нæ хъал дæтты хъæлæс,

Нæ зад хуымтæ, нæ быдыртæ,

Нæ дидинæгджын фæз,

Кæм хъазыдтæн æз сабийæ,

Кæм рæзыдтæн æдас, -

Мыггагмæ дæр сымахимæ

Мæ зæрдæ баст у, баст.

(Кочысаты М.)

2). Синее небо, цветная радуга,

Тихо степные бегут берега. (С.Есенин)

3). Черемуха душистая с весною расцвела

И ветви золотистые, что кудри, завила. (С.Есенин)

4). Заколдован невидимкой,

Дремлет лес под сказку сна,

Словно белою косынкой

Подвязалася сосна. (С.Есенин)

5). Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы, -

Лæджы æмбæрц æруары мит;

Æфцæгæй коммæ уад дзыназы;

Их доныл саразы йæ хид. (Хетæгкаты Къ.)

6). Уж небо осенью дышало,

Уж реже солнышко блистало,

Короче становился день.

Лесов таинственная тень

С печальным шумом обнажалась,

Ложился на поля туман,

Гусей крикливых караван

Тянулся к югу: приближалась

Довольно скучная пора … (А.С. Пушкин)

7).Фæззæг ралæууыд йæ рады,

Бон æнкъардхуызæй кæсы.

Дымгæ сау мигътæ цæгатæй

Хуссармæ хæссы. (Нигер)

- Æрдзы афонтæй цавæртæ æвдыст цæуынц æмдзæвгæты?

3. Уырыссаг литературатурæйы æрдзыл фыст æмдзæвгæтæй уæ зæрдæмæ тынгдæр кæцы цæуы, уый радзурут. Иронау ын йæ хъуыды бамбарын кæнут.

4. Фыццаг цæджындзы дзырдтæм дыккаг цæджындзы дзырдтæй антонимтæ ссарут. Семæ саразут дзырдбæстытæ.

Бæрзонд уæрæх

хъæлдзæг ныллæг

нарæг цыбыр

сыгъдæг æнкъард

уазал хъарм

даргъ тагъд

сындæг чъизи

5. Хуызæгмæ гæсгæ дарддæр ахæццæ кæнут цæсгомон номивджытæ æз, ды, уый-ы тасындзæг.

Хуызæг: Н. чи? цы? æз, ды, уый.

Г. кæй? цæй? мæн (мæ), дæу (дæ), уый (йæ).

Д. кæмæн? цæмæн? мæнæн (мын),дæуæн (дын), уымæн (йын,ын).

Къæлæтты лæвæрд дзырдтæй пайда кæнгæйæ, номивджыты æлвæст формæтимæ хъуыдыйæдтæ саразут.

(дидинджытæ, мигътæ, кæсын, цæуын, лæууын, райсын, æрбацæуын, дзурын)

6 . Нывтæм гæсгæ, лæвæрд дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæй пайда кæнгæйæ, баххæст кæнут хъудыйæдтæ. Раст спайда кæнут цæсгомон номивджыты æлвæст формæтæй.

Æвæццæгæн, æрдзæй рæсугъддæр ницы ис! Адæймаджы йæхимæ 'лвасы, стыр удæнцой æмæ (уымæн) æхсызгондзинад хæссы.

Мæнæ Кавказы æрдзы ныв. Дæ зæрдæмæ цæуы? Бакæс-ма, куыд аив у! Дардмæ зынынц … … . Æрттивынц … … . Хохаг … … зард мæ хъустыл уайы. Æнкъарын (уымæн) йæ уазал доны улæфт.

Ам ис … …, … … . Хæхты фæхстыл зынынц …, зайы (уыдоныл) … … ,… . Эх, ныр уыцы цъæх нæуыл фест! Алæуу … … æмæ дæлæмæ ракæс. Цæргæсау фæкæсин мæхимæ.

Ацы дыууæ нывы та æвдисынц уырыссаг æрдз. Зæрдæ райы (уыдон) уындæй, алыхуызон рæсугъд æнкъарæнтæ гуырын кæнынц.

Нæ разы … … æмæ … … . … … хоны атезгъо кæнынмæ. (Уый) фæлмæндзинад (уымæн) æнкъарын.

Уæздан чындзау … … раз лæууы … … . Куыд рæсугъд, куыд аив у (уый) уынд! Цымæ цæуыл … …? Кæд (ууыл) абон цы дыууæ сырддонцъиуы абадт, уыдоны … … мысы? Чи зоны.

Сæрдыгон изæр. Хур сындæггай æрныгуылы. Бæстæ æрсабыр. Æрмæстдæр ма хъуысы … … зард æмæ сабыр цады … … . Эхх, ныр уыцы цады дæхи анай! Æмæ (уый) дон уазал куы уа, уæд та? Нæ, изæрыздæм ахæм сабыр малы дон тынг … … . Исты хохаг цæугæдон у? Иудадзыг дæр размæ чи тындзы.

Ахæм нывтæ фенгæйæ, зæрдыл æрбамбæлы ирон æмбисонд: «Æрдзы мидæг алцы дæр рæсугъд у».

(Бæрзонд хæхтæ, хъæлдзæг цæугæдæттæ, нарæг дурджын къахвæндæгтæ, урс æхсæрдзæнтæ, цъититæ, сыгъдæг уæлдæф, уыгæрдæнтæ, алыхуызон дидинджытæ, нарæг ком, къардиутæ, айнæджы был;

уæрæх быдыртæ, æнцад цад, бæрз бæлас, бæрзонд кæрдæг, ныхъхъуыды кодта, алыхуызон бæлæстæ, хъæлдзæг цъыбар-цъыбур, доны был, цъырцъыраджы дæргъвæтин, æгæрон арв, кæсæгты цъыллинг, схъарм вæййы).

- Нывгæнджытæ куы уаиккат, уæд цæмæй фæхъæздыгдæр кæниккат ацы нывтæ? Цы ма сæм бафтауиккат?

7. Раст бакæсут дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ. Къæлæтты лæвæрд дзырдтæй раст пайда кæнгæйæ, семæ саразут цалдæргай дзырдбасты.

Зæххы гæппæл - клочок земли

цæст ахæссын - оглянуться вокруг

фаг аргъ нæ кæнын - не достаточно ценить

æвидауц - некрасивый

æвдисæн уæвын - быть свидетелем

февзæрын - очутиться

(стыр, нæ, æгъдау, алыварс, цард, ныййарæг, хъуыддаг, хæхтæ, чысыл, хъæд, денджыз, рæсугъддзинад, райгуырæн бæстæ, бакаст, фыдракæнд)

- Дзырдтæм æмæ дзырдбæстытæм синонимтæ ссарут.

8. Бакæсут текст.

Иуæй-иу хатт, цы ран цæрæм, ацы стыр дунейæ нæм цæрынæн цы гыццыл зæххы гæппæл æрхауд, ууыл мæ цæст куы ахæссын, уæд мæм афтæ фæкæсы, цыма йын фаг аргъ нæ кæнæм. Нæ хæхтæ, нæ дæттæ, нæ хъæдтæ, нæ сырдтæ …

Дайраны 'рдæм акæс, уæд арвыл иу мигъы къуыбар нæ фендзынæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Хъазыбеджы хох хæхты сæр у, фæлæ иннæтæ дæр æвидауцдæр не сты. Тъæпæн хох фыдуынддæр нæу. Æрмæст дардæй кæсгæйæ дæр адæймаг йæхи хъæздыг рахоны, ахæм бæстæйы кæй цæры, уымæй. Хæхтæм куы бацæуай, уæд та ноджы диссагдæр нывтæн уыдзынæ æвдисæн. Комы февзæрынæн та бирæ рæстæг нæ хъæуы.

(Дзасохты Музафермæ гæсгæ)

Дзуапп раттут фæрстытæн:

1). Цавæр у тексты сæйраг хъуыды?

2). Цæмæн зæгъы автор «Æрмæст дардæй кæсгæйæ дæр адæймаг йæхи хъæздыг рахоны, ахæм бæстæйы кæй цæры, уымæй»?

3). Цæмæй бæрæг у, автор йæ райгуырæн бæстæйæ сæрыстыр кæй у, уый?

4). Куыд хуыйны уырыссагау Дайраны ком? Цы зонут ацы комы тыххæй? Ирон нывгæнджытæй йæ чи равдыста йæ куысты?

5). Тексты ссарут вазыгджын хъуыдыйæдтæ. Раст хъæлæсы уагæй сæ бакæсут. Зæгъут, куыд арæзт сты.

6). Рафыссут мивдисджытæ, сбæрæг сын кæнут сæ формæтæ (афон, цæсгом, нымæц, здæхæн).

7). Ставддæрæй фыст дзырдтæ дзырдарæзтон æвзæрст ракæнут. Цы ис иумæйагæй сæ дзырдарæзты?


  1. Диалог аив каст бакæнут.

Коля: Хуыцаубоны лæппутимæ хæхбæсты уыдыстæм. Куырттаты комы.

Ацæмæз: Тæхуды, уым чи фесты ныртæккæ!

Коля: Ды дæр бирæ уарзыс хæхтæ?

Ацæмæз: Тынг бирæ. Мæнæй фылдæр та сæ мæ фыд уарзы. Уый уæллаг

Зджыды схъомыл ис.

Коля: Æз уым никуыма уыдтæн, фæлæ йæ тынг рæсугъд хонынц.

Ацæмæз: Фарон мæ мæ фыд аласта Зджыдмæ. Куыд рæсугъд дзы у, уый

зоныс?! Æрмæст æм æвзæр фæндаг ис, нæ машинæ тыххæй ссыди.

Коля: Дæ зæрдæмæ дзы фæцыд?

Ацæмæз: Куыд нæ! Хæхты цъуппытæ æрттивынц, æхсæрдзæнтæ урс

æхсырау дардмæ зынынц. Æмæ дзы цы рæсугъд дидинджытæ ис,

уый та! Æрмæст дзы æз тонгæ не 'ркодтон. Нæ уарзын тынд

дидинæг. Тæригъæд мæм кæсы.

Коля: Æмбарын дæ. Куы ма цæуат уæллаг Зджыдмæ, уæд-иу мын зæгъ.

Кæд æз дæр уемæ ацæуин.

-

Радзурут, цавæр рæсугъд нывтæ ма фенæн ис хæхты. Уæ ныхас саразут диалоджы хуызы. Ныхас кæнгæйæ пайда кæнут мивдисджытæй æппæрццæг хайыгтимæ.

10. Бакæсут текст. Цавæр æппæрццæг хайыг цухгонд æрцыд хъуыдыйæдты?

Хæхбæсты хур зæхмæ хæстæгдæр у, стъалытæ афтæ ирд … æрттивынц, дымгæ æндæр хъæлæсæй зары, æхсæрдзæны хъазт æндæр … фендзынæ. Хæххон дидинæгæн æрмæст хæххон дидинæгимæ ис абарæн. Цæугæ мæсгуытыл хæхбæсты йеддæмæ … сæмбæлдзынæ.

(Цæгæраты Максим)

11. Бакæсут дзырдбæстытæ. Афæдзы афонтæй кæцыйы æрфыст æвдисынц? Цæмæй бæрæг у?

Æнкъард хъæд, ирд ахорæнтæ, зилдух кæнгæйæ хауынц зæхмæ, сабыр æрдз, къæхты бын сыбыр-сыбур кæнынц, хърихъуппыты бал, хус кæрдæг.

12. Цавæр дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæй баххæстгæнæн ис хъуыдыйæдтæ?

Фæззыгон хъæды вæййы …

а) хъæлдзæг

æ) æнкъард

б) сабыр

в) талынг

Бæлæсты сыфтæртæ фæззæджы …

а) сбур вæййынц

æ) къæхты бын сыбар-сыбур кæнынц

б) фæцъæх вæййынц

в) зæхмæ фæхауынц

Фæззæджы хъæды цæрæгойтæ … … .

а) хæринагæй æвæрæнтæ фæкæнынц

æ) сæхи зымæгмæ сцæттæ кæнынц

б) сæ хуыггæмттæй рацæуынц

Хъæды мæргътæй бирæтæ фæззæджы

а) хъарм бæстæм атæхынц

æ) балгæйттæй æрбамбырд вæййынц

б) ахстæттæ фæаразынц


  1. Бакæсут текст. Ратæлмац æй кæнут ирон æвзагмæ. Равзарут хуыздæр тæлмац.

Особенно красив и печален лес в ранние осенние дни. На золотом фоне пожелтевшей листвы выделяются яркие пятна раскрашенных листьев кленов и осин. Медленно кружась в воздухе, падают с берез пожелтевшие легкие листья. Тихо в осеннем лесу. Шелестит под ногами опавшая сухая листва. Тонко просвистит рябчик, прокличут высоко в небе пролетающие косяком журавли.

(И.Соколов-Микитов)

! Бахъуыды кæнут бæлæсты нæмттæ:

Береза - бæрз

клен - тæгæр

осина - гæдыбæлас;

цъиуты нæмттæ:

рябчик - дзыгъуыргарк

журавль - хърихъупп

14. Нывтыл æнцой кæнгæйæ, лæвæрд райдайæнтæй иумæ гæсгæ саразут хъæды æрфыст.

1). Хъæд æппæтæй рæсугъддæр вæййы фæззæджы.

2). Цы ма ис зымæгон хъæдæй аивдæр!

3). Уалдзæджы хъæд райхъал вæййы.

4). Сæрды адæймаг хъæдмæ цæмæн фæтырны, уый зоныс?

Пълан.

  1. Цавæр у хъæд дардæй кæсгæйæ?

  2. Хъæдмæ бацæуæн.

  3. Хъæды бæлæстæ, дидинджытæ, зайæгойтæ.

  4. Хъæды цæрджытæ: сырдтæ, мæргътæ.

  5. Цавæр у уæлдæф?

  6. Хъæды мæ зæрдæмæ тынгдæр цы цæуы?

  7. Хъæды хи куыд дарын хъæуы?

  8. Цæмæн уарзын фæззыгон (зымæгон, уалдзыгон, сæрдыгон) хъæд?

Дзырдтæ спайда кæнынæн:

Бæлæсты зæнгтæ, ранæй-ран, малусæг, дардмæ зынын, къуыбар æфтауын, фыццаг дидинæг, миты бын;

дардмæ хъуысын, рог дымгæ, бæласы мæра, хъæлдзæг, хъæды цæрджытæ, дидинджытæ, цъиуты зард;

бæлæсты сыфтæртæ, хъулон-мулон, æнкъардхуыз, сабыр, цæугæдон, згъæлын, сыбар-сыбур кæнын, къæхты бын, дардмæ æрттивын, алыхуызон ахорæнтæ, ныллæг тар мигътæ;

чындзытау, рагæпп-багæпп кæнын, къудзиты бын, сырдты фæдтæ, бæлæсты цъуппытæ, миты уæзæй, сыгъдæг уæлдæф.

15. Бакæсут æмбисæдтæ. Бамбарын сын кæнут сæ хъуыды.

Давæггаг фарсыл нæ хæцы.

Давын лæгдзинадыл нымад никуы уыд.

Гæды æмæ мæнгарды къах цыбыр у.

Рæстдзинад кæмæн цæф у, кæмæн - цæсты рухс.

Æвзæргæнæг æвзæр мардæй мæлы.

16. Бакæсут. Зæгъут, цавæр æвзæр миниуæджы кой цæуы тексты.

Аргъау.

Раджы заман хъæды бæлæстæ уыдысты иухуызон æмыйас. Нæ уыди се 'хсæн бæрзæндтæ æмæ ныллæджытæ.

Иуахæмы дын бæстæ куы бахус уаид. Фесæфтысты мигътæ, бахус сты цæугæдæттæ æмæ суадæттæ. Сырдтæ, иннæ цæрæгойтæ æмæ бæлæстæ æнæ донæй хъизæмар кодтой. Æрмæст ма иу суадон тæнæгæй сыр-сыргæнгæ хаста йæ улæнтæ кæдæмдæр. Йæ разы æртымбыл сты бæлæстæ.

Тархъæды хистæр Тулдз рахаста уынаффæ: «Дон æмхуызон дих кæнæм не 'ппæты æхсæн». Иууылдæр ууыл сразы сты. Равзæрстой сæхицæй иу æмæ уый дон барстæй лæвæрдта иннæтæн. Афтæ цардысты, хуыздæр замантæм æнхъæлмæ кæсгæйæ.

Фæлæ уарæгæй цы бæлас сæвæрдтой, уый йæхи нал баурæдта: амбæхста-иу сусæгæй дон, йе 'мбæлттæн-иу къаддæр авæрдта.

Афтæ цас рæстæг аивгъуыдта, чи зоны. Фæлæ иу хатт бæлæстæ фемдзаст сты, сæ донуарæг бæрзонд кæй фæцыды, йæ къабæзтæ арвы тыгъдадмæ кæй айгæрста æмæ арвыл кæй æндзæвди, уымæ.

Уæдмæ хæхты цъуппытæй мигътæ æрбахъуызыдысты. Фемæхст тæркъкъæвда. Айдзаг сты донæй хус дзыхъхъытæ, донвæдтæ, райхъуыст хъæлдзæгæй суадæтты уынæр.

Бæлæстæ бамбæрстой се 'мбалы хиндзинад, фæлæ сын нæ басасти. Æмæ йæ уæд схуыдтой гæдыбæлас.

Ныртæккæ дæр ма акæсут - сæхимæ йæ æввахс нæ уадзынц. Хъæды астæу иу гæдыбæлас дæр не ссардзынæ.

(Тедтаты Эльбрус)

Хæслæвæрдтæ текстмæ:

1. Цавæр у текст йæ хуызмæ гæсгæ? Цæмæй бæрæг у?

2.Цавæр орфограммæтæ æмбæлы тексты? (зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонты растфыссынад, дæргъвæтин æмхъæлæсонты растфыссынад).

3.Фæйнæгмæ рахæссын, равзарын сæ растфыссынад: æмыйас, се 'хсæн, цæугæдæттæ, уылæнтæ, аивгъуыдта, айгæрста, æндзæвди, тæрккъæвда, гæдыбæлас.

4. Бацамонын æнгом дзырдбæстыты нысаниуæг: хъизæмар кодтой, рахаста уынаффæ, йæхи нал баурæдта, фемдзаст сты, бæрзонд фæцыди, сæхимæ йæ æввахс нæ уадзынц.

5. Хъуыдыйæдтæ синтаксисон æвзæрст ракæнын:

1). Афтæ цас рæстæг аивгъуыдта, чи зоны.

2).Фæлæ уарæгæй цы бæлас сæвæрдтой, уый йæхи нал баурæдта: амбæхста-иу сусæгæй дон, йе 'мбæлттæн-иу къаддæр авæрдта.

3). Ныртæккæ дæр ма акæсут - сæхимæ йæ æввахс нæ уадзынц.

6.Текстæн пълан саразын.

7. Аргъауæн сæргонд æрхъуыды кæнын.

8. Хæдзары:

1) ныффыссын сочинени «Гæдыйы къах цыбыр у» (хъуыды-тæрхæттæ),

2) ссарын тексты сæйраг хъуыдыимæ баст æмбисæндтæ.

17. Цавæр бæлæстæ зайы хъæды?


Мæцкъор - плющ

тулдз - дуб

айнæг - скала

тасын - сгибаться

уад - вихрь, буря

гæбаз - кусок

талатæ - саженцы

атыхсын - обвиться

18. Бакæсут текст.

Тулдз æмæ Мæцкъор

Айнæг къæдзæхау æнæ тасгæ лæууыди хъæды астæу зæронд Тулдз. Бирæ къæвдатæ æмæ хуртæ, бирæ уадтæ æмæ зилгæ дымгæтæ федта уый йæ царды бонты. Уады цæфтæй йæ алыварс æндæр бæлæстæ гæбазгай фæйнæрдæм хаудтой, фæлдæхтысты бындзарæй. Уыдон-иу уайтагъд азæронд сты, ахаудтой-иу æмæ сæ бынæтты æвзæрыдысты ног талатæ. Фæлæ тулдз лæууыди æмæ лæууыди, царди æмæ царди, кæд райгуырди, цалæм сæдæ азы йыл цыди, уый йæхæдæг дæр нал зыдта.

Иу уалдзыгон бон йæ хæд разы суади зæххæй Мæцкъор, иу къорд бонтæм ыл атыхсти æмæ уæлæмæ цæуыныл фæци.

-Кæс дæхимæ, Тулдз, фæсурын дæ! - фæхъæр кодта Мæцкъор.

Тулдз ницы сдзырдта.

Мæй дæр нæ рацыди, афтæ Мæцкъор, Тулдзыл тыхсгæйæ, йæ сæрты акасти, суади ма иучысыл æмæ йæм æркасти бынмæ.

-Гъы, хъал Тулдз, исты-ма зæгъыс? Нæ дæ сæййæфтон, дæ сæрты нæ акастæн? Уый æз дæн, æз - Мæцкъор!

-О, æдылы къоппа! - сдзырдта Тулдз. - Дæ хуызæттæ æз бирæ федтон мæ царды бонты. Нæма ралæудзæн зымæг, афтæ, уыдтæ, нæ уыдтæ, уый бæрæг дæр нал уыдзæн.

(Коцойты Арсен)

Дзуапп раттут фæрстытæн:

1). Куыд æвдыст цæуы Тулдз? Цавæр бæлас у?

2). Куыд æвдыст цæуы Мæцкъор та?

3). Цæуылнæ исты дзырдта Тулдз Мæцкъормæ?

4). Аив бакæсут Тулдз æмæ Мæцкъоры ныхас. Цавæр хъæлæсы уагæй сын кæсын хъæуы сæ ныхæстæ?

5). Куыд уæм кæсы, цавæр у текст йæ хуызмæ гæсгæ (таурæгъон- повествование, æрфыстон - описание, хъуыды-тæрхæттæ -рассуждение)? Цæмæй бæрæг у?

19. Хъуыдыйæдтæм раттут фæрстытæ.

Хуызæг: 1).Айнæг къæдзæхау æнæ тасгæ лæууыди хъæды астæу зæронд Тулдз.

  • Кæм лæууыди зæронд Тулдз?

  • Куыд лæууыди Тулдз?

2). Бирæ къæвдатæ æмæ хуртæ, бирæ уадтæ æмæ зилгæ дымгæтæ федта уый йæ царды бонты.

3). Уады цæфтæй йæ алыварс æндæр бæлæстæ гæбазгай фæйнæрдæм хаудтой, фæлдæхтысты бындзарæй.

4).Фæлæ тулдз лæууыди æмæ лæууыди, царди æмæ царди, кæд райгуырди, цалæм сæдæ азы йыл цыди, уый йæхæдæг дæр нал зыдта.

5). Иу уалдзыгон бон йæ хæд разы суади зæххæй Мæцкъор,

6). Мæй дæр нæ рацыди, афтæ Мæцкъор, Тулдзыл тыхсгæйæ, йæ сæрты акасти, суади ма иучысыл æмæ йæм æркасти бынмæ.

20. Текстæй рафыссут мивдисджытæ. Зæгъут, куыд æххуыс сты тексты цаутæ цæстытыл ауайын кæнынæн? Скæнут хатдзæг мивдисæджы функционалон нысаниуæджы тыххæй.

9

© 2010-2022